Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æртыккаг хай 14 страница



Уази сгуырысхо Хасаныл. Кæд, мыййаг, йæхионты мысы æмæ йæ схъæр æфсæрмы кæны, зæгъгæ, дæр-иу ахъуыды кодта, фæлæ йæ куыд бафарстаид, уый нæ зыдта. Стæй йын уæддæр бакой кодта:

— Уæ адæммæ дæ зæрдæ æхсайдзæн...

— Ахæм адæм мын никуал ис...

Йæ бинонты тыххæй цы фехъуыста, уыдон Уази æмæ Рæузæтæн радзырдта æмæ йæ ныхас афтæ фæци:

— Турчы тыххæй мæ амонд фæхауд, хуыцау хорз æмæ нæма сæрра дæн. Мæнæн ам фæцæрæн нæй. Сымах бынатыл сæмбæлын кæнон æмæ уæм мæ зæрдæ куы нал æхсайа, уæд фæстæмæ нæхимæ... Мæ фыды раз ма мын бынат уæддæр ис... ингæнæн...

Уази аивæй йæ цæссыг асæрфта.

— Уæ хорз хорз у, æмæ ма мын иу хъуыддаг бакæнут — иунæгæй нал аздæхдзынæн æмæ мын, ме ’фсымæр Уази, Батырджеримæ минæвар фæуыдзынæ...

VII

Лидзджытæ араст сты сæ амынд бынатмæ. Хъарсы рæзты азылдысты Азырыммæ фæндагыл. Æмæ та сыл фыццаджы бæллæхтæ æртыхстысты.

Ацы фæндагыл Уазиитæ цыдысты Батырджерийы уæрдæтты фæстæ. Уазийы бафæндыд Бацæйы тыххæй йе ’фсымæры зонд куы бамбæрста, уæд чызджы бинонтæм хæстæгдæр уæвын. Фæлæ йæхи афтæ дардта, æмæ йыл ничи фæгуырысхо уыдаид.

Иу хъæуы уынджы лæууыди туркæгты къорд. Уыдон, бæлццæттæм къухæй амонгæйæ, цыдæртæ тагъд-тагъд дзырдтой. Фехъуыста сæ Хасан дæр:

— Ацы мухаджиртæ сæ бæхтæй цы кæнынц, расайын сын сæ хъæуы мамæлайы комдзагæй! — сцæрдæг иу тъæпæнфындз.

Хасан ын æвиппайды дзуапп авæрдта:

— Кæд уыцы мухаджиртæ цыфæнды зынтæ бавзæрстой, уæддæр сымах къæбæртæм не ’рхаудысты, мæгуыргур цæуыныл ахуыр сымах стут.

Туркæгтæ уый æнхъæл нæ уыдысты æмæ джихæй аззадысты. Цалынмæ уыдон афтæмæй лæууыдысты, уалынмæ Хасанитæ адард сты æмæ ма кæд исты загътой, уæддæр сæ нал фехъуыстой.

Æрæджиау Батырджери бафарста:

— Цы загътой?

— Нæ бæхтæм сæ зæрдæ æхсайы. Мамæлайы къæбæрæй, дам, сæ балхæнæм, — радзырдта йын хабар Хасан. — Сæхи хуызæн хæдмæлхортæ нæ хонынц...

Æндæр хъæуы сæ туркæгтæ баурæдтой. Разæй лæууыди сырхдзæсгом, гуыбынджын лæг. Уый æдзынæг касти цæуджыты мæгуырдзинадмæ, стæй фæсидти кæмæдæр æмæ йемæ дзурын райдыдта. Уый хъуыста хæлиудзыхæй, стæй гуыбынджын дзырд куы фæци, уæд цыдæртæ лæхурдта, фæлæ йын ничи ницы хатыдта.

— Цæмæн нæ баурæдтой? — смæсты Батырджери дæр.

— Ай сын, æвæццæгæн, тæлмац у, фæлæ сын цы æвзаджы хатт у, уымæн ницы æмбарын, — загъта Хасан.

— Æмæ сæ цы фæнды?

— Уæртæ уыцы гуыбынджын сывæллæттæ æлхæны.

Лæг хъамайы фистоныл æрхæцыд æмæ размæ акъахдзæф кодта...

