Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æртыккаг хай 16 страница



— Уæд та уал дæ бинонтæй немæ искæй рауадз... Хистæр чызгæн ам баззайынæй тас у, туркæгты дæхæдæг нæ зоныс: райсом сæм цы зонд æрцæудзæн?

— Мæ сæры зонд сдон ис, Уази, цыма бачындæуа, уый ничиуал зоны... Ноджы ацы цæф, — загъта æрæджиау лæг. — Бинонтæй дæр чи? Кæуыл цы æрцæудзæн — хуыцау йæ зонæг. Фæлтау иумæ бынсæфт куы фæуæм, уæд хуыздæр... Нæ зонын, нæ зонын, куыд уыдзæн?

Æмæ æниу Уази йæхæдæг афтæ нæ загътаид? Ахæм тыхст заман бинонты ныххæлиуыл чи сразы уыдзæн, йæ бинонты сæфты ран чи ныууадздзæн?

Уази Хасанæн ницы загъта, цыма сæм Батырджериимæ ныхас дæр нæ рауади, йæхи афтæ дардта. Фæлæ лæппуйæн йæхи зæрдæ тынг æхсайдта уыцы бинонтæм — ау, ницы хуызы сын сразыгæнæн ис? Фæндыдис æй Бацæимæ фембæлын, бафæрсын — цы чындæуа, куыд уыдзысты? Фæлæ уыцы амал йæ къухы не ’фтыди.

Фæссихор уыдаид, афтæ чызг æрбацыд Уазитæм. Хасан æм комкоммæ бакаст æмæ дзы йæ цæстæнгас айсын нал фæрæзта. Бацæ бахудыныл афæлвæрдта:

— Цыма мæм фæстаг хатт кæсыс, уый хуызæн...

Куыд нæ атыдта Хасаны зæрдæ!.. Афтæ зын вæййы адæймагæн, уый йæ никуы бауырныдтаид. Йæ цæстытæ донæй айдзаг сты, фæлæ ницы сдзурын бафæрæзта.

— Тæхудиаг, йæ райгуырæн зæххыл ма чи æрлæудзæн... Фæндараст фæут. Мыййаг, мах куы нал сæмбæлæм, уæд нын-иу нæ зæххы хайыл фæйнæ бæласы уæддæр ныссадзут, — загъта ма йын Бацæ.

Рæузæты зæрдæ уыцы ныхæстæм йæхи риуы къултыл ныххоста:

— Мæ къона, цæй тагъд нæ фæхицæн кодтай уæхицæй?.. Сымах дæр ам куы нæ баззайдзыстут!..

— Хасан афтæ загъта, Турк, дам, сæрсæфæн бæстæ у, æмæ йæм нæ байхъуыстам... Æнхъæлмæ мæм-иу кæс, кæннод æнæ дæу цы фæуыдзынæн?..

— Бацæ... фæрæдыдтæн, раджы нæ лидзын хъуыд. Ныр та?

— Ныр мæ фыды уыцы хуызæнæй куыд ныууадзон? Стæй бинонтæ иууылдæр мæ фæкæсынхъуаг сты... Фæлтау мæм-иу æнхъæлмæ кæс. Хъусыс?

***

Мæйдар. Хасан цыди разæй, йæ фæдыл — бинонтæ. Уази æппæты фæстæ. Цы дыууæ бæхы ма сæм баззад, уыдоны æккæйтты бабастой сæ бызгъуыртæ. Уазийы фæндмæ гæсгæ бæхты къæхтыл хæцъилтæ стыхтой, æмæ сæ ницы уынæр хъуысти.

Бинонтæй алчидæр йæ алыварсмæ лæмбынæг хъуыста, сыбыртт дæр сæ нæ ирвæзти æмæ-иу æй цалынмæ, цы у уый сбæлвырд кодтой, уæдмæ æдзæмæй лæууыдысты. Стæй та-иу уыцы сабырæй араст сты. Алкæмæ дæр сæ афтæ фæкаст, цыма тынг рагæй цæуынц, тыххæй ма сæ къæхтæ исын фæрæзтой.

Хасан æмбæрста бинонты зын уавæр, уæлдайдæр Рæузæтмæ йæ зæрдæ æхсайдта. Фæлæ цы лæгæт зыдта, уымæ нæма бахæццæ сты, раздæр æрлæууынмæ та йæ ныфс нæ хаста. Куыд нæ тарстаид! Бинонты фервæзын уымæ каст, куы сæ æрцахстаиккой, уæд уый аххос уыдаид. Мыййаг, исты куы æрцæуа, зæгъгæ, йæ хъама цæттæйæ дардта — æппын ницы, фæлæ æртæ лæгимæ схæцынмæ цæттæ уыд.

