Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Дыккаг хай 8 страница



Хур нæ каст, фæлæ митимæ цавæрдæр æнахуыр рухс хъазыди, суанг ма адæймаджы цæстытæ дæр рафæлив-бафæлив кодта. Дымгæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ ныффутт ласта, миты уæлцъар-иу ахылы-мылы кодта æмæ та-иу искуы хъæпæны фарсмæ йæхи æруагъта. Хасанæн йæ зæрдыл æрбалæууыдысты кæддæры хабæрттæ. Хаирхъыз-иу хæдзары цъындатæ кодта æмæ-иу йæ къуыбылой зæхмæ куы æрхауди, уæд-иу дзы гæды хъазын райдыдта. Йæ раззаг дзæмбытæй йæ ахста æмæ æрæнцад, зæгъгæ, уæд та-иу истæй фæстæ амбæхст, къуыбылоймæ æдзынæг кæсгæ. Стæй та-иу Хаирхъыз хал сивæзта, къуыбылой фезмæлыд æмæ та-иу æй гæды рацахста. Уыцы митæ ус ницæмæ дардта, фæлæ сыл-иу Хасан бирæ фæхудти.

Ныр дæр лæппу цæугæйæ банкъардта, мидбылты худы, уый, æмæ уайтагъд йе ’рфгуытæ кæрæдзийы ацахстой. Йæ цæстытыл ауад сæ хæдзар. «Нæ хæдзар... Цымæ ма йæ искуы афтæ схондзыстæм? Нæ фыдæлты зæхх. Куыд фидар баст дыл у адæймаджы зæрдæ! Йæ бæттæнтæ атонын куы нæ комынц... Кæд ма нæм исты амонд кæсы, уæд нын уыцы æцæгæлон бæлццæттæ исты куы баххуыс кæниккой æмæ ирон адæмы курдиат бынатыл куы сæмбæлид», — афтæ хъуыдытæгæнгæ йыл рæстæг аивгъуыдта æмæ йæ даргъ фæндагæй не стыхсти.

Олохлымæ куы бахæццæ, уæд ногæй бахъæлдзæг — адæмæн сæ зæрдæтæ барухс кæндзæн, йæ ныхæстæ сæ хъару бауадздзысты. Æмæ æцæгдæр афтæ рауад. Уый бæрæг уыди, Умар цы загъта, уымæй дæр:

— Афтæ йын æнæ уæвгæ дæр нæй, мæ хур Хасан, æвæццæгæн, алкæмæй дæр ферох стæм, уый йеддæмæ уыйас хъиамæттæ мах хай цæмæн фæуыдаиккой, кæмæн уыйас цы ракодтам? Ныр хуыцауы уарзон адæм федтой нæ бæллæхтæ æмæ сæ хицæутты раз радзурдзысты...

Олохлыйы цæрджытæм фæзынди ныфс, мæйдар æхсæв дард, кæмдæр рухсы цъыртт куыд фæзыны, афтæ. Фæллад бæлццон æрбамбырд кæны йæ фæстаг тых æмæ хæлæф байдайы размæ — фæуырны йæ, йæ зынтæ фæуыдзысты, уый. Ахæм уавæры бахаудтой лыгъд адæм дæр. Афтæ æнхъæлмæ кæсгæйæ та сыл аивгъуыдта зымæг, ралæууыд уалдзæг. Бирæты уырныдта: сæ аздæхыны хъуыддаг уалдзæгмæ срæвдз уыдзæн æмæ сæ хуым кæныны мæт нал уыдзæн ам, æцæгæлон æмæ æнæуынон зæххыл.

Уалдзæг тынгæй-тынгдæр йæ тæмæны цыди. Стамбулæй ирæттæм ницы хабар хъуысти. Æмæ уыдон дæр æрсагъæс кодтой: цы бачындæуа? Цы уыдзæни? Æмæ хабар фæззæгæй раздæр куы нæ уа, уæд куыд аирвæздзыстæм?..

— Гъæ-гъи, Хасан, нæ хъуыддаг мæгуырау куы разына, уымæй тас у. Æвæццæгæн, уыцы адæмæй дæр, хуыцауæй куыд ферох стæм, афтæ рохуаты баззадыстæм. Фæлтау та Гуыргъохъомæ цон, мæ худ ын сисон — дæ хорзæхæй æххуырсты мæ айс, зæгъгæ, — сагъæсхуызæй дзырдта Умар.

