Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЦÆВАГ ХЪУГ



Иу хъуг нæ м уыди. Уый ахæ м знæ т, ахæ м цæ ваг уыд, æ мæ йын зæ гъæ н дæ р нæ й! Чи зоны, гъе уымæ гæ сгæ æ хсыр дæ р бирæ нæ кодта.

Мад дæ р æ мæ хотæ дæ р бирæ фæ удхар кодтой йемæ. Хъоммæ -иу æ й куы аскъæ рдтой, уæ д-иу арæ х сихорыл фæ стæ мæ хæ дзары æ рбалæ ууыд, йе та-иу хоры хуымтæ м баирвæ зти. Æ мæ марадз йæ фæ дыл уай! Ничи йын ницы хъом уыди.

Ног задæ й та йын æ ппын бауромæ н нæ уыд, — йæ родмæ лыгъди алкæ цæ й дæ р. Иухатт та йæ сыкъатæ й скъæ ты къултæ ныппырх кодта, йæ родмæ бырста. Æ мæ йын сыкъатæ дæ р ахæ мтæ уыди: даргъ æ мæ раст, уыцы ныццæ вын арæ зт. Нæ фыд ын цалдæ р хатты сфæ нд кодта йæ сыкъатæ алыг кæ нын, фæ лæ иу хаттæ й иннæ хатмæ æ ргъæ вта уыцы куыст бакæ нын, цыма йæ зæ рдæ цыдæ р æ нкъардта, уыйау.

Уыимæ диссаджы цæ рдæ г æ мæ æ взыгъд уыд. Йæ къæ дзил куы фæ хъил кæ на, стæ й йæ сæ р куы фæ дæ лæ мæ кæ на æ мæ куы фæ цагайа, уæ д æ й бæ хыл дæ р нæ баййафдзынæ!

Иухатт сæ рды хъомгæ сæ й алыгъди, изæ рмæ ма бирæ уыди, афтæ: йæ род уæ д гыццыл уыди. Хъуг нæ химæ æ рбалæ ууыд. Нæ мад æ й æ рдыгъта, йæ роды йæ м рауагъта æ мæ мæ хомæ — иу-дыууадæ саздзыд чызгмæ — фæ дзырдта: «Феня, аскъæ р сæ уæ ртæ доныбылмæ, уадз æ мæ уым былгæ рæ тты ахизой. Дæ цæ ст-иу сæ м фæ дар, хуымтæ м куыд нæ баирвæ зой, афтæ. Изæ рмæ нырма дзæ вгар рæ стæ г ис; ам æ й цы дарæ м дзæ гъæ лы».

Феня уис райста, хъуджы дæ р æ мæ роды дæ р аскъæ рдта быдырмæ; доныбылмæ сæ куы бахæ ццæ кодта, уæ д сæ ауагъта хизынмæ, йæ хæ дæ г дынджыр хæ рис бæ ласы бын æ рбадтис æ мæ фæ ндагыл кæ й æ ртыдта, уыцы дидинджытæ й йæ хицæ н венок быдта; архайы йæ дидинджытимæ æ мæ зары.

Иу афон Феняйы хъустыл ауад цавæ рдæ р сæ р-сæ р пыхсы ’рдыгæ й: доны дыууæ фарсы дæ р задис тынг бæ зджын пыхс — хæ рис æ мæ æ ндæ р алымыггаг къудзитæ.

Кæ сы Феня, æ мæ дын бæ зджын талаты æ хсæ н цыдæ р цъæ х быры хъуызæ гау; не ’дылы чызгæ й афтæ, уый сæ хи куыдз Серко у. Алчидæ р зоны, бирæ гъ куыдзы хуызæ н тынг кæ й у, уый, æ цæ г йæ бæ рзæ й тасаг нæ у, стæ й йæ къæ дзил раст у, лæ дзæ джы хуызæ н, йæ хæ мхуттæ дæ лæ мæ уагъд, йæ цæ стытæ та æ рттивгæ кæ нынц, зынгау. Фæ лæ Феня бирæ гъ хæ стæ гмæ никуы федта.

Феня куыдзмæ сидын райдыдта: «Серко, Серко! », фæ лæ уыцы сахат ауыдта — род æ мæ хъуг комкоммæ чызджы ’рдæ м æ рбазгъорынц, цыма æ рра фесты, уыйау, — род разæ й, хъуг та йæ фæ дыл. Феня фестади, йæ хи нылхъывта хæ рис бæ ласмæ, нæ зоны, цы кæ на, уый. Род йæ хи æ лвæ ста чызгмæ, хъуг та сæ дыууæ йы дæ р йæ æ гъдтæ й бæ ласмæ балхъывта, йæ сæ р та размæ ныггуыбыр кодта æ мæ богътæ кæ ны, йæ раззаг къæ хтæ й зæ хх къахы, йæ сыкъатæ та комкоммæ бирæ гъмæ сарæ зта.

Феня тынг фæ тарсти, йæ дыууæ къухæ й дæ р бæ ласыл ныххæ цыд, ныхъхъæ р кæ нын æ й фæ нды, фæ лæ хъæ р кæ нынмæ нал арæ хсы. Уалынмæ бирæ гъ йæ хи уыциу скъæ рд æ рбакодта хъугмæ, фæ лæ иуварс атахти: хъуг æ м фæ царæ хстис æ мæ йæ бариуыгъта йæ сыкъатæ й. Бирæ гъ бамбæ рста, æ нцонтæ й, комкоммæ лæ бургæ йæ, йæ къухы кæ й ницы бафтдзæ н, уый, æ мæ райдыдта хъугмæ куы иуæ рдыгæ й лæ бурын, куы иннæ рдыгæ й, цæ мæ й исты амалæ й хъугыл фæ хæ ст уа, йе та родмæ баирвæ за, уый тыххæ й. Фæ лæ чердыгæ йфæ нды лæ бура, — алы ран дæ р йæ комкоммæ арæ зтæ й ауыны уыцы сыкъатæ.

Феня ныр дæ р дзæ бæ х нæ ма æ мбары хабар, йæ зæ рды уыди алидзын, фæ лæ йæ хъуг нæ уадзы, бæ ласмæ йæ æ лхъивы.

Уæ д чызг фæ дис хъæ р кæ нын райдыдта, фервæ зын нæ кæ нут, зæ гъгæ... Нæ иу хъазахъхъаг уырдæ м хæ стæ ггомау хуым кодта, уый фехъуыста чызджы хъæ р дæ р æ мæ хъуджы богътæ дæ р, йæ дзывыр фæ уагъта æ мæ азгъордта хъæ рмæ.

Хъазахъхъаг кæ сы хабармæ, фæ лæ йæ ныфс нæ хæ ссы афтид армæ й, æ нæ исты хæ цæ нгарз бирæ гъмæ бацæ уын: сырд уыди æ нахуыр егъау æ мæ агъуыд; æ мæ лæ г ныхъхъæ р кодта йæ фыртмæ: уый дæ р уым хæ стæ г хуым кодта.

Бирæ гъ куы ауыдта, адæ м æ рбазгъорынц, уый, уæ д йæ лæ бурын фæ уагъта, фырмæ стæ й йæ дæ ндæ гтæ й скъæ с-къæ с кодта æ ртхъирæ нау, иу хатт, дыууæ хатты, стæ й пыхсбынмæ балыгъди.

Хъазахъхъæ гтæ ма Феняйы тыххæ йты бахæ ццæ кодтой хъæ умæ, — афтæ тынг фæ тарсти.

Цин кодта фыд, хъуджы сыкъатæ кæ й нæ алыг кодта, уый тыххæ й.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.