— Нæ сабитæ кæй амардысты, уымæй тынгдæр, адоны зæххыл ныгæд кæй æрцыдысты, ууыл куы хъыг кæнæм, уæд ма нæм цæимæты уæндынц?

Туркæгтæ бамбæрстой, мухаджир хорзæй кæй ницы загъта, уый æмæ фæйнæ-фæйнæ ныхасы æппарын райдыдтой сæ тæлмацмæ. Кæцымæ ма сæ хъуыстаид, уый нал зыдта. Стæй сын Хасан, Батырджерийы фарсмæ æрлæугæйæ, загъта:

— Мах афтæ æнхъæлдтам, æмæ не ’мдингæнджытæ стут, иу хуыцауæн кувæм... Сымах та нæ балхæнынмæ хъавут. Кæцы хуыцауы зæрдæмæ фæцæудзæн æнæбон сывæллоны æгомыг фосау æлхæнын?! Худинаг уын фæуæд!..

Туркæгтæн сæ цæстытæ фæтъæбæртт-фæтъæбæртт кодтой.

— Нæ фæндаг дарæм, хорз адæм, адонимæ мах ницы хъуыддаг ис, стæй семæ кæрæдзийы дæр нæ бамбардзыстæм, — адзырдта размæ Батырджери æмæ араст сты...

***

Азырыммæ нæма бахæццæ сты, афтæ иу стыр хъæуы цур бæлццæттæ галиуырдæм фæзылдысты. Туркæгтæ сæ размæ æрлæууыдысты æмæ сæ иувæрсты æрвыстой, стæй сын-иу амыдтой, дарддæр куыд цæуын хъæуы, уый. Кæд-иу сæхæдæг дæр æмæ сæ фос дæр тынг сæххормаг сты, уæддæр сæ фæфæстиат нæ уагътой.

Адæм не ’мбæрстой, цы хабар у, уый. Æмæ кæд Хасан туркæгты фарста, уæддæр ын уыдон ницы дзырдтой, æрмæст-иу æй хъæры бын фæкодтой. Хасанæн йе ’мбæлтты базонын фæндыд, цы сæ хъæуы, цæуыл сæрра сты, зæгъгæ. Фæлæ сын цы дзуапп раттаид, йæхæдæг дæр уыдон уавæры куы уыди, уæд.

Ласынлеры горæтæй иу чысыл куы ауадысты æмæ иу доны былмæ куы бахæццæ сты, уæд уым, къаннæг къохы раз, цæцæн æрбынат кодтой. Хасан куыд банымадта, афтæмæй сæ уæрдæттæ фæкъаддæр сты. Æмæ ма уый дæр тынг нæ зынди, фæлæ адæмыл фæбæрæг. Æрлæууæны стырæй, чысылæй сæхи доны былмæ ныйистой. Хасан сæм касти æмæ сæ хуыздзыдыл йæ зæрдæ рысти. Æвæццæгæн, мæгуыртæ, цæсгомæй кæрæдзийы дæр нал зыдтой.

Хорзау нал уыдис Уази дæр. Раздæр-иу сæрбæрзондæй цыди, æгæр хъал дæр ма йæ хуыдтой. Ныр худын нал зыдта. Фыццаг-иу куыд саламджын уыд! Ныр æм исты сдзур, уæд-иу æрмæст «и?», зæгъгæ, афарста — ныхас нывыл нал æмбæрста. Иу мæт ма йæ уыд — Хасаны мæт. Йæ хабæрттæ йын куы фехъуыста, уæд æрæнкъард. «Рухсаг у, Хъазмæхæмæт, æгайтма дæхи цæстæй ницуал федтай, — хъуыды кодта Уази. — Мæнæ сæ дæ иунæг бавзæрста». Æмæ сфæнд кодта, цалынмæ ма йæ бон исты у, уæдмæ Хасаны зæрдæ истæмæй барæвдауын, иу чысыл дзы йæ зынтæ куыд ферох уой, афтæ.