Æмæ Хасаны зæрдыл уæд æрбалæууыдысты Рубайты Саукуыдзы ныхæстæ, ацы хатт æй бынтондæр бауырныдтой:

— Уырысы минæвар, дам, мах хуызæтты нæ, фæлæ йæ цард ам дæр хорз кæмæн у, уыдоны фæрсдзæн.

— Зондджын лæг у æмæ хъуыддæгтæ æмбары, — алыг кодта Умар.

***

Адæм сæ хортæ куы бафснайдтой æмæ сыл хъызт зымæг йæ маст калынæй куы нал ауæрста, сæ мæттыл мæт æфтын куы райдыдта, уæд сæ ныфс дæр ахуыссыди æмæ чи кæуыл æууæндыд, уымæн йæ сусæгтæ дзырдта. Ахæм ныхас рауад Умар æмæ Хасаны æхсæн дæр.

— Цæцæйнæгтыл сæмбæлдтæн. Уыдонæй къордгæйттæ сæхи ардыгæй айстой. Аирвæзтысты. Мах дæр исты амал кæнын хъæуы, — загъта лæппу.

Умар исдугмæ ныхъхъус. Хасан æм касти æмæ йæ зæрдæ срысти: «Цы фæци кæддæры хæларзæрдæ, цардбæллон адæймаг? Цыма йæ уд йæ мидæг нал ис, уыйау уæлхъæдæй куы бахус».

— Ехх, Хасан, ахæм хъару ма кæм и?.. Лæппу та кæм ис, ам æй куыд ныууадзиккам, æнæуи дæр нæ хъуырмæ куы стæм... Нæ зонын, нæ зонын, нæ фæндтæ бынтон æдылы куы рауайой...

— Цæмæн зæгъыс, Умар, уæдмæ Бола зындзæн, уый дæр немæ сразы уыдзæн. Хъазихан — æнæхъæн лæг. Исты амал скæндзыстæм.

Нæ барухс Умары зæрдæ, афтæ, йæ хуылфмæ хъусгæ, æнæзмæлгæйæ, бадти.

— Боламæ банхъæлмæ кæсæм, æмæ уæд фæстиат гæнæн нал ис. Царды алцæуыл дæр сфæлтæрдтам, æмæ цæмæн нæ бафæраздзыстæм! Æппын ницы, фæлæ нæхимæ куы здæхæм...

Хасан йæ хъуыды загъта мадæн дæр.

— Иунæг кадджын хуыцауы куы бафæндид, — бацин кодта Мисурæт. — Фæлæ уайтагъд не ’ппæт куыд ацæудзыстæм? Фæлтау дæхæдæг исты сараз, фæндаггаг бамбырд кæндзынæ, нæ бынтæй ма дзæвгар куы ис... Æмæ уæд... уæд ма уын уыцы хорздзинад куы фенин...

«Дзыцца уымæй раст зæгъы. Боламæ банхъæлмæ кæсон æмæ уæд Уастырджи не ’мбал», — ахæм фæндыл ныллæууыд Хасан, Кавказы адæмтæ цы «дзæнæты бæстæм» бæллыдысты, уырдыгæй алидзыны тыххæй...

Æртыккаг хай

I

Куындыхаты Муссæ Скъуыд Къохæй куы рараст, уæд Дзæуджыхъæуы йæ фысым чи уыдзæн, ууыл нæ ахъуыды кодта. Кæд уый Терчы бæстæйы Ирон зылды рæстæгмæ хицау уыд, æмæ Дзæуджыхъæуы бирæ нæ ацарди, уæддæр ын дзы хæлар бинонтæ бирæ разындаид æмæ сæ алчидæр ахæм уазæджы сбуц кодтаид. Афтæ æнхъæл уыди Муссæ æмæ нæ рæдыди — паддзахы инæлар, йæ ном кæмæн айхъуыст, уый йæ къах кæй кæрты æрæвæра, уымæн ницы зиан фæуыдзæн, нæ фæлæ ма йæм бирæ хæлæггæнджытæ дæр разындзæн.

Нæ, Муссæ уыдæттыл нæ хъуыды кодта: нæдæр æй фæндаджы мæт уыди, нæдæр фысымы мæт. Йæ сæр йедзаг уыди æндæр сагъæстæй, дыккаг аз æй æнцой чи нал уадзы æмæ йæ ацы фæндагыл чи рацæуын кодта, уыцы сагъæстæй.

