Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





КУЫРМ БÆХ



Раджы кæ ддæ р, мах нæ, фæ лæ ма нæ фыдæ лты фыдæ лтæ æ мæ ма суанг уыдоны фыдæ лтæ дæ р гуырд куы нæ ма уыдысты, гъе уæ д денджызы был уыдис иу славяйнаг хъæ здыг базарадон горæ т Винетæ. Уыцы горæ ты та царди хъæ здыг къупецаг Уседом. Уыцы къупецаджы наутæ, алы зынаргъ товартæ й сæ тæ ккæ дзаг, афтæ мæ й ленк кодтой дард бæ стæ тæ м.

Уседом уыди тынг хъæ здыг лæ г æ мæ царди фыр хъæ здыг, фыр бухъцардæ й. Уæ ды заман дунейыл хорзæ й æ мæ зынаргъ дзаумайæ ссарæ н кæ мæ н уыд, ахæ мæ й йæ хæ дзары цы нæ уыди, уый ахæ м нæ й. Хæ дзары хицау, йæ ус æ мæ йæ сывæ ллæ ттæ хæ ргæ дæ р кодтой æ рмæ стдæ р сызгъæ рин æ мæ æ взист тæ бæ гъты æ мæ агуывзæ ты, сæ уæ лæ дардтой æ рмæ ст сæ лавырдзæ рмттæ й æ мæ хæ рдгæ хуыдæ й фæ лыст дарæ с.

Уседомы бæ хдæ тты уыди бирæ æ мбисонды хорз бæ хтæ. Фæ лæ Уседомы бæ хдæ тты дæ р æ мæ æ гас Винетæ йы дæ р нæ уыди Уадсуры хуызæ н уайаг æ мæ рæ сугъд бæ х, — Уседом йæ уарзон саргъыбæ хы афтæ схуыдта, тынг уайаг кæ й уыд, уый тыххæ й. Уадсурыл йæ хицау йеддæ мæ сбадын ничи уæ ндыди, стæ й йæ хицау дæ р уыцы бæ х йеддæ мæ æ ндæ р бæ хыл никуы никæ дæ м ацыд.

Йæ сæ удæ джеры хъуыддæ гты фæ дыл та къупецаг иуахæ мы уыди балцы. Фæ стæ мæ Винетæ мæ фæ ндагыл уый йæ уарзон бæ хыл æ рбацæ йцыд иу егъау æ мæ тар хъæ ды астæ уты. Хабар æ рцыди изæ рыгон, хъæ д уыди тынг талынг æ мæ бæ зджын, дымгæ æ нкъуыста тар нæ зы бæ лæ сты цъуппытæ. Къупецаг цыди зыбыты иунæ гæ й, уыимæ сындæ г, йæ уарзон бæ хæ н тæ ригъæ дгæ нгæ йæ, уымæ н æ мæ йын бафæ лладис дард балцы фæ ндагыл.

Æ виппайды дын, зæ ххы скъуыдæ й февзæ рæ гау, къудзиты бынæ й йæ размæ рагæ пп кодтой æ хсæ з бæ зæ рхыгарæ зт лæ джы, сæ сæ ртыл хъуынджын худтæ, сæ бакаст, се ’нгас хъæ ддаг сырдты хуызæ н. Се ’ппæ тмæ дæ р рагон, фителтæ й æ хсгæ топпытæ, сæ къухты фæ рæ ттæ æ мæ кæ рдтæ; абырджытæ й æ ртæ бæ хтыл уыдысты, æ ртæ та фистæ г. Дыууæ абырæ джы фæ лæ бурдтой къупецаджы бæ хмæ æ мæ йын йæ рохтыл фæ хæ цыдысты.

Хъæ здыг Уседом йæ райгуырæ н Винетæ йæ цæ сты кæ ронæ й дæ р нал федтаид, æ ндæ р бæ хыл куы бадтаид, уæ д. Фæ лæ Уадсур куы банкъардта йæ идоныл æ цæ гæ лоны къухтæ, уæ д размæ уыциу риуыгъд аласта æ мæ йæ фæ тæ н, домбай риуæ й скъуырдта, йæ идонбæ стыл ын чи фæ хæ цыд, уыцы дыууæ фыдгæ нæ джы, æ мæ зæ ххыл сæ тъæ пп фæ цыд; æ ртыккаг та, йæ даргъхъæ д хæ цæ нгарз уæ лдæ фы тилгæ, размæ базгъордта барæ гæ н йæ фæ ндаг æ рæ хгæ нынмæ, фæ лæ та уыцы фыдгæ нæ джы дæ р йæ къæ хты бын ассæ ста æ мæ размæ уадау адугъ кодта.

