Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆРТЫККАГ ХАЙ 15 страница



Дыккаг изæр нын Сосыгко нæ кæрты сугты уæрдон акалдта.

***

Ацы хабар та мын Мæхæмæтты Ахуырбег радзырдта...

Уыди дыууæ хæрз æфсымæры. Сæ нæмттæ дæр æнгæс уыдысты: Куыдзи æмæ Куыдзыго. Иу мады зæнæг уæвгæйæ, сæхи дардтой фæйнæхуызон — иу дзы нуазаг уыди, иннæ та нозтмæ хæстæг нæ цыди, фæлæ-иу дыууæйы нæмттæ дæр уайдзæфы райхъуыстысты. Бирæ чи нызта, уымæн-иу загътой: «Æгæр Куыдзи дæр нæ бæззы!» Иу нуазын дæр чи нæ куымдта, уымæн та-иу загътой: «Æгæр Куыдзыго дæр нæ бæззы!»

Йæ мад амæла бæрцæн, æгъдæутты хистæр кæй хонынц! Æгæр бирæйæ куыннæ бæззы, афтæ нæ бæззы гыццылæй дæр.

***

Андиаты Сослан, Ходы Камал æмæ æз иу кæрты цæрæм. Нæ цин дæр æмæ нæ хъыг дæр иу вæййы. Сослан цавæр богал у, уый амонын никæмæн хъæуы, фæлæ йæ хæстæг чи нæ зоны, уыдонæн мæ бон зæгъын у: цытджын богалæй уæлдай ма у æцæг ирон лæг дæр. Æцæг ирон лæг та æвзæр сыхаг нæ вæййы. Хорз сыхæгтæ та, уæлдæр куыд загътон, афтæмæй хæларæй фæцæрынц. Цины сахат фæцин кæнынц иумæ, зын рæстæджы та кæрæдзийы фарсмæ æрбалæууынц.

Иу ахæм заман та кæрæдзийы фарсмæ æрбалæууыдыстæм зианы фæдыл. Нæ сыхæгты лæппуйæн йæ фондзыссæдзаздзыд фыдыхо амард æмæ хъæумæ цæуынмæ нæхи æррæвдз кодтам. Арæхдæр куыд вæййы, афтæ сабæттаг рагацау æмбырд кæныны хъуыдымæ æрцыдыстæм. Цæуынмæ куыд хъавыдыстæм, афтæ, нæ сыхæгтæй иуцасдæр чи айрæджы кодта, иу ахæм фæзынд æмæ Сосланы фæрсы:

— Фысгæ чи кæны?

— Ам Камал æмæ Музафер йеддæмæ ничи фыссы, — æцæгхуызæй йын дзуапп ратта Сослан.

***

Зондджын адæм цы нæ загътой, ахæм, æвæццæгæн, нал баззад. Мæсыг йæхи дурæй хæлы, зæгъгæ дæр уыцы зонды ныхæстæм хауы. Ноджы ма афтæ дæр загъдæуыд: хæлæг адæймагимæ райгуыры, фæлæ адæймагимæ нæ амæлы. Уый цæуы фæлтæрæй фæлтæрмæ æмæ кæддæриддæр фæзыны хорздзинады фарсмæ, амонды цур.

Хуытиты Елбыздыхъо — хъæубæстæ йæм цыбырдæр ном Быздæй дзырдтой — йæ рæстæджы цæрæг лæг уыди. Захъайы зылды, Абайты хъæу кæй хуыдтой, уым царди. Хохы тæккæ цъасы. Кæд дзы бухъхъ цардæн аккаг фадæттæ нæ уыди, уæддæр йæхи æгуыдзæгты номхыгъды фыссын нæ бауагъта. Йæ бирæ фосмæ зылди, æхсæв, бон нæ зыдта æмæ йæ бинонты дардта. Сыхæгтæй йæм хæлæггæнджытæ куыннæ хъуамæ уыдаид, уæлдайдæр магусайæ цæлуарзджытæй, бонæн баизæрæй чи нæ тарст, афтæмæй уæлкъуыппæй кæсын чи уарзта, уыдонæй. Æмæ хæлæг кодтой. Бафæзмыны бæсты йæ хорздзинæдтæ уынгæйæ, сæ цæсты фиутæ тадысты.