Уырысы паддзах Кавказы адæмты ныхмæ куы хæцыди, уæд йæ иузæрдион афицер Куындыхаты Муссæ йæхи равдыста хъæбатырæй æмæ дзы нæ ферох паддзахæй: хæрзиуджытæй уыд хайджын, райста булкъоны цин. Фондз азы размæ сси Терчы облæсты Ирон зылды рæстæгмæ хицау. Йæхæдæг ыл нæ састи, рæстæгмæ у, ууыл, æмæ йæ чи зыдта, уыдон дæр æй цæстмæ æцæг хицау хуыдтой. Радтой йын инæлары ном дæр — рагæй цæмæ бæллыд, уый. Фæлæ йæ хицаудзинад бирæ нæ ахаста.

Паддзах Муссæйæн йæ иузæрдиондзинады тыххæй Цæцæны балæвар кодта дзæвгар зæххы хай, уым сарæзта йæхицæн стыр хæдзар æмæ дзы æрцарди йæ бинонтæ, стæй йе ’фсымæр Афæхъоимæ. Муссæ æдде бакæсгæйæ сабырхуыз уыд, фæлæ мидæгæй та йæ туг фыхти: маст ын уыди, афтæ æвиппайды йæ бынатæй кæй фæцух, уый. Нæ дзы рох кодта йæ иннæ æфхæрд дæр.

Хицау уæвгæйæ, цас амал уыд, уымæй архайдта архимандрит Иосифы ныхмæ. Æмбæрста йæ, ирон адæмы æхсæн куыд скадджын, уый. Архайдта йын йæ фарсхæцджыты ныхмæ дæр. Уæлдай тынгдæр æй тыхсын кодта Колыты Аксо æмæ йæм иу хатт дзæбæх бартхъирæн кодта:

— Пысылмон адæмы куы хъыгдарай æмæ чырыстон дины фарс æгæр куы хæцай, уæд дæ сæр æхсаргардæй къуырд æрцæудзæн.

Уыцы пыхцылсæр протоиерей дын куы нæ фæтæрсид: дæхæдæг, дам, чырыстæтты иу ран куы нæ ныууадзай, уæд дын хъазы сисæй дæ къубал акъуырдзынæн.

Кæд æй бынатæй сисыныл дæр уыдон бацархайдтой, æууæнк ма кæуыл ис.

Бирæ æхсæвты-иу хъуыдыты аныгъуылд скъуыдкъохаг инæлар. «Хæст йæ тынгæй куы уыди, уæд хъуыдтæн, ныр бæстæ куы æрсабыр, уæд дзы хуыздæртæ разынд. Штабы чи бадт æмæ æрмæст карьерæйы мæт чи кодта, бынæттæм ныр уыдоны æрвитынц. Æмæ сæ хъуыддаг цæудзæн. Æз та?.. Æмæ йæхæдæг цы уыдзæн, уымæн ницы æвзæрста.

Гъе афтæмæй ивгъуыдта рæстæг Куындыхаты инæларыл Скъуыд Къохы. Æмæ мæстæй марди, йæ бон кæй ницы у, уый тыххæй.

Иуахæмы Муссæ сæмбæлд инæлар граф Евдокимовыл. Цæцæн хорз зыдтой уымæн йæ фыдмитæ æмæ æрмæст йæ койæ дæр адæм æмризæджы рызтысты, бирæтæ та-иу сæ кæрдты сæртыл æрхæцыдысты. Дыууæ инæлармæ ныхас рауади цæцæйнæгты тыххæй. Граф хъаст кодта:

— Цас сæ фæцагътам, цас сын сæ хъæутæ фæсыгътам, уæддæр сæм æрсабыр уæвыны зонд нæй, алы бон дæр сæм исты фыдбылызмæ æнхъæлмæ кæс.

— Цæцæн нымæцæй Кавказы адæмæн се стырдæртæй сты, — дзырдта Муссæ. — Æмæ, мæнмæ гæсгæ, æрмæст тыхы фæрцы сæ ныхмæ хæст раст нæу, æндæр мадзæлттæ дæр хъæуы...

— Хицауад дæр архайынц уыцы хъуыддагыл, се ’хсæн сын хъазахъхъы ноджыдæр æрцæрын кæндзыстæм. Фæлæ кæрæдзийы æргæвддзысты, — йæ ныхас ын айста граф. — Фæлтау фæпайда кæнын хъæуы æндæр мадзæлттæй дæр. — Йæ дзыппæй сласта цыппæрдигъон тыхт гæххæтты сыф æмæ йæ Муссæмæ радта.

