Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æртыккаг хай 5 страница



— Хуыцаубоны... — йæ дзыхæй схауд Муссæйæн.

— О, хуыцаубоны. Табуафси. — Али-паша Муссæйы къух райста æмæ уайтагъд иннæтимæ ныхасыл фæци.

«Æвзæр адæймаджы каст нæ кæны. Уæздан лæг у Али-паша. Уæвгæ цы бынат ахсы, уый дзы ахæм аразы, — уырныдта Муссæйы...

***

Хуыцаубоны Али-пашайы баййæфта иунæгæй. Фæлтæрдджын æмæ зондджын Муссæ бамбæрста, министр æм æнхъæлмæ кæй касти, уый. Кæрæдзийæн саламтæ куы радтой æмæ уæздан фæрстытæ куы фесты, уæд Муссæ загъта:

— Йæ бæрзонддзинад хорз зоны, Кавказы хæххон адæмтæ уырысы æфсæдты ныхмæ æртиссæдз азæй фылдæр кæй фæхæцыдысты, уый. Бирæ туг ныккалдис дыууæрдыгæй дæр æмæ ныр хæххонтæ састы бынаты баззадысты, фæуæлахиз уæвæджы домæнтæ райстой. Хæсты фæстæ, куыд вæййы, афтæ.

Муссæ банхъæлмæ каст, Али-паша исты зæгъид æви нæ, зæгъгæ. Фæлæ уый нæ фезмæлыди. Æмæ уæд йæ ныхас дарддæр уыди:

— Цалынмæ хæст цыд, уæдмæ азæй-азмæ хæххонтæ пысылмон диныл иузæрдиондæр кодтой æмæ куыдфæстæмæ сæ тохы сæйраг нысан дæр дины сæрыл тох сси. Ныр сæ бон хæцын куы нал у, дин та сын иунæг зæрдæнцой кæй у, уымæ гæсгæ сæ нæ фæнды уырысимæ иумæ цæрын. Се ’ппæт дæр бæллынц се ’мдингæнæг адæмимæ цытджын солтаны базыры бын æрцæрынмæ...

— Нæ цытджын солтан рæстмæдингæнæг адæмы ирвæзынгæнæг у. Æрмæст уый бон у пысылмон дин бахъахъхъæнын, пысылмæтты фервæзын кæнын, — зæрдиагхуызæй загъта Али-паша.

Муссæ разыдзинад равдыста æмæ йæ ныхас фæци:

— Ныртæккæ дæр бирæтæ цæттæ сты уæ бæстыл æрлæууынмæ, сæхицæн дæр æмæ сæ цотæн дæр Турчы пысылмæтты зæхх райгуырæн Кавказы зæххæй адджындæр сси.

Али-паша комкоммæ ныхасæй йæхи афæлывта.

— Мæ бон цы бауа, уымæй æз не ’мдингæнæг адæмæн баххуыс кæнынæй мæхиуыл ницæмæй бацауæрддзынæн. Уырны мæ, тагъд рæстæг дын йæ рухс цæсгомы номæй дзуапп кæй ратдзынæн, уый...

Уыцы ныхасы фæстæ ма Муссæ дзуапмæ мæйæ фылдæр фенхъæлмæ каст. Райста йæ, Али-пашайы къæнцылары æппæты фыццаг цы лæгыл сæмбæлд, уымæй: Турчы солтан разы у — Кавказы пысылмæттæ йæ зæххыл æрцæрæнт.

Минæвар уыди хъæлдзæг. Уайтагъддæр писмо ныффыста Лорис-Меликовмæ æмæ цалдæр боны фæстæ науы ацыд Одессæмæ. Уым æм æнхъæлмæ кастысты йæ бинонтæ, уырдæм æрбалидзынмæ цæттæ уæвгæйæ. Туркæй дзуапп куы райста, уæдæй фæстæмæ Муссæйы сæры баззад æрмæстдæр иу хъуыды: Стамбулы йæ цард куыд сараздзæн?

V

Алыстанджымæ Хасаны бонырдæгæй фылдæр бахæццæ уæвынмæ нал хъуыд, афтæ йыл амбæлд хъазахъхъаг пост фондзæй. Æнхъæл уыди, æмæ йæ ницы бахъыгдардзысты, гъе уымæн йæхицæн æнцад-æнцойæ цыди, иу æмæ дыууæ хатты нæ сæмбæлди хъазахъхъæгтыл. Фæлæ сæм куы бахæццæ, уæд уыдон йæ фæйнæфæрсты фесты æмæ йын дзы иу йæ бæхты рохтæ рацахста.

