Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æртыккаг хай 9 страница



— Фос дæр уыцы хъаймæты фæндæгтыл фесæфтысты, кæд ма искæмæты цыдæртæ аззад, уæддæр дзы æз, йæ цардæй разы чи уыд, ахæмтæ нæ федтон, сæфтмæ дзы цыдысты.

— Æмæ дзы зæхх ис, куы загътой, — не ’нцади Батырджери.

Хасан ын амыдта:

— Зæххæн цалынмæ йæ аргъ бафидай, уæдмæ дæ цардæй стыхсдзынæ, стæй дæ фæстагмæ æххуырст рауайдзæн...

Батырджерийы ус, ныллæггомау рынчынхуыз, æнæнцой Буцкæ дæр фарста Хасаны:

— Æмæ цы зæрдæйæ уæй кæнынц адæм сæ сывæллæтты, хуыцауæй тæригъæд не сты?

— Цы бакæной уæдæ, сыдæй мæлынмæ сæ бирæ нал фæхъæуы.

— Æмæ сын æнæ ныййарджытæй хуыздæр уыдзæн?

— Адæймаг фенхъæлы: кæд аирвæзиккой. Мæгуыры бон дыл куы акæна, уæд дæ зæрдæ цæуыл нæ дардзынæ? Цæфæй цæфы астæумæ дæр ма æнхъæлмæ куы фæкæсæм, — дзуапп лæвæрдта Хасан.

Турчы хабæрттæм йæ зæрдæ ахсайдта Бацæйæн дæр. Уый арæх фæндыди уазæджы фæфæрсын, фæлæ йæм нæ уæндыд... Бинонтæ æрвылбон Турчы кой кæнын куы райдыдтой æмæ Хасаны алкæимæ дæр ныхасгæнгæ куы уыдта, уæд Бацæ дæр бафарста:

— Æцæг афтæ фыд-зæрдæ сты турк, æмæ цардæгас адæймаджы донмæ аппарынц?

Хасан чызгмæ бакасти æмæ йæ цæстытыл ауади: турк ахæм рæсугъд чызг куы фениккой, уæд йæ балхæныныл куыд зиликкой, уый.

— Денджызы куы цыдыстæм, уæд æцæг æппæрстой рынчынты, адæймагæн йæ сæрыхъуын уырдыг стади. Æмæ ма уæддæр уый тæккæ стырдæр бæллæх нæу — зын, йæ фæстæ чи баззайы, уыдонæн вæййы. Уыдон бахауынц цъысымы...

— Уæдæ ма дзы бæллæх та цы у? — Бацæйы цæстыты цыдæр карздзинад фæзынди.

— Йæ бæллæх та у, адæймаджы фосау кæй ауæй кæнынц, уый. Дæ хуызæн чызджытæ æлхæнын уарзынц. Æмæ уæд бинонтæн дæр — мардæрцыд, уæйгонд чи æрцæуы, уымæн та мыггагмæ зындоны цард, фосы хуызæн — Хасаны бафæндыд чызгæн рæстдзинад зæгъын, цæмæндæр æм афтæ фæкаст, цыма йæ йæ ныхæстæй Туркмæ ацæуынæй фервæзын кæндзæн.

Бацæйы зæрдæ скатай:

— Æмæ ахæм æнаккаг чи уа, адæймаджы чи æлхæна, уымæн йæ сау зæрдæйы хъама нытътъыс, уæд та? Уадз æмæ лæг, йæхæдæг дæр... — æмæ йæ цæстыты цъæх арт ссыгъди.

«Кæс-ма, кæс, уындæй куыд фæлмас зыны, афтæ куы нæ у», — æхсызгонæй ахъуыды кодта Хасан.

— Уыцы фыд-зæрдæтæ æгæр бирæ сты, цалы фаг дзы суыдзынæ, стæй сæ ныццæгъдын дæ къухы нæ бафтдзæн.

Бацæ бамбæрста, æгæр къæйныхæй кæй загъта, уый, æмæ фæсырх, йæ сæр æруагъта; фæкъæмдзæстыг...

Хасан кæд фæрсыл рынчын нал уыд, уæддæр хæдзарæй æддæмæ нæ цыд — йæхи мæт нæ кодта, фысымтæн тарсти; уый тыххæй сыл исты куы æрцæуа. Фæлæ уæдмæ ног хабар фехъуысти: Уырыс Салийы тыххæй никæйуал æфхæрынц. Батырджери йæ уазæгæн æндæр ницы загъта, ома Туркмæ лидзыны кой дæр ма дзы ис, уый.

