Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æртыккаг хай 15 страница



Азырымы ссардтой иу туркаг хицауы, цыдæр æнахуыр паша йæ хуыдтой, фæлæ сын уый дæр ницы загъта, æмæ фæстæмæ æрбаздæхтысты.

— Цы саразæм, хорз адæм? Ахъуыды кæнут, — фæци йæ ныхас æрвыст лæгты хистæр.

— Фæстæмæ нæхимæ аздæхæм, ам махæн цæрæн бæстæ нæй, — загътой иутæ.

— Махæн зæрдæ авæрдтой, Мусы зылды æрлæудзыстут, зæгъгæ, æмæ уырдæм цомут, — загътой иннæтæ.

Бирæ фæбыцæу кодтой, стæй фылдæр цæуыл дзырдтой, ууыл сразы сты: хъуамæ Мусы зылды æрбынатон уой.

Лидзджытæ фæстæмæ уырдæм аздæхтысты. Хъæумæ куы фæцæйхæццæ кодтой, уæд та сæ размæ туркаг æфсæддонтæ рацыдысты, ацы хатт ноджы дзæвгардæрæй, стæй æд гæрзтæ. Æрлæууыдысты адæм æмæ та сæ минæвæртты æфсæдты размæ арвыстой. Уыдоны хистæр сæ мæстыйæ бафарста, цæмæн та раздæхтыстут, зæгъгæ. Минæвæрттæ бамбарын кодтой — Дарбекыры зылды цæрæн бæстæ нæу, адæм дзы фесæфдзысты. Фæлæ сæм хъусæг нæ уыди, хъæр самадтой, стæй сын æрæджиау загътой — куыддæр ма мухаджиртæ фезмæлой, афтæ сæ ныхмæ салдæттæ рацæудзысты... Æппын фæстаг лидзæг адæм загътой:

— Мах ардыгæй никуыдæм цæуинаг стæм.

Æмæ та сæ минæвæртты Мусмæ арвыстой. Уыдон уым бирæ нæ бафæстиат сты. Æфсæдты хицау Абдурахман-паша сæм бартхъирæн кодта æмæ сæ фæтардта.

Æмæ та лидзджытæ тæрхæттæ райдыдтой. Се ’хсæнæй рацыд иу хæрзконд лæг, æмæ йæ сау рихитæ æрсæрфта:

— Махæн нæ хурхыл чи ныххæцынмæ хъавы, уыдонимæ нæ хъару бавзарæм. Ардæм лæгъстæ кæнынмæ не ’рцыдыстæм, фæлæ цæрынмæ, ам та нæ хотыхтæй тæрсын кæнынц. Фæлтау бынсæфт куы фæуæм, уæд хуыздæр!

Размæ ралæууыд молло дæр:

— Тагъд ма кæнут, хорз адæм! Дарбекыры æрæнцайæм, стæй та бон цæуы æмæ фарн хæссы. Быцæу нæ хъæуы æмæ туркимæ кæрæдзийы тагъддæр бамбарæм.

— Молло, раст нæ зæгъыс. Иугæр Дарбекыры куы æрцæрæм, уæд фесæфдзыстæм. Лæг цы у, уый сын фенын кæнæм!

Молло дæр йæ гæндзæхтæ цагъта:

— Пысылмон адæм! Кæй ныхмæ сисынмæ хъавут хæцæнгарз?! Турк не ’мдингæнæг сты, не ’фсымæртæ. Уыдоны цæст нын уарзы...

— Уарзы нын сæ цæст уыр æмæ æнæдон бæстæ! Æмæ дзы хуыртæ æхсæддзыстæм!?

— Хорз адæм! — рахъæр кодта, фыццагдæр цы лæг дзурын райдыдта, уый. — Цæцæн зонынц сæ ном æмæ сæ бартæ бахъахъхъæнын! Алкæмæ дæр нæ ис хæцæнгарз æмæ ацы ран тох самайæм, кæннод — фæхудинаг уыдзыстæм! Туркæгтæ нæ фосау ратæр-батæр кæндзысты...

Бæлццæттæ сæ бинонты æмæ сæ уæрдæтты фæндаджы фалемæ арвыстой. Лæгтæ, искуы иуæй фæстæмæ, се ’мбæхсæнтæй топпытæ систой æмæ сæ æрцæттæ кодтой, бирæтæ сæ фæрстыл æрбабастой æхсаргæрдтæ. Афтæмæй сыл аивгъуыдта бон, стæй æхсæвы алчи йæ бинонтæм ацыди.

