Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





УАРЗОНДЗИНАДЫ ТЫХХÆЙ ТАУРÆГЪ



УАРЗОНДЗИНАДЫ ТЫХХÆЙ ТАУРÆГЪ

Ацы хабар æрцыди незаманы, мæгуыр хуымæтæг адæмæн сæ райгуырæн зæххыл сæ бар æппындæр куы ницæуыл ма цыди æмæ нæдæр хъæды бæлас акалын куы нæ уæндыдысты, нæдæр быдыры кæрдæг ныккæрдын, нæдæр доны арæхыл ацæрын, æнæ хай куы уыдысты бæрзонд хæхтæй æмæ цъæх дæлвæзтæй.

Иу хъæуы цардысты иу чызг æмæ иу лæппу. Иумæ хъомыл кодтой сæ чысылæй фæстæмæ. Куы байрæзыдысты, уæд кæрæдзийы уарзын райдыдтой. Чызг æмæ лæппу сæ кæрæдзийæ никуы хицæн кодтон быдыры куысты уа, фæллад уадзгæйæ уа, хъазты уа. Тыхджын æнкъарæнтæ æмæ кæрæдзийы цинæй дыууæ уарзоны уыдысты амондджын. Фæлæ сыл сæмбæлди стыр æнамонддзинæдтæ.

Лæппу диссаджы уарзт кодта чызджы, фæлæ уыди хæрз мæгуыр. Уымæ гæсгæ сæ чызджы ныййарджытæ æгæр-мæгуыр иумæ алæууын дæр нал уагътой; сæ фарсмæ цы хъæу ис, уым сæхицæн иу бонджын сиахсагыл фæхæст сты Хабар дыууæ уарзоны куы фехъуыстой, уæд сæ зæрдæтæ асау сты. Сагъæсы бацыди лæппу, æрæнкъард ис чызг дæр.

— Æз дæ цæрæнбон дæр нæ ферох кæндзынæн, мæ зынаргъ! — дзырдта лæппу, чызгæн зæрдæтæ æвæргæйæ. — Мах ахицæн кæнын никæй бон у. Æз æвæстиатæй цæуын балцы æмæ æхца самал кæнон, куы æрыздæхон, уæд дæ балхæндзынæн. Уырны мæ, тагъд фæстæмæ сæмбæлдзыстæм, уый, мæ зынаргъ. Зæрдылдарынæн дын уадзын мæнæ ацы æмдзæвгæ.

Æмæ лæппу чызгæн азарыди:

 

Æнхъæлмæ мæм кæсдзынæ ды æдзух!

Куы суой нæ дыргъ бæлæстæ дидинæгæй пух,

Уæд-иу, мæ хуры хай, о, ма кæн хъыг

Æмæ-иу ма кал сусæгæй цæссыг.

Дæ зæрдæйæн-иу макуы ракъах низ:

Сæ рæсугъд уынд-иу дидинджытæн хиз.

Æртон-иу уардитæй пуцæлттæ уæд ды,

Стæй орхидейтæй дыргъдоны къуымты.

Кæн-иу сыл, кæн, сæууон æртæхæй дон,

Цæмæй бынтон хус ма бауой, бынтон.

Дæ каст мæн æрдæм... ме ’рцыдмæ уыдзæн.

Куы бахус уа, куы, дидинæг, мыййаг, —

Нæ аскъуындзæн уæддæр мæ царды таг! —

Дæ буц хæлар дæм иуахæм зындзæн.

Æдзард дидинджыты ды къухмæрзæны стух.

Æнусмæ дæр мын нæй дæуæй фæцух.

Лæварæн дын цы радтон, о мæ цин?

Хъуымац — фæлæ цы у? — лæзæрд хæцъил...

Уæд та дын раттин æз дыууæтæнон фæндыр —

Уым ис мæ зæрдæйæн йæ тæлфт æмæ зыр-зыр.

Дæттын дын æй — куы-иу мысай ды мæн,

Йæ зыланг дын ныфсæвæрæн уыдзæн.

Æууæнд-иу ыл, — фæсурдзæни дын дард

Дæ зæрдæйæ дæ хъынцъымтæ йæ зард.

 

Зард куы фæци, уæд æнкъардгомауæй фидарæй загъта:

— Кæд æмæ æрыгонæй нæ баиу уæм, уæддæр хъуамæ нæ зæронды бонтæ иумæ арвитæм — ау, хъысмæт уыйбæрц æгъатыр куыд разындзæни...

