Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





УС ЙÆ ЛÆГМÆ ХОХЫ СÆР КУЫД ÆНХЪÆЛМÆ КАСТИ



УС ЙÆ ЛÆГМÆ ХОХЫ СÆР КУЫД ÆНХЪÆЛМÆ КАСТИ

Ацы хабар тынг раджы уыди. Кхань-Хоайы провинцийы хъæутæй иуы цардис мæгуыр зæхкусæг бинонтæ. Хъæмпæй æмбæрзт хъæзын хæдзар, йæ мидæг чысыл цыдæр муртæ. Сæ фæскъул калди, сæрдæй-зымæгæй хуыскъ никуы кодта, ахæм чысыл дон. Йе ’дде та уыди тæнæггомау хъæды къох. Сæ зæххы гæбаз цæугæдоны руаджы донхорыг кодтой, æмæ дзы халсартæ дзæбæх задис. Уыди ма сæм иукъорд банан бæласы дæр. Сæ быны-иу хызтысты уæзбын бабызтæ æмæ лæгуынхъуыр кæрчытæ. Хъæздыгдзинадæй сæм æндæр ницы уыди.

Хатгай-иу лæг хъæдмæ суади, кæнæ-иу сæхицæн сихоры хæрды фаг кæсæгтæ рацахста цæугæдоны. Ус бон-изæрмæ хæдзары зилæнтæ кодта, сæ цæхæрадоны куыста. Лæг æмæ ус иу æмæ дыууæ изæры нæ арвыстой мæйноджы, иу æмæ дыууæ хатты нæ федтой мæйы йæ цæлхыдзагæй; никуы рахъаст кодтой нæдæр сæ мæгуыр цардæй, нæдæр сæ хъысмæтæй. Фæлæ æрзылд ахæм заман, æмæ сын лæппу кæд райгуырд. Ууыл дыууæ азы куы рацыди, уæд та чызг. Сæ дыууæ сывæллоны дæр райгуырдысты фæззыгон мæйрухс æхсæв. Бон-изæрмæ-иу сæ фыдимæ уыдысты денджызы былгæрон. Куы-иу алыхуызы хъæзтытæ кодтой, куы та-иу бæрзонд обауы рæбын сбадтысты æмæ цымыдисæй æгæрон денджызмæ кастысты.

Цæмæй зыдтой, уый сын фæстæдæр цы хъизæмæрттæ бавзарын кæндзæн.

Азтæ згъордтой. Лæппуйыл сæххæст ис авд азы, чызгыл та — фондз. Иу дзырдæй, сæ мадæн цумахъом фесты, суанг ма-иу хъæдæй суджы къæцæлтæ дæр æрдавтой.

Иу хатт куы уыди, уæд хъæдмæ цъыхырытæм ацыдысты. Лæппу йемæ ахаста йæ фыды хосгæрдæн цæвæг. Разæй æцæг лæгау цыди æмæ цæвæгæй фæйнæрдæм цъыхыры карста. Цæвæг уыди сæрдасæнау цыргъ, фæлæ уæззау, йæ хъæд — даргъ, æмæ йæ лæппу тыххæй фæрæзта. Иуахæмы йæ къухтæй феуæгъд æмæ чызджы сæрыл æруади. Чызг ныцъцъæхахст кодта æмæ, йæ туджы мæцгæ, дæлгоммæ æрхауди. Лæппуйæн йæ хуыз фæцыд, афтæмæй лидзынмæ фæци. Уымæй афтæ мæлæтдзаг цæф у, æмæ загъта, уæдæ мын нæ хæдзармæ цæуæн нал ис.

Фæлæ чызгæн йæ сæры цæф уыйбæрц тæссаг нæ разынд. Йæ амондæн, раст уыцы рæстæг иу зæронд ус фæндагыл æрцæйцыд, — сывæллоны уыцыхуызæнæй куы ауыдта, уæд æй сæхимæ акодта æмæ йын йæ цæфмæ зилын райдыдта. Хъæдгом куы байгас, уæд æй йæ ныййарджытыл сæмбæлын кодта.

Мад æмæ фыдæн тынг зын уыди хъуыддаг, сфæнд кодтой сæ чызджы хæстæгдæр кувæндонмæ фæхонын, цæмæй йын дзуары лæг йæ хъысмæт базона, уый тыххæй.

Дзуары лæг сывæллонмæ æркæстытæ кодта æмæ загъта:

— Йæ удæн ницы тас у, фæлæ йæ цард тынг æнахуыр диссаг рауайдзæн... Адæмы зæрдæты раст денджыз æмæ хæхтау мыггагмæ лæудзæнис!

Уыцы ныхæсты фæстæ дзуары лæг иуварс ацыд.

Æмæ, æцæгдæр, зымæг нæма ралæууыд, афтæ чызг сдзæбæх ис, фыццагау уыдис хъæлдзæг. Фæлæ-иу йе ’фсымæры куы æрымысыд, уæд-иу нынтъыснæг, нынкъард, — тынг ахуыр уыдысты кæрæдзийыл.