Уалынмæ ралæууыд ног дуг. Канд йæ фос ын нæ байстой, фæлæ ма йæ Сыбырмæ дæр ахастой. Дæс азы æмгъуыдмæ. Фæлæ та уым дæр йæхи æгуыдзæгæй нæ равдыста. Афтæ хорз куыста, æмæ йæ фондз азы фæстæ суæгъд кодтой. Æрмæст йæ цин бирæ нæ ахаста. Хæлæггæнджытæ та скуыстой. Хахуыр ыл кодтой, æмæ та йæ ногæй æрцахстой. Ацы хатт ын йæхи сраст кæныны фадат дæр нал раттой: цалдæр боны фæстæ йæ амардтой.

Фæстæдæр йæ фырт Таймураз Паддзахон æдасдзинады комитеты сбæлвырд кодта, чи æмæ йыл цытæ фæфыстой, уыдон. Чи уыдысты йæ бынгæнджытæ? Йæ сыхæгтæ, йæ хъæуккæгтæ, æмвынг кæимæ уыд, иу цæхх, иу кæрдзын кæимæ хордта, уыдон. Азымджын та йæ цæмæй кодтой? Сæйрагдæр æртæ хъуыддагæй.

Фыццаг. Колхозы бæх зайгæ-зайын сæ цæхæрадоны чъылдыммæ амард. Йæ тæф канд Хуытиты нæ хъыгдардта — йæ рæзты чи цыди, уыдоны се ’ппæты дæр, фæлæ йæ баныгæнынмæ йæ ныфс ничи хаста. Уыцы хæс йæхимæ райста Хуытийы-фырт. Галтæ баифтыгъта, бæхы мард сыфцæй хъæугæронмæ аласта, бон-сауизæрмæ зæхх фæкъахта, баныгæдта йæ, æмæ хъæубæстæ хъылмайы тæфæй фервæзтысты.

Хахуыргæнджытæн дын цъыф калынмæ ахæм фадат фæуа! Кæдæм хъуыд, уырдæм фæхабар кодтой, колхозы бæхы, дам, зайгæ-зайын баныгæдта...

Дыккаг хабар дæр фосимæ баст уыд. Цæвиттон, сæ хъæуы колхоз куы сарæзтой, уæд фосæн — адæмæй кæй æрæмбырд кодтой, уыцы фосæн — афоныл холлаг бацæттæ кæныныл нæ батыхстысты. Зымæг сæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æдзæллагæй æрæййæфта, æмæ катайы бацыдысты. Ныхасы бар Быздмæ куы ’рхауд, уæд сын бауайдзæф кодта, фосы мæт сæрды кæнын хъуыд, зæгъгæ, ныр, дам, сæ уæлæ лæсæны бынмæ батæрут, æмæ сыдæй мæлыны бæсты зæйы бын амæлæнт.

Ацы ныхæстæ дæр ахæм хуызы бавдыстæуыд, цыма Бызд, цæмæй колхоз фехæла, уый тыххæй фосы цæгъдын кодта.

Æртыккаг хабар дæр мысæггаг уыд. Сæ фосæй Хъызлармæ цы дзуджы скъæрдтой, уыимæ цæуын кодтой Бызды дæр, фæлæ йе ’нæниздзинад нæ амыдта: Сыбыры фондз азы фæуыны фæстиуджытæ йыл æртæфстысты. Дзырдхæсджытæ йын уый, цыма фыдæнæн кæны, ахæм хуызы бавдыстой.

Æппæт уыцы хахуыртæ сæм фаг нæ фæкастысты, фæлæ ахæм тауыс ауагътой, цыма йæм бирæ сызгъæрин ис, æмæ йæ хæдзары сисы амады бамбæхста. Хъæуы фæсивæд февнæлдтой æмæ Хуытийы-фырты хæдзар дургай райхæлдтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, ницы дзы ссардтой, фæлæ бинонты æнæ дарæг куыд фæкодтой, афтæ сæ фæкодтой æнæ хæдзар дæр...

Дзырд хæссынæн уæрæх фадæттæ куы вæййы, уæд ралæууы адæмы хуыздæрты цæгъдыны дуг дæр æмæ дзы, махмæйы хуызæн, æндæр ран спайдачындæуыд, уый æнхъæл нæ дæн.