Йе уæнгтæ бампылдысты Хасæнæн æмæ йæ æдзухдæр армæй бавналын фæндыд. Хæдзарæй æддæмæ цæуын куы райдыдта, уæд-иу сæумæрайсом фестад æмæ Батырджерийы дыууæ фырты — Атæбе æмæ Даргаимæ фос, кæрт æмæ скъæттæм зылди, миттæ марзта.

Батырджери-иу разыхуызæй касти йæ уазæгмæ æмæ йын-иу дзырдта:

— Хъыгдард дæ, мæ хур, æмæ дæхи цæмæн фæлмæцын кæныс, лæппутæн сæхи фаг куыст кæм ис!

Хасан ын хъæлдзæгæй дзуапп лæвæрдта:

— Исты куы нæ архайон, уæд ме уæнгтæ уæззау кæнынц æмæ мæ нырма куы бахъæуой.

Арæх-иу миты къуыбæрттæй хæцыдысты æмæ-иу уæд Бацæйы кæстæр хо Зæна дæр семæ фæци, ноджы-иу се ’ртæйы дæр Хасаны фарс ралæууын фæндыд. Бацæ та... Куыд тынг фæндыдис уый дæр митмæ февналын, æмæ къуыбар искæуыл ныццæвын! Йæхинымæр-иу уый дæр Хасанимæ фемварс. Фæлæ æцæгæй та уæндгæ нæ кодта — нæ уæндыд йæ ныййарджытæй дæр æмæ Хасанæн йæхицæй дæр. Мады зæрдæмæ-иу йæ митæй цы нæ фæцыд, уый йын-иу йæ цæстмæ бадардта «ныр чындздзон чызг дæ, худинаг дын нæу», зæгъгæ. Ныр та ма Хасанæй дæр тæрсын райдыдта — уый та йын куыд бауайдзæф кæндзæн?

Цалдæр хатты Хасан сфæнд кодта сæхимæ йе ’рдхорды хæдзармæ фæцæуын, ноджы йæ бæх схæрзхаст, фырхъалæй йæ мыр-мыр цыд. Арæх ыл-иу Атæбейы кæнæ Даргайы абадын кодта æмæ йын-иу йæ уадмæ зæрдæрайгæ касти. Фæлæ Батырджери уазæджы ацæуыны кой кæнын нæ уагъта — бæстæ æнцад нæу, тагъд хъуамæ Уази йæхæдæг фæзына.

Æмæ æцæгдæр Уази фæзынд. Иу фæлмджын уазал бон изæрырдæм кæрты дуары, сæрты чидæр æрбахъæр кодта. Фысым дæр æмæ уазæг дæр базыдтой, чи у, уый.

— Цы мын фæдæ, ме ’фсымæры хай? — зæрдиагæй сæлхъывта Уази Хасаны къух.

Хасанмæ йе ’рдхорды хъæлæс афтæ рæвдаугæ фæкаст, æмæ йын йæ зæрдæ фæцагайдта.

— Мæ къух мын сæттыс! Къамбец нæ дæ, къамбец! Афтæмæй мын йæхи срынчын кодта, — схъæлдзæг Уази.

— Мæ фысымтæ мыл афтæ æнувыд уыдысты, æмæ мæм æцæг рынчынау зылдысты, — спарахатзæрдæ Хасан дæр, — кæд мын хуыздæрмæ фæуа, уæд.

— Буцкæ уыдаид, æндæр иннæтæ цы сарæхстаиккой? Бацæтæ-йедтæ нырма цæй зилджытæ сты! — бынтондæр сцин Уази.

— Ды та, Уази, æдзух мæнæй æппæлыныл архайыс, — бахудт Буцкæ дæр æмæ йæ куатæйы кæронæй йæ бинаг былы кæрон асæрфта.

— Æппæлгæ нæ, æцæг цы у, уый дзуры, — Уазийы фарс фæхæцыди Хасан.