Æмæ дыууæ лæджы, кæд ницы дзырдтой, уæддæр, кæрæдзиуыл афтæ сæнувыд сты æмæ сын иу хæдон дæр уæрæх уыд. Уази бамбæрста, Хасан Турчы бæстæйы ницæй тыххæй уал ныллæудзæн, æмæ мæтыл сси йæ фæндон куыд сæххæст уыдзæн, ууыл. Зыдта йæ, ныртæккæ Батырджерийæн йæ зианы фæстæ, стæй ахæм уавæрты йæ чызджы тыххæй ницы дзурæн ис, уый. Иуæй йæ рагон хæларæй æфсæрмы кодта, иннæмæй та йæ йе ’фсымæрыл сагъæс æнцой нæ уагъта. Гъе уымæн ын æхсызгон уыдис йæ сыхаджы фæнд.

Уази доны был куы бадт æмæ уыцы хъуыдытæ куы кодта, уæд æм æрбацыд йæ сыхаг. Уый йæ фæнд загъта комкоммæ:

— Нæ зонын, Уази, фæлæ мæм мæ зæрдæ афтæ дзуры, æмæ дæ уазæг раст разынд — ай сæрсæфæн бæстæ у, æмæ дзы мах дæр нæ аирвæздзыстæм. Кæм ис ам пысылмон адæм? Адон, дин цы у, уый зонгæ дæр нæ кæнынц, дæлимонтæ сты. Æз хъавын фæстæмæ нæхимæ аздæхынмæ.

— Уый та куыд?

— Раст ардыгæй. Мæ бинонтæй ма æмбис баззад æмæ ма уыдон уæддæр аирвæзой. Мæн дæр мæлын хъæуы... Ды дæр, Уази, бирæ тухитæ федтай... Хасан дæуæй хæстæгдæр никæмæ у, байхъус уый зондмæ, цом махимæ, нæ къодæхтæ ма уæддæр фæхæссæм нæ фыдæлты зæхмæ.

Бирæ рæстæг фæбадти Уази æнæдзургæйæ. Ницы дзырдта сыхаг дæр, зыдта йæ, йæхицæн куыд зын у, Уазийæн дæр афтæ зын у. Стæй куы цыд, уæд ма загъта:

— Æз ахсæв здæхын. Ардæм æргомæй цæуæм, фæстæмæ хи аууон кæнын хъæудзæн... Кæд сфæнд кæнай, уæд-иу мæ бацагур...

Уыцы ныхæстæ Уазимæ раст фæкастысты æмæ, чи зоны, сразы уыдаид, æндæр хъуыддаджы мæт ма йæ куы нæ уыдаид, уæд. Æмæ бацагуырдта Батырджерийы.

— Не ’хсæн, Батырджери, дызæрдыг ныхас кæнæ дæлгоммæ ныхас никуы уыд, æмæ дæ фæрсын: куыд дæм кæсы фæстæмæ нæхимæ аздæхыны хъуыддаг?

— Бынтон сайд куы фæуæм. Уæд та уал бынатыл сæмбæлæм, кæд нæ хъиамæттæ фæуиккой. Уым уынаффæ кæндзыстæм. Стæй дын, Уази, раст куы зæгъон, уæд мæ бинонтæй мæ ныфс нал хæссын — нал бафæраздзысты, æмæ мын хуыцау дæр нал ис, уыдоны тæригъæдæй цас фæндараст фæуыдзынæн?..

Дыккаг райсом бæлццæттæ базыдтой — цалдæр цæцæйнаджы æд бинонтæ цыдæр фесты. Æмæ кæд хабар бирæтæ сæхи хъустæй нæ фехъуыстой, уæддæр дызæрдыггаг никæмæн уыди — се ’мбæлттæ аздæхтысты сæ фыдæлты зæхмæ.

«Хуыцау уæ фæндараст фæкæнæд», — зæрдиагæй сын загъта алчидæр йæхинымæр...

***

Æртæ боны ма фæцыдысты, æртæ æхсæвы ма арвыстой æнæхæдзарæй Турчы тыгъд быдырты, стæй бахæццæ сты Мусмæ. «Уым ма куы æрæнцаиккам, уæд нæ тухитæ, нæ бæллæхтæ фæуыдзысты æмæ иу ран æрæнцайдзыстæм», — афтæ дзырдтой зæрондæй, ногæй, уымæ уыди сæ бæллиц æмæ сын сæххæст.

Цæцæн Мусмæ куы бахæццæ сты, уæд сæ размæ рацæйцыдысты барджыты къорд. Бирæтæ дисы бацыдысты: цы хабар уа уый? Уæд молло загъта:

— Уыдон не ’фсымæртæ сты! Кад нын кæнынц, кад, нæхи æгъдæуттæм гæсгæ.

