Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æртыккаг хай 12 страница



Батырджери схуыфыди æмæ хæдзары дуармæ бараст и. Буцкæ афтид къуымы цыдæр архайдта, Бацæ рудзынджы раз лæууыди.

— Исты бахордтай? Æнæхæргæ дуне нæй, — бахудыныл афæлвæрдта лæг, фæлæ йæ къухы нæ бафтыди. Стæй хистæр чызгимæ дзурыныл ацархайдта: — Бацæ, цы æххормагхуыз дæ! Цæй-ма, мемæ дæр ахæр.

Бацæйы зæрды уыди фыдæн исты æхсызгон зæгъын, фæлæ нæ бауæндыд, уыдта йæ, æдзухдæр тыхст у æмæ йын ныхас, мыййаг, куы фæхъыг уа.

— Сывæллæтты зæрдæтæ ма риссын кæн, гормон, сæ разы-иу дæхиуыл фæхæц, — усæн уайдзæфау загъта Батырджери.

Буцкæ йæ моймæ бакаст уымæл цæстытæй, йæ роцъо барызти æмæ йæ дзыхæй дзырд не схауди. Батырджери дæр ницуал загъта, цыма усы уавæр нæ федта, уыйау йæхи скодта.

Буцкæ фынгыл къæбæр æрæвæрдта. Фæлæ лæг куы нæ æвнæлдта, уæд æм бахатыд:

— Исты бахæр...

Уый сбадт.

— Ды та?

— Æз сывæллæттимæ акомдзаг кодтон...

— Нæхи хорз фенæм... Фырцинæй...

Бацæ йæ фыдæн фæтæригъæд кодта æмæ йæхи нал баурæдта — ныккуыдта, стæй йæ бынатæй фестад æмæ алыгъди. Скуыдта Зæна дæр, лæппутæ та зæхмæ ныккастысты. Мад сæ уæлхъус лæууыд, кæлмæрзæны кæронæй йæ цæстытæ радыгай сæрфта.

Батырджери йæ бынатæй сыстад æмæ хистæр чызджы фæстæ ацыди. Уый лæууыди тарвазы раз æмæ куыдта. Йæ фыд æм бацыд.

— Балцы цæугæйæ, кæуын хорз нæу, кæннод исты фыдбылыз расайдзæн, мæ хур. Мауал ку.

— Хорз, баба, хорз... Нал кæудзынæн...

Æхсæвы бинонтæй ничи бафынæй. Батырджери йæ æмбæрста, Буцкæ цалдæр хатты сыстад цоты бæрæггæнæг æмæ сæ-иу алы хатт дæр федта хъалæй. Фæлæ сæ иу хатт дæр никæмæ сдзырдта, лæг ын куы бауайдзæф кæна, зæгъгæ. Йæ мойæн та хъуыста йæ арф улæфт арæхæй-арæхдæр...

***

Бон цъæхтæ кæнын райдыдта, афтæ бинонтæ иууылдæр фестадысты. Æхсæв се ’ппæтыл дæр фæзынди — сæ цæстытæ уыдысты сырх, сæ цæсгæмттæ — фæлурс. Дзаумæттæ уæрдæтты уайтагъд æфснайд фесты, фæлæ уæддæр хæдзары æмæ кæрты къуымты разил-базил кодтой, цыма сæ алкæмæй дæр цыдæр лыстæг дзаума фесæфт æмæ йæ агурыны тыххæй алцæмæ дæр бæстон кастысты, уыйау.

Батырджери бæхтæ кæртмæ раласта æмæ сæ бæхбæттæныл бабаста. Лæппутæн зæгъын ницы бахъуыд: уадидæгæн сæ сæрфынмæ фесты. Стæй фæстæмæ скъæтмæ баздæхт æмæ, цыма-дзы исты ферох ис, уыйау. Куы-иу иу ран алæууыд, куы иннæ ран, ныуулæфыд-иу æмæ та гуыбырæй дарддæр акъахдзæф кодта.

Буцкæйæн йе уæнгтæ рыстысты. Рауай-бауайæ-иу афæллад, æрбадт-иу йæ нуарджын къухтæ йæ уæрджытыл авæргæйæ æмæ-иу зæхмæ ныккаст, стæй та-иу исты йæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ уæрджытæ-иу армытъæпæнтæй æрцавта æмæ та-иу фестад, цыма уый размæ фæллад нæ уыд, афтæ рогæй.