Хæдзары чи уыдис, уыдонæй иу дæр нæ банкъардта, Бацæйы зæрдæйыл цытæ æрцыди, уый. Уази кæд хъазгæйæ загъта, уæддæр йæ дзырдтæй чызджы зæрдæ къуымых кардæй барæхуыста æмæ йын тынг фæрысти, риуæй уазал къуыбар хæрдмæ стылди æмæ йын улæфт нал фаг кодта, суанг ма хъуырмæ къухæй дæр бавнæлдта, фæлæ йын нæ фенцондæр. «Нагъ, æз æм мæхæдæг зылдтæн, æз... æз æй... Мæхæдæг уарзын!..» — æрвæрттывдау фæзынди чызджы сæры æмæ æгасæй дæр артау ссыгъди. Йæ разы чи уыд, уыдонæй иу дæр не ’рхъуыды кодта, Бацæ хæдзарæй йæхи куыд айста, уый.

Æрмæст уымæн йæ дыккаг бон мад чызгыл фæгуырысхо. Атæбе æмæ Дарга бæхты саргъæвæрдæй куы раластой æмæ уазджытæ бинонты къухтæ куы истой, уæд Буцкæ фæкомкоммæ Бацæмæ æмæ бафиппайдта: чызджы цæстыты цæссыгтæ æрттывтой, фындзы базыртæ гæлæбуйы базыртау змæлдысты æмæ йæ дæллаг был дæндæгтæй сæлхъывта. Афтæ йæм каст чызг ныккæудзæн, зæгъгæ, фæлæ мад куыд æнхъæл уыд, афтæ нæ рауад: Хасан Бацæйы къух куы райста, уæд чызджы цæстæнгасы цыдæр карздзинад фæзынд.

Уазджыты ацыды фæстæ Бацæ хæдзары нæ разынд. Мад фæдис кодта æмæ йæ ацагуырдта. Чызг талынг скъæты тарвазыл банцой кодта æмæ æнæуынæрæй куыдта...

Цыппæрæм хай

I

Уалдзæг райдыдта æвиппайды. Хæхбæсты йын афон дæр нæма уыд. Хур уыцы рæдауæй æркасти бæстæмæ æмæ йæ йæ хъарм тынтæ уайтагъддæр барæвдыдтой. Хъæлдзæгæй ахæлæф кодтой митдæттæ æмæ нарæг фæдтæй сæ хæл-хæл хъуысти. Хуссарвæрсты миттæ уайтагъд атадысты æмæ кæрдæджытæ сæ чысыл цъæх-цъæхид сыфтæ хурмæ сдардтой.

Æрмæст иннæ азты хуызæн хъæлдзæг нæ уыдысты адæм, æрмæст иуæй-иутæ зылдысты сæ кусæндзаумæттæм. Бирæтæ, сæхимæ хъусгæ, рацу-бацу кодтой сæ кæрты къуымты, арæх æмбырд уыдысты ныхасы æмæ æдзухдæр кодтой уыциу хабæрттæ — Туркмæ лидзыны кой. Æмæ æрмæст лæгтæ нæ дзырдтой ууыл: сылгоймæгтæ, фæсивæд, сабитæ дæр.

Куындыхаты Муссæ Терчы бæстæйы хицау Лорис-Меликовмæ йæ писмойы уый тыххæй фыста:

«Ваше Превосходительство Михаил Тариелович!

...По очень верным сведениям, я узнаю, что число переселенцев с каждым днем быстро растет. Жители Малой Чечни и карабулаки почти все изъявили желание переселиться; в Большой Чечне тоже очень много желающих. Мне кажется, что число переселенцев будет далеко больше, чем предполагалось. Начальникам округов, не исключая Кабардинского и Осетинского, необходимо нужно дать наставления, какие Вы находите полезными. Из Дагестана очень много приезжæт в Чечню с просьбой переселиться всем вместе. Если я найду, то отправлю брата моего Афако в Чечню: сказать там влиятельным людям, чтобы они не упускали из виду то, что в нынешнем году всем чеченцам не предстоит возможности переселиться...

С истинным почтением и преданностью имею честь быть покорный слуга...

8 марта 1965 г. Аул Скут-Кох...»

***

Уалдзæг афæдзы сæр у, уалдзæджы хурæй бæстæ æмызмæлд свæййы — алчи куыстыл æрлæууы. Фæлæ ныр та æмызмæлд адæмы хъуыдытæ скодтой — къухтæ ницæмæ тасыдысты, æрмæст хъуыдытæ, хъуыдытæ, сагъæстæ æмæ ныхæстæ.