***

Мæ фыццаг æртæ чиныгæн редактор уыди Мыртазты Барис. Уæлæнгай куыст нæ кодта. Куыдфæндыйы цæстæй нæ каст къухфыстмæ. Йæ бон цы уыд, уымæй архайдта, цæмæй чиныгкæсæгмæ хæрзхъæддæрæй фæхæццæ уа, ууыл. Фæлæ-иу иуæй-иу хатт йæ фиппаинагимæ зын сразы уæвæн уыд. Ахæм заман-иу стыхст, йæ бынатæй-иу фестад, афтæмæй мæнæн мæ бон кусын нæу, зæгъгæ. Ды нырма æрыгон дæ æмæ дæ хъару фылдæр у, æз та, дам, уыйбæрцыты фаг нæ дæн.

Æргом дзургæйæ, йæ ныхмæ лæууынæй ницы пайда уыд, уымæн æмæ-иу фылдæр хæттыты йæхи фæнд атардта...

Мæ дыккаг чиныг «Ракæндзынæн дын мæ зарæг»-ыл куыстам. Иу æмдзæвгæйы дзы уыд ахæм рæнхъытæ:

 

Ахстонау хæссын мæ зæрдæ гомæй,

Фæлæ йын хъæуы уæддæр дæгъæл.

 

Барисы зæрдæмæ цæмæдæр гæсгæ фыццаг рæнхъ нæ цыди æмæ йæ аивыныл ныллæууыд. Цы нæ йын фæкодтон, уадз æй, зæгъгæ. Нæ басасти. Кæрæдзимæ тызмæгæй дæр сдзырдтам, уæддæр йæхи фæнд атардта æмæ ахæм вариантыл æрлæууыдыстæм: «Æз хæссын лæппуйы зæрдæ гомæй...» Æрлæууыдыстæм, зæгъгæ, зæгъын, афтæмæй мæнæн æппындæр мæ зæрдæмæ нæ фæцыди, фæлæ редактор цы нæ кæны, автор цы нæ бары!

Рацыди афтæмæй чиныг. Æмдзæвгæ мын уыцы рæнхъы тыххæй фенад. Иуцасдæры фæстæ газеты фæзындысты Барисы ног æмдзæвгæтæ. Се ’хсæн уыд ахæм дыууæрæнхъон:

Ахстон у мæ зæрдæйы хуызæн,

Ма йæ хал, ыстыр хъыг мын уыдзæн.

Чехойты Сæрæби тынг цæстуарзон адæймаг уыд. Исчи-иу ын йæ ног фыстытæ куы каст æмæ-иу дзы искæцы æмдзæвгæ кæнæ рæнхъ йæ зæрдæмæ куы фæцыд, уæд-иу афтæ фæкодта: «Уый мæн куы уаид!» Барис мын афтæ куы загътаид, уыцы рæнхъ мæ зæрдæмæ цæуы æмæ-ма мын æй балæвар кæн, зæгъгæ, уæд мын бирæ æхсызгондæр уыдаид, стæй йын «нæгъ» зæгъын дæр нæ бафæрæзтаин. Æнхъæлдæн, Николай Асеев уыди, йæ рæнхъытæй кæцыдæр Маяковскийы зæрдæмæ фæцыд æмæ йын æй балæвар кодта.

Куы зæгъын, хъыг мын уыд, ме ’мдзæвгæ, мæн куыд фæндыд, афтæмæй кæй нæ рацыд, уый, фæлæ ме ’мдзæвгæ æнæвнæлдæй мæ чиныгæй дæр æмæ Барисы æмдзæвгæтæй дæр «Рæстдзинад» раздæр ныммыхуыр кодта. Мæнæй ма уый рох дæр фæци. Куы йæ ’рхъуыды кодтон, уæд мын дзæвгар фенцондæр.