— Чи дæ ды? — фæхъæр кодта сæ иу.

— Æз?.. — фæдис кодта Хасан. — Æз — бæлццон, цæуын уазæгуаты.

Хъазахъхъаг йе ’мбæлттæм аздæхт.

— Нæ йæм хъусут — уазæгуаты цæуы! Дæ каистæм лауызтæ хæрынмæ цæуыс?

— Мæнæн каистæ нæй. — Хасан бамбæрста, хорз адæмы ахасты кæй нæ фæци, уый. — Куы никæй хъыгдарын, мæ фæндагыл мæ цæуылнæ уадзут?

Хъазахъхъæгтæ ныххудтысты. Йе ’мбуар чи бацыд, уый йын йæ топмæ бавнæлдта:

— Ай та дын цы у, кæд никæй хъыгдарыс, уæд? Æви дзы цъиутæ тæрсын кæныс?!

Хасан ницыма сдзурын бафæрæзта, афтæ йын топп йе ’ккойæ арæмыгътой, стæй йын хъазахъхъæгтæй иу йæ бæхыл ехсæй ралæууыд æмæ йæ уый дæр фæндагыл ахаста. Дзæвгар сæ куы адард, бæх ын æрмæст уæд бакуымдта бауромын — нал æмæ йæм нал арæхсти, йæ къухтæ сæ зыр-зырæй нал æнцадысты. Бæх куы ’рлæууыд, уæд ма фæстæмæ бæргæ фæкаст, фæлæ никæйуал федта. Æвиппайды йе уæнгтæ æрызгъæлдысты, йæ сур хид акалди.

Иу заман Хасан йе ’муд æрцыд æмæ федта: йæ бæх кæрдæгыл æнцад йæхицæн хизы. Хасан ын йæ барц æрсæрфта. «Цæмæй зоныс ды, хайуан, адæймаг кæй ницы у, уый? Къæцæл доны куы баппарай æмæ йæ уый куыд хæсса, афтæ йæ змæст царды уылæнтæ ратон-батон кæнынц æмæ йæм фæкæсæг нæй. Æмæ уæдæ хъуамæ цы сараза? — дзырдта Хасан. Бæх йæ хизыны хъуыддаг кодта æмæ йын цыма дзуапп кæй нæ дæтты, уый йын фæхъыг, уыйау та ныхъхъæр ласта: — Йæ бон куынæуал уа, уæд та?!»

Хасан бæх хъазахъхъы ’рдæм фездæхта æмæ йæ фесхуыста, фæлæ йæ æваст фæурæдта. «Кæдæм? Æмæ сын æнæхæцæнгарзæй фондз лæгæй цы мæ бон бауыдзæн?» — йæхинымæр загъта Хасан æмæ фæстæмæ Алистанджымæ араст и.

Хур арвыл ныгуылæнырдæм фæкъул. Йæ тынтæ тугæй сахорæгау схъулон кодтой бæстæ æмæ дзы Хасаны цæстытæ рыстысты, кæсын сæ нæ фæрæзта. Æрмæстдæр сæ йæ къухты уырзтæй банкъардта, уымæл кæй сты, уый...

***

Хасан Алыстанджымæ бахæццæ изæрмилты. Куыддæр уынджы фæзылд, афтæ федта йæ зонгæ хæдзар — хохаг тъæпæнсæр къæсс, йæ размæ — къæдзæхдурæй сис, кауын дуар кæртмæ азæбул, афтæмæй. Уым царди Азджиаты Уази, Хасанæн йæ фыд Хъазмæхæмæты кæнгæ æфсымæр.