Æппынфæстаг лæгæтгондыл сæмбæлдысты. Уази æмæ Хасан бæхтæ къæдзæхы аууонмæ аластой æмæ сæ уым бабастой. Бинонтæ кæд тынг бафæлладысты, уæддæр сæ хуыссæг хæстæг никæмæ цыдис æмæ бадтысты. Бадти Хасан дæр æмæ-иу арф ныуулæфыди. Уази бамбæрста: лæппу йæ уагыл нæу, стæй цæмæн, уый дæр зын базонæн нæ уыд.

— Дæ зæрдæ фалæмæ æхсайдзæн.

— Æхсайы, Уази. Фæстæмæ мын æнæ здæхгæ нæй, — ныуулæфыд та Хасан, стæй загъта: — Ныр раирвæзтæ, ме ’фсымæр, ме ’ххуысы сæр дæ уыйас нал хъæуы. Æз мæ амонд бавзарон.

Бинонтæ фестадысты. Æхсæв кæд цыфæнды тар уыди, уæддæр Хасан банкъардта, Рæузæт кæй кæуы, уый.

— Дæхи ма хæр, тагъд уæ Бацæимæ раййафдзыстæм.

— Хуыцауы уазæг у, Хасан...

Уази йемæ ацыд. Иу чысыл куы ауадысты, уæд лæппу æрлæууыд.

— Уази, ме ’фсымæр. Мæнмæ-иу ма æнхъæлмæ кæсут, куы раирвæзон, уæд уæ æнæ ’ййафгæ нæ фæуыдзынæн.

Уази ницы сдзырдта, æрмæст Хасаныл ныттыхсти æмæ йæ иуцасдæр нал суагъта, стæй йæхи атыдта æмæ ацыди, фæстæмæ нал фæкаст, афтæмæй.

Кæд арæх йæ къæхтæ къуырдта æмæ-иу фæцæйхауд, йæ хид акалди, уæддæр размæ тындзыдта. Уырысæй кæнæ туркæй искæуыл сæмбæлдзæн, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Цæмæн æй хъуыдысты уыдон? Уый тырныдта, дунейы ма йæ уд цæуыл лæууыд, уымæ — Бацæмæ.

Æмæ чызг дæр йæ размæ фæци: уый сæ бынатæй рацыд, Уазийы бинонтæ кæцырдæм аивгъуыдтой, уыцырдæм æмæ, кæлмæрзæн ныллæг æркæнгæйæ, æхсæвы тармæ æдзынæг касти. Афтæмæй йыл цас рæстæг рацыд, уый не ’мбæрста, цалынмæ иу афон кæйдæр къахдзæфты уынæр фехъуыста, уæдмæ. Йæ мидбынаты барызти æмæ та цалдæр къахдзæфы акодта.

— Хасан!..

— Бацæ!..

Лæппуйы хъæбысмæ баппæрста йæхи æмæ йæ буар бынтондæр æрлæмæгъ. Хасаны къухтæ йæ рацахстой, æмæ зæхмæ нал æрхауд.

Хасаны бон ницы дзурын уыди, кæй раздæхтис, уымæй йæхимæ афтæ амондджын фæкаст æмæ йын дзырдтæ дæр фаг нал уыдысты, æрмæст ма йæ армытъæпæнæй чызджы сæрыхъуынтæ сæрфта...

***

Сæ дыууæ дæр нæ фехъуыстой сæ алфамбылай цыдæр æнахуыр уынæр кæй цыди, уый. Адæм æй æрмæст райсомæй бамбæрстой: сæ алыварс æртыхстысты туркаг æфсæдтæ. Рахизырдыгæй, цадмæ хæстæгдæр, разындысты сармадзантæ, галиуырдыгæй фæндаджы был обауæй дæлæмæ — фистæг æфсад, сæ бакомкоммæ арæнхъахъхъæнæг иу къорд.

Сæ цуры æрбалæууыдысты туркаг минæвæрттæ æмæ фехъусын кодтой:

— Æфсæдты хицау Али Камил-паша дзырд радта: уæ цæрæнбынатмæ аздæхут, кæннод уæ ныхмæ схæццыстæм.

Æфхæрд дзыллæ æнцад лæууыдысты, ницы сæм дзырдтой.

— Хъусут æви нæ?! — фæхъæр ласта минæвæрттæй иу. — Аздæхут ардыгæй, кæннод уæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн!

Сывæллæттæ йеддæмæ сæм кæсгæ дæр ничи кодта.

Æрвыст лæгтæ ма иу чысыл афæстиат сты, стæй аивгъуыдтой сæхионтæм.

Кæд адæм, цыма сæ дзыхты дон уыд, уыйау сæхи дардтой, уæддæр сæ уынаффæ раджы рахастой: Туркмæ аздæхыны бæсты — фæлтау мæлæт.