Дыккаг райсом раджы уыцы хæстифтонгæй фæзы æрæмбырд сты. Алы ныхас сæ хъуысти, фæлæ сæ комкоммæ цы бакæнын хъæуы, ууыл дзурынæй алчидæр йæхи сайдта, алчидæр æнхъæлмæ касти, уæдæ фæнд ныхас уый нæ, фæлæ æндæр исчи зæгъдзæн, æмæ уæд хъуыддаг фæбæлвырддæр уыдзæн.

Аходæнафон. Мусæй райхъуыст уынæр. Рацæйцыдысты Абдурахман-пашайы æфсæдтæ. Уыдон афтæ бирæ уыдысты, æмæ сыл цæст не ’ххæссыд. Дыууæ фондзыссæдз лæджы ныхмæ æрлæууыди ахæм бæхджын æфсад! — сæ бон кæй ницы баци, уый сæм æгад æркасти.

Алханийы-фырт йæ топп радта йæ сыхагмæ æмæ адæмæй раздæр цалдæр къахдзæфы ацыди.

Турчы æфсадæй цалдæр барæджы фæхицæн æмæ Жанхотты ’рдæм æрбасæпп-сæпп кодтой. Куы æрбахæстæг сты, уæд сæ бæхтæ фæурæдтой æмæ сæ иу ныхъхъæр ласта:

— Уæхи ардыгæй айсут, кæннод уæ ныртæккæ бындзагъд ныккæндзыстæм!

Жанхотт цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæ йе ’мбæлттæ нал бауагътой, сæ маст бауромын нал бафæрæзтой:

— Куыдзы тугæй æхсад чи у, уыдон, сымах хуыцауы сконд не стут — хъæды сырдтæ!

— Сымах — бирæ, мах — чысыл, бавзарут ма уæ лæгдзинад!

Салдæттæ фæстæмæ фæзылдысты æмæ се ’фсæдты раз балæууыдысты. Турк иу чысыл афæстиат сты, стæй се ’хсæнæй цыдæр хъæртæ райхъуыст æмæ сæ бæхтæ фæтъыбар-тъыбур кодтой æмæ лидзæг адæмыл æртыхстысты.

Жанхотт хъуыддаг куы бамбæрста, уæд йе ’мбæлттæм фæсидти:

— Хæцæнгарз уæ мачи сисæд, нæ иу гæрахы тыххæй фесæфдзыстæм!

— Уайтагъд сæ разы туркæгты бæхтæ хуыррыттытæ райдыдтой, барджытæ ехсытæй æвзыстой.

— Мухаджиртæ! — фæцыд иуы хъæр. — Ныртæккæ уæ хотыхтæ æрæвæрут æмæ цæугæут ардыгæй. Кæннод уын Абдурахман-паша хъусын кæны: ацы ран цагъд æрцæудзыстут.

— Мах уæ пысылмæттæ хуыдтам æмæ сымахмæ цæрынмæ æрбацыдыстæм, сымах та нæ топп æмæ кардæй тæрсын кæнут! — дзырдтой сын цæцæйнæгтæ.

— Æрæвæрут уæ хотыхтæ æмæ уæхи ардыгæй айсут! — фæтъæлланг та кодта туркаг.

— Сымах куыдзы тугæй æхсад стут! — хъуысти цæцæйнæгты æхсæнæй.

Адæмы маст аивылди. Ферттывтой æхсаргæрдтæ, хъаматæ æмæ тохы арт ссыгъди.

— Худинаджы бæсты — мæлæт! — цæцæн хъазуатæй лæбурдтой барджытæм.

Кæд турк фылдæр уыдысты, уæддæр сыл лидзæг адæм тыхджын кæнын райдыдтой, ноджы бæхтæ кæрæдзийы хъыгдардтой, схъомпал сты æмæ фистæджытæн æнцондæр уыди. Салдæттæ куы бамбæрстой, афтæмæй ницы сæ бон бауыдзæн, уый, уæд фæстæмæ фæзылдысты. Уыцы уавæр бæлццæтты ныфс бауагъта æмæ сæ ссырдтой.