Йæхæдæг та ныззарыди:

 

Кæрæдзийæ фæхицæн кодтой мах,

Нæ уарзондзинад байсын та кæй бон у?

Кæндзынæн тох сырдау,

Лæудзынæн сах,

Мæрдты дæр суанг мæн уыдзынæ, уый зонын!

 

Фæстаг хатт ма йæ уарзоны ныхъхъæбыс кодта æмæ ацыди. Ныууагъта йæ уарзон чызджы, цæмæй йæм хъæздыгдзинадимæ æрыздæха, æмæ баиу уой. Хæтæнты фæхатти, цæуæнты фæцыди, авд хохы сæрты ахызти, авд суадонæй æддæдæр ахæццæ, тугдзых сырдтæ æмæ дæлимонтимæ хъæбысхæст фæкодта, хатгай-иу йæ хъару нал уыди, йæ зæрдæ-иу асаст, фæлæ йын йæ уарзоны сурæт йæ тыхыл тых æфтыдта. Ницæуыл фæхæст, мæгуыр, йæ къух. Сæргуыбыр-уæнтæхъилæй æрыздæхти фæстæмæ йæ райгуырæн хъæумæ.

Уæдмæ чызджы ныййарджытæ цæттæ кодтой чындзæхсæвмæ. Бонджын усгур йæ чындзæхсæв хъавыди январы скæнынмæ, фæлæ æнамонд чызг хъуыддаг æддæдæр-æддæдæр æргъæвта. Январы чындзы чи ацæуа, уый æнамонд уыдзæн, зæгъгæ, уыцы æфсонæй иннæ мæймæ сæмгъуыд кодта. Февраль дæр та ралæууыд, уæдæ цы уыдаид, фæлæ та чызг «нæ»-йыл ныллæууыдис, ахæм æнкъард къæвдаты фæцæугæйæ адæймагæн амондджынæй тас нæу, зæгъгæ. Æрхæццæ та мартъи дæр.

— Исчи ма быдыры куыстыты рæстæг чындзы цæуы! — сæфсон та кодта хинæйдзаг чызг.

Афтæмæй æфсонмæ-æфсонты хъуыддаг ныддæргъвæтин. Усгурæн дæр цы гæнæн уыди — æнхъæлмæ каст. Уæдмæ афæдзы кæрон дæр æрхæццæ — декабрь райдыдта. Чызг æрвылбон хъæугæронмæ згъордта æмæ-иу йæ уарзонмæ æнхъæлмæгæсгæйæ дзæвгар рæстæг фæндаггæрон æнкъардæй фæлæууыди. Фæлæ лæппу зынæг нæ уыди.

Æппынфæстаг йæ бон куы базыдта, уæд разыйы дзуапп радта. Æмæ сæхи цæттæ кæнын байдыдтой чындзæхсæвмæ. Сиахс æмæ уазджытæ иу абонæй иннæ абонмæ кафыдысты, минас кодтой, чызг та мæрдджынæй бадти.

Чындзæхсæв йæ тæккæ тæмæны куыд уыди, афтæ лæппу дæр сæхимæ æрбахæццæ. Мад ын хъуыддаг бамбарын кодта. Лæппуйæн йæ маст рафыхти, æмæ чызджы ныййарджытæм лæбурыныл сси, фæлæ йæ мад иргъæвта.

— Афтæ ма бакæн, мæ хур! Амардзысты дæ, æмæ æз æнæ дарæгæй баззайдзынæн.

— Æппындæр сæ ницæмæй тæрсын! — тыхыл ныллæууыд лæппу. — Уыдонæн се ’хсаргæрдтæ згæхæрд æмæ къуымых, мæнæн ме ’хсаргард горæты куырдтæ рацагътой. Цæуын æмæ сæ мæ усаджы æрцагурдзынæн. Не сразы сты, зæгъгæ, уæд адæмы сæ ныхмæ сыстын кæндзынæн!

Мад йæ хъæбулы хæдоны тæрттыл ныддæвдæг æмæ йын лæгъстæтæ райдыдта, ахæм æдылы ми ма бакæн, зæгъгæ. Йæ цæрæнбонты бирæ æнамонддзинæдтæ федта уый, йæ цæстыты бын никуы басур. Фырт ын йæ мæгуырдзинадмæ куы бакаст, уæд ын фæтæригъæд кодта æмæ дзырд радта, йæ коммæ кæй бакæсдзæн, ахæм зындзинад ын кæй нæ бавзарын кæндзæн. Йæ дзæкъул йе ’ккой баппæрста æмæ тагъд-тагъд ацыд йæ райгуырæн хъæуæй.

