Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФЫЦЦАГ ХАЙ 28 страница



Уæлдæр ма йæ куы загътон, редакцийы æз бирæ азты дæргъы нымад уыдтæн кæстæрыл. Мæ фæстæ кусынмæ чи цæуа, уыдон мæ кæд иуцасдæр фæхистæр кæниккой, зæгъгæ, æнхъæлмæ кастæн, фæлæ та-иу кæс æмæ мæнæй цыппар-фондз кæнæ фылдæр азтæ карджындæр разындысты. Нымадæй цалдæр мæйы акуыстон, афтæ нæм фæзынд ног кусæг — Хæблиаты Сафар. Институты иу рæстæджы ахуыр кодтам, æрмæст уый æртæ курсы уæлдæр уыд, стæй историон хайады, æз та — филологон. Йемæ иу курсы уыдысты Боциты Юрий, фыссæг Бароны фырт, Цыбырты Людвиг, Хуссар Ирыстоны фидæны фыццаг президент, Гетъоты Юрий, Кучиты Васо æмæ бирæ æндæртæ. Чысыл фæстæдæр нæ кусджыты нымæцыл бафтыдысты Хостыхъоты Зинæ, Бæциаты Агуыдз, Бицъоты Гришæ, Икъоты Юрий, Тепсыхъоты Зоя, Тыджыты Юрий, Мамсыраты Мурат...

Уыцы рæстæджы Цæгат Ирыстонæн хæлардзинады бастдзинæдтæ сфидар Болгарийы Адæмон Республикæйы Кырджалийы округимæ. Кæрæдзимæ æрвыстой делегацитæ. «Рæстдзинад» бахæлар Кырджалийы окруджы газет «Нов живот»-ы («Ног цард»-ы) редакциимæ. Ирон журналисттæ-иу абалц кодтой æфсымæрон бæстæмæ, уыдоны минæвæрттæ та-иу ардæм æрбацыдысты. Мæхи дæр мын ахуыдтой Болгаримæ. Базонгæ дæн нæ хæлар адæмы цардимæ, федтон сын сæ бæстæйы рæсугъддзинæдтæ. Мæ балцы хабæрттæ фысгæ дæр ныккодтон, мыхуыргонд æрцыдысты иронау дæр æмæ уырыссагау дæр.

Иуахæмы та нæм Болгарийæ æрбацыдысты цалдæрæй. Хъуамæ сæ базонгæ кодтаиккам Ирыстонимæ, фенын сын кодтаиккам нæ хæхтæ æмæ фæзтæ. Алы бон дæр-иу нæ кусджытæй хъуамæ семæ исчи ацыдаид. Иу бон та сæ редактор Мамсыраты Муратимæ нæ бар бакодта.

Кæдæм ацæуæм, зæгъгæ, ныхас куы рацыд, уæд Мурат загъта: Дæргъæвсгоммæ. Йæ фæнд мæ зæрдæмæ фæцыди. Иуæй, уазджытæн цы равдыстаиккам, уый уыди, иннæмæй та ацы комбæстæ уыди Мураты фыдæлты уæзæг æмæ нæ, мæ нымадмæ гæсгæ, фысымыл тыхсын дæр нæ хъуыдаид.

Редактор нын йæ машинæ ратта æмæ дыккаг бон райсомæй араст стæм. Æнхъæлдтон, «Мæрдты горæтæй» райдайдзыстæм, стæй дарддæр нæ фæндаг дарддзыстæм, зæгъгæ, фæлæ фæндагамонæг Мурат уыд æмæ нæ шофырæн комкоммæ Мамсыраты мæсыджы бынмæ баласын кодта. Аргъæутты бæстæйы æрфистæг стæм, уæдæ цы уыдаид. Кæдæмфæнды куы акастаис, уæддæр зæрдæ рухс кодта. Айнæг къæдзæхтæ æмæ æнусон цъититы уындæй лæгыл базыртæ зади. Уазджытæ æрдзмæ кæсынæй нал æфсæстыты. Мурат та мæсыджы алыварс разил-базил кодта, æнхъæлмæ каст, уазджытæ йæ фыдæлты гæнах кæд бафиппайдзысты, уымæ, фæлæ уыдон хæхтæм кæсыныл фесты. Кæд ныхас болгайрагау кодтой, уæддæр зын бамбарæн нæ уыд, нæ хъæздыг æрдзæй нын кæй æппæлыдысты, уый. Мурат мæсыджы алыварс зилынæй куы бафæллад, уæд уазджыты цурмæ æрбацыд æмæ гæнахæй æппæлын райдыдта. Дзургæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уырыссагау кодта, фæлæ йæ ныхас ирон æвзагмæ тæлмацгондæй уыдаид афтæ:

