Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Дыккаг хай 9 страница



Муссæ йæ къух систа:

— Уымæн æруадзæн нæй, адæм бынтон цагъды фæуыдзысты.

— Стæй нæ цытджын паддзах махæй дæр цас фæбузныг уыдзæн? — басасти Садуллæ.

«Гъе уый дæуæн загъдæуа, — ахъуыды кодта Муссæ. — Уый йеддæмæ дæ адæмы мæт тынг нæй. Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц: хурæн мæ йæ хорзæх уæд, мæйæн — йæ фыдæх».

Æргомæй та афтæ:

— Ау, адæм иууылдæр уыцы хадзыйы зондыл хæст уыдзысты? Мæнмæ гæсгæ, Цæцæн сæрджын лæгтæй мæгуыр никуы уыдис.

Садуллæйæн Муссæйы ныхæстæ æхсызгон уыдысты æмæ йын йæ зæрдæйы дуар гом кæнын райдыдта.

— Уырысимæ мыггагмæ бафидауыны зонд бирæ мæ ис. Туркмæ алидзын кæй фæнды, ахæмтæ дæр дзы разынд.

— Æвæццæгæн, хæстмондагæй чи мæлы, фæлæ бавналыны амал кæмæн нал ис, уыдон? — фæрсæгау загъта Муссæ.

— О, уырысимæ цæрын йæхицæн аккагыл чи нæ нымайы, ахæмтæ нырма бирæ ис, — дзуапп радта Садуллæ.

Муссæ йæхи афтæ дардта, цыма хъуыдытæ кæны æмæ исдугмæ ницуал сдзырдта. Æрæджиау загъта:

— Хорз уаид, змæнтгæ чи кæны, уыдонæн Турчы солтан бар куы раттид йæ зæххыл æрæнцайынæн æмæ куы алидзиккой. Иннæтæ æрсабыр уаиккой.

— Æз æрæджы райстон туркаг эмиссары гæххæтт æмæ йæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацимæ арвыстон йæ бæрзонддзинад граф Евдокимовмæ. Эмиссар Турчы хицауады зондæй сиды Кавказы адæмтæм...

— Мах, Садуллæ, Кавказы хъæбултæ стæм æмæ хъуамæ нæ зæрдæтæ риссой йæ хъысмæтыл. Ды йæ мæнæй хуыздæр зоныс, цæцæнæн ныртæккæйы уавæры ныууадзæн нæй, тыхст æмæ зынтæн куы нал бафæразой, уымæй тас у æмæ та уæд туг ныккæлдзæн.

— Уымæй раст зæгъыс, Муссæ, æмæ, мæнмæ гæсгæ, ууыл хъуамæ уырысы хицауад дæр æрсагъæс кæна, — дызæрдыгхуызæй загъта Садуллæ.

«Амæн йæ зæрдæ уыцы хъуыддагмæ тынг æхсайы, фæлæ ма йæ цыдæр хъыгдарæг ис. Йемæ æргомдæрæй дзурын хъæуы», — ахъуыды кодта Муссæ æмæ загъта:

— Уырысы хицауад æм æнæмæнг æркæсид, хæххон адæмы зæрдæйы уаг куы зонид, уæд. Кæд сæ лидзын нæ фæнды, уæд та?

Садуллæ фæсагъæсхуыз.

— Раздæр чи алыгъди, уыдонæй нæм хорз хабæрттæ не ’рбайхъуыст. Æмæ уый тыххæй, чи зоны, адæм тынг разæнгард нал сты, дызæрдыг райдыдтой. Куыдзæппарæн былæй æппарæгау, дам, сæ акодтой.

— Уымæй раст дæ. Уæд дзы дызгъуындзинæдтæ бирæ уыди, — загъта Муссæ.

— Адæм кæуыл æууæндынц, иу ахæм лæг дæр йæхицæн не сзын кодта æмæ семæ нæ ацыди, сæ сæрыл сдзурæг нæ разынди.

Муссæйы уырныдта, ахæм лæг йæхæдæг кæй у, уый, æмæ йæ хины къуыбылой Садуллæ бамбæрста.

— Ахæм стыр хъуыддаджы дæ хуызæн лæг хъæуы, Муссæ, — цæцæйнаг нал баурæдта йæ цурон ныхас.

