Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФЫЦЦАГ ХАЙ 30 страница



Æппæт фысджытæ «Рæстдзинад»-имæ æнгом баст нæ уыдысты. Ахæмтæ дзы уыд, æмæ-иу къордгай азты сæ ном газеты нæ фæзынди, афтæмæй-иу сæм дзургæ дæр кодтам, мæнæ ахæм æмæ ахæм фарстайы фæдыл дæ хъуыды куы зæгъис, уæд æвзæр нæ уаид, зæгъгæ. Фæлæ, куы зæгъын, адæймаджы ныхас-иу кæмæ фехъуыст, уыдон бирæ нæ уыдысты. Кæд мæ исчи æмбæрста æмæ газеты куыстыл аудыдта, уæд — Плиты Грис.

Сфæлдыстадон кусджыты æхсæн афтæ нымад у: æмдзæвгæтæ курдиатмæ, искæй фæндонмæ гæсгæ нæ фыссынц. Æмæ уый раст у. Фæлæ хаттæй-хатт афтæ вæййы, æмæ поэтæй цы фæдомынц, уый йæ мидхъуыдытимæ баиу вæййы, æмæ уæд райгуыры æцæг поэтикон уацмыс...

Фыццæгæм май æрбацæйхæццæ кодта. Уыцы рæстæджы та бæрæгбоны газет æмдзæвгæйæ фидыдта. Уый йæ ныр рохуаты ныууагътой, æндæр уæд кадджын уыд. Стæй канд бæрæгбоны заман нæ, фæлæ — кæддæриддæр. Æмдзæвгæтæ, радзырдтæ æмæ æндæр литературон уацмыстæ мыхуыр кæнын йæхицæн хæсыл нымадта мыхуыры кæцыфæнды оргæн дæр. Ныр литературон æрмæгæн, зæгъæн ис, æмæ йæ фæндæгтæ алы ранмæ дæр æхгæд сты. Уый дæр не ’намонд дуджы зылынгæнæг миниуджытæй иу у, уымæн æмæ удсыгъдæггæнæн фæрæзтыл къух кæм систæуыд, уыцы æхсæнадæн фидæн нæй. Кæннод цы уавæры ис фельетон? Кæцы газеты ма йыл уæ цæст æрхæцыд? Чи ма тырны йæ ныффыссынмæ? Æви нæ хъæндзинæдтыл былар бафтыдæуыд? Сатирæйы джебогъæй кæй ныррæхуыстæуа, уый нал ис? Ис! Раздæрæй — фылдæр! Ныры хуызæн никуы хъæуы бырæттæ хурмæ калын, фæлæ сæ чи кала, уый нал и, уымæн æмæ нæхæдæг бырæтты бын стæм. Къæрныхтæ æмæ фæлитойтæ къæлæтджынты бадынц. Цæстфæлдахджытæ сыгъдæгзæрдæ адæмæн зондамонæг сты. Давын кæй фæнды, уыдонæй иу дæр æнæдавгæ кæм нæу, уыцы бæстæ абон кæуинаг у, райсом хъарæггæнинаг...