Бæ хджын абырджытæ йæ фæ сте асырдтой, баййафæ м æ й, зæ гъгæ. Уыдонмæ дæ р уæ вгæ хорз бæ хтæ уыди, фæ лæ ма сæ Уседомы Уадсуры баййафынмæ бирæ хъуыди!

Уадсур, кæ д цыфæ нды фæ ллад уыди, уæ ддæ р куы бамбæ рста, фæ сте йæ æ рбасурынц, уый, уæ д, сахъ цуаноны фатау, фæ цагайдта размæ; йæ уадыл цæ ст нал хæ цыд, æ мæ агъуыд фыдгæ нджытæ йæ фæ стæ дард баззадысты.

Сахаты æ рдæ джы фæ стæ Уседом йæ уарзон Уадсурыл бахæ ццæ ис йæ райгуырæ н горæ т Винетæ мæ. Бæ хы фынк фæ ркгай калди зæ хмæ. Фырфæ лладæ й йæ фæ рстæ сдымс-æ рхау кодтой.

Къупецаг йæ бæ хæ й куы æ рхызти, уæ д уыцы сахат, Уадсуры фынкбæ рзæ й къухæ й æ рсæ рфгæ йæ, стыр разæ нгард æ мæ зæ рдиагæ й дзырд радта, цыфæ ндытæ йыл куы æ рцæ уа, уæ ддæ р йæ уарзон бæ хы кæ й никуы ауæ й кæ ндзæ н, кæ й йæ никæ мæ н балæ вар кæ ндзæ н, стæ й цыфæ нды зæ ронд куы бауа, уæ ддæ р æ й кæ й никуы атæ рдзæ н æ мæ йын, цалынмæ æ гас уа, уæ дмæ алы бон дæ р æ ртæ меркъайы хуыздæ р сысджыйæ кæ й дæ тдзæ н, уый тыххæ й.

Фæ лæ йæ ус æ мæ йæ сывæ ллæ ттæ м батагъдгæ нгæ йæ, Уседом бæ хмæ нæ фæ касти, зивæ ггæ наг æ ххуырст та, куыд æ мбæ лы, афтæ нæ базылди тыхтард бæ хмæ, йæ хид дæ р бынтон нæ ма бахус, афтæ мæ й йын дон æ гæ р раджы бадардта.

Уæ дæ й фæ стæ мæ Уадсур йæ сæ рæ н нал кодта, фæ рынчын, сцола, йæ къæ хтæ слæ мæ гъ сты æ мæ, æ ппынфæ стаг, бакуырм и.

Къупецагæ н йæ бæ хыл йæ зæ рдæ тынг рысти æ мæ иу афæ дзы æ рдæ джы бæ рц æ нæ фæ сайгæ йæ æ ххæ ст кодта йæ дзырд: куырм бæ хы, раздæ рау, дардта йе скъæ ты æ мæ йын алы бон дæ р лæ вæ рдта æ ртæ меркъайы сысджы.

Уалынмæ Уседом йæ хицæ н балхæ дта æ ндæ р саргъыбæ х. Афæ дзы æ рдæ джы фæ стæ лæ гмæ æ гæ р дзæ гъæ л хардз фæ касти куырм бæ хæ н бон æ ртæ меркъайы сысджы дæ ттын, æ мæ æ ххуырстытæ н бафæ дзæ хста, æ ртæ нæ, фæ лæ йын дыууæ меркъайы дæ ттын куыд райдайой, афтæ. Рацыди та афæ дзы æ рдæ г; куырм бæ х нырма зæ ронд нæ ма уыди, хæ ссын æ й бахъуыдаид бирæ рæ стæ г; дæ ттын ын райдыдтой бон иу меркъа. Æ ппынфæ стаг, къупецагмæ уый дæ р æ вгъау фæ касти æ мæ загъта, Уадсурæ н йæ дзылар йæ сæ рæ й раппарут æ мæ йæ дуары æ дде фæ кæ нут, скъæ ты бынат дзæ гъæ лы куыннæ уал ахса, афтæ. Æ ххуырстытæ куырм бæ хы кæ ртæ й ратардтой хъилæ й нæ мгæ: æ ддæ мæ сын нæ куымдта.