Муссæ бахудт.

— Æз, Садуллæ, паддзахы иузæрдион салдат дæн æмæ йын лæггад кæнын. Иунæгæн йæ бон циу? Хорз уаид, дæ хуызæн лæгтæ сæ адæмы сæргъы куы æрлæууиккой æмæ куы зæгъиккой: æз лидзын, чи цæуы мемæ? Уæд цæуджытæ уаид.

— Демæ разы дæн, Муссæ, Турк дæр сæрсæфæн бæстæ нæу, — сразы йемæ Садуллæ...

Кæрæдзийы куы бамбæрстой, уæд Муссæ уазæгæн бамбарын кодта: базонын хъæуы, зæрдыл дарæн кæуыл нæй, уыцы цæцæйнæгты æмæ сын бамбарын кæнын хъæуы — Турк сæ ирвæзæн бынат кæй у, уый. Мыййаг куы нæ æууæндой, уæд акой кæн, мæхæдæг дæр æд бинонтæ, æд хæстæджытæ лидзын, зæгъгæ. Хъуыддаг куы сцæттæ уа, уæд цы хъæудзæни, уый дæр бæрæг уыдзæн. Муссæ йæхинымæр уынаффæтæ кодта, зæгъгæ, йын паддзах йæ курдиат баххæстыл куы сразы уа, уæд Садуллæйы хуызæттæн сæ былтæ айсæрддзæн æмæ йæ цы бафæнда, уый йын кæндзысты. Сæйраг уæддæр йæхæдæг уыдзæни.

Цæцæйнагмæ дæр йæхи мæттæ уыди: уадз æмæ инæлар архайа æмæ йын феххуыс уа æмæ йæ бон куы бауа, адæмы лидзынмæ сыстын кæнын, уæд ма йæ ирæтты æххуыс цæмæн хъæудзæн — йæхæдæг суыдзæн йæ адæмы сæр æмæ Турчы аккаг бынатмæ бахаудзæн.

Гъе афтæ амадтой сæхицæн мæсгуытæ Куындыхаты Муссæ æмæ Османты Садуллæ, цыма сæ адæмæл сагъæс кодтой, уыйау.

II

Хасан тыххæй-фыдæй æрбахæццæ Арпачайы цурмæ. Хъæумæ бацæуын нæ бауæндыди, исчи йыл куы фæгуырысхо уа, уымæй тæрсгæйæ, стæй йæ дзы хъуыддаг дæр ницы уыд æмæ дæрддзæф къохрæбын йæхи æруагъта. Фæндагыл куыд базыдта, афтæмæй къохы галиуырдыгæй цы цад баззади, уый фале райдыдта Гуырдзыстоны зæхх.

Йæхимæ гæсгæ Хасан туркагау дзурын хорз арæхсти, фæлæ-иу туркæгтæй искæимæ ныхас кæныныл куы сси, уæд-иу æй æнцонæй раиртæстой мухаджир кæй у, уый, æмæ цадмæ куыд хæстæгдæр цыд, афтæ никæмæуал дзырдта, адæмæй йæхи аууон кодта, цы йæ хъуыд, уыдæттæ иууылдæр сбæлвырд кодта рагацау.

Уалдзæг фæуынмæ хъавыд. Æртæхдзаст бæстæ хуримæ хъазыд. Йæ тынтæ-иу куы ралидз-балидзыл схæцыдысты æмæ-иу уæд алфæбылай ферттив-ферттив байдыдта, куы та-иу æрсабыр сты æмæ сæ-иу уæд бæлæстæ, кæрдæг сæ хъуыртыл æртыхтой, æрытыдтой се уæхсчытыл, цыма-иу «æз рæсугъддæр дæн»-æй кæрæдзийы мæстæй мардтой. Рæсугъд та сæ дыууæтæ дæр уыдысты — уалдзыгон ма дуртæ дæр сæ хуыз куы скалынц æмæ сæ цъæх фæрстæ сæхи рацахорæгау кæнынц.

