Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





КЪАМБЕЦЫ ТЫХХÆЙ ТАУРÆГЪ



КЪАМБЕЦЫ ТЫХХÆЙ ТАУРÆГЪ

Хуыцау фыццаджы-фыццагдæр сфæлдыста зæхх, уый фæстæ — адæм æмæ цæрæгойты, стæй сæ зæххы къорийыл алы рæтты æрцæрын кодта. Цæмæй адæм æмæ цæрæгойтæ сыдæй ма амæлой, уый тыххæй хуыцау йæ фæсдзæуин зæдтæй иуæн бабар кодта, пырындз, нартхор, абрикостæ, арахис æмæ сын алыхуызон кæрдæджытæ куыд радта, афтæ. Æфсирджын халсартæ æмæ гагадыргътæ хуыцауы фæндæй нысангонд уыдысты адæймагæн, кæрдæг та — цæрæгойтæн.

Уыцы хæрзгæнæг зæд уындæй уыдис фыдындгомау æмæ рохтæгæнаг, фæлæ хæларзæрдæ.

Иу хатт æм хуыцау дыууæ чыргъæды радта — иуы пырындз, иннæйы кæрдæг, æмæ йын загъта, раздæр пырындз куыд байтауа, цæмæй адæмæн хæринаг уа, уый фæстæ та кæрдæг, цæрæгойтæ дæр æххормаг куыд нæ уой.

Зæд фæндагыл чыргъæдтæ фемхæццæ кодта æмæ пырындзы бæсты раздæр кæрдæг байтыдта. Кæрдæг бæзджынæй сæвзæрди, æмæ зæххæй иу гæбаз дæр нал зынди. Цæрæгойтæ йыл уайтагъд сæхи ныццавтой æмæ æнцад-æнцойæ хызтысты.

Хæрзгæнæг зæд йæ рæдыд куы бамбæрста, уæд ма пырындз тауынмæ бæргæ фæци, фæлæ байрæджы: пырындзæн зæххыл уæгъд бынат нал баззад — бæстæ иууылдæр кæрдæг сси. Ноджы ма хуыцау дымгæ рауагъта, æмæ уæд кæрдæджы мыггæгтæ ноджы дарддæр ахæлиу сты.

Зæдæн ма цы гæнæн уыд, аздæхти уæларвмæ, йæ рæдыдыл басасти хуыцауы раз.

Уæдмæ адæмы хъастæй зæххыл фæлæууæн нал уыди:

— О хуыцау! Уагæры цæрæгойтæй цæмæй цауддæр стæм? Уыдонæн уыгæрдæнтæ æмæ сæрвæттæ холлагæй сæ тæккæ дзаг, махæн та? Армытъæпæны йас хуымгæндтæ! Сыдæй мæлæм. Баххуыс кæн, хуыцау!

Адæм пырындзы куыстыл сæ хид калдтой, фæлæ æнцонæй сæ къухы не ’фтыди, — уый иууылдæр зæды аххосæй, мæ рæдыд сраст кæнон, зæгъгæ, пырындзы мыггаг амыты-уымыты куыдфæндыйæ калдта. Уымæ гæсгæ пырындз, хуыцауы куыд фæндыди, ахæм стыр къутæртæй нæ рæзыди, фæлæ хицæн мæнгæфсон зæнгтæй, — уыдонмæ та хъуамæ адæймаг зылдаид биноныг, æнувыдæй.

Адæмы хъаст хуыцаумæ фæхæццæ ис. Хуыцау ныллæууыд, адæймаджы фарс хæцгæйæ, йæ рохстзæрдæ фæсдзæуины бафхæрыныл, уыйадыл хæрзгæнæг зæды фестын кодта къамбец.

— Уый дæу аххосæй афтæ чысыл зайы зæххыл пырындз, кæрдæгæй та дзы къахæрæвæрæн дæр нæй. Ныр хъуамæ дæ цæргæ-цæрæнбоны хæрай хæмпæлгæрдæг æмæ адæмæн кусай! — загъта хуыцау.

Уæдæй фæстæмæ къамбецы рагъмæ кæсынц быдыры уæззау куыстытæ иууылдæр. Искуы-иу хатт æнæрхъуыдыйæ пырындзы æвзонг къалиутæм йæхи куы байвазы, уæд ын зæхкусджытæ цъæхснаг уисæй йе рагъыл дзæхстытæй ралæууынц. Иуæй-иутæн сæ фæсонæрхæджы дæр нæй, æнæ хох-бузныг, æнæ быдыр-бузныгæй сын æнувыд куыст чи кæны, уый цармы мидæг йæ рохстзæрдæйы аххосæй æнусмæ æлгъыстаг чи фæци, уыцы хæрзгæнæг зæды уд кæй ис.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.