Цалдæр хатты уыди Хасан цæцæйнæгтæм æмæ-иу æдзухдæр йæ зæрдæ фырцинæй скафыд дуармæ æрлæугæйæ. Хорз адæймаг уыд Уази, бирæ йæ уарзта. Хорз адæймаг уыд йæ бинойнаг Рæузæт дæр, бæрзондгомау, нарæгастæу æмæ гуырвидауц, йæ дæргъæццон урсцъар цæсгомыл дзæбæх фидыдтой йæ зына-нæзына гуыбыргомау фындз æмæ чысыл дзых пухгомау сырх былтимæ, ноджы рæсугъддæр та фидыдтой йæ æрвхуыз æнцад цæстытæ. Æнувыд сын уыд Хасан сæ цыппар фыртыл дæр, æдзух сын-иу йемæ исты лæвæрттæ æрбаласта. Ныр сæм фыццаг хатт цыдис афтидæй.

Ацы хатт куыдфæндыхуызæй рахызти Хасан йæ бæхæй Уазиты раз æмæ сæргуыбырæй бараст и кæртыдуармæ. Куыдз срæйдта, æнахуыр адæймаджы фенгæйæ. Уынæрмæ рауади Уазийы хистæр фырт, фынддæсаздзыд лæппу Сабтука. Цыппар азы нæ федта Хасан лæппуйы, ныр слæг ис, æрмæст Уазийы цæрмыстыгъд кæй бакодта, уымæй ма йæ базыдта.

Сабтука уазæджы нæ базыдта. Хасанæн цыдæр йæ зæрдæ фæрæхуыста.

— Де ’зæр хорз, мæ лымæн лæггаг!

— Æгас цу, уазæг! — уæздан салам радта Сабтука.

— Уази уæхимæ ис?

Лæппу Хасаны раз æрлæууыд.

— Йæ хæдзар ам ис.

— Æз Хасан дæн.

Лæппуйы цæсгомыл цинæнгас фæзынд.

— Æгас цу, Хасан. Нæ фыд дæ кой арæх фæкæны. Мидæмæ, — æмæ Сабтука кау иуварс акодта.

Хасан куыддæр кæртмæ бахызт, афтæ йын Сабтука йæ бæх айста æмæ йæ аласта. Уæдмæ хæдзарæй рауади сылгоймаг. Хасан æй базыдта — уый уыди Рæузæт.

— Де ’зæр хорз! Ахæм уазæгмæ не ’нхъæлмæ кастаиккат.

— Хасан!..

Сылгоймаджы хъæлæсы уагæй зын раиртасæн уыди, тæрсгæ фæкодта æви дис. Хасаны зæрдæ та цыдæр фæрæхуыста.

— Кæцæй фæзындтæ, Хасан? — мидбылты бахудти Рæузæт. — Мах дын дард æнхъæл куы уыдыстæм. Уæ, дæ цæрæнбон бирæ уа, нæ дæ ферох стæм.

Уæд Хасан дæр бахудт: хуыцауæй разы, адонæн йæ фенд æхсызгон у.

Уалынмæ кæцæйдæр фæзынд Уази дæр. Уый Хасаны хабар нæма зыдта, фыццагдæр сæмбæлд Рæузæтыл.

— Æнахуыр уазæг нæм.

— Чи у? — дисгæнгæйæ афарста Уази.

— Хæрзæггурæггаг мын цы ратдзынæ?!

— Цы дарийæ мæ нал уагътай, уый. Æцæг мын уазæджы фенд æхсызгон куы уа, уæд.

Рæузæты цæсгомы уыди цинхуыз.

— Фырдисæй дыл-иу мацы æрцæуæд.

«Афтæ æхсызгон мын кæй фенд уыдзæн?» — ахъуыды кодта лæг, фæлæ ахæмæй йæ зæрдыл ничи æрлæууыд æмæ хæдзармæ куы бахызти, уæд, уазæгмæ фæкæсгæйæ цасдæр хæлиудзыхæй аззад, стæй Хасан куы сыстад æмæ йæм куы ракъахдзæф кодта, уæд ыл йæхи баппæрста æмæ йæ йæ хъæбысæй нал уагъта.

— Уæдæ дын æз Турчы паша суæвын æнхъæл куы уыдтæн! Мæхицæн дæ зæрдæтæ куы æвæрдтон — уырдæм, зæгъын, куы ацæуон, уæд мын дзы хион адæймаг уыдзæн, — дзырдта Уази...

***

«Ме ’фсымæр», зæгъгæ, Уази Хасаны йæ номæй дæр нал хуыдта, йæ зæрдæ спарахат. Уази акодта кусарт. Бирæ фæбадтысты иумæ, раздæры цæрджыты фæмысыдысты.