О, æмæ майы бæрæгбонмæ æмдзæвгæ кæй бахъуыд, уый кой рацæйкодтон. Редакцимæ-иу хæддзуйæ дæр æрбацыд, бæрæгбоны номыры чи сфидыдтаид, ахæм æмдзæвгæтæ, фæлæ дзы уæд, зæрдæ кæмæй барухс уыдаид, ахæм нæ разынд, æмæ Грисмæ æххуысмæ фæдзырдтон. Раст зæгъын хъæуы, хъуыддаг къуырцдзæвæнмæ не ’руагътон: бæрæгбонмæ ма дзæвгар бонтæ уыд æмæ поэтмæ мæ ныфс уымæй дæр хастон, нырма рæстæг ис, æмæ ахъуыды кæн, зæгъгæ. Ахæм курдиатыл-иу Грис кæддæриддæр зивæггæнгæ æмбæлд. Иуæй йын йæ сæйраг куыст къуылымпы кодта, иннæмæй та кæйдæр фæндонмæ гæсгæ хорз æмдзæвгæ зын фыссæн у, Грис та лæмæгъ æмдзæвгæтæ фыссын ахуыр нæ уыд. Тынгæй-тынгдæр æм куы хатыдтон, уæд мын æппынфæстаг сразы, ахъуыды, дам, кæндзынæн. Цалдæр боны рацыд, æмæ поэт йæхæдæг æрбадзырдта, цыдæртæ ныххылы-мылы кодтон æмæ дæм сæ фæхæссын, зæгъгæ. Кæд, цы ныффыста, уый кæсгæ нæма бакодтон, уæддæр æууæндыдтæн, уацмыс кæй фæрæстмæ, ууыл, уымæн æмæ йæ иугæр Плийы-фырт газетмæ æрбахæссыны хъуыдымæ æрцыд, уæд дзы зæрдæхсаинаг ницыуал ис. Æмæ нæ фæрæдыдтæн.

Грис мæм, æдзухдæр куыд кодта, афтæ машинкæйыл мыхуыргондæй æрбахаста сæрмагондæй «Рæстдзинад»-æн цы ’мдзæвгæйыл фæкуыста, уый. Нæма мæм æй ратта, афтæ йыл рагацау тугтæ фæмысыди, лæмæгъ æй рахуыдта, кæй нæ фæрæстмæ, уымæн цалдæр æфсоны дæр ссардта. Æз æм хъуыстон, фæлæ тынг дызæрдыг кодтон йæ ныхæстыл, уымæн æмæ-иу уымæй размæ дæр йæ рæнхъыты тыххæй æндæрхуызон хъуыды никуы загъта. Райстон æмдзæвгæ æмæ йæ бакастæн. Мæ зæрдæмæ фæцыди. Арфæ йын ракодтон. Йæ къух райсынмæ йын хъавыдтæн, фæлæ мæм æй нæ лæвæрдта, хъазгæ мæ кæныс, зæгъгæ. Æз ын уæддæр йæ къух фидар нылхъывтон æмæ хъæрæй бакастæн, æмдзæвгæйæ тынгдæр мæ зæрдæмæ цы рæнхъытæ фæцыдысты, уыдон:

 

Уалдзæджы тæккæ цырены

Дуне амондыл фæхæст:

Раст апрелы райгуырд Ленин

Æмæ майы амард хæст!

 

Бакастæн, зæгъгæ, загътон, фæлæ сæ дзургæ ракодтон, гæххæтмæ иу хатт дæр не ’ркастæн, афтæмæй. Раст зæгъын хъæуы, уымæй размæ сыл мæхинымæр цалдæр хатты мæ цæст ахастон æмæ сæ куы бахъуыды кодтон, уæд сæ авторы цур радзырдтон. Уымæй ма йын йæ зæрдæ ноджы тынгдæр балхæдтон. Раздæр ын цы ныхæстæ загътон, уыдоныл кæд истæмæй дызæрдыг кодта, уæд, мæнмæ гæсгæ, уыцы дызæрдыгдзинадæн йæ кой дæр нал уыд.

— Оу, дæ цæрæнбон бирæ уа, — ныр та мын мæ къух Грис райста, — мæ зæрдæ мын æнæнхъæлæджы чи барухс кодта!

Ахæм цаутæ ма мæ бон ноджыдæр æрымысын у, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, æрмæст ацы хабар дæр фаг у, цæмæй мын Грис куыд æххуыс кодта, уый цæстытыл ауайа, уымæн.