Фæлæ цæцæйнæгтæй уый æнхъæл ничи уыд æмæ моллойы ныхæстыл ничи баууæндыд. Адæм сæ уæрдæттæ баурæдтой æмæ барджыты размæ араст сты. Уæдмæ уыдон дæр æрбахæццæ сты. Сæ разæй уыд иу тарæрфыг, даргъдзæсгом барæг. Уый йæ бæх фæурæдта æмæ йе ’мбæлттæм хъæрæй цыдæр сдзырдта. Йæ фарсмæ æрбалæууыд иу тæнтъихæг лæг æмæ дзурæгмæ, куыдз къæбæр раппарынмæ куыд æнхъæлмæ кæса, уыйау касти. Тарæрфыг йæ хъæртæ куы фæци, уæд уый æрхæцсхæцгæнгæ цæцæйнагау загъта:

— Хицау загъта, Мусмæ черкес нæй, — стæй хурныгуылæнырдæм ацамыдта æмæ йæ ныхас дарддæр кодта. — Черкес Дарбекыр, Дарбекыр черкес бирæ.

Размæ ралæууыд Батырджери. Уый йæ рихитæ адаудта, йæ сæр бæрзонд систа æмæ загъта:

— Дæ хицауæн зæгъ, мах ардæм мæгуыргур не ’рбацыдыстæм. Ам не ’мдингæнджытæй цы бæллæхтæ федтам, уыдон нын уырыс дæр нæ кодтой, фæлæ уæддæр бафæрæзтам. Ай та ма нын цы у? Хынджылæг нæ скъæрынц!

Тæлмац тарæрфыгæн цыдæртæ адзырдта, æмæ уый тагъд-тагъд мæстыйæ цыдæртæ слæхурдта, йæ сæт калгæ. Туркæгтæ иууылдæр иумæ дзурыныл фесты, чи сæ кæмæ хъусдзæн, ууыл сæ никæй мæт уыди, афтæмæй. Чысыл куы фæсабырдæр сты, уæд та тæлмац цæцæйнагау загъта:

— Черкес Мус нæй. Бирæ черкес знон Дарбекыр, — æмæ та хурныгуылæнырдæм ацамыдта.

— Мах дзæгъæл Дарбекыртæ нæ зонæм, махæн Хъарсы загътой Мус æмæ ам æрцæрдзыстæм, — размæ ралæууыд Хасан дæр.

— Уый та ма цавæр Дарбекыр у! — райхъуыст цæцæны æхсæнæй.

Тарæрфыг йæ ехс хæрдмæ систа, æмæ йæ бæх фесхъиудта. Лæджы дзыхæй цыдæр хъæр схауди. Тæлмац æй æнхъæлмæгæсджытæн бамбарын кодта:

— Черкес Мус — тюрк «пу-пу»! — æмæ афæзмыдта, топп куыд гæрах кæны, уый.

Барджыты къорд фæзылд æмæ хъæуы ’рдæм афардæг.

Цæцæн цавддуртау фесты.

Бирæ фæлæууыдысты афтæмæй, стæй Батырджери баздæхт молломæ.

— Адон цы хъуыддæгтæ сты, уымæн адæм ницуал хатынц. Ау, Хъарсы сæ сайгæ фæкодтаиккой?

Молло æнæбары бакодта:

— Æмæ нын кæд уым хуыздæр уыдзæн, уæд та? Кæд ныл мæт кæнынц, уæд та?

— Адæм æй се рæгътыл бавзæрстой, турк сыл куыд мæт кæнынц, уый. Махыл сагъæсæй сæ æхсæв дæр хуыссæг нал ахсы, — загъта Хасан.

Моллойæн фæхъыг сты кæстæры ныхæстæ.

— Ды æрцæуæг дæ æмæ дæ хъæуæн уынаффæгæнæг ничи скодта.

Батырджери Хасаны фарс фæци.

— Бæллæх дæр уый у, æмæ нын уынаффæгæнæг нæй, нывыл баныхас дæ бон нæ баци æмæ ныр дæхи хъæртæ æмæ дæлгоммæ ныхæстæй сраст кæнынмæ хъавыс.

Æндæрби та моллойы фарс рахæцыд.