— Ацы мæсыгæй бæрзонддæр Ирыстоны нæй. Аразгæ та йæ скодтой мæ фыдæлтæ. Хонгæ дæр æй Мамсыраты мæсыг кæнынц. — Мурат мæнæрдæм æрбакаст æмæ, йæ мидбылты бахудгæйæ, дарддæр дзырдта: Фæлæ Дзасохтæм нæ мæсыджы æмбисы йас мæсыг дæр нæй.

Æз ын уырыссагау афтæ куы бакæнин:

— Мурат, соловья башнями не кормят, ты лучше скажи, где здесь Мамсуровы живут. Пусть они покажут, как могут угощать гостей.

Мурат, æвæццæгæн, уырыссагау æваст цы дзуапп раттаид, уымæ нæ сарæхст æмæ мын саст хъæлæсæй иронау загъта:

— Омæ æз амы Мамсыратæм никуы уыдтæн æмæ æнæзонгæ хæдзармæ уазджыты куыд бакæнон?

— Уæд та дæ дзыхыл хæц æмæ дæ ничи ницæуыл домдзæн, — дзуапп ын раттон æз дæр иронау.

Уазджытæн, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ хъазæн ныхæстæ рафæзмыдтам æмæ уыдоныл дæр худæг бахæцыд. Уыцы бон суанг изæрмæ хæхтыл фæзылдыстæм. Цыбыр дзырдæй, уазджытæ хъæстагæй ницæмæй баззадысты, Мураты куы нæ нымайæм, уæд. Мæ хъазæн ныхас дзы иннæрдæм кæй ахызт, уый бамбæрстон æмæ æнхъæлмæ кастæн, истæмæй мын æй кæй фиддзæн, уымæ. Йæхæдæг мæн ахæм уавæры куы сæвæрдтаид, уæд æй къуыппæн зарæгау алы ран кодтаид. Ныр та йæхи мæ разы хæсджыныл банымадта æмæ йæ «маст» райсыныл кæй бацархайдзæн, ууыл дызæрдыг нæ кодтон...

Уыцы рæстæджы мын иу чызг зонгæ уыди. Зонгæ, зæгъгæ, кæрæдзийы кæимæ бамбæрстам æмæ курынмæ кæй хъавыдтæн, ахæм æрыгон, рæсугъд чызг. Хабар суанг йæ мад æмæ фыдмæ дæр бахæццæ. Чызг уыцы аз медицинон институтмæ бацыд, æз та институт каст куы фæдæн, ууыл дæр ма цалдæр азы рацыд. Хæдзары — уæлдайдæр мад — катайы бацыдысты, афтæ æрыгонæй куы смой кæна, уæлдайдæр йæхицæй бирæ хистæрмæ, уæд йæ ахуырæй фæкъуылымпы уыдзæн, зæгъгæ. Чызгимæ кæрæдзийы æмбæрстам, хъыгдарæг нæ куы нæ фæуыдаид, уæд ницы хуызы фæхицæн уыдаиккам. Нæ ахастдзинæдтæ ме ’рдхæрдтæй дæр нал сусæг кодтон, уымæн æмæ хъуыддаг сырæзыныл мæ зæрдæ дардтон... Чызгимæ арæх æмбæлдыстæм. Мæ куыстмæ дæр-иу мæм æрбацыди. Сылгоймæгтæй дæр-иу æй чидæртæ федта. Нæ машинисткæ Гуытъиаты Замирæт та йын йæ бинонты дæр хорз зыдта. Æппæлыди сæ. Æхсызгон ын уыди, æппынфæстаг (уæд мыл цыди 34 азы) кæуылдæр мæ цæст кæй æрæвæрдтон æмæ мæ зæрды ныфсджын къахдзæф акæнын кæй ис.