Уыцы æнамонд хабар куы æрцыд, уæдæй фæстæмæ лæппуйæн йæ кой, йæ хъæр никуыцæй хъуысти. Ныййарджытæ æдзухдæр уыдысты æнкъард, тарстысты, сæ хъæбул сæ фыдæлты дзуары раз йæ сæрæй ныллæг куы никуыуал акува кæнæ сæ хæдзары бахизæны хуыцауы фæдзæхст куывдтытæ куы никуыуал зæгъа. «Денджыз нæ тæккæ цур, æвæццæгæн, уым ныххауди, йе, чи зоны, тугдзых сырдты амæттаг фæци?» — хъуыды кодтой ныййарджытæ.

Бонтæ цыдысты, мæйтæ ивгъуыдтой. Азтæ азты ивтой, фæлæ лæппуйы иу уынæг никуы фæци.

Чызгыл раст æхсæрдæс азы куы сæххæст и, уæд йæ ныййарджытæ амардысты — раздæр фыд, стæй та мад: баззади зыбыты иунæгæй. Цæмæй йæ зиантæн сæ мардæгъдау скæна, уый тыххæй йæ хъуыди æхца, уымæ гæсгæ хæдзар ауæй кодта æмæ йæхæдæг уынджы къæйыл баззади. Йæ ныййарджыты уæлмæрды фæкуыдта, стæй горæтмæ куыстагур араст ис æмæ иу хъæздыг хæдзармæ лæггадгæнæгæй бацыди.

Чызг, мæгуыр, цæмæй зыдта, йе ’фсымæр æгас у æмæ сæудæджер сси, уый. Лæппу хæтæнты фæхатти, цæуæнты фæцыди æмæ пайдайы хъуыддагыл фæхæст и. Йæ хæтгæ цардæй куы сфæлмæцыди, уæд сфæнд кодта Кхань-Хоайы горæты æрбынат кæнын. Замманай хæдзар сарæзта æмæ уым цæрынтæ байдыдта.

Иу хатт æм иу чызджы æрбакодтой. Чызг уыди мæгуыр, сидзæр, фæлæ уындæй рæсугъд. Иу дзæвгар сæм куы акуыста, уæд æй хъæздыг лæг ракуырдта. Лæг æмæ ус цардысты амонджынæй. Афæдзмæ сын лæппу райгуырди. Фыды цинæн кæрон дæр нæ уыди, йæ хæларзæрдæ усы ноджы фылдæр уарзын райдыдта. Фæлæ сæ амонд бирæ нæ ахаста.

Иу бон ус йæ сывæллоны авдæны куы абаста, уæд мæ сæр ахсон, зæгъгæ, йæ сатæг сау дзыккутæ райхæлдта, разырдæм сæ æрфаста. Тасмæ куыд фæгуыбыр кодта, афтæ йын лæг йæ сæры астæу носмæ фæкомкоммæ ис. Йæ зæрдыл æрбалæууыди, чысылæй йыл цы æбуалгъ хъуыддаг сæмбæлд, уый. Йæ усы баййардта, уыцы нос дын цы у, зæгъгæ. Ус ын, куыд уыди, афтæ кæрæй-кæронмæ йæ царды хабæрттæ ракодта.

Хъуыста лæг хабармæ, æмæ йæ сæрыхъуын арц сбадти — базыдта, йæ уарзон ус йæхи хæрз хо кæй у. Йæ дзыхæй хъыпп-сыпп не схауд, фæлæ йæхи мидæг бынтондæр лидзынвæнд скодта, йæ фæд куыднæуал сбæрæг уа, афтæ.

Бинонтæн фæцæрынæн цыдæриддæр хъуыди, уый хæдзары æрцæттæ кодта, стæй йæ усæн загъта, хъуыддæгты фæдыл мæ цæуын хъæуы æмæ тагъд нæ сыздæхдзынæн, зæгъгæ. Уыйадыл ацыд лæг йæ хæдзарæй.

Æрыгон сылгоймагæн ралæууыдысты йæ царды тæккæ æнкъарддæр бонтæ сæ фæхицæны фæстæ. Куыддæр-иу фæизæрырдæм, афтæ-иу, йæ сывæллоны йæ хъæбысы акодта, хохы сæрмæ-иу схызти æмæ-иу мигъæмбæрзт денджызæй йæ цæст нал иста. Цас æрæгмæдæр зынди йæ мой, уыйбæрц арæхдæр хызти сылгоймаг хохы сæрмæ æмæ æнæкæрон цъæх уылæнты æхсæн тынгдæр агуырдта йæ бæллицты, йæ сæнтты нау. Фæлæ нау зынæг нæ уыди. Фыртыхстæй йæ зонд фæцæуæгау кодта æнамонд сылгоймагæн, æмæ æппындæр хохы сæрæй дæлæмæ нал хызти, — хохы сæр æмбæлди хуры фыццаг тынтыл, хохы сæр æрвыста хуры аныгуылд. Æрвгæрæттыл-иу изæрон фæлм куы æрбадт, уæд та-иу денджызы уылæнтæм дымгæ фæхаста мæгуыр сылгоймаджы зæрдæхалæн зарæг:

 

Уалдзыгон дымгæ куы схъазы —

Зæрдæ ныккæрзы, нынкъуысы,

Парус ныдздзæгъæл и дард ран

Денджызы узгæ хъæбысы.