Ахицæн чындзæхсæв, уæдæ цы. Царди чызг, йæ цæссыгæй йæхи æхсгæйæ, йе ’нæуынон моимæ; хъæугæронмæ нал згъордта стыр фæндагмæ кæсынмæ, йæ фæндыр йæ къухмæ нал иста. Йæ зæрдæ бынтондæр нырхæндæг. Йæхимæ нал зылд, йæ хъуымбыл дзыккутæ нал лæгъз кодта, йæ къух куыстмæ нал тасыди.

Æфсин æмæ хицау нæ бауарзтой сæ чындзы æмæ йæ ратардтой сæхицæй.

Цинæй марди чызг, йе ’нæуынон мойæ куы фервæзт, уæд, — ныр æнæ къæмдзæстыгæй æнхъæлмæ кæсдзынæн мæ уарзонмæ, зæгъгæ.

Фæлæ та ногæй цъаммар хъысмæты къухтæм бахауди. Йæ ныййарджытæ та йæ фæстæмæ æндæр хъæздыг лæгæн радтой. Йæ фæндтæ та йæ хъуыры фæбадтысты, йæ цæссыгæй та йæхи æхсын райдыдта. Йæ ног лæгимæ цæргæйæ дæр та бæллыди йæ уарзонмæ.

Нæ та бауарзтой чызджы йæ ног бинонтæ дæр — йе хæдзары мидæг иузæрдион кусæг нæ уыд, йе йæ лæджы нæ уарзта. Æмæ бинонтæ сфæнд кодтой сæ чындзы базары пырындз æмæ цæххæй баивын. Акодтой йæ базармæ, уæдæ цы уыдаид. Кæд ма чызгæн йæ гуыры конд æмæ йæ цæсгом зæрдæмæдзæугæ уыдысты, уæддæр æй иу æлхæнæг нæ фæци.

Уалынмæ дын æнæнхъæлæджы кæцæйдæр фæзынди иу мæгуыр лæппу. Бызгъуыртæ хæдоны, хæлаф рыгæй нал зыны, æххормаг, амонд æмæ хъæздыгдзинадыл зилынæй йæ зæрдæ кæмæн фæцъæх, ахæм. Йæ къухы дидинджыты букет æмæ цæхæрайы сыфтæ. Æваст йæ уарзон чызджы ауыдта æмæ йæм батахти. Æхца йæм кæцæй уыд, фæлæ чызджы уæйгæнджытæн алæгъстæ кодта, букет æмæ мын æй цæхæрайы сыфтыл раттут, зæгъгæ. Лæппуйы цæстытæ цæхæртæ куыд калынц, хъæздыг чъындытæ уый куы ауыдтой, уæд авæрдтой чызджы уыцы аргъыл дæр, сæхи сын цæст дæр нал ауыдта, афтæ фæцыдæр сты. Чызг æмæ лæппу кæрæдзи къухтыл хæцгæйæ, фырамондджынæй сæ цæстытæ доны разылдтой æмæ кæрæдзимæ кæсынæй нал æфсæстысты. Цал æмæ цал азы уыдысты хицæн, æмæ ныр мæнæ сæмбæлдысты! Араст сты хъæуы ’рдæм. Æрымысыдысты ивгъуыд рæстæг, сæ рагбоны бæллицтæ. Лæппу йæ уарзоны йæ хъæбысы æрбакодта æмæ йын афтæ зæгъы:

— Æдзухдæр дæумæ бæллыдтæн æз. Ныр мах стæм дыууæ зæрватыккау. Ард дын хæрын, мæ зынаргъ, цæрæнбон ды мæ дзыхæй æвзæр ныхас нæ фехъусдзынæ, никуы дæ бафхæрдзынæн! Пъамидортæ кæнæ нæм-иу сæн куы нæ уа, уæд уым дæр дæу аххос ницы уыдзæн. Ард бахæрæм, цæрæнбон кæрæдзийы куыд нæ фæсайдзыстæм, уый тыххæй!

Скодтой мæгуыргомау чындзæхсæв æмæ бирæ азты дæргъы кæрæдзи уарзгæйæ, амондджынæй фæцардысты. Уæхскуæзæй куыстой. Рæстæгæн домын нæ бакуымдтой — сæ амæлæты бонмæ уыцы æрыгонæй баззадысты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.