Хъуыддæгтæ, хуыздæр нæ вæййы, зæгъгæ, афтæ бæргæ цыдысты, фæлæ чызджы йæ бинонтæй ныфс нæ уыд. Цы сæ бон уыди, уымæй архайдтой хъуыддаг фехалыныл. Цæмæй кæрæдзийы иуцасдæр нал уыдтаиккам, уый тыххæй мад йæ чызджы сæрды каникулты Мæздæгмæ йæ хомæ арвыста. Мамсыраты Муратимæ ма йæм уырдæм дæр фæцыдыстæм, фæлæ мын йæ феныны фадат нæ фæцис. Хабæрттæ Замирæтæн куы радзырдтон, уæд мын зæрдæ бавæрдта, æз, дам, йемæ аныхас кæндзынæн. Æцæгæйдæр, Мæздæгæй куы сыздæхт, уæд æй ссардта æмæ йын цытæ фæдзырдта, Хуыцау — йæ зонæг, фæлæ куы фембæлдыстæм, уæд чызг йæхи кæуынæй мардта, кæцырдæм, дам ма цы кæнон, уымæн ницыуал зонын. Уыцы хабæрттæ Мурат æнæзонгæ нæ уыди...

Æнæном писмотæ ма уымæй размæ дæр цалдæр хатты райстон. Иууылдæр — сылгоймæгтæй. Стæй-иу сæ чи ныффыста, уый-иу фылдæр хатт зонгæ дæр бакодтон, фæлæ мæм фæстагмæ цы æнæном писмо æрбахастой, уый ныффыссæг æнæмæнг нæлгоймаг уыд. Уæвгæ йæ ном æргомæй ныффыссын чи нæ бауæндыд, уый цас нæлгоймаг уыди! Писмо мæм абон дæр æфснайдæй лæууы æмæ куыддæриддæр у, афтæмæй йæ æрхæсдзынæн: «Музафер, ды мæ нæ зоныс, фæлæ дæ æз хорз зонын. Дæуæн дæр, мæнмæ гæсгæ, тагъд мемæ хæстæгдæр базоныны фадат фæуыдзæн. Зæлинæимæ (йæ ном ын аивтон) дæ хъуыддагæй ницы рауайдзæн, уымæн æмæ уый æрмæстдæр мæнмæ смой кæндзæн. Æз Мæздæгæй нырма знон ссыдтæн, æмæ мын хабæрттæ иууылдæр радзырдта. Ды лæг куы уаис æмæ дæхицæн аргъ кæнын куы зонис, уæд æй æнцад ныууадзис. Мæ ном æмбæхсын, зæгъгæ, афтæ ма банхъæл. Тæрсгæ дæр дæ нæ кæнын. Фæлæ кæд лæг дæ, уæд ма 11 августы, дыццæджы, 21 сахатыл, фысымуат „Кавказ“-ы чъылдыммæ цы сквер ис, уым Горгайы физонæггæнæны цурмæ æрбацу æмæ уым базонгæ уыдзыстæм.

Стæй уый фæстæ æз Зæлинæйæн дæ хъæбатырдзинады хабæрттæ ракæндзынæн».

Алыхуызон хъуыдытæ сæры куыннæ хъуамæ базмæлыдаиккой? Æппæты фыццаг базонынмæ хъавыдтæн писмо ныффыссæджы, фæлæ кæуыл фæдызæрдыг уыдаин, ахæмæй мæ алыварс никæй зыдтон. Зæлинæйæн ахæм зонгæ æцæг куы уыдаид, уæд уыйбæрц рæстæг йæхи æмбæхстæй куыд хъуамæ дардтаид? Мæнимæ йæ фембæлдтытæ куы никæмæй æмбæхста, суанг ма сæ æцæгæлон адæмæй дæр куы нæ сусæг кодта, уæд æй, рæхджы кургæ чи кæны, уый иу хатт уæддæр куыннæ федта, кæд æй федта, уæд та йæ иувæрсты æцæгæлонау куыд ацыд? Фæрстытæ мæм, цас æмбæлд, уымæй фылдæр сæвзæрд, æрмæст дзы иуæн дæр рæстмæ дзуапп раттын мæ бон нæ уыд. Æппæты тынгдæр мæ цы амардта: æртхъирæн мæм кæй кодта æмæ мæ уыцы æртхъирæнæй æгады бынаты кæй æвæрдта, уый. Писмойы хабар Сафар æмæ Муратæн дæр радзырдтон. Æппынфæстаг, æртхъирæнгæнæг мæм кæдæм сидти, уырдæм ацæуын сфæнд кодтон. Мемæ ацыдысты Сафар æмæ Мурат дæр. Мемæ, зæгъгæ, уыдон мæм сквермæ бацæуæны æнхъæлмæ кастысты, æз та, цы физонæггæнæны цурмæ мæ хуындæуыд, уырдæм аивæй мæхи байстон. Кæд талынджы дзæбæх нæ уыдтон, уæддæр мæ алыварс акæстытæ кодтон, æрмæст дзы иу цъиуызмæлæгыл дæр мæ цæст не ’рхæцыд. Чысыл рухсдæр кæм уыд, уырдæм рацыдтæн, мæ сахатмæ æркастæн æмæ амынд рæстæгæй иуцасдæр куы рацыд, уæд бамбæрстон, чидæр мæ, куыд æмбæлд, растдæр зæгъгæйæ та, куыд не ’мбæлд, афтæ кæй ахъазыд. Мæ хæлæртты цурмæ куы ’рцыдтæн æмæ сæ пыррыччытæгæнгæ куы ’рæййæфтон, уæд та базыдтон, чи мæ ахъазыд, уый дæр...

