Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æртыккаг хай 13 страница



Бацæ дæр æм хъуыста æмæ хъуыдытæ кодта: «Зыдта йæ куыд зын мын у, уый, фехъуыста йæ, мæ зæрдæ йæм куыд сидти, уый æмæ йæ хъæрмæ фæзынд. Æмбары мæ, тæригъæд мын кæны... Хъусыс, иунæгæй мæ уыйас рæстæг макуыуал ныууадз...»

Хасан ацыд. Йæ зæрдæ бæргæ æхсайдта Бацæмæ, исты йын уæд та куы загътаид, уал æмæ уал боны йæм цы зæгъинæгтæ æрæмбырд ис, уыдонæй. Фæлæ куыд?..

Сæ бынатмæ нæма бахæццæ, афтæ фæндаджы рæбын æрлæууыд. Йæхи бауагъта къæдзæхы къулыл. Къул уыди хъарм — боны тæвд йæ дурын зæрдæйы баззади, æмæ йæ ныр æхсæвы тарæн сусæгæй лæвæрдта. Лæппуйы дæр дзы афтæмæй хай фæци.

Хасанæн йæ цæстытæ бацъынд сты. Йæ уд афтæ суынгæг, æмæ йæ фæндыди сдзурын: «Дзыцца!..» Фæлæ дзыцца дард Турчы бæсты ис, нæ йæ фехъусдзæн. Уæддæр ын уыцы ном йæ уæнгты тых бауадздзæн æмæ æцæгдæр хъæрæй сдзырдта:

— Дзыцца!..

Æмæ банхъæлмæ каст, кæд ын исчи дзуапп радтид, зæгъгæ.

Дзуапп нæ уыд.

Хасан лæууыди уæззау, æнуд талынджы æмæ йæм афтæ касти, цыма никуы ницы ис: нæй Хасан йæхæдæг дæр, цы зæххыл лæууы, уый дæр, цы æхсæв ыл æртыхст, уый дæр. Уыдон иууылдæр æрмæст цæстытыл уайынц.

VI

Бæлццæттæ æртæ къуырийы фесты фæндагыл, цалынмæ Турчы зæхмæ бахызтысты, уæдмæ. Фæсте аззадис Александрополь. Хасан ын йæ кой фехъуыста, фæлæ дзы уæвгæ нæ уыди.

Фыццаг хатт федтой цæцæн се ’мдингæнæг æфсымæртæ туркæгты — уыдон сæм кастысты, сæ мæллæг фосмæ сын-иу къухæй ацамыдтой æмæ-иу ныххудтысты, сæ бызгъуыртæм æмæ бæгъæввад къæхтæм дæр сын-иу ацамыдтой, сæ худынæй не ’нцайгæйæ. Арæх-иу сæ фæдыл сывæллæттæ згъордтой, цъæхахст æмæ æхситтæй-иу бæстæ сæ сæрыл систой, арæх сыл-иу дуртæ кæнæ сыджыты къуыбæрттæ æхстой. Суанг ма куыйтæ дæр сæрра сты, сæ гæндзæхтæ тылдтой фæллад, æфхæрд адæмыл.

Лидзæг адæмæн, зын фæндаджы бæллæхтæй фыхти сæ маст æмæ куыдфæстæмæ æргом кæнын райдыдта:

— Хуыцау нæ ралгъыста, уый йеддæмæ ацы цъаммарты æхсæнмæ цæмæн ралыгъдыстæм?!.

— Цæмæн ныууагътам нæ райгуырæн бæстæ?!.

Иу бон лидзджытыл амбæлд туркаг пост. Æмбæрзт гуыффæджын уæрдоны дыууæ бæхы ифтыгъд, афтæмæй æрбацæйтахти. Бæхтæрæг йæ ехс бæлццæттæм тылдта æмæ дзы цыдæр хъæртæ хъуысти. Цæцæйнæгтæй иу йæ уæрдон фæндагæй иуварсырдæм азылдта, фæлæ йæм уæдмæ æрбахæццæ сты æмæ, чысыл ма бахъæуа, сæмæнты къубæлттæ кæрæдзийы ма ацахсой. Бæхтæрæг йæ уынæрæй не ’нцад, стæй йæ ехсæй лæгыл æрцæуынмæ хъавыд. Цæф ауади зæронд усыл æмæ уайтагъд йе ’рдиаг ссыди.