Цæцæны хъæуты бирæтæ сæ фос ауæйыл нæ ауæрстой, се ’ннæ мулкмæ дæр-иу бавнæлдтой æмæ дард балцмæ цæттæйыл уыдысты.

Хицæуттæ æппæт уыдæттæ уыдтой æмæ алы мадзæлттæй архайдтой, тас цы цæцæйнæгтæй уыди, æппæты фыццаг уыдоны алидзын кæныныл. Цæцæны зылды хицау инæлар кънйаз Туманов хъусын кодта Лорис-Меликовæн:

«...Нельзя ручаться, чтобы испорченная молодежь чеченская привыкшая к грабежу и убийству, не постаралась бы вновь показать свою удаль и тем, будто бы защищая религию, защитить и самих себя от гибели, которую, по слухам в народе, русские приготовляют всему населению. Агенты мои... в народе, за которым следят и постоянно сообщают о всех толках и намерениях жителей, за которыми учрежден самый бдительный и зоркий надзор...»

Кънйаз хæлд цы фæсивæды хуыдта, уыцы цæцæйнæгты нæ фæндыди сæ фыдæлты зæхх, сæ райгуырæн бæстæ ныууадзын æмæ Туркмæ алидзын. Фæлæ баззайынæй дæр тарстысты, моллотæ афтæ дзырдтой, зæгъгæ, дам, паддзахы салдæттæ æппынфæстаг цæцæны бындзагъд ныккæндзысты.

Кæд фæдысмудджытæ адæмы æхсæн разил-базил кодтой æмæ, æлхæд кæмæн уыдысты, уыдонмæ дзырдтæ хастой, кæд Куындыхаты Муссæ Терчы бæсты хицаумæ фыста, цæцæн алидзынмæ цæттæ сты æмæ куыддæр кæрдæг суайа, афтæ фезмæлдзысты, зæгъгæ, уæддæр та арт ссыгъди. Цæцæны бæстыл айхъуысти Харачойы хъæуккаг Бечмырзаты Тазайы сидт: «Цæттæ ут газзатмæ, иунæг кадджын хуыцау æмæ нæм Мæхæмæт-пехуымпар сидынц джауырты ныхмæ тохмæ. Цæттæ ут хæстмæ, нæ бæстæй фæтæрæм не знæгты!»

Бахæццæ цæцæнмæ Тазайы сидт, рафыхти та сæ туг сæ домбай уæнгты, сæ зæрдæты та фæзындис стыр ныфс. Фæлæ дзы æрмæст иуæй-иутæ райстой сæ хæцæнгæрзтæ, сбадтысты сæ бæхтыл æмæ хъæбатыр Тазайы фарсмæ æрлæууыдысты...

Уази дæр къуырма нæ разынд, фехъуыста сæ. Уый уыдта: иуæй тохмæ цæттæ сты, иннæмæй сæхи Туркмæ лидзынмæ рæвдз кæнынц. Цы бачындæуа, кæцырдæм цæуа? Ницы æрхъуыды фæрæзта Уази. Чи зоны, Хасан нæ уыди, зæгъгæ, уæд уый дæр бафæзмыдтаид, фылдæр адæм цы кодтой, уый. Фæлæ Хасан — цардæгас æвдисæн — йæ фарсмæ уыди, алцыдæр йæхæдæг федта, алцыдæр йæхæдæг бавзæрста. Куыд ахиза йæ сæрты æмæ йын йæ ныхæстæ куыд ницæмæ æрдара?!. Уази стыр катайы бахаудта æмæ йæ сæр йæ кой сси.

Уæдæй æдыхдæр никуы фæкаст йæхимæ Уази, æнæхъару сывæллонау сси, бонтæ та йыл ихуарæгау згъæлдысты æмæ згъæлыдысты. Стæй йæм Тазайы сидт куы бахæццæ, уæд, цыма уæззау фынæйæ фехъал, уыйау йæ æнтъыснæгдзинадæй фервæзти, уый зæрдæйы дæр та фæзындис ныфс.

— Арт та ссыгъдис, Уази, æмæ та йæ цырены мæгуыр адæм басудздзысты, — йæ сæр банкъуыста Хасан, Харачойы хабæрттæ куы фехъуыста, уæд.