Поэт-иу мæм йæхæдæг стæм хатт æрбахаста йæ фыстытæ. Фылдæр хатт-иу æм мæхæдæг æрхатыдтон. Фæлæ йæ «Рагон Ир», бирæ хъыцъыдæттæ йын чи баназын кодта æмæ мæнæн дæр фыдæбоны хос чи фæци, йæ уыцы æмдзæвгæ йæхæдæг æрбахаста. Бакастæн æй, иу хатт нæ, фæлæ цалдæр хатты, йæхæдæг дæр мæ цуры уыд, афтæмæй. Иуцасдæр мæ бон сдзурын ницы баци. Цы историон цауты тыххæй фыста, уыдонæй зæрдæ йæхи къултыл хоста, кæд сыл бирæ æнустæ рацыд, уæддæр сæ æгъатырдзинадæй адæймаджы зоныгдзавд кодтой.

— Æцæг уыди нæ историйы ахæм хабæрттæ? — æмдзæвгæйы тыххæй мæ хъуыды зæгъыны бæсты бафарстон æз.

— Архивты æрмæгæй пайда кодтон.

Æз æнæуи дæр зыдтон, æрымысæггаг цауты бындурыл ахæм æмдзæвгæ ныффыссыны ныфс кæй никæмæ разындзæн — уæлдайдæр Плиты Грисмæ — уый. Поэт мын радзырдта, нæ фыдæлтæ хæстон адæм кæй уыдысты æмæ-иу, цæмæй æхца бакусой, уый тыххæй æххуырсты бацыдысты. Афтæ дæр-иу рауад, æмæ-иу кæрæдзиимæ чи хæцыд, уыдон-иу дыууæты дæр баххуырстой æмæ-иу знæгтæ знæгты цæгъдыны бæсты алантæ аланты цагътой. Ме ’ргом ма цæмæ аздæхтон: майы бæрæгбонмæ цы ’мдзæвгæ ныффыста, уыимæ йæ ритмикæ иухуызон уыд æмæ дзы рефренæй æрттывта ахæм хъуыды:

 

Цæй, цы ма йыл дзурæм бирæ

Ахæм диссаг рауад хæст:

Кард бæрзонд фæхæссы ирон

Æмæ ирон сæрæн — дзæхст!

 

Хæст, дам, диссаг рауад! Хæст туг æмæ мардæй хæст куы у, уæд æй, цымæ, поэт «диссаг» цæмæн хоны, Царциаты диссаг, чи никуыма ’рцыд, ахæм диссаг? Кæд, мыййаг, ирон кард бæрзонд кæй фæхæссы, уымæн? Æмæ ирæттæй уæлдай иннæтæн тохы бацæугæйæ сæ кæрдтæ сæ кæрддзæмты тъыстæй баззайынц? Нæ, поэтмæ диссаг æндæр цыдæр кæсы. Уыцы «æндæр цыдæр» та уый мидæг ис, æмæ ирон ироны сæр кæй ныдздзæхст ласы. Ноджы йын кæцы ранмæ бахъавы? Йæ сæрмæ! Калмæн цы ми бакæнынц, ахæм ми йын бакæны: йæ сæр ын йæ гуырæй фæхицæн кæны. Гъе æмæ уыцы æвирхъау цау Грис хурмæ рахаста бирæ æнусты фæстæ, абоны фæлтæртæн радзырдта, цы уыди, уыдæттæ, æмæ сæм сиды, цæмæй ахæм хъуыддæгтæй сæхи бахъахъхъæной, фыдæлты æвирхъау рæдыд мауал æруадзой.

Æмдзæвгæ мæ зæрдæмæ фæцыди. Грисæн дæр æй загътон, æмæ ууыл нæ ныхас ахицæн. Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодтон. Редакторы размæ йæ секретариаты бакастысты, фæлæ дзы йæ къух ничи æрæвæрдта. Хъаныхъуаты Валодямæ йæ афтæмæй бахастой. Цæуыл ныхас кодтой, уый цæмæй зыдтон, фæлæ редактор, æмдзæвгæ йæ къухы, афтæмæй мæ кусæн уатмæ æрбацыд.