Бацæ æнæдзургæйæ кæрты лæууыди. Кæд ын-иу мад исты загъта, уæд-иу æй æнæбары бакодта.

Бацæ æхсæвы æххормагæй схуыссыд, фæлæ йæм уæддæр хæрын нæ цыд, ферох дзы. Фæлæ æмбæрста, улæфт ын кæй нæ фаг кæны, стæй йæ сæр фыррыстæй фæйнæрдæм кæй хауы, уый.

Æхсæвы æнæзмæлгæйæ уæлгоммæ хуыссыд йæ сынтæджы, йæ сæр галиуырдæм æрзылд, афтæмæй, æмæ гом рудзынгæй федта: сау арв, сау арвыл стъалытæн сæ гæзæмæ рухс калд. Бацæ йæхинымæр семæ ныхасы бацыди, ацы дунейыл кæимæ аныхас кодтаид, уый йын нал баззад — иууылдæр фынæй уыдысты.

Бацæ изæрæй хæрзбон загъта, йæ сывæллоны бонтæй фæстæмæ цæуыл сахуыр, æппæт уыдæттæн. Æмæ ныр æнхъæлмæ кæсы: кæд ын сдзурдзысты «фæндараст», на уæд та æрмæст «ацу...»

Аходæнмæ æввахс сыхæгтæ бæлццæтты хæдзæрттæм цæуын райдыдтой фæндараст зæгъынмæ. Сæ фылдæр уыдысты устытæ. Æрбалæууыдысты Батырджерийы хæдзары дæр. Сылгоймæгтæ лæууыдысты Буцкæйы раз æмæ йын фæйнæ-фæйнæ ныхасы кодтой — чи йын зæрдæтæ æвæрдта, чи хæлæггæнæгау Стамбулы цард сдыдта[4].

Бацæйы нæ фæндыдис уыдонмæ хъусын æмæ фæскъулмæ йæхи айста. Фæлæ ма йе ’мгæрттæй хъæуы чи зади, уыдон æй уым дæр ссардтой æмæ йыл æрæмбырд сты.

— Дæ бонæй у, туркаг паша дæ куы аскъæфа! — мæстæй йæ мардтой.

— Дæлæмæ ныххауæд дæ паша. Цæцæнмæ усгуртæ нал ис? Цæййаг сты туркæгтæ? — дзырдта иу бæрзондгомау æрыгон сылгоймаг. Уымæн йе ’рвадæлтæ цалдæр азы размæ Туркæй æрбалыгъдысты æмæ хабæрттæ хорз зыдта.

Фехъуыста уыцы хабæрттæ Бацæ йæхæдæг дæр. Мæгуыр лидзæг чызджытæ дзы цы «паша мæйттæ» кæнынц, уый йын сусæг нæ уыд. Æмæ-иу æдзух мæстæй марди, чызджытæ-иу, сæхæдæг иунæгæй аззайгæйæ, афтæ куы зарыдысты «паша мæйттæ кæндзыстæм», зæгъгæ, уæд. Бацæ уыцы зарæгмæ кæронмæ никуы байхъуыста æмæ дзы йæ зæрдыл æрмæст цалдæр ныхасы бадардта. Иу хатт сæ Хасанæн радзырдта. Уый бахудт, мах, дам, куы лыгъдыстæм, уæддæр нæ хъал чызджытæ афтæ зарыдысты, фæлæ сæ фыды уæларт баззадысты.

Бацæ йе сæфт уыдта уыцы «паша-мæйттæй».

Чызджытæ кæртмæ куы æрбацыдысты, уæдмæ бæхтæ уæрдæтты уыдысты ифтыгъд. Фыццаджы æддæмæ ракодта сыхæгты лæппу. Иннæйы бадти Дарга æмæ уый фæстæ рараст и. Йæ сæрхъæдыл баст уыди Атæбейы саргъы бæх. Адæм уынгмæ куы фесты, уæд æвиппайды хæдзарæй кæйдæр цъæхахст райхъуысти. Бацæйы, цыма йæ зилгæ дымгæ фелвæста æмæ ахаста, уыйау æм батахт. Къуымы, йæ уæрджытыл æрхаугæйæ æмæ йæ цæстытыл ныххæцгæйæ, хъæрæй куыдта Зæна. Йæ къухты бынæй йæ рустыл згъордтой цæссыгтæ.