***

Уæрæседзаутæ кæцы хъæуы нæ уыд, ахæм, æвæццæгæн, нæ разындзæн. Уыдысты Бæрæгъуыны дæр. Хуымæтæджы хъал уыдысты сæхицæй! Уæвгæ сæ дарæсæй хъал уыдысты зæгъын растдæр уыдзæн, уымæн æмæ сæм, æндæр цæмæй раппæлыдаиккой, ахæмæй ницы уыд. Сæ цырыхъхъытæ æмæ сæ дарæсы цæппæртæ-иу афтæ сæрттивын кодтой æмæ дам-иу асæст бон дæр цæхæртæ калдтой. Фынджы уæлхъус дæр сæхи уæлбикъон дард кодтой. Уæлæсыхаг Газакк сын сæ хъуын хорз ацагъта. Уæрæседзаутæ бирæ кæм уыд, иу ахæм куывды хистæрæн бадт æмæ, дам, ахæм сидт рауагъта:

— Цæй, уæдæ, цæппæр, цырыхъхъ æмæ тыхлæджы цæрæнбон бирæ уæд!

***

Мæ каистæн дыууæ цæхæрадоны ис. Иу — сæ хæдзары цур, иннæ Æрыдоны доны был. Йæ рæстæджы, кусæг ма сæ куы уыди, уæд дыууæ дæр цæхæртæ калдтой, ныр дзы иумæ дæр зилæг нал и, фæлæ. Уæд ма мæ бинойнаджы мад йæ къæхтыл цæуынхъом уыд. Йæ кæстæртæ дæр-иу æм фæкастысты. Цы хъуыдыйады кой ракæнынмæ хъавын, уый дæр уæд равзæрди.

Цæвиттон, доны былы цæхæрадонæн йæ бацæуæны хуымæтæджы дуар йеддæмæ ницы ис. Цæмæй йæ сывæллæттæй мачи бакæна, уый тыххæй-иу æй гуыдырæй сæхгæдтой. Гъе æмæ уыцы гуыдыр æмæ йæ дæгъæлы фæрцы æнæнхъæлæджы райгуырд ахæм тагъддзуринаг: доны былы цæхæрдоны дуары гуыдыры дæгъæл...

***

Ме ’рвад Герсан штольняйы куыста. Йæ сменæ-иу куы фæци, уæд-иу иннæты хуызæн йæ кусæнгæрзтæ сæрмагонд скъаппы бафснайдта, гуыдыр-иу ыл сæвæрдта, фæлæ-иу æй чидæр байгом кодта æмæ йын-иу йæ дзаумæттæ ахаста. Афтæ цалдæр хатты. Кусæнгæрзтæ ’лхæнынæй куы сфæлмæцыд, уæд бавдæлд, æмæ дынджыр бурхъус калм æрцахста (кæлмытæм тынг æмхиц уыд, дæсны уыд кæсаг ахсынмæ дæр) æмæ йæ скъаппы бавæрдта. Давæг та иуафон фæзынд. Цалынмæ дуар гом кодта, уæдмæ калм, æвæццæгæн, сызнæт æмæ, куыддæр фегом, афтæ йæ сыф-сыф ссыд. Къæрныхæн калмы ауынгæйæ йæ зæрдæ бахъарм. Герсан æй уадзыгæй æрбаййæфта.

Уæдæй фæстæмæ давæджы Мызуры ничиуал федта.

***

Уыцы аз август æнæхъæн бинонтæй дæр Мæскуыйы бынмæ фысджыты сфæлдыстадон хæдзар «Малеевка»-йы арвыстам. Кæд нæхицæй дыууæ мин километры дарддæр уыдыстæм, уæддæр мæ лæппуты хыл Мæскуыйы райдыдта.

Алан афтæ фæкодта:

— Нæхимæ куы ссæуæм, уæд фыццаг мæхи æз найдзынæн.

— Нæгъ, æз! — фæхъæр ыл кодта Тамерлан. — Æз хистæр дæн.

— Æз! — скæуæгау кодта Ацæмæз, — æз кæстæр дæн...

***

«Молодой коммунист»-ы цыбыр рæстæг Мамсыраты Муратимæ акуыстам. Иу сылгоймаджы дзы кæйдæр æрмæг адавгæ æрцахстон. Бафхæрдтон æй, æмæ мæм уый тыххæй фæхæрам. Иу хайады кæимæ куыста, уыцы лæппуйы дæр мыл сардыдта æмæ мæ ныхмæ архайын байдыдтой. Æргомæй сæ бон ницы уыд, фæлæ — сусæгæй.