— Хистæртæ дæр дзæгъæлы нæ фæмысынц ивгъуыд бонтæ, — бахудт Уази. Стæй æрсагъæсхуыз. — Æви цард æцæг афтæ у æмæ æдзухдæр йæ бонты фыддæрмæ цæуы æмæ йын бауромæн нæй?!.

Уымæн йæ дыккаг бон Уази Хасанæн загъта:

— Раст бакодтай, де ’фсымæры хæдзар кæй бацагуырдтай, уымæй. Æз мæ ардхорд нæ ферох кодтон, кæмдæриддæр уат, æз дæр уæ фарсмæ уыдзынæн. Ныр иумæ афæндараст уыдзыстæм, замманайы æмбал нын хуыцау æрхаста æмæ æрхаста. Бирæ дæ нæ банхъæлмæ кæсын кæндзыстæм, ныронг дæр дзæгъæлы ныффæстиæттæ стæм.

Хасан уыцы ныхæстæй куыддæр фæуыргъуыйау. Стæй уæддæр сфæрæзта дзурын:

— Кæд мæм æфсымæры зæрдæ дарыс, уæд дæ ардхæрдыл дæ къух сис, хуыцау дæр дын æй мах хуызæн бахатыр кæндзæн. Кæй тыххæй йæ баххæст кæнай, уыдон ма мæрдты ноджыдæр иу мард кæндзысты, зындоны сæ тæригъæдтæ фыст никуы фæуыдзысты.

— Тобæ, цæмæн афтæ загътай, Хасан? Ау, ды мах кæнынмæ не ’рбацыдтæ? Туркмæ...

Хасан тыхсын райдыдта:

— Æз ме ’фсымæртæм æрбацыдтæн... Мæ сæр ма цы фæкæнон?.. Æрмæст Туркмæ хонынмæ нæ, хуыцау уæ бахизæд уымæй... Уыцы хъаймæт уыл ма ’рцæуæд.

Æмæ Хасан сæрæй бынмæ радзырдта сæ балцы хабæрттæ, сæ туркаг цæрдтытæ.

— Уыйас фыдбылызтæ адæймаджы зæрдæ знагæн куы бафæндид, уæддæр сæ æрхъуыды нæ бафæраздзæн. Уымы уæлæуыл цард аргъауы зындонæй фыддæр у, адæймаг æй нæ зоны, цæй тыххæй æвзары уыйас хъиамæттæ, уый.

Уази йæ уазæгмæ лæмбынæг хъуыста. Куы-иу йе ’рфгуытæ фæтар сты, куы та-иу фырдисæй йæ цæсгом дæргъæццон аивæзти. Риуы дæр-иу зæрдæйы куы цыдæр сæлхъывта, куы та-иу йæ бæттæнтæ рацæйтыдта. Хасан уыцы удуæлдайæ йæ ныхас куы фæци, уæд Уази сæргуыбырæй бирæ фæбадти. Стæй арф ныуулæфыд æмæ Хасанæн загъта:

— Махмæ дæр уæ хабæрттæ хæццæ кодтой æмæ йæ хъус лидзынмæ уыйас ничиуал дардта. Фæлæ та ныр хъуыддаг сног ис, ног ныхæстæ нæм хæссынц — нæ фервæзæн бæстæ, дам, æрмæст Турк у.

— Нæ зонын, уый куыд ирвæзынгæнæн бæстæ у, адæймаг дзы куы ницæуыл нымад цæуы, уæд. Чидæр барæй ардауы, адæмæн фыдбылыз аразы, — фæстагмæ смæсты Хасан.

Уази уый размæ гуызавæтæ кодта, фæлæ ныр лæппуйы цæстытæ куы федта, куыд дзырдта, уымæ куы байхъуыста, уæд уый ныхæстыл дæр баууæндыди.

— Ныхасгæнæг æмæ ардауæг дæу æмæ мæн хуызæттæ не сты. Ахæм дзурæг Осмæнты цытджын Садуллæ у. Иууылдæр ыл æууæндынц, махыл, дам, тыхсы, йæхæдæг ницы хъуаг у, уырыс дæр æй уарзынц. Дзурæг у Куындыхаты Муссæйы æфсымæр Афæхъо дæр. Ау, йæ хистæр ын йæ зонд не ’мбардзæн? Æмæ алкæй зæрдæ дæр катайы бахауди — ахæм номджын лæгтæ адæмы куыд рæдийын кæндзысты? Ноджы Садуллæ йæхи Туркмæ алидзынмæ цæттæйæ дары.