Мæрдтæ сæ иуырдыгæй дæр нæ фæци. Лидзæг адæмæй цалдæр фæцæф æмæ сын сæ хъæдгæмттæм зылдысты. Æппæтæй тынгдæр хъыгдард æрцыди Батырджери. Йæ уæнгты фыццаджы хуызæн хъару нал уыдис: туркаджы бæхмæ йæ хъамайæ куы срæхуыста, уæд цæф зæнгыл ауад, хъуымацы пъæррæст ма фехъуыста, стæй йæ цæстытæ атартæ сты, йæ рахиз цонг, ын туркаг къæдз æхсаргардæй æрсæрфта æмæ хæцæнгарз йæ къухæй ахауд.

Хасан Батырджеримæ хæстæг уыд, æмæ, турк лидзынмæ куы фесты, уæд æй æрбадын кодта. Лæг æрфæрсыл. Хасан ын йæ цæф, йæ куырæтæй цы гæбаз раскъуыдта, уымæй куы бабаста, уæд йæхиуыл схæцыд, йæ хъама бацагуырдта æмæ лæппуйæн загъта:

— Дæ хорзæхæй, уæрдонмæ мæ фæхæццæ кæн.

Хасан йæ дæлармы бацыд. Цалдæр къахдзæфы куы акодтой, уæд бæстæ ныггыбар-гыбур кодта — туркæгтæ фехстой сармадзантæй æмæ нæмгуыты æхситт уæлдæфы фæцыди.

Лидзæг адæм фæстæмæ фефсæрстой, сæ уæрдæттæм сæхи сарæзтой, куы бахæццæ сты, уæд сæ бæхтæ аифтыгътой æмæ та сæ зæронд фæндагыл фæстæмæ ацыдысты.

Хасан Батырджерийы йæ бинонты размæ хæссæгау куы бакодта, уæд фыццагдæр сæ размæ рауад чызг. Лæппу йын загъта:

— Ницы йын у, рог цæф...

Бацæ йын йæ ныхасыл æууæндыди æмæ нæ фæтарсти. Бауад сæм æмæ йæ фыды къухмæ бавнæлдта.

Лæг фæхъæлдзæгхуыз:

— Кæсыс, мæ хур, ме ’фсымæр мæ дзæгъæлæй нæ ныууагъта...

Бацæ Хасанмæ бакасти. Лæппу йын йæ цæстæнгасы федта, рагæй йæ зæрдæ цæмæ æхсайдта, уый — уарзондзинад æмæ йæ бафæндыд чызджы къух райсын. Цыма йе ’ккойæ къæдзæх аппæрста, уыйау суæнгрог æмæ архайыныл фæци. Бæхтæ аифтыгъта, Батырджеримæ уæрдонмæ схизынмæ фæкаст æмæ иннæ бæлццæттыл бафтыдысты. Йæхæдæг та сæ фарсмæ араст. Иу чысыл куы ауад, уæд федта: Бацæ дæр цыди йæ фарсмæ. Хатгай-иу кæрæдзимæ бакастысты, цыма уыцы бакаст сæ дыууæйæн дæр тых лæвæрдта, уыйау æмæ сæ фæндаг дардтой æбæрæг нысанмæ.

Лидзæг адæмæн уынаффæ ничи бакодта, афтæмæй азылдысты Азырымы ’рдæм — «уæдæ ма уым нæ хъысмæт бавзарæм», загътой æви сæ райгуырæн бæстæ дæр уыцырдыгæй уыди æмæ уый тыххæй. Æвæццæгæн, уый тыххæй, æндæр ма сæ цæй хъысмæт æвзарыны мæт уыд, куы йæ зыдтой, туркимæ кæрæдзийы никуал бамбардзысты, се ’взаг кæрæдзиуыл куыд нæ бадти, раст афтæ.

Цæцæнæй бирæтæ дзырдтой:

— Галиу цард кодтам æмæ ацы бæллæхтæ дæр уымæн æвзарæм.

— Фыдæй-фыртмæ нæ туг уырысы ныхмæ тохы фæкалдтам, фæлæ нæ сæры ницы зонд бацыди æмæ не ’дылыдзинæдтæ ардæм дæр æрхæццæ сты, — загъта Батырджери. — Чи йæ бамбæрста, уыдонæн дæр ницуал гæнæн ис...