Бацæ йæ хомæ йæхи баппæрста:

— Цы кодтай, цы дыл æрцыди?

— Кæдæм цæуæм нæ хæдзарæй!..

Æрбацыдысты сылгоймæгтæй чидæртæ æмæ чызджы сабыр кæнынмæ фесты. Уæлæмæ йæ сыстын кодтой æмæ йæ алчидæр рæвдауыныл архайдта:

— Хорз чызг куы дæ, Зæна, уæд уый куыд кæуыс?!.

Фæлæ чызг никæмæ хъуыста. Кæд семæ цæуын куымдта, уæддæр йæ кæуынæй не ’нцад æмæ фарста:

— Кæдæ-æм цæуæм нæ хæдзарæй?..

Сылгоймæгтæй алчидæр уый размæ йæхи фидар дардта, Буцкæйы зæрдæ ма суынгæг уа, зæгъгæ. Фæлæ ныр, Зæнамæ кæсгæйæ, сæхи нал баурæдтой æмæ сæ цæстытæ сæрфтой.

Батырджери йæ бинонтæм каст, йæ зæрдæ сæм æхсайдта, сæхиуыл фæхæцын куы нæ бафæразой æмæ бæстæ æрдиаг куы суа, зæгъгæ.

Бирæ кæртытæй рацыди уæрдæттæ, адæм къордтæй фæзындысты сæ фæстæ æмæ уынджы дæлæмæ фæзылдысты...

Бæлццæттæ æмæ фæндарастгæнджытæ хъæугæрон æрлæууыдысты. Ничи сæ ницы дзырдта, цыма кæмæдæр æнхъæлмæ кастысты, уыйау лæууыдысты, стæй иу зæронд лæг размæ ралæууыд æмæ загъта:

— Дард фæндагыл цæут æмæ хуыцауы уазæг ут. Хуыцау уын бахатыр кæнæд æмæ бынатыл дзæбæхæй сæмбæлут. Хуыцауæн зын ницы ис — хъуамæ ногæй сæмбæлæм. Фæндараст ут, мæ хуртæ, фæндараст!..

Адæм базмæлыдысты, кæуын та кæцæйдæр райхъуысти. Æмæ уæд лидзджытæй иу — хъæуы разагъды лæг Алханты Жанхотт йæ къух систа æмæ адзырдта фæндараст зæгъджытæм:

— Не ’фсымæртæ, нæ хотæ, нæ кæстæртæ! Хуыцауы хорздзинæдтæй хайджын ут, кæй ныл тыхсут, уый тыххæй. Æз æй зонын — кæд цыфæнды хъæздыгдзинад ссардзынæн æмæ хъæлдзæгдзинад фендзынæн Турчы, уæддæр дзы амондджын нæ уыдзынæн. Æмæ куыд ис амондджын суæвæн, йæ райгуырæн хæдзар, йæ хъæубæстæ, йæ къабæзтæ æмæ æрдхæрдты чи ныууадза, уымæн? Нæ, хорз адæм, дæ фыдæлты ингæнтæ куы нал уынай, уæд амондмæ æнхъæлмæ ма кæс... Уыдæттæ æз хорз зонын, фæлæ уæддæр цæуын... Уæддæр цæуæм... Сымах та дзæбæхæй баззайут! Хуыцау уын уæ амонд хъахъхъæнæд, йæ хорздзинæдтæй уæ ма фæцух кæнæд. Не знæгты къæхты бын куыд нæ амæлат...

Фæхицæн сты, фыдæй-фыртмæ иумæ чи фæцарди, уыцы хъæубæстæ. Дыууæ къордæй иу баззад хъæугæрон æмæ касти иннæ къорды фæстæ. Уый та рыг фæндагыл хæмпæлы гуцъулайы хуызæн тылди...

Насраны фидары цур лидзæг цæцæн бабирæ сты æмæ дарддæр араст сты. Фæссихæрттæй фæстæдæр бахæццæ сты Сунжæмæ æмæ доныбыл æрфысым кодтой...