Уый уыди, туркаг эмиссар кавказаг адæммæ кæм сидти, ахæм. Ногæй дзы ницы фыст уыди — цыппар азы размæ дæр дзырдтой: Турчы паддзах у пысылмон адæмы ирвæзынгæнæг æмæ сæм сиды йæхи бæстæм.

Евдокимов куы федта, инæлар сидт бакаст, уый, уæд загъта:

— Хорз уаид, уыцы хъуыддаг фæстæмæ куы сног уаид, æнæ тугакалгæ хъуыддаг алыг, зæгъгæ, уæд. Ацы гæххæтт йæ бæрзонддзинад Михаил Тариеловичæн бацæттæ кодтой.

Муссæ йæ сæр батылдта.

— Кавказы адæмтæй бирæтæ зонынц, фыццаг чи алыгъди, уыдон Турчы цы зынтæ базвæрстой, уый. Сæ зæрдæ куы нæ радтой Турчы паддзахы сидтмæ...

— Уæд, кæй куыд фæндыд, афтæ лыгъди, стæй йæ æз куыд зонын, уымæ гæсгæ Турчы мидæг сæ мæт ничи кодта, хицауад дæр уыйбæрц æрцæуæг адæм æрбынатон кæнынмæ цæттæ нæ уыд...

Муссæйæ нал ферох, граф Евдокимовимæ се ’хсæн цы ныхас рауади, уый. Цас амал ис, уыйас Кавказы адæмæн сæ пысылмæтты Туркмæ алидзыныл сразы кæнын хъæуы, йæхæдæг сæ сæргъы, афтæмæй. Паддзахы дæр бафæнддзæн æмæ Турчы солтанимæ баныхас йæ къухы бафтдзæн, ныхас кæнынмæ дæр йæхæдæг ацæудзæн, куы бахъæуа, уæд. Стæй... Муссæ банымадта: иу-дæс æмæ дыууиссæдз мин сомы йæм æрхаудзæн къазнайæ.

«Хъуамæ суон æрмæст ирон пысылмон адæмы сæр нæ, фæлæ æгас Кавказы адæмты сæр. Иу-ссæдз, дæс æмæ ссæдз мины уал дзы сыстын кæндзынæн, стæй иннæтæ дæр лидздзысты — уæдæ ма сын хуыздæр цы гæнæн уыдзæн? Æз хъуамæ суон Турчы паша, мæ сæр бахъæудзæн солтаны дæр...»

Гъе ахæм зондимæ Дзæуджыхъæумæ, Терчы бæстæйы хицауимæ, цыди Куындыхаты Муссæ.

***

Уалдзæг йæ тынгыл уыди. Быдырæй, рагъæй — иууылдæр цъæх-цъæхид адардтой, дыргъ бæлæстæ дидинæгæй сæ былтæй калдысты. Арв афтæ сыгъдæг уыд, уæлдæф та афтæ зæлланггæнаг æмæ цъиуты зард адæймаджы йæ уæлныхты иста æмæ йæ бæрзонд хаста.

Хæхтæ уыдысты иттæг рæсугъд. Бакæсгæйæ бынæй чысыл таргомау, фæлæ рæгътыл се ’цæг хуыз райстой кæрдæг æмæ хъæды бæлæстæ. Куыдуæлæмæ, зайæг хал кæм нæ уыд, уым та донхуыз къæдзæхтæ сæ фæрстæ хурмæ дардтой æмæ, сæ цардæй разы уæвгæйæ, сæ мидбылты худтысты. Ноджы уæлдæр та цæхæртæ калдтой хæхтæн сæ урс сæртæ. Скæсгæйæ, уæд зынди — хуры сызгъæрин тынтæ æмбæлынц сæнт урс цъуппытыл æмæ фæстæмæ схъиуынц, цæст сайынц...

Муссæ Дзæуджыхъæумæ æрбахæццæ изæрырдæм Хæхтæй дымдта рог дымгæ æмæ-иу уæнгтæ куыддæр зыр-зыр кодтой. Муссæйæн йæ уæлæ уыди морæ цухъхъа, йæ бæрцытæ, йæ рон, йæ хъама сызгъæрин доны тылд æвзистæй. Йемæ ма рахаста уæйлаг нымæт дæр, фæлæ йæ Дзæуджыхъæуы уый сæр нал бахъуыди.

