Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





АДÆМТÆЙ ИУТÆ ХÆХТЫ ЦÆМÆН ЦÆРЫНЦ, ИННÆТÆ ТА ДÆЛВÆЗТЫ



АДÆМТÆЙ ИУТÆ ХÆХТЫ ЦÆМÆН ЦÆРЫНЦ, ИННÆТÆ ТА ДÆЛВÆЗТЫ

(еде[7] адæмы легендæ)

Цардис æмæ уыдис лæг æмæ ус. Райгуырдис сын бирæ фырттæ, фæлæ дзы иу дæр иннæйы хуызæн нæ уыди — нæдæр æддейы бакастæй, нæдæр уды кондæй, нæдæр арæхстдзинадæй.

Хистæр æфсымæр уарзта денджызы былмæ згъорын æмæ гуылфгæнаг уылæнты уынæрмæ хъусын. Бон-изæрмæ-иу былгæрæтты тезгъогæнгæйæ хъуыдыты ацыд, куы сдынджыр уа, уæд куыд цæрдзæни, цавæр зынаргъ, рæсугъд дарæсты цæудзæни, ууыл.

Дыккаг æфсымæр та уарзта хæхтæм бырын æмæ æхсæрдзæны хъæрмæ хъусын.

Æртыккаг æфсымæр йæ кæстæртимæ æппæтæй фылдæр уарзта хъæд, сырдтæ æмæ цуан. Уыдон сæ хистæр æфсымæрау рæсугъд дарæсмæ нæ бæллыдысты, цыдысты мадард бæгънæгæй. Афтæмæй сын бæлæстæм бырын æнцондæр уыд. Сæ арæхстдзинад æвзæрстой маймулитимæ, сæ хъару та тигртимæ.

Æфсымæртæ бахъомыл сты. Иубон куы уыди, уæд сæм сæ ныййарджытæ фæдзырдтой æмæ сын афтæ зæгъынц:

— Нæ сывæллæттæ, ныр бахъомыл стут æмæ уын уæ фидæныл ахъуыды афон у. Мах уын стыр хæдзар сараздзыстæм, æмæ устытæ æрхæсдзыстут. Æцæг, чи куыд хистæр у, афтæ хъуамæ курат: фыццаджыдæр уал ракурдзæн уе ’ппæты хистæр, уый фæстæ дыккаг, стæй уæ кæй рад куыд хæццæ кæна, афтæ.

Лæппутæ хъуыстой, фæлæ ницы дзырдтой. Уæд фыд бафарста хистæр фырты:

— Зæгъ-ма, цавæр усаг равзарын ис дæ зæрды?

Лæппу сагъæсы аныгъуылди, фæлæ се ’ппæты кæстæр айтæ-уыйтæ нал фæкодта æмæ срæцыгъта:

— Цы рахъуыды-бахъуыды кæныс! Ракур ахæм чызг, йæ цæстытæ хъазы цæстытау уæздан кæмæн уой, йæ зæнгтæ саджы зæнгтау хæрзконд, йæ хъæлæс та ко-си маргъы хъæлæсау кæмæн у. Фæлæ тиграу налат чи уа, рувасау хин, залиаг калмау маргджын, ахæм чызджы-иу ма ракур!

Иууылдæр ныххудтысты, хистæр æфсымæрæн йæ цæстытæ æнæбоны тъæбæртт-тъæбæртт скодтой, æмæ афтæ зæгъы:

— Рæсугъддзинадæй мæ усы абарæн уыдзæни æрмæст зæдимæ. Йæ цæстытæ уыдзысты бæлоны цæстытау, йæ рустæ розæйау, йæ астæу тута бæласау тасаг, йæ дзыккутæ мигъы дæргъæн. Йæ хъæлæс та, денджызы уылæнтæ адæймаджы уалдзыгон куыд рæвдауой, уыйау фæлмæн уыдзæн...

Ницы бамбæрстой кæстæр æфсымæртæ сæ хистæры ныхæстæн. Фырхудæгæй кæрæдзиуыл бахаудтой, мад æмæ ма сæ фыд бæргæ сабыр кодтой, фæлæ куыннæ! Хистæр æфсымæр рамæсты æмæ сыл лæдзæгæй дзæбæх æрцыди, афтæмæй сæ йæ хъæлæсы ахаста. Фыртарстæй алырдæмты фæлыгъдысты кæстæр æфсымæртæ.

Уыцы бон хистæр æфсымæр ацыди денджызы былмæ æмæ уым цæргæйæ баззади, кæстæр æфсымæртæ та бæрзонд хæхты æрцардысты.

Хистæр æфсымæр ус ракуырдта, уымæй равзæрыдысты дæлвæзы цæрджытæ — кинтæ. Кæстæр æфсымæртæ æрцардысты алырæтты, уыдонæй равзæрыдысты бирæ хæххон адæмтæ: еде, бана, мыонгтæ, жяра, жярим æмæ æндæртæ. Уыдон се ’ппæт дæр уæдæй фæстæмæ дзурынц алы æвзæгтыл, фæлæ равзæрдысты иу фыдæлтæй.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.