Фæстæдæр мын Мурат радзырдта, писмо йæхæдæг кæй ныффыста. Цæмæй йын йæ къухфыстыл ма фæдызæрдыг уыдаин, уый тыххæй йæ нæ шофырæн рафыссын кодта...

Ахæм хабæрттæ нæ кусджытæй иу æмæ дыууæйыл не ’рцыд. Се ’рхъуыдыгæнæг та-иу кæддæриддæр уыди Мурат.

Мæ рæстæджы «Рæстдзинад»-ы кусджытæн сæ кæрæдзийæ ахъазын сæ уд-сæ дзæцц уыд. Худын-иу æппындæр кæм нæ фидыдта, уым дæр ын-иу бынат ссардтой. Промышленнон хайады сæргълæууæг Тегаты Сулейман Орджоникидзейы автотракторон-электрон дзаумæтты заводæй æрмæг ныффыста, фæлæ йæ сæргонд редакторы зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ йын æй фæстæмæ раздæхта, йæ сæргонд ын аив, зæгъгæ. Аивта йæ, фæлæ та уый дæр нæ фæрæстмæ. Афтæ цалдæр фæлтæрæны скодта редакторы уатмæ æмæ та-иу фæстæмæ сæргуыбырæй раздæхт. Йæ сæрæн куы ницыуал хос зыдта, уæд æрхъуыды кодта æмдзæвгæтæй сæргонд: «Фæстæзад нал у ОЗАТЭ, гъе уый дын кады хъуыддаг, гъе!» æмæ та йæ редакторы стъолыл æрæвæрдта. Хицау æй куы бакаст, уæд йæ цæсгомыл мидбылхудт ахъазыд æмæ йын загъта:

— Ацу, мæхæдæг ын исты æрхъуыды кæндзынæн...

Бутаты Тотырбег уыди партион хайады сæргълæууæг. Уыди редакторы хæдивæг дæр. Хъæбатырæй хæцыди немыцаг фашистты ныхмæ. Хæсты фæстæ бирæ азты фæкуыста «Рæстдзинад»-ы. Уыциу рæстæг нымад уыди редакцийы тыхджындæр юмористтæй иуыл. Летучкæйы рæстæджы адæмы иу хатт уæддæр ма схудын кæна, уый гæнæн нæ уыди. Уæддæр редакторæй стъæлфыди, æмбырдæй хынджылæггаг ма араз, зæгъгæ-иу ыл сбустæ кодта. Фæлæ-иу, редактор æй куыннæ бамбара, афтæ йæ кæнон кодта.