Уый бавдæлд, æмæ мыл æнæном цъыфкалæн ныффыста. Кæдæм æй арвыста, уыдон мæм æй равдыстой. Писмо уыд джиппы уагъд дамгъæтæй фыст, фæлæ мын йæ ныффыссæг æнцон базонæн уыд. Уæд иуахæмы ацы Деликов чи у, уый Муратмæ бацыд æмæ йын афтæ зæгъы, чидæр, дам, мæ хъыгдары æмæ йыл ныффыссынмæ хъавын. Мурат ын афтæ куы бакæнид:

— Джиппæй фыст дамгъæтæй йыл ныффысс.

Лæппу цыдæр ахæрæгау фæци. Йæ дзыхæй ныхас дæр нал схауд, афтæмæй феддæдуар.

***

Æнæнхъæлæджы мæ æрæгвæззæджы Мæскуымæ цæуын бахъуыд. Мæ уæлæ плащæн цы скодтаин, уый нæ уыд. Мæ хæлæрттæй йæ кæмæндæр загътон, æмæ, дам, «Цæгирфæлхасцæдис»-мæ япойнаг плащтæ ’рбаластой. Сæрдарæй дзы куыста Баситы Ислам. Ахæм митæ никуы кодтон, фæлæ уæд ме ’гъдау фехæлдтон æмæ Исламмæ телефонæй ныдздзырдтон. Дзæбæх цæстæй мæм ракаст, афтæмæй хæстæг зонгæ дæр нæ уыдыстæм. Ныццыдтæн æм. Бацин мыл кодта, стæй иннæ уатæй тыхтонимæ рацыд. Райхæлдта йæ æмæ мæм дзуры:

— Абар-ма йæ.

Мæ тæккæ аккаг разынд.

— Æнæнизы дарæс дын фæуæд! Партийы обкомы дыккаг секретарь Павел Дьячукæн æй ныууагътон, фæлæ уал уый фæлæудзæн...

Ахæм ныхæстæ зæгъдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Æнæуи та мын сæ фехъусын æхсызгон уыд. Хицау æм бирæтау бынтон бæрзонд æвæрд кæй нæу, стæй уыцы хъуыддаг æргомæй кæй загъта, уымæй мæ цæсты дзæвгар фæкадджындæр, уымæн æмæ ахæм ми лæгдзинадыл дзурæг у.

Тынг адджынæн фæдардтон уыцы плащ. Уыимæ йын баихсийын æмæ базæронд уæвыны хъомыс нæй. Абон дæр ма ноджы хуызæнæй лæууы, афтæмæй йæ, куы зæгъын, даргæ бирæ фæкодтон.

***

Мæ иу зонгæйыл ацы аз цыппарыссæдз азы сæххæст, афтæмæй ма уæддæр уарзондзинадыл æмдзæвгæтæ фыссы. Омæ æгайтма фыссы, фæлæ иу сылгоймаджы йæхицæн аккагыл нæма банымадта. Ходы Камалимæ, нæ хорз зонгæйы хъысмæтыл сагъæс кæнгæйæ, æрцыдыстæм ахæм хъуыдымæ: «Уарзондзинадыл æртæфондзыссæдз æмдзæвгæйы ныффыссыны бæсты фæлтау иу ус куы ракуырдтаид, уæд хуыздæр уыдаид».

***

Ацы хабар мын Мзокты Валентин радзырдта. Се ’рвадæлтæй иу чидæр хицауы бынаты куыста æмæ хиуæттæй йæхимæ хæстæг никæй уагъта, æз, дам, куыстмæ, канд хиуæттæ нæ, фæлæ йæ мыггаг «м»-йæ кæмæн райдайы, уыдонæй дæр никæй исын.

***

Мамсыраты Мурат къамисæджы куыстмæ кæй арæхсы, уый йæ хæлæрттæ иууылдæр зыдтой. Ноджы йæ къамтæ газеты цæуын куы райдыдтой, уæд æй иууылдæр хуызисæгыл банымадтой. Йе ’ххуысы сæр-иу кæй бахъуыд, уыдонæй «нæ» никæмæн дзырдта. Йæ иу зонгæ, Давид, зæгъгæ, йæ чызджы моймæ лæвæрдта æмæ Муратмæ æрхатыд, афтæ æмæ афтæ, хуыцаубоны мæ чызджы дæтдзынæн æмæ, дам дзы къамтæ куы сисис, уæд дын æй никуы ферох кæнин. Зæрдæ йын бавæрдта æмæ ууыл сæ ныхас ахицæн. Мурат иудзæвгар ауад, афтæ Давид йæ фæстæ хъæр кæны:

— Дæхæдæг дæр-иу рацу!..