Хасан арф кæрдæджы йæхи уæлгоммæ ауагъта æмæ арвыл фæлгæсы. Афтæ йæм кæсы, цыма дардæй зынынц йæ райгуырæн хъæуы бæлæстæ, сæ бынмæ сырхдурсæр хæдзæрттæ æмæ йæ зæрдæ риуы багуыпп-гуыпп кæны. «Ехх, иу хатт ма сæ уæддæр фен æмæ уый фæстæ амæл», — ныккæрзыдта Хасан æмæ кæрдæгыл ныддæлгом. Фæндыдис æй кæуын, фæлæ-иу исты уынæр йæ хъустыл ауад æмæ та-иу сонтæй, фæлæ хъавгæ йæ алфамбылаймæ акасти. «Сырды хуызæн сдæн, — æрхудти йæхиуыл æмæ йын уый стыр масты хос фæци.

«Хуыснæгау алы сыбырттæй дæр тæрсын райдыдтон... Гъе-уæууæй, гъе, сахъгуырд!» — йæхимæ æрбамæсты Хасан.

Кæд-иу йæ катайаг хъуыдытæ æндæрырдæм дæр здæхтысты, уæддæр йæ сæйраг мæт уыди, йæ фæндаг дарддæр куыд рауайдзæн, ууыл. Тугъанты Исламы, стæй ма йæ ныфс кæмæй уыд, уыдоны бæстон фæфарста ацæуæнтæй, фæлæ уæддæр адæймаг йæхæдæг цы нæ басгара, ууыл зын æууæндæн у. Мæнгæй нæ акæнынц: «Дæс хатты фехъусынæй иу хатт фенын хуыздæр у».

Хасан-иу арæх йæ къабæзтæ асгæрста: куыд вæййы, цы вæййы, мыййаг ын цæлхдур куы фæуа, уæд æм фаг хъару разындзæн æви нæ, уый базоныны тыххæй. Ахæм фæнд æм уыд: фæстæмæ нал раздæхдзынæн. Цасфæнды хъыгдарджытæ йæ куы фæуа, уæддæр. Мæлын та йæ чи нæ бауадздзæн.

«Зæронды бæллиц сæххæст кæндзынæн æмæ-иу Мæцыхъо дæр фæндараст фæуæд, кæд мæ коммæ нæ бакæса, уæд. Стæй мæ мады æрвадæлтимæ дзыцца æмæ Дзерассæйæн ацы аз исты амал чындæуыдзæн. Æппын куы ницуал мадзал уа, уæддæр сæм сусæгæй фæцæудзынæн æмæ сæ ракæндзынæн, ныр мын фæндæгтæ зындгонд сты», — ахæм фæндтæ уыдис Хасанмæ.

Кæд бон Хасанмæ гæсгæ ныддаргъ, уæддæр æй иу заман бафиппайдта — хуры цæхæртæкалгæ был рагъы цъæхыл æрæнцади æмæ йæ ссудзыныл архайдта. Фæлæ йын нæ бакуымдта æмæ уæд цалх йæхæдæг æртади, сызгъæрин донæй акалди фæсрагъмæ.

Талынг бæстыл сындæггай йæхи æруагъта, стæй уалынмæ тар арв разынди. Мæй зæронд уыд æмæ нæма сзынди.

Хасан йæ бынатæй сыстад. Йе уæнгтæ сæндзыг сты æмæ сæ цалдæр хатты аивæзта. Стæй йæхи фæгуыбыр кодта æмæ къохрæбынты скæсæнырдæм йæхи сарæзта. Раздæр цыди сындæггай, хъавгæ, фæлæ куыдфæстæмæ йæ цыдыл æфтыдта, арæх-иу йæ къах дæр скъуырдта æмæ-иу фæцæйхауд, фæлæ йæ ницæмæ дардта. Йæ зæрдæ йæ риуы къултыл йæхи хоста, улæфт-иу æм фаг нал уыд, фæлæ размæ тындзыныл архайдта.

Уалынмæ къох фæци. Кæд мæйдар уыд, уæддæр Хасан федта гом къæдзæхты фæрстæ æмæ йæ нал зыдта, кæдæм ма дзы цæуын хъæуы, уый. Ууыл дæр нæ уыд йæ сагъæс, фыццагау размæ бырсыныл йæ уд хъардта, фыццагау ын йæ хурхмæ цыдæр лæбурдта, зæрдæйы риуæй ратæхынмæ бирæ нал хъуыди.