— Дæле уæлæмæ дзурджытæ дзы нæ хъæуы. Æнцонæй къухы никуы ницы æфты æмæ фæразæм, не ’мдингæнджытæ нын знæгтæ не сты...

— Знæгтæй фыддæр! — райхъуыст кæйдæр ныхас, фæлæ йын дзуапп ничи радта.

Батырджери æмбæрста, йе ’фсымæры бон зæгъын кæй ницуал у, уый, фæлæ йын йæхæдæг дæр ницуал загъта — адæмы раз æм йæ дзых куыд суагътаид. Фæстагмæ сфæнд кодтой сæ амынд фæндагыл цæуын.

Уæды онг хистæртæ кæстæртæн балцы зæрдæтæ æвæрдтой, кæстæртæ сывæллæттæн, æмæ сæ алчидæр фæрæзта, æнхъæлмæ касти уæлæуыл дзæнæты бæстæм. Ныр иууылдæр сæ фындзтæ æруагътой. Уæрдæтты цæлхыты хъист-хъистимæ-иу арæх райхъуысти сылгоймаджы хъарæг, сабийы кæуын.

Бирæ нæ ауадысты. Иу ран стыр къохы раз федтой бирæ адæм. Уыдон цыдысты Дарбекырæй. Уым хурсыгъд дурджын быдыртæ йеддæмæ ницы уыд. Тæвд дымгæ йæм кæцæйдæр змис хæссы, нæ дзы дон ис, нæ зайæг хал.

Адæмы маст рафыхти:

— Уый хъаймæты бæстæ у!..

— Сæ зæрды нæ бынсæфт фæкæнын ис!

— Кæдмæ нæ æргæвддзысты?!.

— Турк уырысæй фыддæр сты! Уыдон нæ ницуал хъыгдардтой, лæгъстæ дæр ма нын куы кодтой, баззайут, зæгъгæ.

— Дзæгъæлы ралыгъдыстæм уырысæй!

Молло йæ къухтæ стылдта:

— Тобæ, тобæ!.. Уырысы кой ма кæнут! Уыдон джауыртæ сты!

— Туркæй джауырдæр не сты!

— Сыбырмæ уæ фæхæсдзысты!

— Турк Сыбырæй æбуалгъдæр у.

Цæцæны æхсæн уыди разагъды лæг, Батырджерийы хъæуккаг — Алханты Жанхотт. Уый сæм бирæ фæкасти адæммæ æмæ куы бамбæрста, сæ маст исты фыдбылыз расайдзæн, уый, уæд размæ рацыд æмæ йæ къух уæлæмæ систа:

— Хъæр хъаруйы нысан нæу, хорз адæм! Афтæмæй нæ хъуыддæгтæ нæ алыг кæндзыстæм. Дарбекыры хабæрттæ фехъуыстам, раст зæгъынц адæм — цæрæн бæстæ нæу, бирæгъ дæр дзы нæ фæцæрдзæн. Уырдæм алидзыныл чи сразы уа, уый рагацау йæхицæн ингæн къахы. Уым æрцæрыны бæсты, нæ фыдæлты зæхмæ ацæудзыстæм, зынтæн дæр та бафæраздзыстæм. Уымæй дæр раст зæгъынц. Фæлæ иугæр ам, Турчы, кæм стæм, уым семæ сабырæй кæрæдзийы бамбарæм. Арвитæм Хъарсмæ нæ минæвæртты æмæ хицауадимæ баныхас кæной.

Иууылдæр Жанхоттимæ сразы сты æмæ авд лæджы равзæрстой, сæ хистæр Жанхотт, афтæмæй. Се ’хсæн уыди Батырджери дæр. Уыдон куы ацыдысты, уæд иннæтæ бæстондæр æрбынат кодтой æмæ алчи йæ хъуыддæгтыл сси...

***

Бацæ кæд бинонтæй никуы никæмæн загъта, уæддæр æдзухдæр йæ фыдæй тарсти æмæ æфсæрмы кодта. Чи ныббардзæн чызгæн йæ хивæнддзинад, ноджы Хасаны кой куы рауадаид, уæд — сæ хæдзары цас фæцис æмæ кæд чызгмæ искуы æнæуаг цæстæй бакасти, уæд та.