V

Куындыхаты Муссæ йæ хъуыддæгтæ куы бакодта æмæ йæ тагъд рæстæг æд бинонтæ Туркмæ лидзын кæй хъæуы, уый куы сбæлвырд, уæд Терчы бæсты хицауæй куырдта, цæмæй йын ирæй дæр æмæ кæсæгæй дæр йемæ ауадзой иукъорд бинонтæ.

Хæстæгджын æмæ æмгарджын уыди Муссæ, йæ фæдыл чи ацыдаид, ахæмтæ йын бирæ разындаид. Хионтæ та йæ æнæмæнг хъуыдысты — уыдоны руаджы йын æнцондæр уыдзæн, Туркмæ цæй сæраппонд «лидзы», уый къухы бафтынæн. Уыцы хъуыддаг дзы рох никуы уыди райдианы дæр.

Скъуыд Къохы инæлар фыста Лорис-Меликовмæ:

«...Если Вы не забыли, то я Вам в самом начале этого дела докладывал, что из Кабардинского и Осетинского округов необходимо пустить до двухсот дворов. Вы согласились со мной, и поэтому я уже обещал им, следовательно, переселение не может не коснуться этих округов. Мне кажется, что переселение двухсот или немного более из этих племен не только не будет вредно, как краю, так и правительству, но, напротив, будет полезным во всех отношениях...»

Æмæ сыстадысты сæ цæрæнбынæттæй йæ хæстæджытæ, йæ къабæзтæ, уыдоны фæстæ та уыдоны къабæзтæ. Сыстадысты чидæртæ Куындыхатæй, Хъаныхъуатæй, Мамсыратæй, Есенатæй, Сахъитæй, Цуратæй, Æлдаратæй, Дударатæй... Бирæ хъæутæй райхъуысти зарын æмæ хъарæг иумæ...

Уыцы хабæрттæ Хасан базыдта Дзæуджыхъæуы. «Чи ма дзы уыдаид цымæ Цуратæй?» — Хъуыдытыл фæци Хасан, фæлæ никæй æрхъуыды кæнын йæ бон баци. Мæцыхъо фарон алыгъд, уымæ ма зæронд гæххæтт баззади æмæ, ныхасгонд кæимæ уыд, уыдонимæ афардæг.

Хасан уыцы хабæрттæ Уазийæн радзырдта.

Уый йын загъта:

— Турчы сыл сæмбæлдзыстæм, дард нæ нæ алидздзысты...

***

Цæцæн иууылдæр æрæнцадысты Дзæуджыхъæуæй Реданты æхсæн. Чи йæ бæхтæм æмæ галтæм зылди, чи йæ уæрдонмæ. Стæй адæм сæ фæллад куы суагътой, уæд Арвыкомы даргъ халæй араст сты.

Хасан бадти саргъы бæхыл æмæ-иу нарæг фæндагыл арæх уæрдоны фæсте аззад. Сагъæстæ йæ сæ быны снорстой, фæлæ йæ ницыуал хъуыды кæнын фæндыд æмæ сæ йæхицæй сырдта. Уый зыд кастæй касти урссæр хæхтæм, цæмæй сæ хуыз йæ зæрдæйы баззадаид. Æппынфæстаг сæм уынгæг хъæлæсæй сдзырдта: «Фæстаг хатт ма мын хъару раттут, хæхтæ — никуал уæ фендзынæн... Куы мæлон, уæд ма мæм кæд ферттиват... фæстаг æрттывд...»

Хасанæн йæ цæстытæ тартæ кодтой, уæддæр уыдта: хæхтæ раздæрау хуры рухсмæ райдзастхуыз не сты, æнкъардæй кæсынц...

Фæсте аззадысты Бæлта, Ларс, Сæна... Бæллæхтæ райдыдтой, Къобæй куы ахызтысты, уæд. Митджын зымæджы фæстæ дæттæ рæгътæй згъордтой æмæ бирæ рæтты фæндæгтæ фехæлдтой. Лидзæг адæм фæкъордтæ сты æмæ кæрæдзийы руаджы сæ уæрдæттæ сæдзæнтæй ластой, æмæ цъыфæй фесæфтысты. Уæрдæтты бадын ничиуал уæндыди — сылгоймагæй, сывæллонæй. Барджытæ дæр æрфистæг сты — бæхтæ ифтындзынæн бахъуыдысты.

