Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





АМÆНДТÆ ИУГÆНÆГ ХУЫЦАУ



АМÆНДТÆ ИУГÆНÆГ ХУЫЦАУ

Китайаг мыггаг Тантæ Вьетнамы паддзахиуæг куы кодтой, раст уыцы рæстæджы цардис иу æрыгон лæппу, йæ ном хуынди Ви Ко. Иу хатт Ви Ко йæхицæн бинойнаг бацагурынмæ араст ис дард балцы. Хæтæнты фæхатти, цæуæнты фæцыди æмæ æппынфæстаг Тонг-Тханы провинцимæ бафтыди. Исты ахæрон, зæгъгæ, иу хæрæндонмæ бауади. Хæрæндоны хицау уыди сылгоймаг. Уый лæппуйæн загъта, махмæ хæстæг, дам, цæры тынг рæсугъд чызг, йæ мыггаг у Фан.

— Чызг цæры Лонг Хынгы кувæндоны цур, ахсæв уырдæм æрбацæудзæн кувынмæ, — бафтыдта йæ ныхасмæ сылгоймаг.

Ви Ко уыцы ныхас йæ зæрдыл бадардта æмæ æхсæвы Лонг Хынгы кувæндонмæ бацыди. Кæсы, æмæ дын асины къахыл бады иу зæронд лæг, йæ къухы чиныг, йæ фарсмæ та сырх дарийæ дзæкъулгонд. Афтæ зынди, цыма зæронд лæг чиныджы мæйы рухсмæ кæсы.

Ви Ко йæ фæрсы:

— Цы кæсыс, цытджын зæронд? Зæронд лæг дзуапп радта:

— Чындзæхсæвты тыххæй чиныг.

— Æмæ дæ разы уый та цавæр дзæкъул у?

— Ацы дзæкъулы ис сырх æндæхтæ. Уыдонæй æз сбæттын лæппуйы, цы чызджы фæкуры, уыимæ кæрæдзийыл.

Уæд ын Ви Ко афтæ зæгъы:

— Æмæ де ’ндæхтæ фидар сты?

— Уыцы æндæхтæй баст цы чызг æмæ лæппу æрцæуой, — загъта зæронд, — уыдон сæ кæрæдзийыл никуы сыстырзæрдæ уыдзысты. Хатгай, чи зоны, хыл дæр ауой, суанг хицæнмæ дæр æрцæуой, фæлæ сæ фæстагмæ, æнæмæнг, иумæ бацæрынмæ хъæуы. Ахæм тых ис, гъе, хорз лæппу, ацы сырх æндæхтæм.

Ви Комæ зæронды ныхæстæ диссаг фæкастысты, æмæ йæ фæрсынтыл сси:

— Нæ цытджын зæронд, мæнæн афтæ радзырдæуыд, ам, дам, хæстæг цæры, йæ мыггаг Фан, зæгъгæ, иу чызг æмæ, дам, уый рæсугъддзинадæн æмбал нæй. Цымæ æцæг у? Æмæ йын цымæ ракурæн нæй?

Лæг ын афтæ зæгъы:

— Нæй, мæ хъæбул. Мæ ныхæстæ дын хъыг ма уæнт, фæлæ уый ракурын дæ бон нæ бауыдзæн. Дæуæн дæ нывыфысты æндæр сылгоймаг ис, нырма æртæ азы йеддæмæ кæуыл нæ цæуы, ахæм. Æвддæс азы йыл куы сæххæст уа, уæд æй дæ бон ракурын уыдзæни.

Ви Ко фырмæстæй фæхъæр ласта:

— Æмæ чи у уыцы сывæллон, кæм ын ис фенæн?!

Зæронд ын радзырдта:

— Уыцы сывæллон у халсартæ уæйгæнæг ус Чаны чызг. Раст ды кæм æрфысым кодтай, уыцы уазæгдоны бакомкоммæ цæры мад æд гыццыл чызг.

Æмæ зæронд лæг йæ къухæй ацамыдта, халсартæ уæйгæнæг сылгоймаг кæм цæры, уыцырдæм, йæхæдæг æрбадæлдзæх.

Дыккаг бон райсомæй Ви Ко араст ис йæ фидæны усаджы агурæг. Иучысыл куы ауади, уæд ауыдта зæронд усы, йæ хъæбысы иу-цыппараздзыд чызг. Сывæллон уыди чъизи, бызгъуырты тыхт. Ау, дысон ын зæронд лæг ацы æнæхсад чызджы кой ракодта? Æрæнкъард ис лæппу, уæдæ цы. Æрбаздæхтис уазæгдонмæ æмæ йæ лæггадгæнæгæн загъта, уыцы зæронд усы æд сау чъиллон чызг амар, зæгъгæ. Æххуырст кард райста, зæронд усмæ бахъуызыд æмæ йыл йæхи ныццавта. Фæлæ ус фæцарæхсти: куыддæр æгъдауæй йæхи фæсайдта æмæ алыгъди. Кард уæддæр чысыл сывæллоны рог цъæррæмыхст фæкодта.

Уæдæй рацыди фынддæс азы бæрц. Ви Ко экзаментæ сфæрæзта æмæ уезды хицау сси. Провинцийы губернаторы бафæндыд йæ чызджы Ви Койæн раттын. Уæдмæ губернаторы чызгыл сæххæст æвддæс азы. Чызг уындæй ахæм уыди, æмæ йæ рæсугъддзинады кой адæмæн æмбисондæн баззади.

Ракуырдта Ви Ко губернаторы чызджы.

Иу бон лæппу йæ усы æхсæрфарсыл ауыдта гæзæмæ нос æмæ йæ фæрсы:

— Уыцы нос дын цы у? Сылгоймаг ын радзырдта ахæм хабар:

— Æртæ азы мыл куы цыди, уæд мæ ныййарджытæ амардысты. Æз цардтæн мæ дыджызæимæ. Уыдыстæм тынг мæгуыр. Цæмæй сыдæй ма амæлæм, уый тыххæй ус базары уæй кодта халсартæ. Иу хатт та æз йæ хъæбысы бадтæн, афтæмæй кæцæйдæр иу тыхгæнæг фæзынди æмæ нæ дынджыр кардæй ныццæвынмæ хъавыди. Нæ амондæн, дыджызæ йæхи фæсайдта æмæ аирвæзт, фæлæ кард мæн иучысыл фæцагайдта. Иуцасдæр рæстæг куы рацыди, уæд мæн губернаторы ус йæхицæн чызг скодта. Уый дын мæ цард, мæ хъысмæт.

Ви Ко йæ усы ныхæстæм фæхъуыста, хъуыдыты аныгъуылди, стæй афтæ зæгъы:

— Æз æмæ ды лæг æмæ ус кæй уыдзыстæм, уый мын бирæ азты размæ иу зæронд лæг загъта. Ныр мæм афтæ кæсы: уый амæндтæ иугæнæг, амæндтæ дæттæг хуыцау уыди, фæлæ йæхи равдыста хуымæтæг зæронд лæджы хуызы.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.