Афæдз-иу фæуынмæ хъавыди, уæддæр-иу бирæтæ сæ отпусчы кой нæма кодтой. Ахæм заман-иу редактор кусджыты æрæмбырд кодта æмæ-иу сæм загъд кæнын райдыдта, отпусчы цæуылнæ цæут, зæгъгæ. Уыцы ныхæстæ-иу арæхдæр хаудысты Хъесаты Дафамæ. Редактор-иу раздæр иумæйаг ныхæстæ кодта, стæй-иу комкоммæ ныхасмæ куы рахызт, уæд-иу æппæты фыццаг Хъесаты Дафайæ райдыдта, уымæн æмæ-иу уымæн, отпусчы цы азтæ нæ уыди, уыдон цалдæр баисты. Иу хатт та йæм куы бауырдыг æмæ йæ лæгæй-лæгмæ куы бафарста, Дафа, отпусчы цæуылнæ цæуыс, зæгъгæ, уæд Тотырбег йæ бынатæй фестад æмæ йын афтæ:

— Æри-ма, Дафа, æз дæ бæсты ацæуон отпусчы.

Редакторæн кæд цыфæнды тызмæг цæсгом уыд, уæддæр æнæ йæ мидбылты бахудгæ йæ бон нал баци...

Летучкæйы рæстæджы-иу арæх ныхас рауад, газет æрæгмæ цæмæн æмæ кæй аххосæй рацыд, уый тыххæй. Ахæм заман-иу чидæртæ сæ аххосыл басæттыны бæсты азым æндæр кæуылдæр сæвæрдтой. Фылдæр хатт, уым чи нæ уыд, уыдоныл. Уым та-иу нæ уыдысты машинисткæтæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, цæмæй газет афоныл рацæуа, уый мыхуыргæнджытæй аразгæ дæр у, фæлæ уыдоны аххосæй, зæгъæн ис, æмæ никуы бакъуылымпы. Кæд азымы бадаринаг исчи уыд, уæд — аххос мыхуыргæнджытыл чи æвæрдта, уыдон сæхæдæг. Гъе æмæ та уыцы летучкæйы дæр чидæр, газет кæй бафæстиат æмæ йæ кæсджытыл афоныл кæй нæ сæмбæлд, уый машинисткæты æккой баппæрста. Æмбырд куы фæци, уæд Тотырбег мыхуыргæнджыты уаты фæмидæг æмæ сын цыма стыр æхсызгондзинад хъусын кодта, уый хуызæн загъта:

— Уæртæ та уæ фыдгой фæкодтой...

Гуытъиаты Замирæт фыр мæстæй цæхæртæ акалдта, йæ бынатæй фестад, йæ къухтæ йæ синысæр авæрдта æмæ йæ ныхас, æмбырдæй чи рацыд, уыдонмæ дæр куыд хъуыса, афтæ хъæрæй загъта:

— Æз уыдонимæ цалынмæ се ’ппæтимæ дæр афтæ-уфтæ бакæнон, уæдмæ дзæгъæл дзырд кæндзысты!..

Тотырбег ныппыррыкк кодта. Йæ худынæй куы банцад, уæд машинисткæмæ хæстæгдæр бацыд æмæ йын саст хъæлæсæй афтæ:

— Замирæт, уыцы хъуыддаг кæнынмæ куы хъавай, уæд ма-иу мæнæй райдай...

Сылгоймагæй йæ маст æрбайрох æмæ худынмæ фæци.

— Ацу, дæу дæр дзых йеддæмæ ницы ис! — фæхъæр ыл кодта Замирæт. — Кæд ахæм хъæбатыр дæ, уæд айфыццаг Сафары чъылдыммæ цы амбæхстæ?

Тотырбег æппæт сылгоймæгтимæ дæр лымæнæй цард. Æнæ хъазæн ныхас зæгъгæйæ-иу дзы никæй рæзты ахызтаид. Сæ уатмæ, æвæццæгæн, уымæй арæхдæр ничи цыд. Цыма йыл рихитæ уыд, уый хуызæн-иу йæ фындзы фæйнæфарс здухæгау акодта æмæ-иу æнæмæнг исты худæджы хабар радзырдтаид кæнæ та-иу сын зæрдæлхæнæн ныхæстыл фæуыдаид. Йæхи дæр ын-иу хъазгæйæ мæстæй мардтой, фæлæ дзы Замирæт цы хъазт акодта, уымæн æмбал нæ уыди.

Бутайы-фыртæн горæты кæрон цæхæрадон уыд. Иу заман дзы сау хъæлæрдзыйы къудзитæ æмæ сирены бæлæстæ сбирæ сты. Уый Замирæт куы фехъуыста, уæд ын афтæ:

— Хъæлæрдзытæ нæм ис, фæлæ мæ сирены талатæ хъæуы.