— Уыцы артæн ахуыссæн никуы ис, ме ’фсымæры хай, цалынмæ нæм æцæг лæгтæ уа, уæдмæ пиллонæй судздзæн, — сæрыстырæй дзуапп радта Уази.

— Æнамонддзинад у уый, цæцæн сæхи дзæгъæлы цæуыл сафынц?.. — тыхсти Хасан.

— Æдзух не знæгтæ нæ уæлахиз кæндзысты, искуы мах рад дæр æрцæудзæн...

Афтæ дзурын райдыдта Уази, фæлæ Хасан йæ ныхас фæраздæр кодта:

— Цалынмæ нæ рад цæуа, уæдмæ нæ къахыл цæуæг нал баззайдзæн. Мæнмæ гæсгæ нæ рады уырысимæ фидыд цард кæнын ис, æмæ йæ цас æрæгмæдæр райдайæм, уыйас нæхицæн фыддæр уыдзæн...

Уази йемæ не сразы, фæлæ йын йæ ныхмæ цы æрæвæрдтаид, уый нæ зыдта, дуне куыдтæтæ сси, уымæн ницуал æмбæрста. Дзæбæх-иу куы асагъæс кодта, уæд сразы, Хасан цæуыл дзырдта, уыдонимæ, фæлæ тарсти уырысимæ иумæ æрцæрынæй — цæмæн, ууыл хъуыдымæ йæ нæ равдæлд. Æмæ кæд Харачойы хабæрттæм йæ туг рафыхти, уæддæр Хасаны ныхæсты фæстæ, цы арты тыххæй дзырдта, уым нæ багæпп ласта.

Таза алыстанджыйæгтæм æрбарвыста: «Ме ’фсымæртæ! Самхалæй нæм хабар æрбахæццæ — джауыртæн раздæр цы ныхас радтам, уый хæлд æрцыд, уыдон хуыцауы æлгъыст сты. Мах цæттæ стæм æмæ уæ курæм сæ ныхмæ тохмæ рацæут».

Хъæуы цæрджытæ æрæмбырд сты, æмæ хистæртæ се ’ппæты номæй дзуапп арвыстой: «Мах цæттæ стæм тохмæ. Хуыцау нын баххуыс кæндзæн æмæ армыдзаг уæвгæйæ дæр бирæ знæгты къордыл фæуæлахиз уыдзыстæм».

Æгас хæхбæсты дæр айзæлыди Тазайы сидт: «Тæппуд чи у, уыдон мæм хæстæг ма æрбацæуæнт, аздæхæнт æмæ сæ бæхты къæхты фæдтæ агурæнт! Домбайы зæрдæ кæмæн ис, æрмæст мын уыдон сты æмбæлттæ!»

Харачойы лæгтæ куыд бауынаффæ кодтой, хъуыддæгтæ афтæ нæ рауадысты. Цæцæн æрмæст иуцасдæрæй æрбалæууыдысты Тазайы алыварс, сæ фылдæр — Харачойы цæрджытæ. Паддзахы æфсæдтæ куыддæр хабар базыдтой, афтæ хъæуыл æртыхстысты. Службæйы сæм чи уыд, иу ахæм цæцæйнаг барвыста хъæумæ: кæнæ Тазайы раттут, кæнæ уæ фæнык фестын кæндзысты...

Хъæубæстæ æрсагъæс кодтой. Æрсагъæс кодта Бечмырзæйы-фырт хъæбатыр Таза, федта йæ алфамбылай домбай æфсæдтæ, бамбæрста, цалдæрæй уыдоны ныхмæ æрлæууын дæр кæй нæ бафæраздзысты, уый æмæ йæхи радта. Харачойы хъæу иваргонд æрцыд мин сомæй, Алыстанджыйы цæрджытæ та хъуамæ сæ бынатæй сыстадаиккой.

Фехъуыста уыцы хабæрттæ Уази æмæ йæ зæрдæйы тугтæ ныккалдысты — бауырныдта йæ, кæй ницуал гæнæн ис, уый, тыхджын у уырысы паддзах, йе ’фсæдты раз йæ сæр сисын никæй бон бауыдзæн, фæлæ семæ цæрын бафæраздзæн? Стæй йæм цы цæстæй ракæсдзысты йе ’мхъæуккæгтæ? Æмæ сфæнд кодта Уази Турчы бæстæм фæлидзын — адæм кæм сæфой, уым уый дæр куы фесæфа, уæд уæлдай ницуал æрцæудзæн, уæдæ ма иунæгæй цæргæйæ дæр куыд баззайдзæн?