***

Арфæтæ алыхуызæттæ сты. «Дæ бон хорз!», «Дæ райсом хорз!», «Де ’зæр хорз!». Æмæ дзы алкæмæн дæр ис хицæн дзуапп: «Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд!», «Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд!», «Кæй изæр у, уый хорзæх дæ уæд!» Æрмæст цæмæдæр гæсгæ «Дæ сихор хорз!», зæгъгæ, никæмæн фæзæгъæм. Цæуылнæ, ууыл ныронг никуы ахъуыды кодтон. Фæлæ, уæлдæр цы арфæтæ ранымадтон, растдæр зæгъгæйæ та, цы дзуæппытæ сын рардæвæййы, уыдонмæ гæсгæ æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ: бон дæр, райсом дæр, изæр дæр дзæгъæл не сты:

 

Бонæн йæхийау йæ райсомæн ис

Изæры хуызæн, æвæццæгæн, хицау.

 

***

Зæрондæй æмдзæвгæтæ фыссынмæ чи бавналы, уыдонимæ дзурын бæллæх у. Фыссын кæй нæ зонынц, ууыл сæ ничи баууæндын кæндзæн. Хæфсæн йæ лæппын хуры тын у, уыдонæн та сæ лæппынтæ хуртæ сты.

Махмæ, ома «Ногдзау»-мæ дæр иу ахæм «фыссæг» фæцахуыр. Æмдзæвгæтæ нæ фыссы, зæгъгæ, уæд æм адæймаг ницы аипп ссарид.

Ирон æгъдауджын лæг цы уа, уый у. Фæлæ йæ йæ хæйрæджы хай æмдзæвгæтæм фæцарæзта æмæ йæхицæн, иуæй, сæрнизтæ аразы, иннæмæй — знæгтæ. Йе ’мдзæвгæтæ йын чи нæ фæмыхуыр кæны, уымæ дзыхæй нал фæдзуры, фыдгулы цæстæй йæм акæсы. Æрбахаста нæм йе ’мдзæвгæтæ. Рауадзыны аккаг нæ уыдысты, фæлæ дзы уæддæр, йæ зæрдæ йын балхæнæм, зæгъгæ, йæ тынг даргъ æмдзæвгæйæ цалдæр рæнхъы мыхуырмæ бацæттæ кодтам. Йæ зæрдæмæ нæ фæцыди, кæй йын æй ныццыбыртæ кодтам, уый æмæ йæ фæстæмæ ахаста. Ныр æй мах радон номыры сæвæрдтам, нывтæ дæр ма йын бацæттæ кодтам. Гæнæн нал уыд æмæ мæхицæн тагъд уыцы нывтимæ чи сфидыдтаид, ахæм æмдзæвгæ фысгæ ’рцыд. Мæнæ уыцы цалдæр рæнхъы:

 

Иу фæлтæр иннæуыл чи бæтты, уыдон

Адджын, зынаргъ ысты зæрдæйæн, удæн.

 

Намыс кæмæ у уæлдæр æвæрд цардæй,

Уый ном ыскъахын нæ бакомдзæн сартæй.

 

Адæмы низтæй цы лæг сæйы, уымæн

Тас нæу ысхъамыл уæвынæй йæ хуымæн.

 

Чи уа йæ кæстæртæй буц æмæ райгонд,

Уымæн цæудзæни йæ разæй йæ амонд.

 

Галиуæй рахиз кæмæ у хæстæгдæр,

Уый цыт цæрдзæни цыфæнды рæстæг дæр.

 

Чи уыд йæ заманы адæмæн уарзон,

Алкæцы дуг дæр уый хондзæн йæ фаззон.

 

Йæ сины саст фæрæстмæ и, зæгъгæ, дæр, æвæццæгæн, ахæм рæстæг фæзæгъынц. «Все что не случается, случается к лучшему», — уырысмæ та ахæм уадзæн ис.