— Ацы æмдзæвгæйæн цы кæнæм? — бафарста мæ Валодя.

— Мæнмæ гæсгæ, дæтгæ у.

— Исты ныхас нæм дзы куы ’рхауа...

Æргом дзургæйæ, æз мæхæдæг дæр æдас нæ уыдтæн. Куыддæр æй бакастæн, афтæ дæр мæм цыдæр дызæрдыгдзинады хъуыдытæ сæвзæрд, мæ мидæг цы цензор бадт, уый мын мæ размæ цыдæр цæлхдуртæ æвæрдта, къухбакæнæнтæ йæм кæй агурдзысты, уый мæ рагацау дæр уырныдта. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд ыл секретариаты сæ къух æрæвæрдтаиккой, уæд мæм æй редактор дæр нал æрбахастаид. Мæхи кой куы кæнон, уæд мæ фæндон фидар уыд: мыхуыр кæнын æй хъæуы. Чифæнды цыфæнды дзурæд — дзуапп сын ратдзыстæм. Грисæй мæ фидар ныфс уыдис: архивы документтæ йæм цæттæйæ лæууыдысты. Валодя мæ коммæ бакаст æмæ дзы мæ цуры йæ къух бафыста, цы уа, уый уæд, зæгъгæ. Раст зæгъгæйæ, тынг дзы фæбузныг дæн, уымæн æмæ тарстæн, секретариаты йæ кæй нæ бафыстой, уый йæ куы бакъуылымпы кæна æмæ йын йæ фæндаг куы ’рæхгæна, уымæй. Разыйæ дзы кæй баззадтæн, уый исты хуызы куы равдыстаин, уый мæ фæндыд æмæ, куы фæцæйцыд, уæд ма йæ фæстæ адзырдтон:

— Бæрнондзинад æз мæхимæ райсдзынæн...

Уæвгæ æз мæхимæ цыфæнды бæрнондзинад куы райстаин, уæддæр дзуапп дæттын редакторы хъуыд.

Æмдзæвгæйы рацыдмæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Уымæй ноджы къаддæр æнхъæлмæ кæсын бахъуыд, фысджыты иу хай йæ ныхмæ куы сыстад, уыцы рæстæгмæ. Редакторы телефон, æвæццæгæн, уыцы бонæй арæхдæр никуы дзæнгæрæг кодта. Дзырдтой йæм, æппындæр æрбадзурынæнхъæл кæмæн нæ уыдтæн, уыдон дæр. Æмæ цы нæ хуызы фаудтой æмдзæвгæйы?! Цæмæй нæ зылынджын кодтой авторы?! Ирон адæмыл цъыф калы! Нæ кадджын фыдæлты нын цæсты æфтауы! Нæ истори нын зыгъуыммæйæ æвдисы!..

Валодя мæм йæ кабинетмæ фæдзырдта:

— Уыцы дæлæмæдзыдмæ мæ хъусын хъуыди!..

Уый секретариаты кусæгæй загъта. Куыд бамбæрстон, афтæмæй йын æй уый мыхуыр кæнын нæ уагъта.

— Уæд дæр дын куы загътон: æз цæттæ дæн дзуапп раттынмæ кæйфæнды раз дæр...

— Ды цæттæ дæ, фæлæ дзургæ иууылдæр мæнмæ кæнынц... Æмæ канд фысджытæ куы уаиккой. Ныртæккæ та мæм Дзампаты Мæирбег дзырдта.

Уыцы рæстæг Мæирбег куыста партийы Цæгат Ирыстоны обкомы мыхуыры секторы сæргълæууæгæй.

— Фысджытæ, дам, æмдзæвгæйы ныхмæ радзурынмæ хъавынц. Цæдисæй дæр мæм дзырдтой. Æвæццæгæн, сæ писмо мыхуыргæнгæ æрцæудзæн...