Ацы хатт Хасан ныхас дæр нæ загъта Уазийæн, цæмæндæр ын ницуал хъауджыдæр уыд, стæй куырм нæ уыд — паддзахы æфсæдтæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц æмæ бынтондæр æртыхстысты цæцæны хъæутыл. Кæй ма бауырныдтаид, бархи цард ма уыдзæн, уый? Хæрз æрæджы йæм цы хъуыды æрцыд — æз дæр кæд цæрынæн исты амал кæнин — уый æрымысыд æмæ йæ дзыхы мæстад фæзынди.

«Куыд нæ стæй! — хъуыды кодта уый. — Мæнмæ амонд нæ, фæлæ йæ аууон дæр нæ хауы. Уыйас фыдæбæттæ дæр дзæгъæлы бавзæрстон. Цы уа, уый уæд, мæн ницуал хъæуы», — æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, иу хатт ын йæ фыд цы хабар дзырдта, уый.

Иу заман хурхортæ хуры хордтой æмæ бонсихорафон бæстæ баталынг. Æнахуыр тары цæргæс рæдыдæй батахти арф уынгæг комы. Иуырдæм атæхы æмæ къæдзæхы тигъыл йæхи ныццæвы, иннæрдæм атæхы — фыддæр цæф та йыл уым ауайы, æмæ дуртыл йæ тугтæ калдысты. Бирæ фæцавта йæхи йæ æнæсæрфаты тыххæй, стæй йæ бон куынæуал уыди, уæд зæхмæ æрхауди æмæ йæ уд исыныл ныллæууыд. Хур йе знæгтыл фæтыхджындæр æмæ та арвæй йæ рухс цæст разынди. Цинæй байдзаг цæргæсы зæрдæ, æрæмбырд кодта йæ фæстаг тыхтæ æмæ ма йæ базыртыл иунæг хатт схæцыди.

Фæлæ уый уыди цæргæсæн йæ фæстаг фезмæлд — ахуыссыд йæ цæстыты зынг, æрхаудтой базыртæ...

Йæхи цард дæр æм афтæ фæкаст. Æмæ кæд мæлгæ нæма акодта, уæддæр æгæстыл йæхи нал нымадта.

***

Гæнæн æмæ амал цас уыдис, уымæй Уази бацархайдта цыдæртæ ауæйыл, Хасан дæр æм фæкасти. Уый куыд дзырдта, афтæмæй кæд демæ Туркмæ дзæбæх æхца аирвæза, уæд уым дæр исты амæлттæ кæндзынæ. Уази ныууагъта дуцгæ хъуг, уалдзæджы ныззад, стæй дыууæаздзыд сыл род, дыууæ фысы фæндаггаг, иннæтæ йын ауæй сты — цалдæр сæгъы, цалдæр фысы, иу род, мæргътæ. Хор дæр æм уæлдæйттæ уыд. Æххормаг азæй тæрсгæйæ, афæдзæй-афæдзмæ кæй фембырд кодта, уый. Уыдæтты фæрцы йæм иу чысыл æхца бамбырд.

Уази бæхты кой не скодта. Уæвгæ йæм цы бæхтæ уыд — иу уæрдоны бæх, иу саргъы бæх. Ноджы ма Хасаны бæхыл дæр йæ зæрдæ дардта, уырныдта йæ, семæ кæй ацæудзæн, уый. Тæригъæд ын бæргæ кодта, фæлæ йын йæ бон цы бауыдаид: Ирмæ йын ацæуæн нæ уыд, уым æй агуырдтой æмæ куыддæр фæзындаид, афтæ йæ хъæуыхицау уæддæр æрцахстаид. Стæй Мæцыхъо фарон йæхæдæг Туркмæ алыгъд, цы ма йын дзы ис? Цæцæны дæр ын баззайæн нæ уыд — кæимæ цæрдзæн, иунæгæй цас бафæраздзæн? Уази йæ хæдзар уадзы, уым цæры, фæлæ уырыс хъæубæсты сæ бынатæй куы стын кæнынц, стæй уырысæй æвыдæй нæ баззайдзæн — æппын ницы, фæлæ гъæйтт-зæгъгæ, сæ ныхмæ хæцыди.