Ничи ма ницы сдзурын бафæрæзта, афтæ бæлццæттæй цалдæрæй цæргæстау туркагыл сæхи баппæрстой. Уæрдоны гуыффæйæ ма ноджыдæр дыууæ лæджы ракаст. Цæцæйнæгтæ æртæйы дæр раппæрстой зæхмæ æмæ сæ фæлдахгæ над скодтой. Зæронд усы фырт йæ хъама сласта æмæ цæвæгæн йæ хъус æрцъыкк кæнынмæ хъавыд. Туркаг фæтарсти æмæ йæ къæхтæ, йæ къухтæ тилын райдыдта.

Æрбауади лæджы мад.

— Лæппу, ма бакæн афтæ. Фыццаг хатт цы зæххыл æрлæууыдыстæм, ууыл туг ма акал! — лæгъстæмæ фæци уый йæ фыртмæ.

— Дæ хатыр ын фæуæд, æна, — загъта цæцæйнаг æмæ усы къæхты бынмæ бацамыдта туркагæн.

Уый афтæ æмбараг сси, æмæ дзырд баххæст кодта, йæ сæр усы уæлфадыл авæргæйæ. Зæронд æм æргуыбыр кодта æмæ йын йе уæхскыл схæцыд.

Постласджытæ фестадысты, сæ уæрдоны абадтысты, бæхтæ æрхостой, æмæ афардæг сты. Æрмæст ныр фæндагыл нæ, фæлæ йæ иувæрсты. Ууыл та цæцæйнæгтæ цыдысты.

Уази Хасанмæ бакаст æмæ бахудт:

— Бынтон хъæбатыртæй не сты, куыд уынын, афтæмæй.

— О, балбирæгътау архайынц — къордтæй, иунæгæй дын дæ зæвæттæ дæр бастæрдзæн.

Кæд фæндаг цæуынæн зын нал уыди, уæддæр адæм афтæ стыхстысты, æмæ ма сæм æрмæст иунæг бæллиц баззад — цæмæй æрбынатон уой, уый, кæмфæнды дæр уæд. Сæ фос дзой-дзой кодтой, æрмæст ма сæ цæрмттæ æмæ стджытæ баззад фырмæллæгæй — туркæгтæ сын холлаг нæ лæвæрдтой, æнæуи та йæ хæхбæсты кæм ссардтаиккой! Сæрд йæ тынджы бацыд æмæ фæндаджы фæйнæфæрсты дурты æхсæн цы кæрдæджыты хæлттæ уыд, уыдон дæр бынтон бахус сты.

Хъарсмæ сæ бирæ нал хъуыд, афтæ цæцæн иу хъæуы æрæнцадысты. Уым сæм æнхъæлмæ каст иу туркаг, йемæ уыди тæлмац.

— Ам уæ банхъæлмæ кæсын бахъæудзæн, цалынмæ, уæ разæй цы къорд æрцыд, уый бынатыл сæмбæла æмæ хицауадæй дзырд рацæуа, уæдмæ, — бамбарын кодта тæлмац.

Бирæтæн хъæуы мидæг хæдзæрттæ не сфаг æмæ кæмæн йæ къухы кæм бафтыд, уым æрбынатон ис.

Уази æмæ Хасан иу сарагондыл фæхæст сты, хæдзары хицау сын æй тыххæй зынаргъыл радта. Фæлæ хъæуы бирæ цæрын сæ бон нæ баци. Лидзæг адæм рынчынтæ кæнын райдыдтой: хистæртыл тæвдниз фæзынд, сывæллæттыл — фадынæг æмæ иугай-дыгай мардысты. Бæлццæттæ фæтарстысты, цы ма бакодтаиккой, уый нал зыдтой.

Хабар туркæгтæ базыдтой æмæ та сæхи æвзагыл дыгъал-дыгъул систой. Уалынмæ се ’фсæддонтæ фæзындысты. Тæлмацмæ фæдзырдтой, æмæ уый адæмæн загъта:

— Хъæу суæгъд кæнут æмæ хъæдрæбынмæ алидзут, кæннод адæм иууылдæр цагъды фæуыдзысты.