Бонтæ ныддаргъ сты. Бæлццæттæ уынгæг комы стыхстысты.

Иу ран цæуæн бынтондæр снарæг. Рахизырдыгæй — гомфарс айнæг, галиуырдыгæй — къардиу, бынмæ дзы ныккæс æмæ сæр зилы, кæмдæр æвзист ронау дон æрттивы. Цалх чысыл фæиуварс, зæгъгæ, уæд æй ничуал бауромдзæн. Фæндаг та уæлæмæ цæуы æмæ цæуы. Иу уæрдоны галтæ бафæлладысты, сæ хицау сыл схъæр кодта, æмæ дзы иу йæ уæрджытыл æрхауди.

Сæ фæстæ цы бæх цыд, уый æвиппайды æрлæууын нæ бафæрæзта æмæ уæрдоныл йæхи скъуырдта. Йæ хицау ын фæтарсти, фæлæ йæ бæхмæ галиуырдыгæй баирвæзæн нæ уыд, æмæ йæм рахизырдыгæй фæци. Хайуан иуæй цæфæй фæтарст, иннæмæй йæ хицауæй æмæ былы ’рдæм агæпгæнæгау ласта. Уæрдонæн æндæр ницы хъуыд, уайтагъд фæкъул, ноджыдæр фезмæлыд æмæ бæх дæр йæ фæстæ фæцудыдта. Сæ хицау ма бæргæ ныхъхъæр кодта, фæлæ уалынмæ уæрдоны гыбар-гыбур бынæй сыхъуысти.

Адæм фæдисæй былмæ фесты. Æнамонды бæх æмæ уæрдон къæдзæхы тигътыл сæхи хойгæ уайтагъд Терчы смидæг сты. Фæсивæдæй чидæртæ фæстæмæ азгъордтой æмæ дæлдæр донмæ ныххизæн ссардтой. Фæлæ цалынмæ бынмæ хæццæ кодтой, уæдмæ бæх амарди, уæрдон ныппырх æмæ дзы цы дзаумæттæ уыди, уыдоны дæр æрра дон апырхытæ ласта. Цыдæртæ ма æрцахстой мæгуыр бæлццоны дзаумæттæй æмæ сæ хуылыдзæй уæлæмæ схастой. Лæг лæууыди йæ иннæ уæрдоны раз æмæ рæтæнагъдыл йæ сæр æруагъта. Бинонтæ кастысты лæгмæ тарстхуызæй — авдæй сæ фæндыд базонын, сæ хистæр сын цы зæгъдзæн, уымæ.

Иннæ бæлццæттæ лæууыдысты дæрддзæфгомау æмæ уыдон дæр сæ цæстытæ æрæвæрдтой æфхæрд адæймагыл. Сдзурын сæ никæй бон ницы уыди — алчидæр сæ тарсти, ахæм бон ыл кæй акæндзæн, уымæй.

Лæгтæй йæм иу цалдæр къахдзæфы бакодта:

— Цы ’рцыд, ууыл мауал хъыгтæ кæн. Исты амæлттæ кæндзыстæм иумæ...

Лæг йæ сæр систа æмæ адæмыл йæ цæст ахаста:

— Бахатыр кæнут... Ныффæстиат стут мæн тыххæй...

Алчи йæ уæрдон бацагуырдта æмæ та фæндаг базмæлыди.

Пасанаурмæ нæма бахæццæ сты, афтæ фæндаг ахордта стыр дон. Уый калди иу комæй æмæ дуртæ йæ хъæлæсы хаста — афтæ ивылд уыди. Йæ сæрты ахизæн ницы хуызы уыд æмæ адæм æрлæууыдысты. Сæ амондæн фæндаг фæуæрæхдæр ис, фæсфæндагмæ дæр ахизæнтæ разынд, фæлæ уæддæр иууылдæр ауыгъдæй лæууæгау кодтой. Райсомæй-иу доны былмæ æрæмбырд сты æмæ-иу бон-изæрмæ кастысты æрра къабазы схъиуынмæ. Куы-иу æрталынг, уæд та сæргуыбырæй сæ уæрдæттæм здæхтысты...