Ацы хатт йæ фысымтæ уыдысты Есиатæ. Куыд нæ бацин кодтаиккой ахæм уазæгыл бинонтæ! Цин кодта хæдзары хицау Дударыхъо дæр, фæлæ хинæйдзаг лæг бамбæрста, Муссæ фыццагау æнæмæт æмæ парахатзæрдæ нæу, цыдæр сусæгдзинæдтæ йæм кæй ис, уый. Æмæ алыхуызты афæлтæрæнтæ кодта йæ уазæджы ракъахыныл, æрмæст ын дзы ницы рауад. Исты дызæрдыг ныхас-иу куы райдыдта, уæд та-иу æй Муссæ уайтагъддæр бамбæрста æмæ ныхас иннæрдæм аздæхта.

Дыккаг бон Куындыхы-фырт сæмбæлди Терчы бæстæйы хицау инæлар-адъютант æмæ кавалер Лорис-Меликовимæ. Авджын къусы хуызæн уаты къæсæрыл куы бахызти, уæд дуары бакомкоммæ стъолы уæлхъуыс бадти хицау. Муссæйы куы ауыдта, уæд йæ бынатæй сыстад, йæ саулагъз цæсгомыл фæзынд мидбылты худт æмæ йæ размæ цалдæр къахдзæфы рацыди. Уазæг ницыма сдзурын бафæрæзта, афтæ йæм Лорис-Меликов йæ къухтæ бадаргъ кодта:

— Мæ зынаргъ, Муссæ Алхазович! Кæдæй-уæдæй ма фæзындтæ Терчы бæстæйы Пальмирæйы. Де Скъуыд Къохы дæхи бааууон кодтай æмæ дын уырдыгæй дæхи равдисынæн ницуал æнтысы.

— Дæ бон хорз уæд, дæ иууылбæрзонддзинад Михаил Тариелович! Адæймаг куы фæзæронд вæййы, уæд æрбадт кæм бафæразы, уыцы ранæй йæ сыстын сзын вæййы...

Лорис-Меликов ын йæ ныхас айста:

— Йæ бæрзонддзинад Куындыхы-фырты нырма зæронды кармæ бирæ ацæрын хъæуы, — æмæ бахудти.

Уазæгæн арф фæлмæн бандонмæ бацамыдта, стæй йæхæдæг дæр йæ комкоммæ æрбадт æмæ кæрæдзийы хабæрттæй фарстой. Лорис-Меликов хъуыддаджы ныхасмæ рахызт:

— Дæ писмо дын райстон, ауденци кæм агурыс, уый, æмæ дын мæ дзуапп фехъусын кодтаиккой. Ныр цæттæ дæн дæумæ хъусынмæ.

Муссæ чысыл схуыфыд æмæ загъта:

— Дæ иууылбæрзонддзинад, Михаил Тариелович, дæхæдæг æй зоныс, паддзахæн æнæзæрдæхудтæй цас балæггад кодтон, уый, ныр дæр цæттæ дæн, куы бахъæуа, уæд. Ныртæккæ Кавказ басабыр, фæлæ æдас чи у, искуы та арт не ссудздзæн, уымæй?! Уæлдайдæр та Цæцæны. Сæ зæххы уавæр сын зындгонд у, газаваты арт та ссудзынмæ хъавы, ацы хатт æй сног кæнынмæ хъавынц Куынтæ-хадзыйы фарсхæцджытæ. Куынтæ-хадзы Чабæйæ куы æрбаздæхти, уæдæй фæстæмæ йæ кад уæлдæрæй-уæлдæр кæны — адæмы зæрдæмæ фæндаг ссардта.

— О, йæ кодекс, адæмы зæрдæмæ чи фæцæуа, ахæм у, — йæ ныхасмæ йын бафтыдта Лорис-Меликов.

Муссæ фæлæууыд, стæй Михаил Тариелович куы ницуал дзырдта, уæд та загъта:

— Кæй зæгъын æй хъæуы, хуымæтæджы нæ ахицæн уыдзæн хабар æмæ та дыууæрдыгæй дæр туг ныккæлдзæн. Мæнмæ гæсгæ, уымæн кæрон скæнын хъæуы... æмæ къухы дæр бафтдзæн.