Цас фæцыди, уый Хасан нæ базыдтаид, бон цъæхтæ кæнын куы нæ райдыдтаид, уæд. Æрбарухс, æмæ иу лæгæтгонд ссардта. Сгаргæ дæр æй нæ бакодта, афтæмæй уырдæм бабырыд. Иу чысыл фæрсылæй куы ахуыссыд, уæд ыл стонг, фæллад æмæ хуыссæг æртæйæ иумæ æртыхстысты æмæ йе уæнгтæ æрызгъæлдысты. Хуыссæг фæтых ис се ’ппæтыл дæр: бацыд цæстыты уæлтъыфалты, æмæ уыдон суæззау сты. Хасан ма сæ кæд урæдта, уæддæр йæ коммæ нал бакастысты æмæ æрцъынд. Бахъуызыд сæрмæ дæр æмæ йыл бæзджын мигъау æрбадти.

Куы райхъал, уæд æй фыццаг нæ бамбæрста, кæм ис, уый æмæ фæтарсти: «Цы ран сты ацы дуртæ, ацы æнуд хъуынайы тæ фкалгæ ран?!» Стæй йæ балц йæ зæрдыл æрбалæууыд: «Кæм дæн? Турчы зæххæй нæма раирвæзтæн?»

Хасан йæ бынатæй рабырыди æмæ йæ алфамбылаймæ акаст. Æгомыг къæдзæхтæ сæ гом æнцъылдтæ фæрстæ хурмæ дардтой. Иу зайæг халыл дзы цæст никуы æрхæцыди. Уынæр никуыцæй хъуысти. Æмæ кæнæ уыцы сабырдзинадæй, кæнæ æгæр йæ хъуырмæ кæй сси, уый тыххæй Хасанæн ницуал хъауджыдæр уыд, йæ зæрдæйы катай дæр ницæмæуал дардта. Хурмæ биноныгхуызæй æрбадти, йæ æрмæфтауæй йæ хæринæгтæй систа, саходыныл дзы афæлвæрдта, фæлæ йын æууилын нæ бакуымдтой, сæ адæн дæр сын ницы бамбæрста, æмæ сæ уæд фæстæмæ цæвæрдта, ныр мын æххормагæй дæр ницуал у, зæгъгæ.

Сыстади та æмæ комкоммæ араст и, исдуг æй йæ къæхтæ сæхи æгъдауæй хастой. Стæй фæлæууыд. «Кæд Турчы зæххыл нал дæн æмæ та йæм ныр фæстæмæ здæхын? Нæ, афтæ цæуæн нæй, фæндаг базонын хъæуы». Уæддæр йæ фæндаг нал аивта æмæ фæссихор иу коммæ æрхызти. Уым уыди хъæу, æдде бакæсгæйæ — туркаг хъæуы хуызæн.

Хасан фæтарсти æмæ йæхи бааууон кодта. Хабар сбæлвырдмæ æнхъæлмæ кæсын æй бирæ нæ бахъуыд. Дыууæ лæджы йе ’мбæхсæнмæ æввахс ныхасгæнгæ фæцæйцыдысты. Туркагау куы нæ дзырдтой, уæд Хасан сыстад æмæ сæ размæ рацыд. Куы йæ ауыдтой, уæд æрлæууыдысты.

Хасан хæстæгдæр бацыд æмæ йæ мидбылты бахудт. Сæ иу æй цæмæйдæр бафарста, фæлæ йын æнахуыр адæймаг куы ницы дзуапп радта, уæд йе ’мбалмæ бакаст æмæ цыдæртæ дзурын райдыдтой, Хасанмæ къухæй амонгæйæ.

— Æз Туркæй ралыгъдтæн, — Хасан базыдта, нæ йæ æмбарынц, уый æмæ сын иронау райдыдта:

— Туркаг дæ? — туркагау æй бафарста лæг.

Хасан бацин кодта, ныр мæ бон зæгъын фæци, зæгъгæ:

— Æз ирон дæн, Кавказæй, фæлæ сайдæй цыппар азы размæ Туркмæ алыгъдтæн æмæ ныр фæстæмæ лидзын. Хуыцауы номæй уæ курын, æмæ мын æххуыс. Æз уæ мад, уæ фыды уазæг... Сымах туркæгтæ куы нæ стут...

— Мах сомихæгтæ стæм. Цом махимæ, дæ фæллад суадз æмæ дæ дарддæр афæндараст кæндзыстæм, — зæрдæ йын бавæрдта уый.