Бæлццæттæй ничи æнхъæл уыд, фæндаг афтæ ныддаргъ уыдзæн, уый. Рацыди дыууæ къуырийæ фылдæр, фæлæ уæддæр балцæн кæрон нæма уыди. Арвыкомæй Гуырдзыйы быдыртæм куы ахызтысты, уæд та сæ ныфс бацыди, уæдæ нын ныр фенцондæр уыдзæн æмæ исты амæлттæй хæццæ кæндзыстæм, зæгъгæ, фæлæ та цалдæр боны куы ауадысты, уæд сæ алфамбылай сау хæхтæ æрæмбырд сты æмæ сын уæлдай фезмæлæн нал уыди.

Скодта æнахуыр тæвд бонтæ, адæм æмæ фос тыхстысты. Ноджы ма адæммæ цы мæгуыр хæринæгтæ уыд, уыдон фесты æмæ хæринаг хъуагæй тыхсын райдыдтой. Дон ссарæн нæ уыд, бынæй кæцæйдæр йæ хъæр хъуысти, фæлæ сау къæдзæхты æхсæнæй нæ зынди. Адæмы цæсгæмттæ ссау сты, былтæ скъуыдтæ кодтой. Искуы иуæн йеддæмæ йæ къахыл дзабыр никæмæн уал баззад. Сылгоймæгтæ фыццаг бонты æфсæрмы кодтой æмæ цас амал уыд, уыйас сæ бæгъæввад къæхтæ алы мадзæлттæй æмбæхстой, фæлæ тагъд рæстæджы сæ мæгуыры бон базыдтой æмæ йæ ницæмæуал дардтой...

***

Рæузæт кæд æдде бакæсгæйæ хæрзхуыз уыд, уæддæр йæ хъару бинонтæн се ’ппæтæй раздæр асаст. Цыма исты аххосджын у, уыйау-иу бакасти Уазимæ, фæлæ лæг йæ цæстытæ æмбæхста — нæ йæ фæндыд йæ усы тæригъæдхуызæй уынын. Хасан бамбæрста сылгоймаджы хабар æмæ Уазийæн загъта:

— Фæлтау бæхтæ радыгай ифтындздзыстæм, уæддæр æй уæрдоны сæвæрæм. Йæ бон нал у.

Уази алцыдæр бæргæ æмбæрста, фæлæ ныртæккæ уæрдоны ничи бадт, уæд уый йе ’фсины куыд сæвæра: суанг ма чысыл сывæллæттæ дæр фистæгæй куы цæуынц. Æмæ Хасаны ныхасмæ йæ къух ауыгъта, цы дæ фæнды, уый кæн, зæгъгæ.

Æмæ уæдæй фæстæмæ Рæузæт йæхиуыл нал схæцыд. Изæры æхсæвиуат куы æркодтой, уæд йæ цæстæй нал касти æмæ хъæрзын райдыдта. Бинонтæ йæ фарстой, фæлæ дзурын ницуал фæрæзта, æрмæст-иу йæ улæфт куы фæсабырдæр, уæд йæ дзыхæй схауд:

— Дон...

Фæлæ кæм уыдис ахæм ран дон ссарæн.

Хасан хъуыста Рæузæтмæ æмæ йæ зæрдæ срысти, стæй Сабтукамæ иуварсмæ фæсидти:

— Къæрта райс æмæ мемæ цом.

Тынг нæма æрталынг. Хасан разæй ацыд, йæ фæстæ Сабтука. Цалдæр къахдзæфæй цалдæр къахдзæфмæ-иу бынмæ ныккасти, агуырдта къæдзæхы фæрстыл исты дыдæгътæ. Æмæ сыл иу ран йæ цæст фæхæст.

— Ам мæм æнхъæлмæ кæс, — загъта Хасан, райста къæрта æмæ уайтагъд фæаууон. Зын уыди уыцы уырдыджы ныххизын, фæлæ дзы рынчын сылгоймаджы хъæлæсы уаг нæ рох кодта æмæ фæндаджы зын ницæмæ дарыныл архайдта. Æппынфæстаг ныххæццæ донмæ, уый йæм æхсæвы тарæй ферттывта. Хасан уазал донæй къæрта байдзаг кодта æмæ йæ æрæвæрдта. Стæй доны был ныддæлгом æмæ дзы нуазынмæ фæци. Фæнызта, йæ фæллад-иу суагъта æмæ та-иу ногæй нуазын райдыдта. Стæй дзы йæхи цæхсадта.

