Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАНЫ ТАУРÆГЪ



БАНЫ ТАУРÆГЪ

Арвы Хуыцауы чызг Бан йæ хоты хуызæн æппындæр ницæмæй уыди. Йæ бакаст — сабыр, йæ фезмæлд та — уæзбын. Цыфæнды куыст дæр ын йæ хотæй æрæгмæдæр æнтысти. Арвы Хуыцау æмæ йæ ус сæ чызджы куыннæ уарзтаиккой æмæ тарстысты, царды æнамонд куы рауайа, уымæй.

Бан чындздзон чызг сси, æмæ йæ моймæ радтой. Уый йæ лæджы тынг бирæ уарзта. Фæззæг куы æрцыд, уæд сфæнд кодта йæ мойæн цъындахæдон скæнын. Йæ мæгуыр зæрдæйæ бауынаффæ кодта, тынг рæсугъд æй скæндзынæн, зæгъгæ. Фæлæ зымæг ралæууыд, æмæ Бан йе ’лвыст тæбын æмæ йæ телтæ æрмæст уæд райста йæ къухмæ. Уалдзæг куы æрхæццæ, уæддæр хæдонæн æрмæст йæ иу дыс йеддæмæ ницыма сцæттæ.

Уæдæй фæстæмæ уыцы хабар адæмæн æмбисондæн баззади, арæх-иу фехъусæн уыди ахæм ныхæстæ:

 

Къухæй дæсны чызг Бан алы ’хсæв, бон

Кодта йæ мойæн къуымбилæй хæдон.

Рацыдис иу мæй, дыууæ мæйы, афæдз...

Хæдоны дыс ын гъе уæддæр нæма срæвдз.

 

Хæдон тыххæй-фыдæй сцæттæ ис. Фæлæ сæрдмæ бирæ нал уыд — рæстæг фæхъарм. Бан йæ фыдæн ныллæгъстæ кодта, иучысыл фæуазалтæ кæнæд, цæмæй мæ лæг йæ хæдон йæ уæлæ фена æмæ, йæ зæрдæмæ цæуы æви нæ, уый базонон. Цы гæнæн уыди, Хуыцау йæ чызджы коммæ бакасти. Баны лæг цъында хæдон йæ уæлæ скодта, æмæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыди. Уæдæй фæстæмæ алы хатт дæр мартъийы æмбисыл фæуазалтæ кæны. Æмæ уæд адæм афтæ фæдзурынц, уый Баны лæг йæ къуымбил хæдон йæ уæлæ бары, зæгъгæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.