Цæцæн не сразы сты:

— Æмæ исты дзæгъæл куыйтæ стæм, сырдтау куыд цæрæм, немæ рынчынтæ, сывæллæттæ куы ис, уæд?

Фæлæ сын сæ ныхæстæ ничи ницæмæ æрдардта. Туркæгтæ куы федтой, лидзæг адæммæ цæуыны зонд нæй, уый, уæд сæ тыххæй тæрын райдыдтой. Се ’хсæн быцæу стынг ис. Уæд туркæгтæй дыууæ барæджы фæхицæн æмæ тæргæ бæхæй Хъарсмæ асхуыстой. Цалынмæ цæцæн хъæлæбайыл уыдысты, уæдмæ ма туркаг æфсæддонтæ ноджыдæр æрбацыди. Цы гæнæн ма уыд цæцæнæн дæр, æмæ уæд хъæуæй хъæдрæбынмæ сæ бынат аивтой.

Фыдбонтæ æртыхстысты лидзджытыл хъæдрæбын быдыры: æхсæв — уазал, райсомæй — æртæх, бон — æнуд, афтæмæй æнхъæлмæ кастысты. Тыхамæлттæй рынчынтæн бынæттæ бахуызæн кодтой, фæлæ куыдфæстæмæ уыдоныл дæр нал æххæссыдысты. Æмæ цыма æнамонд адæмæн йæ зæрды баххуыс уыд, уыйау сыл мæлæт нал ауæрста: иугай-дыгай сæ хаста. Адæмты зæрдæтæ ныттыппыр сты мæрдтæм кæсынæй. Иу бинонтæ дæр æнæзиан нал баззадысты.

Уази æмæ Хасан тарстысты Рæузæтæн: уый тынг слæмæгъ æмæ бынтон æруæззау. Фæлæ уæддæр бинонтыл æндæр, æнхъæл кæмæн нæ уыдысты, ахæм бæллæх æрцыд.

Фадынæгæй æрсад кæстæр лæппу, æмæ йын йе ’нæтæригъæдджын уд хуыцау йæхимæ фæхаста.

Хасан йæхи куы хъуыды кодта, уæдæй фæстæмæ афтæ никуы фæкуыдта. Мæгуыр сабийы куы баныгæдтой, уæддæр ма йæ ингæны раз бадгæ баззад æмæ йæ цæссыгтæ калдысты, йæ зæрдæ рысти канд æдзард удыл нæ, фæлæ æндæр бирæ уый хуызæн сывæллæттыл. «Уæ ныййарджытæ уæ амондагур ракодтой, сымах тыххæй схæтæнхуаг сты сæхæдæг дæр, сымахæй та ма ацы æцæгæлон зæххыл, æрмæст чысыл обаугæндтæ баззайдзæн... ардыгæй уалдзæгмæ, стæй уыдон дæр фесæфдзысты, никуыцæйуал разындзысты», — сау хъуыдыты бын фæци Хасан, ингæны сау обаугондмæ нымдзаст уæвгæйæ.

Бирæ фæхъуыдытæ кодта Хасан. Йæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ мад æмæ йæ хо дæр. Афонмæ йæм æнхъæлмæ кæсынц. Фæлæ зæхх æмæ арвы æхсæн дзæгъæлæй куыд ныууадза Уазийы, ноджы сæ бæллæхы фæстæ. Стæй Бацæ та?..

Дыууæ боны фæстæ тæвднизæй амарди Зæна. Цал æмæ цал зианы федта Хасан, уæддæр та йæм ай дæр судзаг æмæ æрдиаггагдæр фæкасти. Нæдæр бакæсæн, нæдæр байхъусæн уыди Буцкæ æмæ Бацæмæ. Батырджери та бынтон фæгуыбыр — базæронд.

Хасан йæ цæст ахаста мæрддзыгойыл. Уæвгæ адæм иууылдæр мæрддзыгой сысты, хæдзарæй хæдзармæ зылдысты æмæ се ’мбæлтты хъыгæй, цас сæ амал уыд, уыйас уæз сæхимæ истой. Касти сæм Хасан æмæ зæрдæ рызти: «Гъе-уæууæй, Кавказы хъал фырттæ, цæмæ æрхаудыстут, цæ. Уæ кад, уæ цард домбай кæм уыд, уыцы райгуырæн бæстæй ралыгъдыстут амонд агурæг æмæ мæнæ кæйдæр дзæгъæл быдыры уæ хуыздæр хъæбулты кæйдæр зæххы ныгæнут. Куыд нæ ахъуыды кодтат дзæбæхдæр уæ ралидзыны размæ æмæ мæнæ цы рæдыды бынаты бахаудтат.