Фысымтæ разындысты рæдау. Сæ рæбыны цы уыд, уымæй ницæуыл бацауæрстой. Æхсæвы йын хæдзары хицау куыд радзырдта, афтæмæй сæ хъæуы туркæй бирæ фыдмитæ бавзæрста. Суанг йæхиуыл дæр цалдæр хатты æрцыди сæ ехсыты цæфтæ æмæ сæ иннæ æвирхъау митæ. Уырыс цалынмæ сæ бæсты не ’рæнцадысты, уæдмæ сын нæ хор, нæ фос уагътой. Ныр нал уæндынц, уæддæр æртхъирæныл нæ ауæрдынц — джауырты ныхмæ, дам, схæцдзыстæм æмæ уæд додой уæ къона!..

— Хъæбæрдзых сты, фæлæ сæ бон ницуал у. Уырысы æфсæдтæй се уæнджы мигъ бады, — цыма уыдон йæхи къухы сты, афтæ ныфсхаст æмæ сæрыстырæй дзырдта фысым.

Хасанæй иу ныхас дæр не схаудта. Фæлæ йæхинымæр æнцад нæ уыди: «Фервæзтæн... Æрмæст мæхæдæг фервæзтæн. Дзыцца, Дзерассæ... Уæд иннæ адæм та: Умар йæ мæгуыр бинонтимæ — æмæ цас сты, цас уыцы æнамæндтæ... Асиаты ингæн?.. Ау, уыцы не ’нæуынонты зæххыл баззайдзæн?

Æгас фæндагыл фыццаг хатт ахъуыды кодта Асиатыл. Цас рæстæг рацыд чызджы зианыл, уæддæр йæ зæрдæйæ нæма ахицæн ис, мард æй нæ хуыдта — йæ кой дæр-иу афтæмæй райдыдта, цыма æгас у.

Рæдау фысымты хæдзары Хасан бирæ нæ фæхуыссыд. Исдугмæ аджих, стæй афынæй, фæлæ фæстæмæ фехъал — йæ дарддæры балцы мæт æй уыди.

Дыккаг бон ын бинонтæ фæндараст загътой. Хасан сын арфæтæ ракодта. Ус ын тыхтон куы лæвæрдта, фæндагыл-иу исты ахæр, зæгъгæ, уæддæр æй райста. «Ам къæбæр ракурын дæр худинаг нæу... Туркагæй сызгъæрин дæр нæ райсин. Адонæн сæ кæрдзын дæр адджындæр у, адæймагæн дзы йæ хъаруйыл æфты», — дзырдта йæхинымæр Хасан.

***

Хасан Турчы арæнæй цас дарддæр цыди, уыйас зæрдæ йæ риссынæй æнцади. Фæлæ тынгæй-тынгдæр бæллыди йæ райгуырæн хъæу, цъитиджын хæхтæ фенынмæ.

Гуырдзыйы Душетмæ хæстæг Хасаны баурæдтой хъахъхъæнджытæ æмæ дзы гæххæттытæ бацагуырдтой. Ахæмæй йæм куы ницы разынд, уæд æй, чи у, уымæй бафарстой. Туркæй куы раирвæзт, уымæй фæстæмæ бæргæ ницæмæйуал тарсти æмæ йыл чидæриддæр æмбæлди, уыдонæн йæ хабæрттæ кодта. Æфсæддонтæн дæр сæ радзурынмæ хъавыд, фæлæ кæцæй ралыгъд, уый куыддæр базыдтой, афтæ йæ Душетмæ арвыстой уезды хицаумæ.

Хицауады дзырдмæ гæсгæ Гуырдзыйæ Туркмæ фæндæгтыл ауагътой хъахъхъæнджыты, Туркмæ алидзæг кавказæгтæ къордтæй фæстæмæ кæй лыгъдысты, уый тыххæй. Æмбырд сæ кодтой Душеты, уырдыгæй сæ æрвыстой дарддæр.

Хасан йæ аххос нæ зыдта. Афтæ дæр æм касти, цыма йын сæ зæрды баххуыс кæнын ис. Æрмæст, хицау цы агъуысты бадт, уый кæрты базыдта хъуыддæгтæ. Дуарæй куы бахызти, уæд, хæдзары раз цы æнгуз бæлас зад, уый бын баййæфта фондз лæджы. Уыдон уыдысты йæхи хуызæн мæгуыр, фæлладхуыз. Йæ хъахъхъæнджытæ йæ уыцы къордмæ барвыстой.