Бацæ уыдæттæ æмбæрста æмæ йæхиуыл хæцыд. Буцкæ-иу арæх хъуыдытыл фæци йæ хистæр чызджы тыххæй, уæддæр та, чи цæры, зæрдæ тынгдæр уымæ æхсайы. Æмæ йæ зæрдæ никуы фæхудт нæдæр йæ чызгыл, нæдæр Хасаныл. Лæппу йæм касти хæд-зонд æмæ уæздан адæймаг. Кæд Бацæмæ уыцы амонд кæсы, уæд мад йæ ныхмæ ницы зæгъдзæн. Фæлæ чызгæн хицау уый нæу, фарст дæр æм не ’рхаудзæн. Лæгмæ та уый сдзурын чи бауæнддзæн? Ахæм фыдрæстæг алцыдæр масты хос у. Уæды онг Буцкæ никуы ахъуыды кодта: цымæ лæппу та цы цæстæй кæсы мæ хъæбулмæ? Кæрæдзийы æмбарынц æви нæ?

Батырджери балцы куы аивгъуыдта, уæд сæм Хасан бацыди æмæ йыл бацин кодтой.

— Цы фестут, Буцкæ, кæд уæм истæмæй фæкæсын хъæуы?

Уынæрмæ уæрдоны фæстейæ рауади Бацæ. Æмæ мад базыдта, ныронг-иу æрмæст гуырысхо цæуыл фæци, уый: йæ чызг æмæ Хасан кæрæдзийы уарзынц.

Цавæрдæр тас дæр æй æрбалхъывта, фæлæ уæддæр зæгъын сфæрæзта:

— Дæ цæрæнбон бирæ, Хасан. Афтæ сыстæм, æмæ нæм кæсын дæр ницæмæуал цæуы.

— Уæхи ма æруадзут, чи зоны, æмæ ма нæм исты амонд кæсы. Батырджери дæр тагъд фæзындзæн.

— Амонд нал, Хасан, фæлæ ма нæ удтæ уæддæр куы аирвæзиккой. Ды нын-иу цы рæстытæ дзырдтай æмæ ма уæддæр куыд сразы стæм нæ хæдзар фехалыныл! — йæ цæссыг асæрфта Буцкæ.

Исдуг дыууæйæ дæр æнæдзургæйæ абадтысты, стæй лæппу загъта:

— Мæн Турчы ницуал хъуыддаг ис... мæ зæрдæ афтæ фæцъæх, æмæ мын дзы дзæнæты цард куы саразой, уæддæр нал ныллæудзынæн.

Буцкæ йæ чызджы ’рдæм фæкаст æмæ цæмæндæр фестъæлфыд. Бацæ сæ разы нал уыд.

— Фæстæмæ алидзыны фæнд ма скæн?

— Æнæ лидзгæ мын нæй.

— Бынтон фыдбылызы куы бахауай, мæ хур...

— Донласт хуылыдзæй нал тæрсы. Бахатыр кæн, Буцкæ, ме ’ргом ныхасы тыххæй. Мады рæвдыд дæ федтон, сымах æмæ мын Уази йеддæмæ ничиуал ис. Æмæ мæ ныхас дæр сымах йеддæмæ кæмæн зæгъон? Бацæйы мын мемæ ауадзут. Мæ уды хуызæн æй бахъахъхъæндзынæн. Хуыцауы раз уын ард бахæрдзынæн — ницы йыл æрцæудзæн...

Буцкæйы æнгуылдзтæ базыр-зыр кодтой... Никуы йæ бауырныдтаид, ахæм ныхас фехъусдзæн, уый æмæ ма цы фæуыдаид, уый нал зыдта. «Минæвар уаид, æмæ йæхæдæг куыд загъта? Стæй мæнæн цæмæн зæгъы минæвар дæр, хæдзары хицау нæм куы ис, уæд?» Æмæ сæ судзгæ зиан та? Хæрз æрæджы куы баныгæдтой сæ хъæбулы дзæгъæл бæстæйы. Нæ, ацы хъуыддагæн æз ницы æмбарын... — сагъæстæ, сæ иуæй сæ иннæ уæззаудæрæй, сылгоймаджы сæрыл æртыхстысты, æмæ цыдæр æбæрæгхуызæй касти лæппумæ.