«Адæймаг дойныйæ мæлы... Мæнмæ куы æнхъæлмæ кæсынц...» — æрвæрттывдау фæзынд хъуыды Хасаны сæры æмæ къæртамæ февнæлдта...

Рæузæт дон куы банызта, уæд ын фенцондæр, иу чысыл ма æнæзмæлгæйæ баззади, стæй йæ цæстытæ байгом кодта æмæ арты рухс федта.

— Сывæллæттæн исты... бахæрын кæнут, — лæмæгъæй сдзырдта Рæузæт.

Ферох дзы, мæгуырæг, ницуал сæм ис, уый. Æмæ æрмæст уыдонмæ нæ, фæлæ сæ сыхæгтæм дæр.

Уази фестад, цыма æвиппайды фехъал, уыйау.

— Рацу-ма, Хасан, Феххуыс мын кæн. Кæдмæ нæхи сыдæй мардзыстæм ис-фосæй.

Уази дыгæрдыг раласта æмæ йæ æрбырста. Хасаны къухы ницуал зæгъын бафтыди, афтæ лæджы къухы хъама ферттывта æмæ йæ стуры хурхыл æруагъта.

Рагæй нал бахордтой афтæ хорз бинонтæ. Уази сабитæн сæ хъусы бацагъта æмæ уыдон сæ мадæн дæр фыдызгъæл бахæрын кодтой.

Уази Сабтукайæн загъта:

— Мæнæ дын дзидза æмæ йæ Батырджерийы бинонтæн ахæсс, искуы фæсте уыдзысты, ссардзынæ сæ.

Хасаны цæстытыл ауади Бацæ.

— Мæхæдæг сын ахæсдзынæн. Сабтука сæ кæм агурдзæн, стæй уадз æмæ йæ фæллад суадза.

— Уæд сын æххæст дон дæр ахæсс. Махæй ма кæй бахъæудзæн æхсæвыгон...

Мæй кæмдæр бамбæхст, æвæццæгæн, авд хохы фале, æмæ дзы рухсы цъыртт нæ цыд. Арв дæр йæхи афтæ бæрзонд систа, æмæ йе стъалытæ бынтон мынæг рухс калдтой, Хасан зылди адæмы бинонтыл, алчидæр сæ фæндагыл йæ уæрдоны раз æхсæвиуат æркодта æмæ, æвæццæгæн, йæ зæрдæриссæн хъуыдытыл уыди. «Батырджери», зæгъгæ-иу кæйдæр хъæр куы фæцыд, уæд-иу бæлццæттæ сонтæй фæхъил сты æмæ-иу агурæгæн дзуапп радтой: — «Нæй, ам нæй».

Бирæ фæзылди Хасан, цалынмæ Батырджерийы бинонты ссардта, уæдмæ. Кæйдæр куы афарста, уæд бафиппайдта чысыл дарддæр сау æндæрг.

— Ды дæ?.. — райхъуыст тарст хъæлæс.

Уый уыди Бацæ.

— Æз бæргæ дæн. Нал æмæ уæ нал арын...

Нæ, Хасан цы хъуыди, уый нæ загъта æмæ ницуал дзурын бафæрæзта. Бацæ дзы азылди æмæ араст. Хасан фæтарсти.

— Бацæ...

«Куыд та загъта: Бацæ», — ахъуыды кодта æхсызгонæй чызг æмæ йæм фездæхти. Райста йын йæ къæрта æмæ уæд иумæ ацыдысты...

Бинонтæ тынг бацин кодтой Хасаныл, Уази æмæ уымæй стыр бузныг фесты. Рæузæты хабар сын куы радзырдта, уæд æрæнкъард сты. Хасан сын сæ уавæр бамбæрста æмæ сын уæд хъæлдзæгхуызæй радзырдта, Уази куыд смæсты æмæ кусарт куыд акодта, уый. Мæн та, дам, хæйттимæ рарвыста.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.