— Мухаджир? — фездæхтысты йæм уыдон, сæ размæ куы бахæццæ, уæд.

Хасан сын дзуапп радта æмæ сæ фарсмæ йæхи æруагъта. Куыд рабæрæг, афтæмæй дзы дыууæ уыдысты цæцæйнæгтæ, æртæ — кæсгæттæ. Се ’ппæт дæр туркагау зыдтой æмæ Хасанæн сæ хабæрттæ дзырдтой — суанг сæ ралидзынæй Душеты онг.

«Адон мын мæхи хабæрттæ куы кæнынц, æви иууылдæр иухуызон æнамонд стæм?» — цал æмæ цалæм хатт хордта йæхи Хасан.

— Аирвæзтыстæм, зæгъгæ, куы бахъæлдзæг стæм, уæд нæ ам æрцахстой, — дзырдта цæцæйнæгтæй иу, — æмæ ныр æнхъæлмæ кæсæм.

— Ау æмæ цы гæнæг стæм, нæ сæртæ ма кæй баззадысты, уымæй фæаххосджын стæм? — афарста сæ Хасан.

— Уæлдæр хицауадæй, дам, ахæм дзырд ис: Туркмæ чи алыгъди, уыдонæн фæстæмæ сæ цæрæнбæстæм здæхæн нал ис, — рахабар ын кодта цæцæйнаг.

«Ам æз цы нæ æмбарын, ахæм цыдæр ис. Ау, адæймагæн сæрсæфæн бæстæй ралидзæн нæй, хъуамæ дзы йæ уд сиса?! Кæй зæрдæ бакомдзæн ахæм æбуалгъ хъуыддаг бакæнын, æмæ адæмы чи сафы, уыдоны сæ райгуырæн бæстæм мауал уадза? Нæ, афтæ хъуамæ мацы хуызы уа! Уый та куыд?», — мидхъуырдухæн кодта Хасан.

Ныхас-иу ногæй-ногмæ райдыдтой, фæлæ адæймаджы уд цæуыл фæлæууыдаид, ахæмæй ницуал фехъуыста. «Йæ райгуырæн бæстæй чи фæхауа, уый гъе афтæ ницæйаг сыфтæрау дымгæ рахæсс-бахæсс кæндзæн, стæй йæ уый фæстæ искуыдæм бырæттæм баппардзæн æмæ ууыл йæ тухитæ фæуыдзысты», — фæстаг хатт загъта йæхинымæр Хасан æмæ йæ къух ауыгъта.

***

Цалдæр боны фæстæ æхсæз ахст (афтæ хуыдтой сæхи) лæджы дæр аластой Калакмæ. Уым цасдæр фесты, семæ ма баиу ноджы ссæдз лæджы, уыдон дæр — цæцæйнæгтæ, кæсгæттæ, уыдис ма дзы мæхъхъæлæттæ æмæ ногъайæгтæ. Сæ фылдæрæн сæ бинонтæ уыдысты семæ.

Æмæ гъе уыцы къорды бызгъуырты мидæг, сæ фылдæр — бæгъæввад, сæ къæхты туг калгæ, Калачы хицауад этапæй æрвыста Дзæуджыхъæумæ. Семæ цыдысты уырыссаг салдæттæ уæрдæтты. Æмæ тæригъæдгæнгæ кастысты мæгуыр сабитæм, цола сылгоймæгтæм, мадзура пыхцылрихи лæгтæм, æмæ-иу сæ сæртæ тылдтой.

Салдæттæ æмæ лидзæг адæм балымæн сты æмæ сын ныхас бацайдагъ. Сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ уæрдæтты февзæрдысты.

Хасан цыдис иу ацæргæ салдаты фарсмæ. Уый йæ дзыппæй систа чъисса æмæ загъта:

— Иу дзы бадым, æфсымæр.

— Бузныг, нæ дымын.

Уырыссаг бахудт æмæ йæхæдæг иу тамако стыхта. Куы йæ ссыгъта, уæд Хасаны бафарста:

— Дæ ном та цы хуыйны?