Æмæ æцæгдæр адæм бамбæрстой сæ рæдыд — мардмæ æрæмбырд уой, æви æндæр исты хъуыддаджы фæдыл, уæд сæ фыццагдæр ныхас уыди:

— Цæй æнамонд фестæм, цæй сайд ныл æрцыд!

Лидзджытæн сæ фылдæр æргомæй дзырдтой:

— Уыцы куыдзы тугæй æхсад Куындыхы-фырт æмæ Садуллæ нæ фæсайдтой — цъаммартæ, æвæццæгæн, сæхи пайдайæн куыстой...

***

Адæмы æхсæн бирæ рынчынтæ нал уыди, сæ тарст куы фæкъаддæр, уæд сæ хъысмæтыл тынгдæр æрсагъæс кодтой. «Кæдмæ афтæ цæрдзыстæм? — дзырдтой уыдон. — Иугæр ардæм ралыгъдыстæм, уæд нын исты бынат раттæнт. Кæннод фæстæмæ лидзæм, фæлтау уырысимæ цæрдзыстæм, адонау фыд-зæрдæ уæддæр не сты».

Уырысы кой кæнгæйæ уыдоны «джауыртæ» ничиуал хуыдта, фыццагау, «семæ нын фæцæрæн нæй», зæгъгæ, ничиуал дзырдта.

Адæмы ныхæстæ хицæуттæм бахæццæ сты. Стæй сæрмагонд минæвар — хъæуы моллойы арвыстой Хъарсмæ хъуыддæгтæ базонынмæ. Уый йемæ ахуыдта Хасаны, æвзаг зоны, стæй амы бæстæ федта, зæгъгæ.

Райсом ацæудзысты, зæгъгæ, афтæ лæппу сæмбæлди Бацæйыл. Хъæуæй æрбацæйздæхгæйæ, уый чызджы федта доны был: бадти дзуццæджы æмæ чысыл дуртимæ архайдта. Йæ армы-иу сæ систа, æргуыбыр сæм-иу кодта, цыма семæ дзуры, уыйау, стæй сæ-иу бацагъта æмæ сæ хæрдмæ сæппæрста. Дуртæ зæхмæ хаудысты, æмæ сæм уæд æдзынæг касти. Хасан федта, цæцæйнаг устытæ афтæ куыд фарстой, уый, фæлæ æрыгон чызджытæ дæр фæрсынц, уый нæ зыдта.

Цæмæй йæ чызг афоныл бафиппайа æмæ ма фефсæрмы уа, уый тыххæй Хасан схуыфыд æмæ йæ рæзты цæуæгхуыз фæци, цыма нырма ныр фæзынд æмæ ницы бамбæрста, уыйау. Бацæ хæрдмæ фæхауд, фестад æмæ йæ къухтæ йæ фæстæ амбæхста, цыма цы архайдтой, уый сыл бæрæг уыд.

Хасанмæ куы бакасти, уæд йæ цæстыхаутæ гæлæбуйы базыртау базмæлыдысты, сау цæстыты ферттывтой циндзинад дæр æмæ тарстдзинад дæр.

«Цæмæй фæтарстæн цымæ, æви стæппуд дæн», — йæхиуыл худти Бацæ æмæ йæ Хасанæй дæр нæ бамбæхста:

— Куыд дæ фæтарстæн...

Лæппу федта: Бацæ æцæг фæтарст. Фæндыдис æй уымæн зæрдæвæрæн ныхас зæгъын:

— Дæ хуызæн чызг хъуамæ хъæбатыр уа. Цæмæй фæтарстæ?

— Тæрсгæ ницæмæй. Афтæ ме уæнгтæ стъæлфын ахуыр сысты.

Хасан æрымысыди Бацæйы кæддæры ныхæстæ: «туркаджы сау зæрдæйы хъама ныццæв», зæгъгæ.