Æргом дзургæйæ, фысджытæ ахæм æмзонд разындзысты, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Грисы ныхмæ дзурынц, ирон ироны сæр куыд хъуамæ ныдздзæхст ласа, зæгъгæ, фæлæ цымæ ирæттæ уæвгæйæ, ныртæккæ ироны ныхмæ нæ сыстадысты?

Æрбахастой мæм сæ иумæйаг писмо. Хæсгæ йæ редактормæ ’рбакодтой, фæлæ йæ мыхуырмæ бацæттæ кæнын мæхимæ ’рхауди. Кæй зæгъын æй хъæуы, зын уыд ахæм æрмæгыл кусын, фæлæ гæнæн нæ уыд: партийы обком æй дæттын кодта. Уый ныхмæ æрлæууын та дæ сæрæй æфсæн сис батонынмæ куы хъавай, уый хуызæн уыд...

Кæддæр цыдæр ныхас рауад, æмæ æппынфæстаг партийы обком æмæ газетты æхсæн ахастдзинæдтæм рахызтыстæм. Нæ кусджытæй иу, Томайты Дзантемыр дын афтæ куы бакæнид: «Ацы обком ма нæ куы нæ хъыгдарид...» Уыйау, иугæр хъуыддаджы обком бацыд, уæд ын хорзæй ахицæнмæ æнхъæлмæ ма кæс. Фысджыты писмо ныммыхуыр кæныны размæ мæм Дзампайы-фырт æрдзырдта, кæд газеты æмæ уыциу рæстæг Грисы фарс фысджытæй исчи рахæцдзæн, уæд ын зæгъ, æмæ йæ хъуыдытæ ныффысса æмæ сæ мæныл сæмбæлын кæна. Нал æй хъуыды кæнын, кæд ма æндæр искæмæн дæр загътон, уæддæр, фæлæ мын фысгæ Малиты Васо йеддæмæ ничи ныккодта. Обкоммæ схæссыны размæ йæ мæнмæ дæр равдыста æмæ мæ зæрдæмæ фæцыд. Мæхæдæг куыд хъуыды кодтон æмдзæвгæйы тыххæй, Васо дæр дзы афтæ загъта. Йæ фыст ын æз бакастæн, уый Мæирбег нæ зыдта æмæ мын æмдзæвгæйы тыххæй йæхи хъуыдытæ куы дзырдта, уæд дзы фæкодта, Васойы фысты цы бакаст, уыдонæй дæр. Дзампайы-фырт райдайæнæй фæстæмæ дæр газеты фарс уыд æмæ, цас йæ бон уыд, уыйбæрц архайдта уавæр фæлæмæгъдæр кæныныл, фæлæ йын дзы ницы рауад. Фысджытæ дæсæй сæ къухтæ кæм бавæрдтой, уыцы писмо мыхуыргонд æрцыд 1968 азы 21 сентябры.

Хъуыддаг ууыл ахицæн уыдзæн, уый æнхъæл, чи зоны, редактор уыди, фæлæ мæнæн дзæвгар рæстæг ме уæнджы мигъ бадти: искæцырдыгæй ма мын куы смаст кæной, уымæй тарстæн, фæлæ Хуыцау мæ фарс уыд, æмæ ныхас дæр никæмæйуал фехъуыстон.

Бæстæ куы ’рсабыр, æмæ Грисæн, цы зæгъинаг уыдысты, фæлæ йын цы зæгъын не ’мбæлд, уый куы загътой, уæд ма йыл мидбылхудгæйæ æз дæр бафтыдтон:

Дзомс бæрзонд фæхаста обком

Æмæ Грисы сæрæн — дзæхст!