***

Иу хатт Хуыдæлты Тепсыр Бæрæгъуыны уынгты æрцæйцыд æмæ лæппутæ иу рæгъы лæугæ куы ауыдта, уæд сæм дзуры:

— Фæрсæй-фæрстæм ма лæуут, исчи уыл кау абидзæн!

***

Иу лæппуйæн йæ цæст фæсахъат. Йæхи зонынхъом куы фæци, уæд йæ мады фæрсы:

— Мæ цæст цы кодта?

— Хæсгардимæ фæцæйтахтæ, размæ бахаудтæ æмæ йæ иу цыргъ кæрон дæ цæсты бауад.

— Æмæ мæм хæсгард цæмæн раттай?

— Бæргæ дын æй нæ лæвæрдтон, фæлæ кæугæ кодтай...

— Æмæ ма нырмæ дæр куыдтаин?

***

Иу лæппу иннæйы бæсты диктантæй фæлварæн дæттынмæ бацыд. Цæугæ бæргæ бакодта, фæлæ йæ балц нæ фæрæстмæ: «иу» райста.

Кæй бæсты бацыд, уый йын алывыд акалдта, мæхæдæг куы бацыдаин, уæд «дыууæ» уæддæр райстаин, зæгъгæ.

***

Фысджыты сфæлдыстадон хæдзары базонгæ дæн уырыссаг поэт Владимир Приходькоимæ. Сывæллæттæн бирæ чингуытæ ныффыста. Сфæнд кодта, Къоста сывæллæттæн цы ’мдзæвгæтæ ныффыста, уыдон уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кæнын æмæ сæ хицæн чиныгæй рауадзын. Æхсызгон мын уыди, Къостайæн ма ноджыдæр иу тæлмацгæнæг кæй фæзынди, уый. Æхсызгон ма мын уый тыххæй дæр уыди, æмæ мын фадат фæци, йæ «дзывылдар» ын уырыссагау дæр «дзывылдар» схонынæн.

Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ «дзывылдар» уырыссагау у «трясогузка», тæлмацгæнгæнджытæ та йæ раивтой æмæ схуыдтой «синица». Дзывылдар, хуссармæ чи атæхы æмæ йæ зымæг уым чи арвиты, ахæм маргъ у, синицæ — мит-митгæнаг (?) та ам баззайы. Уыцы хабæрттæ радзырдтон Владимирæн, «Дзывылдар» ын дæлрæнхъон тæлмац скодтон, æмæ фыццаг хатт Къостайы «Дзывылдар» уырыссагау «Трясогузка»-йæ рацыд. Приходько Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд схуыдта «А-ло-лай!». 1984 азы йæ мыхуыры рауагъта Мæскуыйы чиныгуадзæн «Малыш».

***

«Рæстдзинад»-ы дзырдбыдтæ ивгъуыд æнусы 60-æм азты фæзындысты. Фыццæгты уал сæ нæхи кусджытæ арæзтой. Йæ хъус сæм уæлдай тынгдæр дардта Хъуылаты Чермен. Радон номырмæ цы дзырдбыд бацæттæ кодта, уый бахаста редакторы хæдивæг Дзугаты Барисмæ. Уый йæм кæсы æмæ дзырд «кагор»-мæ бахæццæ. Ныр Чермен йæ уæлхъус лæууы. Фæрсы йæ:

— Ай цы у?

— «Кагор».

— Æмæ «Кагор» цы у?

— Ау, уый дын мæн амонын хъæуы? Зындгонд индиаг фыссæг.

— Дæуæн дæ сæры кагор йеддæмæ ницы и, — сбуста йыл кодта Барис, — æндæр индиаг фыссæг Тагор у, кагор нæ, фæлæ!

***

Ирон театры сæйраг режиссер Хуыгаты Геор мын йæ чиныг «Æрдхорд æфсымæртæ» балæвар кодта æмæ дзы ныффыста ахæм ныхæстæ: «Музафер, мæ хæлар! Мæ пьесæты чиныг дын лæвар кæнын, кæд смæсты уаис æмæ ды дæр пьесæтæ фыссын райдаис. Ахæм поэт, прозаик, театруарзаг æмæ иу пьесæ ма ныффысс! Хуыцау дæр дын æй нæ ныббардзæн æмæ æз дæр! Дæхи Хуыгаты Геор. 1998 азы 31 август, Дзæуджыхъæу».



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.