— Ахæм цард нын æрцыди, æмæ дзы адæймагыл йæ хуыцауы хай рахæты, æмæ цыфæнды цыргъ куы уа, уæддæр бирæ зæрдæты нæ ахиздзæн.

Æвæццæгæн, Бацæйæ дæр йæ ныхæстæ нæ ферох сты, æмæ, фæкъæмдзæстыг, афтæмæй Хасанмæ бакаст. Цы дзырдта, уый рæстдзинад æмбæрста, уæддæр нæ састи, кæд сылгоймаг уыд æмæ йе уæнгты цыдæр тасдзинад бацыди, уæддæр.

— Æвзæрæй бирæ фæцæрыны бæсты, æппындæр дунейыл куы нæ уай, уæд хуыздæр, — загъта Бацæ, стæй ахъуыды кодта, æнцад алæууыд æмæ йæ ныхасыл ногæй бафтыдта: — Адæймаг уымæн райгуыры, æмæ хъуамæ адæймаджы хуызæнæй амæла. Йæ цард ын йæхи йеддæмæ ничи уыны, йæ мæлæт та адæмы раз вæййы, æмæ уæд рабæрæг вæййы куыд цард, уый дæр...

Бæрæг уыд, цыдæр зæгъын ма йæ кæй фæнды, уый, фæлæ фæкъуыхцы. Хасан æй уæддæр бамбæрста æмæ йæхинымæр дисы бацыди: «Æнахуыр диссаджы адæймаг! Цы рацарди нырма, æмæ афтæмæй йæ зонд цас бирæ кæрды. Уый та дын сылгоймаг — йæ сæрыхъуын — даргъ, йæ зонд — цыбыр! Бирæ лæгты фæсте фæуадздзæн».

— Фæлæ ам, æвæццæгæн, адæймаджы куыд бафæнда, афтæ амæлæн дæр нæй, — дзырдта Бацæ. — Чи фæсайдта адæмы? Цæмæн сæхи фесæфтой?

— Сæхæдæг сæхи фесæфтой, кæй аххос ма сын у? — йæ къух ауыгъта Хасан. — Се ’мдингæнджытæм бабæллыдысты.

Хасан фæхъуыды кодта, фæстаг заманты дины ныхмæ æгæр карзæй кæй дзуры, фæлæ йæ дис ууыл нæ уыди, дисыл æй æндæр хъуыддаг бафтыдта: йæ алфамбылай дингæнджытæй йын куы никуы ничи йæ цæстмæ бадардта йæ ныхæстæ, уайдзæфхуызæй дæр æм дзы никуы ничи ракасти. Фæлæ уæддæр сæ ламаз дæр нæ уагътой.

Йæ хъуыдытæ йын Бацæ схылы-мылы кодта:

— Адæм афтæ иухуызон æдылы уой, уый мæ нæ уырны, кæйдæр зонд сыл фæуæлахиз.

Хасан йæ мидбылты бахудти.

— Дæу, Бацæ, адæмæн уынаффæгæнæг сæвæрын хъæуы. Раст куы разынай, уымæй тас у.

— Тас та цæмæн?

— Дæхицæн зын уыдзæн, æмæ уымæн.

— Куыд?

— Бирæ чи æмбары, уымæн зын вæййы.

Бацæйæн йе ’рфгуытæ хæрдмæ ссыдысты. Стæй цæсгомыл мидбылхудт фæзынди.

— Нæ фæлæ лæгтæ афтæ хъуыды кæнынц, æмæ сылгоймæгтæ ницы æмбарынц, дзыхтæ сыл кæй ис, уый сæм рæдыд кæсы.

— Цæмæн зæгъыс!..

Фæлæ Хасанæн ницы зæгъын бантыст — чызг ын йæ ныхас айста:

— Цауддæр уæ чи у, уый дæр сылгоймæгтæн хуыцауæн бæззы; зондæй уæ æххæст чи у, уый та нын тæригъæд кæны æмæ немæ адзурын хатгай йæ сæрмæ æрхæссы. Уый, дам, сылгоймагæн кад у.

Хасан йæ сæр батылдта:

— Мæ хуызæн æгуыдзæгæн ныхасæй æнцон басæттæн у...