— Уыдонæн сæ бон у, æмæ лидзæнт, фæлæ йæхи фæллойæ чи цæры, уымæн йæ фыдæлты бæстæй фæцух уæвæн нæй. Куы дзы фæцух уа, уæд уæлхъæдæй бахус уыдзæн, — фидарæй дзырдта Хасан.

— Уæдæ нын ам дæр цæрæн бæстæ нал у, Хасан, — мæстджынæй райдыдта Уази. — Нæхæдæг æмæ нæ цот дæр салдæттæ суыдзысты, не ’хсæн хъазахъхъ æрцæрдзысты, ноджы, дам, хуыздæр зæххытæ уыдон бацахсдзысты, мах та змис рæттæм атæрдзысты, иу къудзи дæр кæм нæ зайы. Стæй ныл знæгтæ куы æртыхсой, уæд нæ бынтондæр ныххурх кæндзысты.

Хасан йæ фысымæн радзырдта, фæндагыл ыл хъазахъхъ куыд бамбæлдысты, уый.

— Ахæм цъаммартæ дæр дзы ис, — раст сырдты хуызæн. Æмæ уый æрмæст уырысмæ афтæ нæу, — Уази ахъуыды кодта. — Сымах куы алыгъдыстут, уымæн йæ дыккаг аз мæ тудджынтæ нæ сыхаг хъæуы сæхи хуызæн сæлхæртимæ сæмвæнд сты æмæ иу æхсæв уырысмæ бабырстой. Ноджы цы бакодтой: цæмæй иннæ цæцæйнæгтæ дæр сæ фарс фæуой, уый тыххæй хъæуыл цалдæр раны арт бандзæрстой, мæнæ та нæ джауыртæ судзынц, зæгъгæ. Фæлæ уырыс уайтагъд арт ахуыссын кодтой æмæ змæнтджыты ныддæрæн кодтой. Мæ дыууæ туджджыны дæр уым фæмард сты... Уырыс мын мæ туг райстой. Цы ма бакодтаин, Муцайы размæ, зæгъын, цы цæсгомæй бацæудзынæн æмæ сын райдыдтон агурын се ’рвадæлтæй искæй. Къабазджын нæ разындысты, чидæртæ ма сæм уыд æмæ, дам, уый размæ Туркмæ алыгъдысты...

— Ацы бæллæхтимæ ма туг исын дæр... — Хасан ахæм хъуыддæгтæн ницуал æмбæрста.

— Нæ сæ ныууагътаин ацы дунейыл æмæ мæ ныр дæр нæ аирвæздзысты — уæддæр мæ Туркмæ хъæуы. Æмæ дын раст куы зæгъон, Хасан, уæд мæм кæсгæ дæр афтæ фæкодта, цыма мæнмæ раздæхтæ.

Хасан фестъæлфыд:

— Уыцы зонд мæм куы разындаид, уæд мæхи æвыдæй нæ ныууагътаин, уый тыххæй æмæ мын уый æррайы нысан уыдаид.

Уази йæ сæр батылдта.

— Уæдæ ам дæр куыд цардæуыдзæн? Иуæй нæ азмæлæнтæ нæ бар нал уыдзысты — иууылдæр æй дзурынц, иннæмæй... мæ туг. Кæмæй йæ райсдзынæн ам?! Æмæ мæхи мæлын нæ хъæуы, мæлын?..

Бирæ фæбадтысты æдзæмæй. Уази-иу арæх йæ цæст Хасаныл ахаста, стæй йæ бынатæй сыстади:

— Адæм — цæцæнæй, уырысæй — иухуызон не сты, сæ фылдæр сахуыр сты кæрæдзимæ топпыкæсæнæй кæсыныл æмæ дзы кæд уый сæр ницæмæн фæхъæуы, уæддæр та хæцæнгæрзтæм бавналынц. Алчидæр йæхицæн æфсон ары æмæ афтæ кæрæдзийы туг калдзыстæм...

