Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЦÆРГÆС ÆМÆ ГÆД Ы



Хъæ уы æ дде гæ ды йæ лæ ппынтимæ дзæ бæ х хъазыди. Уалдзыгон хур сæ йæ хъарм тынтæ й рæ вдыдта, æ мæ цыппæ ркъахыг чысыл бинонтæ сæ химæ кастысты тынг амондджын.

Уалынмæ кæ цæ йдæ р æ васт фæ зынд иу дынджыр быдираг цæ ргæ с. Фатау, бæ рзондæ й йæ хи æ рыскъæ рдта æ мæ фæ лæ бурдта гæ дыйы лæ ппынтæ й иумæ. Фæ лæ йын стæ хын нæ ма бантысти, афтæ йыл мад йæ хи ныццавта æ мæ йыл йæ цыргъ дæ ндæ гтæ й ныззæ гæ л ис. Тугдзых маргъ гæ дыйы лæ ппыны феуæ гъд кодта æ мæ тохы бацыди зæ ронд гæ дыимæ. Се ’хсæ н бацайдагъ мæ лæ тдзаг тох.

Домбай базыртæ, фидар бырынкъ, даргъ къæ дз дзæ мбытæ джын тыхджын къæ хтæ цæ ргæ сæ н уыдысты æ мбисонды хорз хотыхтæ: уый фæ йнæ рдæ м тыдта гæ дыйы царм, скъахта йын йæ иу цæ ст. Фæ лæ уæ ддæ р йæ ныфс нæ асасти гæ дыйæ н, уый йæ тых, йæ бонæ й ныххæ цыд цæ ргæ сыл дæ ндагæ й æ мæ йын бахсыдта йæ рахиз базыр.

Ныр уæ лахиз кæ нын райдыдта гæ ды; уæ ддæ р ма цæ ргæ с тынг хъаруджын уыди, гæ ды та бафæ лладис. Æ рæ мбырд ма кодта йæ фæ стаг тыхтæ, рæ вдз багæ пп кодта цæ ргæ смæ æ мæ йæ зæ ххыл афæ лдæ хта. Уыцы минут ын йæ сæ р бахсыдта æ мæ, йæ хи цæ фтæ æ рбайрох кæ нгæ йæ, бауад йæ цæ ф лæ ппынмæ æ мæ уый сдæ рыныл фæ ци.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.