Адæмæн сæ цæстæнгас стызмæг. Уæды онг ма цæмæдæр æнхъæлмæ кастысты, алкæмæ дæр сæ уыди мæгуыр бæллицтæ. Ныр сæм ницуал баззад, ныр уыдысты, хъазуат тохы чи бацыд, фæлæ рагацау йе сæфт чи зоны, ахæм адæймагау.

— Не ’намонддзинадмæ куы æркæсын, уæд хатгай смæсты вæййын, — Хасан дзырдта Бацæйæн. — Куы йæ зыдтой, Турчы бæстæ цы у, уый, уæд ма йæм цæмæ тырныдтой?

— Нæ фыд минæвар куы нæ ацыдаид, уæд не ’ппæт дæр иумæ алыгъдаиккам. Ацы фыдбылызтæ ма цæмæн уыдысты?

— Ныр дæр нын лидзгæ æрцæудзæн. — Хасан адæммæ йæ къухæй ацамыдта: — Адонæй ма йæ «уарзон» æмдингæнджыты фарсмæ чи фæцæрдзæн?..

— Уый динæй нæу...

— Нæу динæй, раст зæгъыс, уымæн æмæ ницы дин ис, уыдон иууылдæр сайæн митæ сты...

— Æмæ уæд хуыцау та?

— Уый та цы у?

— Адæм хуыцаумæ куы кувынц!

— Æмæ цы хъауджыдæр у, фæнды хуыцаумæ кув, фæнды уæлæ уыцы обаумæ. Сæ иу дæр дын ницы фæуыдзæн.

— Тобæ, тобæ!..

— Кæм ис уæдæ уыцы хуыцау, пехуымпар, сæ кувæг адæмы куы нæ уынынц, уæд?! Цæмæн сæфынц афтæ? Цæмæн рахау-бахау кæныс ам Турчы? Нæ, Бацæ, мæн ахæм хуыцæуттæй ничиуал асайдзæн. Бынтондæр мæ бауырныдта — ницы ис, адæймаг æмæ уымæн йæ фыдæлты зæхх йеддæмæ.

Бацæ фыццаг хатт фехъуыста ахæм ныхас — хуыцау нæй! Æмæ кæд Хасан раст у, уæд та? Бацæмæ Хасаны ныхас æдзухдæр раст касти. Æмæ цымæ ныр дæр æцæгтæ зæгъы? Йæхи зонынхъом куы фæци, уæдæй нырмæ иууылдæр хуыцаумæ куывтой, хуыцауæй куырдтой. Искæуыл-иу хорз куы æрцыд, уæд-иу хуыцауæй бузныг уыд, хуыцауы æххуысы хай йæ хуыдта.

Уæдæ ныр Хасан цæмæн афтæ дзуры? Уый бамбарын йæ бон нæ уыди Бацæйæн æмæ джис-къус байдыдта...

Мад касти дыууæмæ дæр æмæ хъуыды кодта: «Хуыцау, фыдбылызæй сæ бахиз!».

***

Бæлццæттæ та Азырыммæ хæстæг сæмбæлдысты сæхи хуызæн адæмы стыр къордыл. Уыдон къуырийæ фылдæр фæлæууыдысты уым. Иу ранæй иннæ ранмæ фæрахау-бахау кодтой æмæ ныр уырдæм бахæццæ сты. Уыцы сахары ис бирæ туркаг æфсæдтæ æмæ сæ мидæмæ нæ уадзынц. Куындыхаты Муссæ дæр, дам, уым ис, уый сси бæхджын æфсæдты хицау.

Лидзæг адæмы хистæртæ æрæмбырд сты æмæ тæрхæттæ кæнын райдыдтой — цы ма бачындæуа? Бирæ фæбадтысты, бирæ фæхъуыдытæ, фæтæрхæттæ кодтой, стæй цæцæйнæгтæ уынаффæ рахастой:

— Мах бар дæр никæмæйуал курæм, нæ мæрдтæ цы зæххыл ныгæд сты, уымæй нæ ничиуал фæхицæн кæндзæн, — сразы сты иууылдæр.