Баныхас кодтой, уæдæ цы уыдаид. Куысты фæстæ хъуамæ ацыдаиккой. Замирæт хабæрттæ Сафарæн радзырдта. Уый та хъæлæрдзыйы къутæртæ хъуыд, æмæ æртæйæ горæты кæронмæ абалц кодтой. Цæхæрадоны сын Тотырбег фæйнæ белы ратта æмæ къахынмæ бавнæлдтой. Сафар цæхæрадоны рæбинаг къуымы ныггуыбыр æмæ уыцы зæрдиагæй архайдта. Замирæт, Тотырбег ын æххуыс кодта, афтæмæй, йæ зæрдæмæ тынгдæр чи фæцыд, уыцы тала къахы. Иу афон куы уыд, уæд Тотырбегмæ ныллæг хъæлæсæй дзуры:

— Тотырбег, цалынмæ Сафар къудзитимæ архайы, уæдмæ мусонгмæ бауайæм, ахæм фадат нын никуыуал уыдзæн.

Тотырбег уый айхъуыста, цы! Замирæты фæуагъта æмæ, Сафармæ хæстæгдæр цы тала уыд, уый къахынмæ февнæлдта. Замирæт та уым дæр йæ уæлхъус алæууыд æмæ та йын лæгъзтæгæнæгау бакодта:

— Ма тæрс, цалынмæ Сафар йæ къудзи къаха, уæдмæ рацæудзыстæм...

Лæг та уыцы бæлас къахын дæр фæуагъта æмæ тарстхуызæй Сафары цур лæфлæфгæнгæ балæууыд. Сылгоймагæн бæлас йæхицæн къахгæ æрцыд. Тотырбег та Сафары цурæй рацæуын нал бауæндыд...

Бирæ хъæлдзæг бонтæ арвыстон «Рæстдзинад»-ы. Мæ царды амондджындæртыл сæ куы банымайон, уæд нæ фæрæдидзынæн. Уыцы бонтæ æмæ азтæ мæрдты дæр мемæ уæнт, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд дæр — афтæ. Скъолайы «Рæстдзинад»-мæ бацæуыны размæ дæр ахуыр кодтон, уым куынæуал куыстон, уæд дæр ма ноджыдæр иу скъолайы — Мæскуыйы СЦКП-йы ЦК-йы цур Уæлдæр партион скъолайы — бакастæн, фæлæ мын «Рæстдзинад» цы скъола басгуыхт, уый никæцы æндæримæ абарæн ис. Цы куырыхон адæмимæ куыстон, уыдоны фарнæй сфæрнджын дæн, сæ фæлтæрддзинад мын нæ бахæлæг кодтой, сæ зонындзинæдтыл мын нæ бацауæрстой. Æнæ «Рæстдзинад»-æй мæ цард мæ цæстытыл ауайын кæнын мæ бон нæу. Æнæ «Рæстдзинад»-æй дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, фæцардаин, фæлæ, зæгъæм, фæллой кæнын уым куы нæ райдыдтаин, уæд цыма бирæ къуындæгдæр фæндæгтыл ацыдаин, абон мæхи хъæздыг æмæ амондджын цæмæйты хонын, уыдонæй æнæхай уаин, афтæ мæм кæсы. Стæй мæм канд кæсгæ нæ кæны, фæлæ æцæгæйдæр афтæ у, уымæн æмæ «Рæстдзинад»-ы цы федтон, фехъуыстон æмæ базыдтон, уыдон æндæр ран нæ федтаин, нæ фехъуыстаин, нæ базыдтаин. Æнæ «Рæстдзинад»-æй мын, фæстæдæр кæм куыстон, уым бирæ зындæр кусæн уыдаид. Чи зоны, куыд сарæхстæн, уымæн дзы йе ’мбисы бæрц дæр нæ сарæхстаин.

Ноджыдæр ма йæ иу хатт зæгъын: «Рæстдзинад»-ы кæстæры ном бирæ азты дæргъы æз хастон. Кæстæрмæ та уæлдай цæстæй фæкæсынц. Уæлдай цæстæй кастысты мæнмæ дæр. Фыццаг бонæй фæстæмæ мыл сæ арм дардтой. Цыппар мæйы дæр нæма бакуыстон, афтæ мын фатер раттой. Горæты тæккæ астæу. Ууыл цыппар азы дæр нæма рацыд, афтæ райстон ноджы хуыздæр фатер. Уый дæр горæты астæу. Аст æмæ мыл ссæдз азы цыд, афтæмæй мын мæ бæрны бакодтой тæккæ кадджындæр хайæдтæй иу — культурæйы хайад.