              Цæй-ма, кæм мын дæ, мæ уарзон?

Сæрд та мæм улæфы мæнæ,

Й’ аромат нæу мын зæридау.

Зæрдæйы тугтæ та ногæй —

Растдæр сæууон сырх æхсидау.

              Цæй-ма, фæзын мæм, мæ уарзон!

Алы ’хсæв цъысцъысаг зары

Иугæндзон иу хуызы зарæг.

Ницы мын дзуры дæу тыххæй...

Уый мын нæ зоны мæ хъарæг...

              Цæй-ма, цы кæнон, мæ уарзон?

Фæззæджы карз дымгæ зилы —

Пальмæтæ зæххы онг тасынц.

Уыдон ныхъхъæрзынц, мæ саби

Баризы, бацæуы тасы.

              Уæдæ кæд уыдзæн мæ уарзон?

Чи зоны, ферох нæ кодтай —

Уарзон хъæбулы, дæ усы, —

Чи зоны, ’ндæрæй фæсденджыз

Царды дæ зæрдæ кæд рухс у...

              Зæрдæ нæ зоны æнцойбон!

Ниуынц зымæгон дымгæтæ...

Оххай, æнхъæлмæ куы кæсын...

Æмæ мæ фæлмаст цæстытæн

Асæрфы дымгæ сæ цæссыг...

              Хъизæмар, судзгæ зæрдæхъыг!

Ме ’нусон уарзон, мæ хицау,

Зæрдæ мæ риуæй фæцух и.

Иумæ кæдæй не стæм царды,

Гъе уæдæй цас федтон тухи!

              Бонтæ æнæ дæу — кæуинаг.

 

Уалынмæ æгас зылды дæр айхъуысти æрыгон сылгоймаджы хабар. Адæм бамбæрстой, цы зындзинады ис, уый. Иууылдæр æй нымадтой, кодтой йын тæригъæд. Кæсагахсджытæ-иу денджызмæ сæ араст кæныны размæ тындзыдтой, æппынæдзух æд сывæллон сылгоймаджы æндæрг цы хохы сæрæй зынди, уырдæм. Æмæ-иу бафарстой сылгоймаджы, абон дымгæ кæцырдыгæй кæндзæни, зæгъгæ. Уый алкæддæр лæвæрдта раст дзуапп, уымæн æмæ хорз базыдта денджызы уаг.

Хуыцау дæр фехъуыста, Кхань-Хоайы иу сылгоймаг йæ мойыл куыд иузæрдион у, уый, æмæ йæ гранит фестын кодта, цæмæй мыггагмæ йæ кой баззайа. Бæстæйы хуссар фарс арвмæ бæрзонд цы хох фæцыди, уый абоны бон дæр хуыйны «Мад æмæ Сывæллон», кæнæ та «Ус йæ Лæгмæ цы Хохы сæр æнхъæлмæ касти, уый».

Денджызы былгæронæй дардмæ зыны гранитæй конд рæсугъд сылгоймаджы æндæрг, йæ сывæллон йæ хъæбысы, афтæмæй. Бирæ æнусты дæргъы æнæсцухæй æдзынæг кæсы дард денджызгæронмæ, кæд мыййаг, уылæнты æхсæн фæзынид урс кæттагæй æмбæрзт нау йæ уарзон лæгимæ. Уыцы хохы рæзты наутæ куы фæцæйленк кæнынц, уæд æм матростæ сæ худтæ фæтилынц æмæ ныккæнынц рагон денджызон зарæг:

 

Зæрдæхæлар æфсин, нæ салам райс!

Дæ лæгæн ныр йæ размæ мах фæтындзæм.

Æмдзу дымгæ, нæ алывæрсты хъаз!

Хæрзбон, уæздан æфсин! Рæхджы зындзыстæм!..


[1] Тхнен — вьетнамагау у уæларв, Диа та — зæхх.

[2] Ли — дæргъ барæн, километрæй у чысыл фылдæр.

[3] Орхидея — дидинæджы мыггаг.

[4] Хюен — Вьетнамы æппæты чысылдæр административон район.

[5] Игует Дао — вьетнамаг мифологийы уарзондзинады хуыцау.

[6] Ам ис дзырдтæй хъазт. Дзырд «Тин»-æн вьетнамаг æвзагыл ис цалдæр нысаниуæджы: «сцæттæ», «фараст», «сентябрь» (фарæстæм мæй).

[7] Еде — Астæуккаг Вьетнамы хæхты цæрæг адæмыхатт.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.