Лидзæг адæм фæсæрæндæр сты, ныфс та сæ бацыди. Иу чысыл ма алæууыдысты уым, сæхимæ, сæ фос, сæ уæрдæттæм базылдысты æмæ Хъарсы ’рдæм араст сты.

Азырымы хицæуттæ бамбæрстой мухаджирты фæндтæ æмæ сын сæ размæ арвыстой минæвæрттæ.

Туркæгтæ бæлццæтты æрурæдтой. Иу молло загъта:

— Пысылмæттæ! Сымах æрбалыгъдыстут уе ’мдингæнджытæм æмæ нæм иу боны цæстæй ма кæсут. Æвзæр нæ уыдзæн уæ хъуыддаг, гыццыл ма бабыхсут...

Чидæр ын йæ ныхас айста:

— Бирæ фæбыхстам, фæлæ сымах хъæхъхъагæй-хъæхъхъагдæр кæнут!

— Уæ къæхты бын нæ ассæндынмæ хъавут!

Молло дарддæр дзырдта:

— Байхъусут мах зондмæ дæр. Æрцæрут уæ бынæтты...

— Махæн ам бынат нæй! — дзуапп лæвæрдтой цæцæйнæгтæ.

— Уырысмæ дæр уын нæй бынат. Уым уæ Сыбырмæ фæхæсдзысты æмæ уæ йæ къæхтыл ничиуал слæудзæни. Фесæфдзыстут!

— Уый нæхи Сыбыр у, фæлæ мæнæ сымах Сыбыры хæрз сæфт кæнæм!

— Семæ уæ æхсæнмæ-æхсæнты æрцæрын кæндзысты, æмæ уæ кой, уæ хъæр дæр нал райхъуысдзæн! — нал ауæрстой моллотæ...

— Нæ, уымæй нал асайдзыстут, йе ’мдингæнджытимæ зындон чи бавзæрста, уыдоны, — карзæй загъта Хасан.

Адæмы зæрдæмæ фæцыд уыцы ныхас. Æрмæст сæ моллотæн хъыг уыдысты. Сæ иу та йе ’взаг ауагъта:

— Иу боны цæстæй ма акæсæм ацы хъуыддагмæ, хорз адæм! Ай нæ ирвæзæн бæстæ у, æндæр цæрæнбынат нын нæй...

— Махимæ цæуын кæй нæ фæнды, уый ам баззайæд; тыххæй ничи никæй ласы, — йæ ныхас бабаста Батырджери.

Ницы бафтыд туркаг минæвæртты къухы æмæ сæхи айстой. Бæлццæттæ та сæ фæндаджы кой кодтой.

«Ныр фæззæг у, нæхимæ митафон дæр æрхæццæ. Исты амæлттæй ма хъызты размæ куы бахæццæ уаиккам... Уалдзæгмæ дæр цæттæ хъæуы, кæд нын афонмæ нæ зæххытæ не ’рцахстой, уæд», — сагъæстæ байдыдтой Уази æмæ иннæтæ.

Туркаг хъæу Арпачайы алфамбылæйтты байдзаг сты фæллад, æххормаг æрдæгбæгънæг мухаджиртæ. Рæстæг фæуазал, фæлæ уыдонæн сæр фæцæвæн бынат нæ уыди æмæ тæригъæдæй мардтой... Хæринаг сæм нал уыди, туркæгтæй курын та сæ сæрмæ нæ хастой, æмæ сæ фæндыди, арæны сæрты тагъддæр ахизын. Фæлæ не сразы сты — нæ бон, дам, нæу. Цæцæйнæгтæ цалдæрæй бацыдысты постмæ. Федтой афицеры æмæ йын загътой...

— Адæмы фæнды фæстæмæ сæ фыдæлты зæхмæ аздæхын.

Афицер сын дзуапп радта:

— Сымах ныр Турчы паддзахадыл нымад стут, æмæ уæ мæ бон нæу æрбауадзын.

Цæцæн не сразы сты:

— Мах Туркæй не стæм, кæйдæрты зондæй фæрæдыдыстæм, æмæ нæ ныр нæхимæ ауадзут...

Уæнтæхъил-сæргуыбырæй ацыдысты цæцæйнæгтæ се ’мбæлттæм. Æмæ та сыл адаргъ сты ихæн æмæ стонг бонтæ.