Æхсæз азы сæргълæууæгæй куы фæкуыстон, уæд нæм кусынмæ æрбацыдысты Цгъойты Хазби æмæ Багаты Аврам. Институт куыддæр каст фесты, афтæ. Уыдон мæнæй кæстæр уыдысты. Бирæ кæстæр нæ, фæлæ уæддæр — кæстæр. Каст цыма уыдонмæ уыд, уый хуызæн мæ цалдæр мæйы фæстæ сфидар кодтой фæсивæды газет «Молодой коммунист»-ы редакторæй. Мæ фæстæ кæстæрæн чи баззад, уыцы дыууæ æрыгон лæппуйыл абон æртиссæдзгай азтæй фылдæр цæуы æмæ дыууæйæ дæр кусынц редакторы хæдивджытæй. Уыдоны фæстæ æрбацыд, сæхицæй æрыгондæр чи у, ахæм фæсивæд. Мæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй аргъ кæнын фæразой «Рæстдзинад»-ы кад æмæ цытæн, бæрзонд хæссой сæ хистæрты намыс, сæрыстыр уой, ирон адæмы уарзон газеты кæй кусынц, уымæй.

XIII

Хуссар Ирыстонæй нæм æрбарвыстой, журнал «Фидиуæджы» фыццаг номыр боны рухс куы федта æмæ ирон адæмы ’хсæн фарн тауын куы райдыдта, ууыл дыууиссæдз азы рацыд æмæ уæ уыцы кадджын бæрæгбонмæ хонæм, зæгъгæ. Хъаныхъуаты Валодя Гуыбаты Чермен æмæ мæнмæ фæдзырдта æмæ нын загъта: «Чъребамæ сымах куы ацæуиккат, уæд цыма нæ фæрæдииккат, афтæ мæм кæсы. Мæхи дæр бæргæ фæнды — мæ иузæрдион хæлæртты рагæй нал федтон — фæлæ мæ ничердæм æвдæлы».

Чермен Дзауы дзæвгар азтæ фæцарди, куыста районы газеты редакторæй, стæй уыцырдыгон сиахс уыди, æмæ Валодяйæн уыдæттæ дæр нымад куыннæ уыдаиккой! Æз та куыстон культурæйы хайады сæргълæууæгæй, кодтон литературæ æмæ аивады хъуыддæгтæ, æмæ æппæт коллективæй нæ дыууæйы, æвæццæгæн, уымæн равзæрста.

Уымæй размæ æз Хуссар Ирыстоны никуы уыдтæн æмæ мын Чермены хуызæн æмбæлццон кæй уыд, уымæй мæхицæн бирæ цæмæйдæрты зæрдæтæ æвæрдтон æмæ, фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй нæ фæрæдыдтæн. Фæндагыл мын дзæвгар хабæрттæ радзырдта, кæуылты цыдыстæм, уыцы бынæттæ мын амыдта, хъæутæй кæм цавæр мыггæгтæ цард, уыдонимæ мæ зонгæ кодта. Уырдæм куы бацыдыстæм, уæд та мын алы къахдзæфы дæр уыд фæндагамонæг.

Нæ фысымтæ, цæгатæй сæм чи æмæ кæд æрцæудзæн, уый зыдтой æмæ нæм журналы редакцийы æнхъæлмæ кастысты. Черменыл, кæй зæгъын æй хъæуы, цин кодтой, уымæн æмæ йæ амонын никæмæн хъуыд. Цин сыл кодта йæхæдæг дæр. Æз дæр мæхи æцæгæлоныл нæ нымадтон. Чермен-иу мæ ном æмæ мæ мыггаг кæмæн загъта, уыдонæй-иу мæ бирæтæн амонын нæ хъуыд, уымæн æмæ «Рæстдзинад» иууылдæр кастысты, æз та уæдмæ газеты авд азы бакуыстон æмæ мæ фыстытыл æнæмбæлгæ кæм уыдаиккой!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.