— Ды... ды дæр иннæтæй хуыздæр нæ дæ... Ды дæр ме... мемæ сывæллонимæ ныхасгæнæгау кæныс, — Бацæ та йæ сæр æруагъта. — Искуы мын исты загътай?.. зæрдиагæй?..

Хасанæн сæ ныхас зын уыди. Ацы чызг æм ныронг æрмæст дзæбæх адæймаг каст æмæ йæ йæхимæ хæстæг дардта. Ныр æм дзæбæхдæр куы ’ркаст æмæ йæ куы базыдта, афтæ йæм æнæхъæн ног дуне разынд. Ноджы бамбæрста — ахæм адæймагæн æрмæст уарзæн нæй, ахæм адæймагæн кувын хъæуы.

— Нæ зонын, Бацæ, цы номæй дæм бадзурон? Мидæгæй мæ цы ис, уый куы зонис, уæд мæ не ’фхæрис...

— Зæгъ æй, кæд дæ бамбарин, — Бацæ уæндонæй бакаст лæппумæ, йæ цæстæнгас æрфæлмæн, кæд ма дзы зынг уыди, уæддæр.

— Дæу мæ разы куы уынин, уæд искæд мæ бон зæгъын бауид — æз дæр фæцардтæн æмæ мæ бон æнæкъæмдзæстыгæй амæлын у...

Изæры мад чызджы фарста:

— Хасанимæ кæм уыдтæ?

— Хъæуæй æрбацæйцыд æмæ мыл донбыл сæмбæлд. Куы никуы мæ бафарстай...

— Чидæртæ уæ федтой, æмæ сын сæ дзыхтæ нæ зоныс?

Буцкæ æндæр ницуал загъта.

Фæлæ уый дæр Бацæйæн æгъгъæд уыди.

«Иууылдæр афтæ æнхъæл сты, æмæ ма сывæллон дæн. Цы мæ хъуамæ зæгъдзысты? Стæй уадз æмæ зæгъой! йæ сæр бахъахъхъæнын чи нæ зоны, уый ма мæ сæрæн цы фæуыдзæн?..»

***

Молло æмæ Хасан Хъарсмæ ацыдысты райсомæй раджы. Хур скасти æмæ бæстæ æрæндæвта. Барджытæ иудзæвгар ауадысты, афтæ сæм дардæй мæзджыты цъуппытæ разындысты, стæй та разындысты дурæй амад хæдзæрттæ æмæ фидары къултæ. Хасан æй нал базыдта — цалдæр азы размæ дзы зымæгон уыд тыхстæй, æмæ дзы йæ зæрдыл ницы бадардта.

Молло æмæ Хасан фæрсгæ-фæрсгæ ссардтой Хъарсы мутассарифы. Цалынмæ молло мæзджытмæ цыд æмæ ламазыл уыди, уæдмæ Хасан Хъарсы уынгты зылди, кæд зонгæ иронæй искæуыл сæмбæлин, зæгъгæ. Æмæ æцæгдæр сæмбæлди. Уый разынди Тугъанты Ислам. Хасан æй нал базыдтаид — ныззæронд, йæ уæлæ — æнахуыр дзаумæттæ, уыдонмæ гæсгæ йын ницы равзарæн уыд. Ислам æм йæхæдæг сдзырдта:

— Хасан, Хасан, мæ хуры чысыл, кæцæй ма фæдæ?!.

Хасан æм фæкаст æмæ дисыл фæци.

— Нал мæ базыдтай, нал... Æмæ ма кæй базондзынæ?.. Æз Тугъанты Ислам дæн.

— Ислам! — фæхъæр ласта лæппу æмæ лæджы йæ хъæбысы æрбакодта, ныттыхсти йыл. Хасан æй бирæ уарзта, Æлбегатæ йæм куы æрфысым кодтой, уæдæй фæстæмæ.

— Цы фыдбылыз ма дæ æрбахаста, нæхимæ, дам, куы ацыдтæ, куы загътой? — бафарста йæ Ислам.

— Æцæг мæ рахæсс-бахæсс кæны фыдбылыз. Нæ бинонтæ дæр ам сты нырма.

Ислам иннæрдæм азылд æмæ йæ къух ауыгъта:

— Бинонтæ... алчидæр сæ йæхи амонд æвзардзæн.

Хасан ын йæ ныхасыл фæгуырысхо:

— Ислам, исты сыл æрцыд?..