— Цалынмæ уæлдæр хицауад нæ кой бакæной, уæдмæ ам банхъæлмæ кæсдзыстæм, алцæмæндæр бафæраздзыстæм.

Фæлæ мæлынмæ куы æрцыдысты, уæд загътой:

— Уæддæр та уырыс нæхионтæ сты, бамбардзысты нæ, — æмæ та уырысы афицермæ се ’хсæнæй лæгтæ арвыстой — æндæр хицаумæ сæ дзырд нæ бахæццæ уыдаид.

— Нæ сывæллæтты нын æххормагæй фесæфынæй бахизут, — куырдтой уыдон.

Афицер уыдта, Арпачайы алыварс цас лидзæг адæм æрæмбырд ис, уый æмæ йæ зыдта, сæ бафсадын йæ бон кæй нæ бауыдзæн, æмæ сын æргомæй загъта:

— Уый мæнæн тынг зын уыдзæн, сымахæн хъуамæ Турк алцыдæр радтой.

— Мах туркæгты æххуыс нæ хъæуы, фæлтау нæхи зæххыл мæгуыргур цæудзыстæм, — сæрыстырæй дзырдтой минæвæрттæ.

Афицер æмбæрста, уыйас дзыллæтæ ма афтæмæй цалдæр боны куы баззайой, уæд сыдæй æмæ уазалæй гагадзагъд кæй фæуыдзысты, уый, æмæ сын се ’рвыст лæгтæн зæрдæ бавæрдта:

— Хорз, æз уын баххуыс кæныныл бацархайдзынæн æмæ уыл хабар æмбæлдзæни.

Адæмæн сæ зæрдæтæ цæуылдæр фæлæууыдысты.

Уырыссаг афицермæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Йæхæдæг сæм бацыди æмæ сын фехъусын кодта:

— Нæ минæвары Хъарсмæ сымах тыххæй курдиатимæ арвыстон, уæ тыхст уавæр ын радзырдтон, цæмæй баныхас кæна хицæуттимæ æмæ уæм цæстдард æрцæуа. Куыд мын фехъусын кодта, афтæмæй се ’хсæн ныхас рауад, мах, дам, уын бынат бацамыдтам, фæлæ сымах нæ коммæ кæсут... Иу ныхасæй, Турк домынц, цæмæй уæ нысангонд ранмæ аздæхат, уæд уын уыдзæни хæринаг дæр æмæ алцы дæр.

Адæмы дзолгъо-молгъо райхъуысти, алчи архайдта йæ мæстытæ зæгъыныл, фæлæ æмхуызонæй кæй дзырдтой, уый тыххæй сын бамбарæн ницы уыди. Алханты Жанхотт адæммæ аздæхт:

— Кæрæдзийы бамбарæм, æмæ нæ уæд исчи дæр бамбардзæн. — Афицермæ хæстæгдæр бацыди æмæ та дзырдта: — Ацы мæгуыртæ сайдæй сæ фыдæлты зæхх ныууагътой, не ’мдингæнджытæ нын хорзæхтæй зæрдæ бавæрдтой, фæлæ сæфты къахыл ныллæууыдыстæм. Ахæм бинонтæ нæм нал ис, чи нæ фæкъаддæр. Ныр нæ сæрты зонд бацыд. Фæнды нæ фæстæмæ нæхи бæстæм æмæ уырысимæ сабырæй цæрын. Раст нæ зæгъын, хорз адæм?

— Раст зæгъыс! — дзуапп радтой иууылдæр.

Цалынмæ адæм басабыр сты, афицер уæдмæ банхъæлмæ каст, стæй загъта:

— Бамбарут мæ — нæдæр уæ Турчы зæххæй мæ бон ауадзын у, нæдæр Уæрæсейы зæхмæ бауадзын... Стæй уын мæ бон ницæмæй баххуыс у, афтæмæй та бирæ нал бафæраздзыстут. Уазал æмæ стонгæй.

Дзыллæйы хъæлæба ссыд. Жанхотт та йæ къух уæлæмæ систа:

— Адæм не сразы уыдзысты туркæгты ныхæстыл, махæн уыдонимæ иумæйагæй ницы ис. Ауадзут нæ нæхи зæхмæ, нал фæразæм ацы хъизæмæрттæн.