Грис хъæлдзæг адæймаг уыди, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд нæ фæрæдидзынæн. Уарзта хъазын æмæ худын. Уыимæ йæхиуыл дæр нæ ауæрста. Зæрондæрдæм цæстæй хорз нал уыдта æмæ уымæй тыхсгæ куыннæ кодта, фæлæ æрхæндæг йæхимæ хæстæг нæ уагъта. Йæ цурмæ æрбацæугæйæ-иу дæ фылдæр хатт нæ базыдтаид, фæлæ дæ дзыхæй ныхас схауд, зæгъгæ, уæд-иу дæм уайтагъд дæ номæй сдзырдтаид, арфæ дын-иу ракодтаид æмæ ма-иу йæ ныхасмæ бафтыдтаид:

— Нал дæ базыдтон, уæйыг-лæг, нал, саугуырм бадæн, къодах дæр къодах æмæ æз дæр къодах...

1964 азы Цæгат Ирыстоны автономийыл сæххæст дыууиссæдз азы. Кадджын бæрæгбонмæ республикæйы æппæт фæллойгæнджытимæ сæхи цæттæ кодтой аивад æмæ литературæйы кусджытæ дæр. Мæскуыйæ ссыдысты центрон мыхуыры минæвæрттæ, уыдонимæ æрвылкъуырион газет «Литературная Россия»-йы уацхæссæг, зындгонд фыссæг, «Нарты кадджытæ» уырыссаг æвзагмæ тæлмацгæнæг Юрий Либединскийы бинойнаг Лидия. Уымæн йæ зæрды уыди стыр æрмæг ныффыссын. Цæгат Ирыстоны юбилейы бон хъуамæ сæ газеты фыццаг фарсыл раттаиккой ирон фысджыты къорды хуызист. Хъуыды ма йæ кæнын, уæд фысджыты Цæдисы сæрдарæй куыста Цæгæраты Максим. Телефонæй мæм сдзырдта, хъуыддагæн мæ хъæуыс, зæгъгæ, æмæ фысджыты Цæдисмæ æрцыдтæн. Куыд бамбæрстон, афтæмæй хистæр фысджытимæ хъуамæ æрыгæттæй дæр исчи уыдаид æмæ уыцы «исчийæн» мæн равзæрстой. Хуыз исыны бар та æрхаудта газет «Социалистическая Осетия»-йы къамисæг Евгений Мозговмæ.

Цалдæр машинæйы бабадтысты разагъды ирон фысджытæ Мамсыраты Дæбе, Токаты Асæх, Дзадтиаты Тотырбег, Ардасенты Хадзыбатыр, Хъайтыхъты Геор, Плиты Грис, Цæгæраты Максим, Цырыхаты Михал æмæ ацы рæхъыты автор. Уæдмæ мæнæн мыхуыры иу чиныг дæр нæма рацыд (ме ’мдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд «Фыды фарн» уыди типографимæ арвитынæввонг), фæлæ, æвæццæгæн, нæ хистæрты, фæсивæдмæ фаг хъус нæ дардтой, зæгъгæ, кæй фæфауæм, уымæй бынтон раст нæ вæййæм, æндæр, сæ кой Ирыстоны арæнтæй кæмæн айхъуыст, уыдоны æхсæнмæ, нымадæй цалдæр æмдзæвгæйы чи ныммыхуыр кодта, ахæм лæппу нæ бахаудаид...

Мозгов раззаг машинæйы бадт æмæ шофыр уый амындтытæ æххæст кодта. Евгений, къам кæм хуыздæр рауайдзæн, уый зыдта æмæ нæ Арвы комы рæсугъддæр бынæттæй иу ранмæ баласта. Йæ алыварсмæ бирæ фæракæс-бакæсы фæстæ нæ къардиугонды нæууыл æрбадын кодта. Не ’ппæты дæр, Хъайтыхъты Георæй фæстæмæ. Куыддæр хуыз исыны рæстæг æрхæццæ, афтæ нæм Мозгов дзуры:

— Иууылдæр Геормæ кæсут.

Грис, цыма уыцы ныхæстæм рагæй æнхъæлмæ каст, уый хуызæн афтæ куы фæкæнид:

— Æмæ дæумæ гæсгæ уый æнцон хъуыддаг у?

