Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЗÆХХОН ХУЫЦАУ



ЗÆХХОН ХУЫЦАУ

Раджы заманты цардис æмæ уыдис иу лæг. Æхсæвæй-бонæй йæ сау туг калдта, уæддæр мæгуырæй-мæгуырдæрмæ цыди. Дисæй марди, мæ алыварс адæм хъæздыг куы сты, уæд æз афтæ мæгуыр цæмæн дæн, зæгъгæ. Бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ сфæнд кодта Æрвон хуыцаумæ фæцæуын æмæ йæ бафæрсын. Бирæ фæцыди фæндагыл, тынг бирæ; йæ мæгуыр къæсæй куы рараст, уымæй дæс æмæ цыппарыссæдз боны аивгъуыдта, уæддæр арв æмгæрон дæр нæма уыд. Иуахæмы иу хъæдмæ бахæццæ. Изæрмилтæ байдыдта. Фæндаггон сфæнд кодта бæласы бын бахуыссын, фæлæ хъæд саскъæй æмызмæлд кодта, æмæ йæ йæ цæстытæ æддæгуæлæ авæрын дæр нæ уагътой. Уæд лæг бавдæлд æмæ бæлас акалдта, стæй дынджыр арт скодта. Фæздæг уæларвмæ фæцыди, йæ хъæхъхъаг тæф Æрвон хуыцауы фындзыл сæмбæлди, уыйадыл Зæххон хуыцауы фæрсы:

— Адæм уыцы иу фæдыл уыйбæрц мыдадзын цырæгътæ цæмæн ссыгътой?

Зæххон хуыцау цы дзуапп хъуамæ радтаид, куы ницы зыдта, уæд. Сфæнд кодта, уæдæ зæхмæ ныттæхон æмæ цы æрцыди, уый базонон. Арты фарсмæ февзæрди Зæххон хуыцау æмæ лæджы фæрсы:

— Цавæр дæ, цы дæ? Ахæм стыр арт цæмæн бандзæрстай?

Мæгуыр лæг дзуапп радта:

— Æз агурын Æрвон хуыцауы. Хъуамæ йæ бафæрсон, мæ алыварс адæм хъæздыг куы сты, уæд æз мæ цæргæ-цæрæнбонты мæгуырæй цæмæн мæлын.

— Хорз, æз Æрвон хуыцауæн балæгъстæ кæндзынæн, фондзыссæдз азы цæрæнбон дын куыд радта, афтæ.

— Нæ, æз ууыл разы нæ дæн. Фондзыссæдз азы мæгуырæй фæцæрон, уый сæр мæн ницæмæн хъæуы. Фæлтау дзæбæх цардæй æрмæст дæс æмæ ссæдз азы куы ацæрон, уæддæр бирæ хуыздæр у.

— Хорз уæдæ, æз Æрвон хуыцауæн зæгъдзынæн дæ курдиат, æрмæст дæ арт ахуыссын кæн.

Афтæ загъта Зæххон хуыцау æмæ хъавыди ацæуынмæ, фæлæ йын лæг йæ хæдоны тæрттæм фæлæбурдта æмæ ныхъхъæр кодта:

— Нæ! Нæ дæ ауадздзынæн! Дæс æмæ цыппарыссæдз боны уыцы цыдæй цæуын, уæддæр мын арвмæ схæццæйæн ницы æнтысы. Демæ мæ акæн, æз хъуамæ Æрвон хуыцауæн мæхæдæг комкоммæ зæгъон, рæстытæ нæ кæны, уый.

Йæхæдæг Зæххон хуыцауы æфцæгготыл ныззæгæл. Куыннæ æрбамæсты уыдаид Зæххон хуыцау:

— Кæд ахæм фыд-зыкъуыр адæймаг дæ, уæд æз афтæ бакæндзынæн, æмæ дæ Æрвон хуыцау ноджыдæр мæгуырдæрмæ куыд æртæра!

Уымæй афтæ, фæндаггон лæг фæтæрсдзæн, фæлæ куыннæ — Зæххон хуыцауы сæрыхъуынтæм фæлæбурдта æмæ йыл йæ тых, йæ бонæй дзæхст-дзæхстæй ралæууыди. Зæххон хуыцау лæгъстæ кæнынмæ фæци æмæ загъта фæндаггонæн, дæ дзырд дын сæххæст кæндзынæн, зæгъгæ.

Иуцасдæр рæстæг рацыди, афтæ лæг фыд-хъæздыг сси, фæлæ йæм иу рæстæджы йæ адзал фæзынди. Лæг уый куы базыдта, уæд йæ исбон мæгуыртæн байуæрста. Уыйадыл мæгуыртæ Æрвон хуыцауæй курын байдыдтой, ахæм зæрдæхæлар адæймаджы цæрæнбоныл бафтау, зæгъгæ. Æрвон хуыцау адæмы ныхасæн аргъ скодта, æмæ лæг фондзыссæдз азы бæрц фæцарди.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.