Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ХИНÆЙДЗАГ ГÆДЫ



ХИНÆ ЙДЗАГ ГÆ ДЫ

Аргъау

I

Раджы кæ ддæ р иу хæ дзары цардис æ мæ уыдис гæ ды, цæ у æ мæ фыр. Уыдон иумæ цардысты тынг хæ лар: армыдзаг хос дæ р æ мхуызон уæ рстой сæ кæ рæ дзийы æ хсæ н, фæ лæ над æ мæ рæ хуыстытæ та иууылдæ р уадысты æ рмæ стдæ р гæ дыйыл иунæ гæ й. Уый ахæ м даваг æ мæ сусæ гхор уыд, æ мæ йын зæ гъæ н дæ р нæ й: исты хæ ринаг уæ лæ нгай æ вæ рдæ й аззайæ д, уæ д ыл дæ къух ауигъ — гæ ды йæ уайтагъд ассивдзæ н.

Иуахæ мы та дын нæ цъæ х гæ ды къуылых-къуылых кæ угæ æ рбацæ уы, йæ цæ ссыг калы. Фæ тæ ригъæ д ын кодтой цæ у æ мæ фыр æ мæ йæ фæ рсынц:

— Уæ нæ хæ лар, нæ хи гæ ды! Цæ уыл кæ уыс, цы кодтай? Æ ртæ къахыл цæ мæ н згъорыс?

— Куыд нæ ма кæ уон, мæ хæ лæ рттæ! — дзуры сæ м уынгæ г хъæ лæ сæ й гæ ды. — Хæ дзары æ фсин мæ æ мбисонды над фæ кодта, мæ хъустæ дæ р мын сцæ йтыдта, мæ къæ хтæ мын ныссаста, стæ й ма мæ м ноджы бартхъирæ н кодта амарынæ й дæ р.

— Æ мæ дæ цæ мæ н афтæ тынг бафхæ рдта? Уа бæ ллæ хæ й цы ракодтай, уагæ ры? — фæ рсынц æ й цæ у æ мæ фыр.

— Эх-эх! Куыддæ р æ гъдауæ й æ нæ бары басдæ рдтон æ хсырысæ ртæ.

— Уæ дæ дын уæ д афтæ хъуыди! — дзуры йæ м цæ у. — Ма дав æ хсырысæ ртæ æ мæ æ нæ маст уыдзынæ!

Иухатт куы уыди, уæ д та дын гæ ды кæ уы:

— Хæ дзары æ фсин мæ фæ надта æ мæ мын нæ мгæ -нæ мын дзырдта: «Мæ сиахс мæ м æ рбацæ удзæ н, æ мæ ма йын ныр æ хсырысæ ртæ кæ м ссардзынæ н? Бар-æ нæ бары дæ р нæ ныр нæ цæ у æ мæ фыры аргæ вдын бахъæ удзæ н».

Уыцы ныхæ стæ фехъусгæ йæ ныккуыдтой, нырдиаг кодтой цæ у æ мæ фыр:

— Æ, фыдбылызы цъæ х гæ ды, æ нæ зонд сæ рхъæ н! Цæ мæ н нæ бабын кодтай уый?

Хъуыдытæ, уынаффæ тæ кæ нын райдыдтой, уыцы стыр фыдбылызæ й куыд фервæ зой, ууыл, — æ мæ сфæ нд кодтой уыцы сахат: æ ртæ йæ дæ р иумæ алидзæ м искæ дæ м.

Хъахъхъæ дтой, æ мæ ус йæ фæ дыл кулдуар гомæ й куы фæ уагъта, уæ д алыгъдысты.

II

Бирæ фæ лыгъдысты гæ ды, цæ у æ мæ фыр дæ лвæ зты æ мæ хæ хты, зын цæ уæ н змисты. Иу афон бахæ ццæ сты иу карст уыгæ рдæ нмæ æ мæ сфæ нд кодтой уым бахсæ виуат кæ нын. Уыцы уыгæ рдæ ны та хосы цъына тæ афтæ бирæ уыд, æ мæ йæ м дардæ й кæ с, уæ д горæ ты хуызæ н зынди.

Уыди мæ йдар æ мæ уазал æ хсæ в. Кæ м самал чындæ уа зынг? Гæ ды ссардта бæ рзы цъар, цæ уы сыкъатыл æ й стыхта æ мæ йын загъта, фыримæ уæ сыкъатæ кæ рæ дзиуыл тынг скъуырут, зæ гъгæ. Уыдон сæ г сыкъатæ кæ рæ дзиуыл сцавтой, сæ цæ стытæ цæ хæ ртæ акалдтой, æ мæ уыцы цæ хæ ртæ й бæ рзы цъар ссыгъди.

— Хорз, — загъта цъæ х гæ ды, — ныр схъарм уыдзыстæ м! — Айтæ -уыйтæ нал фæ кодта, фæ лæ уыцы хуызæ нæ й æ нæ хъæ н хосы цъынайыл бандзæ рста.