Сæ ныхас бирæ нæ ахаста. Иудзæвгар та æнæдзургæ уыдысты, стæй Хасан йæ хъуыдытæ хъæрæй загъта:

— Уæдæ ма уæд цы бачындæуа? Размæ цæуай æмæ — сæфт, фæстæмæ цæуай — дыууæ сæфты. Цы фæуой раст адæм та, кæдæм ма фæхæссой сæ сагъæссаг сæртæ, кæм бафснайой сæхи?

— Шамил нал ис, — цыма бирæ адæмæн дзырдта, уыйау загъта Уази, — фæлæ газават баззад, дзыллæ стыр хуыцауы фарс сты, уый сæ бынтон сæфын нæ бауадздзæн. Йæ тæрхон ын чи зоны, ахæм дæсны адæм фæзынди.

— Æмæ та цавæр ног тæрхон у?

— Ахæм тæрхон, æмæ хуыцауы фæндæй адæм хъуамæ æфсымæртау кæрæдзийæн æххуыс кæной, кæрæдзийæ мацы давой æмæ исой, тугисыны зонд сæм ма уа, адæймаг хъуамæ хиуыл хæцын фæраза æмæ алы æнæгъдау митæ ма кæна. Нал уыдзæн уæд загъд æмæ хъæлæба, хæрамдзинад. Кавказæгтæ хъуамæ сæхæдæг уæгъдибарæй цæрой, уырыс дæр сæ нæ хъæуынц æмæ турк дæр...

Хасан йемæ не сразы:

— Ныртæккæ, æвæццæгæн, афтæ цæрæн нал ис, æгæр æддæг-мидæг ауадысты æмæ нæ иу иннæмæн ницуал ныббардзæн.

— Ныббардзæн. Махæн нæ тох искæй æфхæрыныл нæу æмæ нын нæхи дæр мачи æфхæрæд. Ацы зæххытыл нæ фыдæлтæ цардысты æмæ сыл нæхæдæг дæр фæцæрдзыстæм. Хъазахъхъ дæр, дам, кæм цардысты, уым æрбынат кæнæнт.

— Æмæ уыцы ног зондамонджытæ чи сты, цы хорздзинад нын фæуыдзысты? — фæндыд базонын Хасаны.

— Уыдон сыгъдæг пысылмон диныл хæст чи у, ахæм адæм сты. Имам Куынтæ-хадзы Чабæйæ цалдæр азы размæ æрбаздæхт æмæ, дам, æм хуыцауы стыр курдиат лæвæрд ис. Цæргæ дæр сихы цард кæны, — æмбарын кодта Уази.

— Утæппæт дзыллæ кæм ныццагътой, уым ма кæй бауырндзæн йе стыр курдиат дæр. Сæнæууæнк сты иууылдæр, — Хасаны хъæлæсы фехъуыст гуырысходзинад.

— Алкæй дæр уырны, уæгъдибар царды бар сæ кæй ис, фæлæ сын æй тыххæй кæй исынц, уый. Сæхицæн фидарæй загътой — уырысимæ нæ фæцæрдзысты. Иунæг фæндаг ма ныууагътой сæхицæн — Турк... Æмæ йæ дæхæдæг федтай.

«Турк... нæ, хуыцау бахизæд уырдæм, фæлтау мæлæт... — ахъуыды кодта Хасан. — Фæлæ паддзахы æфсæдтæ дæр... Афтæ тыхмитæ куы кæной, уæд уыдæттæн дæр тынг зын фæразæн у». Стæй хъæрæй загъта:

— Уæ хуыцау! Кæцырдæм ма цы чындæуа?

Уази чысыл фæстæдæр йæ фæнд схъæр кодта:

— Чысыл банхъæлмæ кæсын хъæуы. Мæн уырны... Ссудздзæн та Кавказы хъазуат тохы арт...

Хасанмæ хорз нæ касти: мæт кодта, Уазийæн, цал боны сæм фæци, уыцы рæстæджы дæргъы йæ цыды сæр нæма радзырдта. Æмæ иу изæр сфæнд кодта.

— Махмæ æндæр зондыл хæст сты. Фæлидзынц та Туркмæ. Æз сын ракодтон, цы федтон, уыцы хабæрттæ æмæ мæ æрра схуыдтой... суанг мæ фыды æфсымæры бинонтæ дæр... Куыд æнхъæл дæн, афтæмæй мæ тæргæ ракодтой... Хæдзар дæр уæйгонд æрцыд. Бæх ма мæм дзы æрхаудта... Ныр мæ фæлæууæн бынат агурын хъæуы...