Иууылдæр ныххудтысты. Худти Геор йæхæдæг дæр.

Æппынфæстаг уæддæр Грисы фæндон фæуæлахиз. Къамы рауадыстæм, Геормæ нæ, фæлæ иуварсæрдæм кæсгæйæ...

Грисимæ нæ хæлардзинад нæ фæлæмæгъдæр, Цæгат Ирыстоны телеуынынад æмæ радиохъусынады комитет æмæ «Ногдзау»-ы кусын куы райдыдтон, уæд дæр. Хъуыды ма кæнын, йæ поэмæ «Мады фæдзæхст» Цæгат Ирыстоны адæмон артист Темыраты Дауытæн куы бакæсын кодтам, уæд ын цы стыр æхсызгондзинад æрхастам, уый. Куыддæр æй фыццаг хатт ралæвæрдтам, афтæ мæм Грис телефонæй æрбадзырдта æмæ мын диссаджы арфæтæ фæкодта. Махæй уыйбæрц бузныг кæм фæци, уым Темыраты Дауытæн йæхицæн цы ныхæстæ загътаид, уый зын бамбарæн нæ уыд.

Æмæ ма ноджыдæр иу ахæм чысыл цау. Æртæ азæй чысыл фылдæр акуыстон партийы обкомы политикон Рухсады хæдзары, ныртæккæ Аивæдты хæдзар кæм и, уыцы агъуысты æртыккæгæм уæладзыджы. Грис, кæд нæ рæдийын, уæд фыста йæ зындгонд трагеди «Сослан Цæрадзон». Æвæццæгæн ын сæхимæ кусыны фадæттæ нæ уыд æмæ политикон Рухсады хæдзары разамындæй ракуырдта, цæмæй йын уæгъд уæттæй иуы кусыны бар раттой. Кæй зæгъын æй хъæуы, дыууæ нæ загътой йæ фæндоныл, æмæ къорд рæстæджыты Грис алы бон дæр цыди æртыккæгæм уæладзыгмæ, мæ кусæнуаты фарсмæ цы агъуыст уыди, уырдæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, æз æй никуы ницæмæй бахъыгдардтон, фæлæ йын цы уат раттой, уый рæзты фæцæйцæугæйæ-иу арæх хъуыстон йæ хъæрæй ныхас. Цы ныффыста, уый-иу каст, æви цы ныффыссинаг уыд, уый-иу раздæр дзырдта, уый зын равзарæн уыд, фæлæ рахатыдтон, йæ хъæлæс раив-баив кæй кодта.

Раздæр куыд загътон, афтæмæй Плиты бинонтимæ се ’ппæтимæ дæр базонгæ дæн. Левæимæ иу рæстæджы куыстам телерадиокомитеты. Алан кæд мæнæй цалдæр мæйы кæстæр у, уæддæр уыди мæ ахуыргæнæг Мæскуыйы СЦКП-йы ЦК-йы цур Уæлдæр партион скъолайы. Уым стыр кад уыди философон наукæты доктор, профессор Плиты Аланæн. Махæн касти философи. Йæ предметæй паддзахадон фæлварæнты райстон «иттæг хорз» бæрæггæнæн. Стæй канд уый предметæй нæ, фæлæ иннæ предметтæй дæр. Цыбыр ныхасæй, Уæлдæр партион скъола каст фæдæн «сырх дипломимæ». Мæскуыйы базонгæ дæн Грисы чызг Мæдинæимæ. Уæд кæнæ аспирантурæйы ахуыр кодта, кæнæ уырдæм фæлварæнтæ лæвæрдта...

Адæймаджы цардæн райдайæнау ис кæрон. Нал сты Грис æмæ Афассæ, нал ис сæ хистæр фырт Левæ дæр, фæлæ дзы алчидæр йæ фæстæ ныууагъта, адæмæн циндзинад чи хæсдзæн, ахæм сфæлдыстадон бынтæ, сæ иу литературæйы, иннæ — театры, аннæ та — кинойы аивады...