— Дыууæ паддзахады цæуыл бафидауой, уый мах хуызæттæ нал аивдзысты. Ахæм хъуыддæгтæ афтæ æнцонæй аразгæ не сты, — æнцадæй дзурыныл архайдта афицер.

Йæ размæ бацыди иу зæронд цæцæйнаг. Йæ цæсгом — дæргъæццон æмæ фæлурс, цæхæр цæстытæ йын.

— Чи фæрæдийы æмæ йæ чи не ’мбары, æфхæринаг уый у, фæлæ мах нæ рæдыд бамбæрстам. Нæхионтæ та ма нын цæуылнæ барынц? Иугæр адæймаг хатыр куры, уæд ма йын æй йæ цæстмæ цы дарыс? Мах разы стæм уырысы бæстæм ацæуыныл, ам нæ туркимæ ма ныууадзут! Раст нæ зæгъын, хорз адæм?

— Раст зæгъыс, раст! — дзуапп ын лæвæрдтой.

Афицер ма цы дзырдтаид, уый нал зыдта, стæй æрæджиау загъта:

— Уе ’мдингæнджытимæ кæрæдзийы бамбардзыстут, æгæр фæтагъд кодтат раздæхыныл.

— Нæ бамбардзыстæм, нæ! — азæлыд сæ ныхас, стæй та се ’хсæнæй рацыд æндæр лæг:

— Кæд нæм уырыс динæй фау хæссынц, уæд мах нæ дин уадзæм æмæ ныртæккæ дæр сымах дин райсдзыстæм.

— Разы стæм!

Афицер зæрдæ бавæрдта, сæ фæндон та сын уæлдæр хицауадæн кæй фехъусын кæндзæн, уымæй æмæ та адæмы ныфс бацыд.

***

Уыцы бонты Хасан йæхи хуызæн нал уыди. Тынг скъæсхуыр, йæ цæстытæ фыццагау æнцад нал уыдысты, фæлæ, арты пиллон дымгæйæ куыд скатай вæййы, афтæ сыгъдысты, йæ къухты æнгуылдзтæ зыр-зыр байдыдтой, йæ буар æгасæй дæр афтæ сси, цыма йæхимæ исты уæззау сисынмæ хъавы æмæ уый тыххæй ныттынг. Йæ хъару цы уыд, уымæй архайдта хъуыддаг базоныныл: адæм Турчы зæххæй аирвæздзысты æви нæ? Æмæ бамбæрста — ницы дзы рауайдзæн. Уæд Уазийæн загъта:

— Хъазуаты бон æрцыд, ме ’фсымæр, хуыснæгау æхсæвы тары куы нæ аирвæзæм, уæд нæм не сæфт кæсы, æндæр ницуал.

— Фæстиат нал... — Уази йемæ сразы.

Æмæ раздæр æхсæвы тары фæндагагурæг ацыди Хасан. Хурыскæсæнырдыгæй бон нæма фезмæлыд, афтæ фæстæмæ æрбаздæхт æмæ Уазийæн загъта:

— Ам чысыл фалдæр ис цад, уый былты æнцонæй ахизæн ис къæдзæхты æхсæнты къахвæндæгтыл.

— Æмæ уæд цы уыдзыстæм?

— Уæрдæттæ ам ныууадзæм, бæхтæ акæнæм æмæ ныл ам дæр ничи фæгуырысхо уыдзæн.

Уази йæ фæндыл сразы æмæ хабар Батырджерийæн радзырдта. Лæджы бæргæ фæндыд, фæлæ йæ ныфс нæ бахаста: цæф цонг фехæлди, ныррæсыд æмæ куыд уыдзæн ахæм æнæзонгæ тæссаг фæндагыл?

— Кæд уый фæстæ исты амал суаид, — æнкъардæй загъта Батырджери. — Дæу та хуыцау фæндараст фæкæнæд.

Уази цал æмæ цал хатты зæгъынмæ хъавыд йе ’рдхордæн Хасаны тыххæй! Фæлæ бонтæ фыддæрæй-фыддæрмæ цыдысты, æмæ та-иу хъуыддаг ныууагъта. Ныр дæр та йæ куыд загътаид уыцы тыхст адæймагæн! Фæлæ æнæ исты бакæнгæ кæй нæй, уый ын гуырысхойаг нæ уыд: кæд ма сæмбæлдзысты, стæй куыд?



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.