— Ехх, Хасан, æмæ де ’фсымæр Уазийы хæдзар дæ хæдзар нæу! Мæ зонд рагæй куы зоныс — ацы дунейыл мын дæу йеддæмæ ничиуал ис. Мæнæ дын хæдзар, кæд ыл æрвæссыс, уæд æмæ дзы цæр. Æз дæр зæгъдзынæн — хуыцау мын фæтæригъæд кодта æмæ ма мыл мæ иунæг æфсымæр сæмбæлди, — Уази йæ рахиз къух Хасаны уæхскыл æрæвæрдта.

— Бузныг, Уази...

Уæды онг Хасанæн егъау дурау йæ зæрдæйыл цы уæз æрæнцади, уый ахауди, риуы цы ихы къæртт сæвзæрд, уый æртади. Цы уыдзæн дарддæр, куыд цæрдзæн, уыдæттыл нал уыди йæ хъуыды, фæлæ йæ дыстæ бафæлдæхта æмæ хæдзары хицауæн æххуыс кæнын райдыдта. Уази схъæлдзæг, йе ’фсымæр куы фæмард, уæдæй фæстæмæ йæ Рæузæт ахæм хуызæнæй никуал федта æмæ йын æхсызгон уыди, уæлдай уый тыххæй бауарзта Хасаны, æмæ куыд йæ фадат амыдта, уыйас ын йæ зæрдæ æлхæныныл нæ ауæрста.

Бинонтæй алчидæр йæхимæ гæсгæ æрбахæстæг кодта йæ зæрдæмæ Хасаны. Фæлæ уæддæр Сабтукамæ куыд каст, афтæмæй уымæй хæстæгдæр никæмæ уыд. Цæмæн, уый лæппу йæхæдæг дæр нæ зыдта. Æвæццæгæн, уымæн æмæ ахæм кармæ бацыд, лæппуйы хистæр æмбал куы фæхъæуы, кæмæ хъуса, кæй фæзма. Фыд ахæм нæ уыд — иуæй заман тыхст уыди, адæм æмризæджы ризгæйæ цардысты, кæд цы æрцæудзæн, уый ничи зыдта æмæ алчи йæ хъуырмæ уыд, иннæмæй та йæ фыды æфсымæр мард куы фæци, уæдæй фæстæмæ Уази йæхимæ хъусыныл фæци æмæ йæ фырты мæт нал уыди.

Ныр Сабтука Хасаныл тынг фæцахуыр. Æрмæст дзы уый нæ тыхсти: лæппу йæ фыды хуызæн басгуыхти хиуылхæцгæ, кæд цы кæнын æмбæлы, уый зыдта, æнæхъуаджы рауай-бауай æмæ ныхас æм нæ цыди.

Уазийæн кусинæгтæ бирæ уыдис — иууылдæр Сабтукайы æккой баззадысты æмæ йын-иу кæд мад феххуыс ис, уæддæр сыл не ’ххæссыди. Хуымтæ дæр уыйас зылд не ’ййæфтой. Уазийы куыстмæ стæм хатт æвдæлди балцæй. Ныр хъуыддæгтæ йæхимæ райста Хасан æмæ сæ æнцад-æнцойæ Сабтукаимæ арæзта. Уал азы æнæхъуаджы тухитæ фæкæнгæйæ, къухтæ сæхæдæг агуырдтой зæрдæфæндон ми æмæ йæ ныр ссардтой.

Хасан Алыстанджы куы æрцарди, уæд базыдта, цæцæнæй чидæртæ Туркæй фæстæмæ кæй æрбалыгъдысты, уый æмæ сæ хæстæджыты руаджы ногæй æрбынатон сты. Кусын райдыдтой. Мад æмæ хо йæ хъуыдытæй нал хицæн кодтой, уыдис æм ахæм фæнд: Уазийы фæрцы æхца йæ къухы бафтдзæни æмæ ма цæцæнæй Туркмæ чи лидза, уыдонимæ сæ арвитдзæн æмæ бинонтæ æрбаздæхдзысты. Йæ бæллицы тыххæй Уазийæн ницыма загъта: рагацау æй цæмæн тыхсын кæна, алцæмæн дæр афон вæййы.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.