— Куыд?..

— Дæ зæрдыл хорз лæудзæн, дæ иууылбæрзонддзинад, фондз азы размæ Кавказы пысылмæттæй бирæтæ Туркмæ куыд абырстой, уый. Ныр дæр та сын ис самидин кæнæн, уæлдайдæр — Цæцæны.

Лорис-Меликов йæ галиу къæмисæн аныхта, стæй Муссæмæ бакаст æмæ дын æнцадхуызæй афтæ:

— Кавказы адæмтæй бирæтæ зонынц, се ’мбæстæгтæ цы бæллæхтæ бавзæрстой Туркмæ лидзгæйæ, уый æмæ, мыййаг, ныр алидзынмæ се ’ргом куы нал аздахой.

— Уый раст у, дæ иууылбæрзонддзинад, фæлæ уæддæр исты мадзал саразæн ис. Паддзахы дипломаттæ хъуамæ баныхас кæной Турчы дипломатты руаджы солтанимæ... Кæд уыцы кады аккаг суон, уæд мæхæдæг ацæудзынæн минæварæй. Ноджы инæлар Евдокимов...

— Уый фехъуыстон, — райдыдта та Лорис-Меликов, — фæлæ æппæт уыдæттæ æгъгъæд уыдзысты?

— Дæ иууылбæрзонддзинад, æз нæ кадджын паддзахы иузæрдион салдат дæн, фæлæ мын кæд бар радта, уæд мæхæдæг æд бинонтæ сæ разæй ацæудзынæн. Хæххон адæм мæныл æууæндынц æмæ мæ уырны, иу-æртæ минмæ æввахс бинонтæ сыстдзысты.

— Уымæй нын стыр æххуыс фæуис, мæ зынаргъ Муссæ Алхазович. Æз дæ фæндон фехъусын кæндзынæн Æфсады штабмæ, — разыхуызæй дзырдта Терчы бæстæйы хицау. Стæй иу чысыл ахъуыды кодта æмæ, йæ хъæлæсы уаг аивта, афтæмæй сыл бафтыдта: — Раст зæгъын хъæуы, цæцæн фидар бæттæнтæй баст сты сæ зæхмæ æмæ, 60–61 азты лидзæг адæм цы хъиамæтты бахаудтой, уый зонгæйæ зынтæй сразы уыдзысты. Фæлæ мæм афтæ кæсы, æмæ нæ бон уыцы хъуыддагыл æхца схардз кæнын бауыдзæн.

— Рохгæнæн нæй, ныртæккæ цæцæн тынг змæст кæй сты, уый, æмæ бацархайын хъæудзæн. — Муссæ комкоммæ бакаст инæлармæ, бæрæг уыд — йæ хабæрттæ нæма фесты.

— Цæмæй алцыдæр хорзæй кæронмæ ахæццæ уа, уый тыххæй, ма мæм ис цалдæр курдиаты.

— Дæ хорзæхæй.

— Хъуамæ мачи зона, æз ацы хъуыддаджы исты аразæг дæн, уый, уымæн æмæ уæд фæгуырысхо уыдзысты, æз паддзахы зондæй кæй дзурын, ууыл æмæ мæм ничиуал, байхъусдзæн. Иннæ курдиат — мæ зæххытæ æмæ мæ хæдзæрттæ къазнайæн ныууадздзынæн, цæмæй мын æхца раттой Турчы цæрæн бынат ссарынæн. Уымæй дарддæр ма бахъæудзæн æхца адæмы алидзынмæ сразæнгард кæнынæн. Адæймагæн иунæгæй йæ бон ницы у, æххуысгæнджытæ йын куы нæ уа, уæд...

Ууыл ахицæн сæ ныхас Терчы бæстæйы хицау инæлар-адъютант кавалер Лорис-Меликов æмæ инæлар-майор Куындыхаты Муссæйæн.

Ацы хатт дæр та ницы загъта Муссæ йæ фысымтæн йæ балцы тыххæй. Дударыхъо йæ æгæр-æгæр куы къахта, уæд ын дзуапп радта, бæстæйы хицаумæ уыди чысыл æфсæддон хъуыддаджы фæдыл, æндæр ахæм æхсызгонæй ницы аразы.