Æ ххæ ст дæ р нæ ма схъарм сты, афтæ сæ м фæ зынд иу æ нахуыр уазæ г — Бырсæ гаты Гуырымыхъхъы фырт Арсæ мæ г.

— Бауадзут мæ, — зæ гъы, — æ фсымæ ртæ, мæ хи схъарм кæ нын æ мæ мæ фæ ллад суадзынмæ: куыддæ р мæ чемы нæ дæ н.

— Табуафси, рацу нæ м, Бырсæ джы-фырт, — загъта йын гæ ды. — Кæ цæ й цæ уыс?

— Мыддартæ м фæ цыдтæ н, — загъта арс, — мыдыбындзыты бабæ рæ г кæ нон, зæ гъгæ, æ мæ мыдгæ стимæ фæ хыл дæ н; нæ фæ разгæ кæ й дæ н, уый дæ р мын гъе уыцы хылы аххос у.

Бауазæ г кодтой арсы æ мæ иууылдæ р сæ хи ауагътой: цæ у æ мæ фыр арты фарсмæ, гæ ды цъынайы сæ р, арс та цъынайы бын бабырыд.

III

Бафынæ й ис Гуырымыхъхъы фырт Арсæ мæ г, цæ у æ мæ фыр та æ ркув-æ ркув кæ нынц; æ рмæ ст иунæ г гæ ды нæ у фынæ й, æ мæ уыны алцы дæ р. Кæ сы, æ мæ дын, уæ ртæ æ рбацæ уы авд цъæ х бирæ гъы æ мæ иу урс бирæ гъ. Сæ ных комкоммæ цъынайы артмæ сарæ зтой.

— Уф-уф! Цы стут, цавæ р стут уый! — дзуры урс бирæ гъ цæ у æ мæ фырмæ. — Цæ йут-ма, бавзарæ м нæ тых: чи нæ тыхджындæ р у кæ ддæ ра.

Цæ у æ мæ фыр фыртæ ссæ й бауасыдысты; уæ д сæ м цъæ х гæ ды цъынайы сæ рæ й дзуры:

— Æ, уæ ртæ урс бирæ гъ, бирæ гъты æ лдар! Ма нын смæ сты кæ н нæ хистæ ры. Кæ ннод уæ м йæ хи куы фæ хъуынджын кæ на, уæ д уæ иу дæ р æ гасæ й нал аирвæ здзæ н. Уæ ртæ йын йæ зачъетæ нæ уыныс, уый мидæ г ис йæ тых дæ р: æ ппæ т сырдты дæ р йæ зачъейæ нæ мы. Йæ сыкъатæ й сырдтæ н æ рмæ стдæ р сæ царм стигъы. Фæ лтау, кæ д ма уæ цæ рын фæ нды, уæ д æ м сыгъдæ гзæ рдæ йæ бацæ ут æ мæ йын балæ гъстæ кæ нут: фæ нды нæ, зæ гъ, дæ кæ стæ р æ фсымæ римæ, уæ ртæ цъынайы бын чи хуыссы, уыимæ ахъазын.

Уыйадыл бирæ гътæ цæ уæ н балæ гъстæ кодтой, гæ ды сын куыд загъта, афтæ. Амбырд сты бирæ гътæ арсыл æ мæ йæ æ нцой нал уадзынц — фæ ныхил-фæ ныхил æ м кæ нынц, мæ стæ й йæ марынц. Арс сæ м иуцасдæ р йæ хи урæ дта, урæ дта, стæ й æ гæ р-æ гæ р куы кодтой, уæ д рамæ сты æ мæ дзы цыппармæ уыциу лæ бурд фæ кодта, йæ дзæ мбытæ сыл æ руагъта, æ мæ — дæ фыдгул афтæ — бирæ гъты ниуд æ мæ æ рдиаг уæ ларвмæ хъуысти.

Бирæ гътæ ма тыхамæ лттæ й æ рдæ гмæ рдтæ й раирвæ зтысты цъынайы бынæ й æ мæ, сæ къæ дзилтæ сæ сагæ хты бамбæ хстой, афтæ мæ й лидзынмæ фесты, — цæ ст дæ р сыл нал хæ цыд раст.

Цæ у æ мæ фыр та, цалынмæ арс бирæ гътимæ хъуырдухæ н кодта, уæ дмæ сæ гæ дыйы се ’ккой абадын кодтой æ мæ цыппæ рвадæ й сæ хирдæ м ныййарц сты.

— Æ гъгъæ д нын фæ уæ д æ нæ сæ рфат лекка кæ нын, — загътой сæ хицæ н æ ртæ лымæ ны, — ахæ м хæ тæ нхуагæ й бынтон фыдбылызы бахауынæ н дæ р бирæ нæ хъæ уы. Цомут фæ лтау нæ химæ.

Зæ ронд лæ г æ мæ ус тынг бацин кодтой, сæ цæ у æ мæ фыр сæ химæ кæ й æ рбаздæ хтысты, ууыл; фæ лæ ма цъæ х гæ дыйы нæ мгæ дæ р фæ кодтой йæ мæ нгард миты тыххæ й.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.