— Ницы... Сæрæгас сты.

Дзурæджы хъæлæсы уаг афтæ уыд, æмæ йыл Хасан нæ баууæндыд.

— Дæ хорзæхæй, кæд исты зоныс, уæд мын æй зæгъ... Уæддæр цы нал бавзæрстон, ахæмæй мын ницуал ис.

Æмæ йын Ислам рахабар кодта: Дзæрæхмæт-хадзы фарон Дзерассæйы туркаг сæудæджергæнæгмæ моймæ радта, иу мæйы фæстæ та йæхи чындзы ракуырдта.

Хасан уыдæттæ куы фехъуыста, уæд дзы хуызы цъыртт нал баззад, йæ былтæ ныцъцъæх сты, йæ риуы уæззау масты къуыбар фæзынд, æмæ дзы йæ зæрдæ уазал кодта.

— Уый хæд размæ Мæцыхъо æд бинонтæ фæзынд æмæ сымах хæдзары æрæнцад. Ныр дæр фæрсæй-фæрстæм цæрынц, — фæци йæ ныхас Ислам.

— Ау?.. Куыд рауадаид?..

— Цы гæнæн ма сын уыд! Дзæрæхмæт-хадзы дзырддзæугæ лæг у, нæхи Таубийау туркимæ кæрæдзийы дзæбæх бамбæрстой. Адæм дæр ма уыдонæй куы тæрсынц, уæд хи бинонтæ...

Хасанæн йæ зæрдыл æрбалæууыдысты Æлбегатæ, цыма йæхионтæй йæ бон базыдта, уыйау:

— Иу хатт дæм фысым чи æркодта, уыдонæн ницы базыдтай?

— Нæ рауадысты уыдонæн дæр сæ хабæрттæ хорз. Чызг, æнхъæлдæн, дæ разы ахицæн. Хистæр лæппу æфсады уыд, кæстæр та давыныл фæцалх. Æмæ сын иу æхсæв фæмард. Чырæласджыты размæ бабадт æмæ сæ фæтæрсын кодта. Туркæгтæ раздæр фæйнæрдæм фæлыгъдысты, стæй, иунæг у, уый базыдтой æмæ йæ топпæй æхсын райдыдтой, фæлæ йæм нæ уæндыдысты. Иу чысыл рæстæг ма рацыд, æмæ хистæр лæппу бинонты кæдæмдæр акодта — Сиримæ, дам, алыгъдысты.

«Бацæйы загъдау, мæ цард дæр ницуал æмæ мæ мард дæр, — хъуыды кодта Хасан. — Мæ дунейæ куы хицæн кæнон, уæд хорздзинадæй цы æрымысдзынæн? Æнцадæй амæлын мæ бон бауыдзæн? Мæ фыд мæ цæстыты раз аивгъуыдта, мæ бон ын ницы баци. Асиат йæ уд мæныл бафæдзæхста, æмæ уый бахъахъхъæнын мæ бон куы нæ баци. Хуыцауы раз дзуапп мæ мад æмæ мæ хойы тыххæй дæттын, æмæ уыдон дæр фесæфтысты — сæ бонтæ туркæгты æхсæн зындоны арты фервитдзысты... Цы ма у уæд мæ цард? Æви мæ мæлыны бар дæр нал ис...»

Ахæм катæйттимæ Хасан æрбаздæхти йе ’мбæлттæм.

Молло адæмæн фехъусын кодта: Турчы хицауад цæцæнæн бар радта Ваны бæстæйы æрцæрынæн, Мусы зылды цы хъæутæ ис, уым кæнæ искуы се ’хсæн.

«Хуыцауæй разы, — загътой иууылдæр, — æгайтма нын уæддæр æрлæууæн бынат разынд». Баныхас кодтой — иу бон ма алчи йæ бæхтæм, йæ галтæм æмæ йæ уæрдæттæм базилæд æмæ иннæбон кæркуасæнты хъуамæ араст уой сæ цæрæн бынатмæ.

Адæм кæрæдзийæ куы фæхицæнтæ сты, уæд алчи йæ бинонтимæ тæрхон байдыдта, цы архайдзысты, ууыл. Æрмæст Хасаны ницы сагъæс уыд, æнцад бадти.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.