Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ИУ ФÆТКЪУЫ БÆЛАСЫ ТАУРÆГЪ



I

Хъæ ды задис иу хъæ ддаг фæ ткъуы; уыцы бæ ласæ й фæ ззæ джы зæ хмæ æ рхауд туаг фæ ткъуы. Цъиутæ бахсыдтой фæ ткъуы, бахордтой йын йæ æ ппытæ дæ р.

Æ рмæ ст ма дзы иунæ г апп бамбæ хсти зæ ххы æ мæ баззад æ нæ хæ рдæ й.

Фæ ткъуыйы апп зымæ джы дæ ргъы фæ лæ ууыди миты бын, æ мæ уалдзæ джы, хур уымæ л зæ ххы куы æ ртавта, уæ д фæ ткъуыйы апп зайын райдыдта: бынмæ ауагъта уидаг, уæ лæ мæ та суагъта йæ фыццаг дыууæ сыфы. Уыцы дыууæ сыфы æ хсæ нæ й суади лыстæ г зæ нг, йæ цъуппыл къуыбыр; уыцы къуыбыр рафтыдта гыццыл цъæ х сыфтæ ртæ.

Къуыбыр къуыбыры фæ стæ, сыфтæ р сыфтæ ры фæ стæ, къалиу къалиуы фæ стæ — æ мæ фæ ткъуыйы апп кæ дæ м æ рхауд, уыцы ран иу-фондз азы фæ стæ уыди дзæ бæ х тала фæ ткъуы бæ лас.

Дыргъдар белимæ æ рбацыд хъæ дмæ, федта уыцы фæ ткъуы бæ лас æ мæ загъта: «Ай хорз бæ лас у, бабæ здзæ н мын».

Базыр-зыр кодта фæ ткъуыйы тала, дыргъдар æ й къахын куы райдыдта, уæ д, æ мæ хъуыды кæ ны: «Фесæ фтæ н бынтон! » Фæ лæ дыргъдар бæ лас скъахта арæ хстгай, йæ уидæ гтæ йын нæ бахъыгдардта, афтæ мæ й, ахаста йæ дыргъдонмæ æ мæ йæ уым хорз мæ ры ныссагъта.

II

Йæ хицæ й ныббузныг ис лæ ппын фæ ткъуы бæ лас цæ хæ радоны: «Æ вæ ццæ гæ н, æ з тынг стæ м бæ лас дæ н, — хъуыды кæ ны уый, — æ мæ мæ хъæ дæ й дыргъдонмæ уый тыххæ й раивтой», — æ мæ æ нæ рвæ ссонæ й кæ сы йæ алыварс хæ цъилбаст фыдуынд бындзæ фхæ дтæ м; уый нæ зыдта, скъоламæ кæ й æ рбахауд, уый.

Дыккаг хатт дыргъдар æ рбацыди къæ дзфындз кардимæ æ мæ райдыдта уыцы фæ ткъуы бæ лас лыг кæ нын.

Базыр-зыр кодта фæ ткъуы æ мæ хъуыды кæ ны: «Гъеныр бынтондæ р ме сæ фт æ рцыд, гъе! »

Дыргъдар бæ ласæ н йæ цъæ х цъупп иууылдæ р ахауын кодта, æ рмæ ст ма йын йæ бындзæ фхад ныууагъта, стæ й ма уымæ н дæ р йæ цъупп афаста, йæ зыхъхъыры йын хорзмыггаг фæ ткъуы бæ ласы ног къалиу нытътъыста. Уый фæ стæ йын йæ хъæ дгом байсæ рста сæ рдæ нæ й, бабаста йæ хæ цъилы гæ базæ й, ног æ фтыдгонд бæ ласы алфамбылай чысыл михтæ ныссагъта æ мæ ацыди.

III

Фæ рынчын ис фæ ткъуы бæ лас; фæ лæ уый уыди æ рыгон æ мæ тыхджын. Тагъд фæ сæ рæ н, сдзæ бæ х и æ мæ баныхæ ст æ цæ гæ лон къалиуимæ.

Къалиу цъиры домбай фæ ткъуы бæ ласы сой æ мæ тагъд рæ зы: къуыбыр къуыбыры фæ дыл, сыфтæ р сыфтæ ры фæ дыл æ фтауы, хæ рдмæ æ мæ фæ йнæ рдæ м уадзы билцъ билцъы фæ дыл, къалиу къалиуы фæ дыл; æ мæ иу-æ ртæ азы фæ стæ уыцы æ взонг бæ лас рафтыдта адджын тæ фгæ наг сырхбын урс дидинджытæ.

Азгъæ лдысты бæ ласы сырхбын урс дидинджытæ, æ мæ уыдоны бынаты фæ зынди цъæ х æ лхынцъæ гтæ; уыцы æ лхынцъæ гтæ й та фæ ззæ гмæ рауадис фæ ткъуытæ; уыимæ ныр уыдон туаг хъæ ддаг фæ ткъуытæ нæ уыдысты, фæ лæ дынджыр, сырхварс, адджын, лæ хурæ г фæ ткъуытæ!

Æ мæ дзы ахæ м хорз фæ ткъуы бæ лас рауадис, ахæ м, æ мæ йæ м æ ндæ р дыргъдæ ттæ й дæ р цыдысты, бафтауынæ н ног къалиутæ ракæ нынмæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.