Хасан иу чысыл фæлæууыд, стæй йæ ныхас дарддæр кодта:

— Зонын æй, зын у... Зын у йæ фехъусын дæр. Фæлæ мæ бамбарут — царды мын æндæр ницуал ис, æмæ мæхицæн хуыздæрмæ ницæмæуал бæллын...

Æмæ Хасан æнхъæлмæ касти. Буцкæ ницы загъта, æрмæст кæлмæрзæны кæронæй йæ цæссыгтæ сæрфта...

Изæры чызг æмæ лæппу фембæлдысты.

«Мæ уавæр æмбарыс?» — фарста Хасаны зæрдæ.

«Æмбарын», — уыди чызджы дзуапп.

«Æмæ уæдæ цы кæнон?»

Æмæ йæ цыма Хасан æцæгæй афтæ бафарста, уыйау Бацæ дзуапп радта:

— Æз цæттæ дæн, кæдмæ мын зæгъай, уæдмæ.

Хасаны зæрдæ цыдæр фæрæхуыста.

— Бацæ... Дæ мадимæ дзырдтон...

Чызг æй сныхас нæ бауагъта:

— Уый дын ницы зæгъдзæн! Нæхæдæг куы ницы бацархайæм, уæд нæ ничи фервæзын кæндзæн...

Хасан стыхсти, æмбæрста йæ — чызг раст у, ахæм уавæры цы кæнай, уый — лыггæнæгау. Фæлæ ма ацы хъуыддагæн йæ фæдыл къодæхтæ баст ис.

— Куыд ма бавзарын кæнон уыцы... бæллæх бинонтæн сæ бирæ тухиты æмæ зианты фæстæ? Нæ нæ æлгъитдзысты, Бацæ?..

Чызг фестъæлфыди. Йæ зæрдæ фæйнæрдæм тыдта æмæ йæ дзыхы ныхас нал бадти.

— Уæдæ... уæдæ... куыд?

— Дæ фыдмæ банхъæлмæ кæсæм... Кæд хорз хабæрттæ æрхæсса, уæд æрбынатон уæнт æмæ нæ дыууæ ды нæхимæ аздæхдзыстæм.

— Хорз, — загъта Бацæ æмæ уайтагъд æхсæвы тары фæаууон.

Кæд ын Хасан йæ алы улæфтмæ дæр хъуыста, уæддæр ын йæ хъæлæсы уаг нæ бамбæрста.

VIII

Лидзæг адæмы минæвæрттæ Хъарсы ныффæстиат сты. Уыцы æнхъæлмæгæсгæйæ, фыдæбоны бахаудтой — æхсæвыгæтты уазал кæнын райдыдта æмæ тынг тыхстысты уæлдай дæр сывæллæттæ. Дзаумайæ дæр ма сын цы баззад æмæ бызгъуырты сæхи тыхтой.

Афтæ сыл ахицæн дыууæ къуырийы. Уæддæр æнхъæлмæ кæсынæй нæ фæлладысты. Æмæ уæдмæ се ’рвыст лæгтæ фæзындысты. Æдде бакæсгæйæ дæр бæрæг уыд, зæрдæ сæ хабæрттæй нæ барухс уыдзæни, уый — уыдысты фæлладхуыз æмæ æнкъард.

Фæлæ уæддæр æнхъæлмæгæсджытæ æрæмбырд сты Алханийы-фыртмæ æмæ загътой:

— Ракæнут нын уæ хабæрттæ, Жанхотт.

Æмæ сын уый дæр ракодта æвирхъау хабæрттæ.

Ваны бæстæйы цæцæнæн дæр æмæ иннæтæн дæр æрцæрæн бынат нæй — зæххытæ туркæгты сты, æмæ йæ зæхх ничи ратдзæн. Уæгъд зæххытæ ис æрмæстдæр Дарбекырæй Ерзиджаны æхсæн, æмæ Кавказæй ралидзæг адæм хъуамæ уым æрæнцайой. Минæвæрттæ не сразы сты æмæ ма бæргæ ныхас кодтой, фæлæ сæм хъусæг нæ фæци. Уæд райдыдтой Куындыхаты Муссæ æмæ Осмæнаты Садуллæйы агурын. Суанг сæм Азырыммæ дæр бахæццæ сты, фæлæ уым сæ кой дæр нæ разынди.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.