Хасан ын æй загъта.

— Мæн та Андрей хонынц.

Ауадысты та иу чысыл æнæдзургæйæ.

— Уæдæ Турк уæ зæрдæмæ нæ фæцыди, зæгъыс?

«Нырма куы ницы загътон, уæд æй цæмæй зоны?» — дис бафтыд Хасаныл, уæддæр ын дзуапп радта:

— Хуыцау ма раттæд ахæм цард. Иууылдæр уыцы цъаммар сты. Сæ дин — гæды.

Андрей йæ къæхты бынæй ныуулæфыд...

— Æз сыл сæмбæлдтытæ кодтон. Сæхи бирæ уарзынц, иннæты та ницæмæ дарынц. Гъе уый дын сæ дин. Хуыцау адæмæй кæд алыхуызон мыггæгтæ сарæзта, уæддæр хъуамæ кæрæдзийы уарзой.

— Æмæ уæдæ уæд кæрæдзийæн фыдмитæ цæмæн кæнынц, кæрæдзийы цæмæн марынц?

Андрей йын уайтагъд ницы дзуапп радта, йæ сæр батылдта æмæ йæ рихиты бын худызмæл бакодта. Хасан ын йæ уыцы миниуæг бафиппайдта æмæ йæ зæрдæмæ фæцыд: лæджы цæстытæ-иу куыддæр лæвæрдтой хъармад æмæ-иу адæймаджы рæвдыдтой.

— Æз афтæ æнхъæл дæн, — райдыдта æрæджиау Андрей, — æмæ уый мулчы аххос у. Мулк хъуынайæ уæлдай нæу, адæймаджы æмбийын кæны, — куы дыл фæхæца, уæд дæ афтæ фæфæлдахдзæн æмæ дæм де ’фсымæры тыхст дæр нал бахъардзæн.

Хасан йе ’мбæлццоны нæ бамбæрста æмæ йæм дисгæнгæ аздæхти.

— Дæумæ гæсгæ уæдæ мулк ницы у?

— У. Куыд нæ у. Адæймаг хъуамæ зæрдæрухсæй бакуса, йæ бакуысты уæд бæркад дæр уыдзæн æмæ цæрæнхосæн дæр фаг. Хи тугæй цы фæллой æрцæуы, уымæй хæрам нæй.

— Уæдæ ма дзы æндæр цавæр фæллой вæййы? — бафарста Хасан.

Андрей йе ’мдзурæгмæ бакаст æмæ йæхинымæр загъта: «Ай, мæгуыр, æцæг куы ницы æмбары, афтæмæй сывæллон дæр нал у, бæстæтыл куы фæхатти».

— Абырæджы хабар никуы фехъуыстай? Иу хатт адавы, дыккаг хатт дæр ын батайы æмæ сахуыр вæййы æвæлмон фосыл. Фæлæ ма ис ахæмтæ дæр, æмæ искæй фæллоймæ фæныхилын уарзы: кæм кусæнгарз авæры, кæм бæх, гал æмæ уыдæттæ æрмæстдæр мыздыл. Куыдфæстæмæ дæ йæхицæн кусын дæр кæндзæн, бауромæн ын нал вæййы. Æмæ уый дæр абырæгæй агæпп ласы.

Андрей нæма фæци йæ ныхас, уæд Хасаны зæрдыл æрбалæууыд: «Тугъантæ дæр афтæ цæрынц — сæ иутæ кусгæ кæнынц, се ’ннæтæ та хурмæ сæхи дарынц. Кæд ай дæр ахæмтæй зæгъы. Фæлæ сæ цæмæй зоны?» Æмæ йæ бафарста:

— Уыдæттæ дын исчи бацамыдта æви сæ дæхи зондæй дзурыс?

Андрей бахудт:

— Ахуыр уыйас мæ къухы нæ бафтыд, фæлæ цыдæртæ фехъуыстон, — стæй йæ алфамбылай афæлгæсыд æмæ йæ ныхас дарддæр кодта: — Æрæджы иу зæронд салдатыл сæмбæлдтæн, кæддæр афицеры ном хаста, фæлæ йе ’мбæлттимæ паддзахы ныхмæ сыстад æмæ йын стæрхон кодтой. Уымæй диссаджы ныхæстæ фехъуыстон...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.