Аходæныл туркæгтæ размæ ратылдтой цалдæр сармадзаны æмæ сæ лидзджытæм сарæзтой. Æфсæддонтæ сæ разы базмæлыдысты. Сæ сæрмæ фæзынд чысыл фæздæджы муртæ, стæй æвиппайды гæрæхтæ райхъуысти.

Уæддæр йæ бынатæй ничи фезмæлыд. Иу чысыл рæстæг куы рацыд, уæд иу барæг хæстæг æрбатахт æмæ йæ тых, йæ бонæй ныхъхъæр ласта:

— Уæхи ардыгæй айсут! — æмæ сын фæндагыл Хъарсы ’рдæм ацамыдта, стæй бæх фæстæмæ фæзылдта æмæ афардæг.

— Цъаммартæ, куыд нæ тæрсын кæнынц! — йæ дæндæгты хъыррыст фæцыд Батырджерийæн.

Хасан æмæ Бацæ лæууыдысты фæрсæй-фæрстæм.

Фыд афтæ куы загъта, уæд чызг лæппумæ бакаст, цыма йæ фæрсынмæ хъавыд: цы уыдзæн? Æмæ йын уый дæр дзуапдæттæгау загъта:

— Æрмæст тæрсынгæныныл нæ ныллæудзысты, туг акалыныл нæ бацауæрддзысты.

Уалынмæ та сармадзанты цур æфсæддонтæ сцоппай сты. Бацæ Хасаны къухмæ фæлæбурдта æмæ йæ сæлхъывта. Райхъуысти та гæрах æмæ чызг æрцæйхауди, куыддæр фестъæлфыд æмæ йыл Хасан куы фæхæцыд, уæд йæ къухтæ цыдæр хъармыл андзæвыдысты.

«Туг», — æрвæрттывдау фæзынд Хасаны сæры магъзы æмæ йæ галиу къухмæ æркасти — уый уыди тугæй ахуырст, Бацæйы сыгъдæг тугæй. Чызгæн йæ цæстытæ ахгæдтой æмæ йæ хъару асаст. Хасан æй хурсыгъд уазал кæрдæгыл æруагъта.

— Бацæ! Бацæ... Цы кодтай? Ракæс-ма!..

Афтæ фæтарст æмæ, йæ алыварс цы æрцыд, уый нал хатыдта. Нæ федта, гæрахы фæстæ Батырджери куыд æрфæлдæхти æмæ йæм бинонтæ куыд бакалдысты, бæстæ хъæр æмæ æрдиаг кæй сси, адæм æрраты хуызæн куыд сысты, æппæт уыдæттæ. Уый касти æрмæст Бацæмæ. Дунейыл ма йæ иунæг хорздзинад фæндыди — иу хатт ма йæ цæстытæй куы ракастаид. Æмæ йын чызг цыма æвиппайды йæ бæллиц бамбæрста, уыйау, къуыхцыгæнгæ, сулæфыд æмæ йæ цæстытæ байгом сты. Йæ мидбылты бахудти:

— Хасан?.. Ам дæ?..

— Ам, Бацæ... Ма тæрс.

Бацæ йæ къухыл схæцыд, цыма лæппуйы цæсгоммæ æвналы, уыйау, Хасан æм йæ сæр æруагъта. Чызг сæрыхъуынтыл йæ арм æрхаста.

— Бынтондæр сурс дæ...

Йæ цонг йæ риуыл æрхауд æмæ та йæ цæстытæ æрæхгæдта.

— Бацæ!..

— Хасан... — зына-нæзына ма дзы сыхъуыст. — Иу ба мын акæ æмæ-иу æй демæ нæхимæ... ахæсс... Хъусыс...

Хасан банкъардта: чызджы былтæ ихау ауазал сты.

— Бацæ! — ныббогъ ма ласта, фæлæ йæм уый нал сдзырдта.

Йæ цæстытæ атартæ сты Хасанæн æмæ ницуал федта, Бацæйы цурæй куы сыстади, уæддæр æмæ, цыма куырм баци, уыйау йæ къухтæ размæ фæкодта.

Уæдмæ та фæцыди ноджыдæр гæрæхтæ. Хасан æрмæст бамбæрста: йæ риуыл цыдæр судзаг сæмбæлди. Йæ цæстытыл ма ауадысты Кавказы урссæр хæхтæ, Бацæйы цæсгом, стæй дæлгоммæ ахаудта...

1960–1964, 1968 азтæ.


[1] Сæндзыг (цæндзыг). Романы 1985 азы рауагъды ацы дзырд ивд æрцыд «бандзыг»-ыл. (Скангæнæджы фиппаинаг)

[2] Не ’лхæнæг — нæлхæнæг? (Скангæнæджы фиппаинаг)

[3] Разыйы æнгас. (Скангæнæджы фиппаинаг)

[4] Мивдисæг «стауын»-æй. (Скангæнæджы фиппаинаг)



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.