XV

Абайты Васойы ном мæ чысылæй фæстæмæ хъусын. Кæд ма исты зонын, уæд ахуыргæнæн чингуытæй кæцыдæры ахæм фыст уыди: «Абайты Васо у профессор». Уымæй размæ дæр профессор мæ цæсты кадджын куыннæ уыдаид, фæлæ ахæм ном ирон лæг кæй хæссы, уый куы базыдтон, уæд дзы цыма æз дæр цыдæр хайджын уыдтæн, афтæ мæм касти. Ноджы мæ фыды фыдыхо Лубæ алагираг Абайты Максимы бинойнаг уыд, æмæ мын уый дæр мæ циндзинадыл æфтыдта: Васойы цæмæдæр гæсгæ мæхицæн хионыл нымадтон.

Адæймаг куы цæра, уæд йæ карыл куыннæ хъуамæ æфта! Рæстæг куыд цыди, афтæ арæхæй-арæхдæр хъуыстон номдзыд ахуыргонды ном. Пединституты ахуыр кæнын куы райдыдтон, уыцы азты фæзынди мыхуыры «Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат». Уæды фæсивæдæн уый стыр æхсызгон хабар уыди, æмæ кæд цыфæнды цыбыркъух уыдыстæм, уæддæр æй чи нæ балхæдта, ахæм бирæ разындаид, уый мæ нæ уырны. Æхсæз æмæ дыууиссæдз азы размæ федта «Дзырдуат»-ы фыццаг том дунейы рухс, фæлæ йæ ныр дæр мæ къухмæ куы райсын, уæд ын æппæты фыццаг фæкомкоммæ вæййын, йæ раззаг фарсыл цы фыст ис, уымæ: «Арын дзы мæ мады ном».

Цас æмæ цас æнкъарæнтæ ис ацы цалдæр дзырды! Цал æмæ цал хъуыдыйыл бафтауынц, йæхи æцæг адæймаг чи хоны, сæйрагдæр та, адæм ахæм лæгыл кæй нымайынц, уый! Афтæ куы зæгъæм, Абайты Васойæн йæ бирæ ахсджиаг æмæ бындурон куыстыты æхсæн сæ тæккæ сæйрагдæр æмæ цæстыахадгæдæр «Дзырдуат» у, зæгъгæ, уæд нæ фæрæдидзыстæм. Гъе æмæ йæ уыцы æвæджиауы чиныгæй — кæд ын иу сæргонд ис, уæддæр фондз чиныгæй арæзт у — Абайы-фырт ссардта, лæгæн æппæты зынаргъдæр æмæ уарзондæр чи у, уый — ныййарæджы ном. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ æрмæст уыцы цалдæр дзырды дæр æвдисæн сты, Васойы риуы цавæр зæрдæ тæлфыд, уымæн. Æнахуыргонд хæххон сылгоймаг, ома Васойы мад, абон æгас куы уаид, уæд йæ хъæбулы чингуытæй бирæ цыдæртæ базонын йæ бон нæ бауид, фæлæ хорз æмбарид, Васо сыл йæ æнусы æмбай цард нывондæн кæй æрхаста, йæ уды фылдæр хъарутæ кæуыл бахардз кодта, уыцы фæллойæ та йын йæ ном кæй ссардта. Æмæ кæд афтæ фæзæгъынц, ныййарæджы фыдæбон ничи бафыста, зæгъгæ — æмæ уымæй раст вæййынц — уæддæр æз бафиппаин: кæд искуы исчи ныййарæджы раз йæ хæс бафидынмæ хæстæг бацыд, уæд уыдоны фыццаг рæнхъыты лæууы, йæ мады сыгъдæг цæсгом хъуыдыгæнæг, мæрдтæм ын йæ бирæ лæггæдтæ бафидæг Абайты Васо дæр...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.