Хасаны æбæрæг хуыз цæсгоммæ кæсгæйæ, Уазийы зæрдæ рысти æмæ йын-иу дзырдта:

— Цы бачындæуа, ме ’фсымæр, не сæфт æрцыд æмæ йæ аздахын нæ бон нал у. Æмбарын æй, чи зоны æмæ не стæгдар зæххыл дæр нал сæмбæлдзæн, нæ фæнык нын дымгæ дзæгъæл бæстæты рахæсс-бахæсс кæндзæн, фæлæ бæласæй цы сыфтæр фæхицæн вæййы, уымæй уæлдай нал стæм — иу ран æрлæууæн нын нал ис...

Æмæ йын кæд Уази уыдæттæ дзырдта, уæддæр Хасан никуы ницы дзуапп радта, истæмæ ныккомкоммæ уæвгæйæ-иу æнæфезмæлгæйæ касти æмæ касти. Фæлтау-иу исты æфсонæн уæд та куы загътаид, уæд Уазийæн æнцондæр уыдаид. Исты йын æрхъуыды хъæуы йæхи аирхæфсынæн», — ахæм хъуыды фæзынди Уазийы сæры æмæ йæ фæнд загъта:

— Дæ хорзæхæй, ме ’фсымæр, кæд дын зын нæу, уæд ма иу бон Батырджеримæ ныццу æмæ сын сæ хабæрттæ базон, уæддæр та хионтимæ иумæ фæндагыл æнцондæр уыдзæн.

Уыцы фæнд Хасанæн йæхи зæрдæмæ дæр фæцыд — бахъардта йæм.

Дыккаг бон йæ бæхыл абадт æмæ балцы араст.

II

Батырджери цы хъæуы царди, уымæй дæлдæр, Аргъуыны комы дымæгыл æрæнцад паддзахы æфсæдты фидар. Аргъуыны æмæ фидары гæрæны æхсæн баззад æрмæст нарæг фæндаг. Гъе уымæ гæсгæ фидармæ æхсæвæй-бонæй хъуысти æрра уылæнты уынæр. Митдæттæй æмæ мæсчъы дæттæй хъулон-мулон сси æмæ уыцы гуылфæй размæ цавта, фæлдæхта æмæ йæ хъæлæсы хаста, йæ размæ-иу цы фæци, уыдон. Тæнджыты кæнæ уырыл сæ уидæгтæ пыхцылæй, сæ цæнгтæ дæрæнгондæй хуыссыдысты бæлæстæ.

Фæстаг къуыри хорз рæстæг скодта æмæ фидары рæзты коммæ цы гакъон-макъон фæндаг уад, уый тынг срыг. Барæг-иу ыл куы асæпп-сæпп ласта, уæд-иу бурбын рыджы бын фæцис.

Фидар арæзт æрцыд, Шамил-хадзы уацары куы бахауд, уымæй цалдæр азы раздæр. Йæ тæккæ астæу уыд стыр хæдзар, салдæтты къазарма. Уымæй дарддæр, хохы æмдзæхгæр зылд къулмæ хæстæгдæр чысыл хæдзæрттæ — афицерты цæрæнбынæттæ. Уыдис ма дзы ноджы бирæ æндæр бæстыхæйттæ — бæхдæттæ, гонтæ, дукани. Кæртæй зынди цалдæр хъулон-мулон ахуырст будкæйы, сæ цуры гæрзифтонг хъахъхъæнджытæ. Хъахъхъæнджытæ ма лæууыдис стыр кæртыдуары фæйнæфарс дæр.

Фидары бирæ æфсæддонтæ нæ уыд — хъазахъхъы иу сотнæ æмæ егерты дыууæ ротæйы: бирæ æфсæдтæ царди ноджы дæлдæр фидары. Фидары хистæр афицер — капитан Данилов алфамбылай хъæуты цæцæйнæгтимæ хæларæй царди, æрдхæрдтæ дæр ын дзы дзæвгар разынд. Иннæ афицертæй бирæтæй хъауджыдæр сæм уазæгуаты арæх уыди, цæцæйнæгтæ дæр-иу æй исты хъуыддаджы тыххæй бацагуырдтой. Данилов йæ дæлбар адæмæй никæмæн барста, бынæттон цæрджыты-иу сæ дзæгъæлы исчи куы бафхæрдта, уæд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.