Скъуыд Къохмæ ацæуыны размæ Муссæ бабæрæг кодта йе ’рвадæлты, йæ хæрæфыртты Мамсыраты хъæуы, Бруты, æмæ ма йын кæд лæгъстæ кодтой, уæддæр нал ныллæууыд: Цæцæны йæ бирæ хъуыддæгтæ уыд.

Муссæ æмбæрста, бæстæйы хицау ын паддзахыл йæ иузæрдиондзинады ныхæстыл кæй не ’ууæнды, уый, фæлæ сæ уæддæр стыр зæрдиаг хуызæй загъта. «Мæ зæгъинæгтæ йын загътон, ахъуыдыйы фаг ын сты. Куы нæ йæ уырной, уæддæр сæ, афтæмæй, кæдæм æмбæлы, уырдæм бахæццæ кæнæд. Чи йæ æмбара, уый мæ бузныг фæуыдзæн, — йæхинымæр дзырдта инæлар. — Уыйас хæххон адæмтæй фервæзын паддзахæн бирæйы аргъ у æмæ бар-æнæбары дæр разы кæндзæн».

Кæй зæгъын æй хъæуы, Муссæ æмбæрста, Лорис-Меликовæй дæр дзы цыдæртæ аразгæ кæй у, уый, фæлæ уæддæр сæйраг хъуыддаггæнæг уыди паддзахы æфсымæр цытджын Кънйаз Михаил Николаевич — Кавказы æнæаргъуыд паддзах. Уый цы зæгъдзæн, уымæ цы фæнд разындзæн, ууыл хъуыдытæ кодта Муссæ фæстæмæ здæхгæйæ. «Цæцæн ма иуцалдæр хатты куы схæцой æмæ сыл стыр зиантæ куы æрцæуа, уæд хъуыды кæныныл нал бафæстиат уыдзысты æмæ раджы уа, æрæджы уа, уæддæр сæ мæ ныхасмæ хъæуы», — Муссæйы уырныдта йæ рæстдзинад. Æмæ йæм уымæн æрцыд Осмæны-фыртимæ баныхас кæныны зонд дæр. Евдокимов куыд дзырдта, афтæмæй Садуллæйæн хæсгонд уыди, цæмæй цæцæн кæрæдзийы ма æмбарой, ууыл кусын. Уæдæ уырыссаг æфсады майор дзæгъæлы у?!

Йе ’фсымæр Афæхъоимæ куыд ныхасгонд уыд, афтæмæй Муссæйы ныццыдмæ Садуллæ хъуамæ сæхимæ уа. Наибæн Скъуыд Къохмæ фæндаг амонын нæ хъуыд, стæй хорз зыдта хæдзары хицауы рæдаудзинад. Муссæ йæ буц уазæгæн никуы ницы бахæлæг кодта æмæ йын-иу уый дæр бирæ арфæйы ныхæстæ загъта.

Куындыхы-фырт Садуллæйы æцæгдæр сæхимæ цæййæфта. Афæхъоимæ бадтысты, кæрты бæлæсты бын цы сæрдыгон уазæгуат уыди, уым бæркадджын фынджы уæлхъус.

— Уазæг нæм куы ис, — цинхуызæй загъта Муссæ, мидæмæ бахизгæйæ. — Салам алейкум, Садуллæ!

— Алейкум салам, инæлар, — дзуапп радта Садуллæ. — Табуафси, æмбæлæггаг — кæй уæрдоны бадай, уый зарæг кæн, фæзæгъынц сымахмæ.

Муссæ ануæзта тæнæг хрусталæй агуывзæйæ балыдонæй ахуырст арахъхъ. Уый фæстæ йæ къухтæ цæхсадта æмæ фынджы уæлхъус æрбадт.

Уайтагъд æй фæрсын райдыдтой Дзæуджыхъæуы, Ирыстоны хабæрттæй, радзырдта сын цы федта, цы фехъуыста, уыдон. Æрмæст ницы загъта, Терчы бæстæйы хицауимæ куыд сæмбæлд, уый тыххæй.

Садуллæйæн йæхи дæр бафарста:

— Цæцæны та уæм цы хабæрттæ ис?

Садуллæ ныуулæфыд.

— Хабæрттæ бирæ, стæй ма бонæй-бонмæ ногтæм дæр æнхъæлмæ кæсæм. Айфыццаг ма дын æй куы дзырдтон, адæм Куынтæ-хадзыйыл куыд æууæндынц, уый тыххæй. Æмæ та цæттæ сты хæцæнгæрзтæм бавналынмæ...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.