Мæ гуыр куырм Уадсур не ’мбæ рста, цы кæ нынмæ йын хъавынц, уый; нæ зыдта, цы фæ уа, кæ дæ м цæ уа, уый, æ мæ кулдуары æ дде лæ угæ баззад, йæ сæ р дæ лæ мæ æ руадзгæ йæ æ мæ йæ хъустæ æ нкъард атил-атилгæ нгæ.

Бахсæ в ис. Мит рауарыд. Мæ гуыр куырм бæ хæ н дуртыл æ гæ р хъæ бæ р æ мæ уазал уыди. Уый иу цалдæ р сахаты фæ лæ ууыд уыцы иу ран, фæ лæ æ ппынфæ стаг, æ гæ р куы сæ ххормаг ис, уæ д бар-æ нæ бары дæ р фенкъуыст йæ бынатæ й æ мæ араст ис хæ ринагагур. Йæ сæ р хæ рдмæ бæ рзонд сисгæ йæ, смудгæ цыди, кæ д æ ппын æ мæ иу зæ ронд, хæ лддзаг хæ дзары сæ рæ й армыдзаг хъæ мпы мурыл уæ д та фæ хæ ст уыдаид, уый тыххæ й, æ мæ -иу иудадзыг йæ хи куы хæ дзары тигъыл скъуырдта, куы та быруйыл.

Уадсуры хабар дарддæ р кæ ныны агъоммæ, сымах хъуамæ зонат, Винетæ йы, стæ й славянты иннæ æ ппæ т рагон горæ тты дæ р кæ й нæ уыди кънйаз, горæ тæ н та уынаффæ гæ нæ г уыдысты, чи дзы цардис, уыцы адæ м сæ хæ дæ г. Исты ахсджиаг хъуыддæ гтæ -иу сæ алыг кæ нын куы хъуыди, уæ д-иу æ рæ мбырд сты горæ ты фæ змæ æ мæ -иу уым бакодтой сæ уынаффæ тæ. Адæ м-иу сæ хи сæ рмагонд хъуыддæ гтæ, стæ й тæ рхон скæ ныны æ мæ бафхæ рыны фарстатæ кæ м лыг кодтой, уыцы æ мбырд хуынди вече. Винетæ йы астæ у, фæ зы, вече-иу кæ м æ рæ мбырд ис, уыцы ран цыппар цæ джындзыл ауыгъд уыди вечейы дынджыр дзæ нгæ рæ г, уый цагъдмæ æ мбырд кодтой адæ м. Дзæ нгæ рæ г ныццæ гъдын йæ бон уыди, йæ хи æ фхæ рдыл чи нымадта æ мæ аххосджыны бафхæ рын чи домдта, йе та йæ хи бахъахъхъæ нынæ н адæ мæ й æ ххуыс чи агуырдта, уыдонæ н æ ппæ тæ н дæ р.

Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, хуымæ тæ джы лыстæ г хъуыддæ гты тыххæ й ничи уæ ндыди вечейы дзæ нгæ рæ г ныццæ гъдын, уымæ н æ мæ алчидæ р зыдта, уæ д æ й адæ м тынг кæ й бафхæ рдзысты, уый.

Куырм æ мæ къуырма æ ххормаг бæ х, горæ ты фæ зы разил-базил кæ нгæ йæ, æ нæ нхъæ лæ джы бафтыди, дзæ нгæ рæ г ауыгъд кæ уыл уыди, уыцы цæ джындзтæ м. Кæ д мыййаг хъæ мпынсæ р хæ дзар у, зæ гъгæ, йæ дæ ндæ гтæ й фæ хæ ст стыр дзæ нгæ рæ джы бæ ндæ ныл æ мæ йæ æ риваз-æ риваз кæ нын райдыдта. Дзæ нгæ рæ г афтæ тынг ныццагъта æ мæ адæ м, кæ д ма тынг раджы уыди, уæ ддæ р, къордтæ -къордтæ й згъорын райдыдтой фæ змæ, вечейы тæ рхон афтæ тынг чи домы кæ нæ уый æ вджид йæ хи афтæ зæ рдиагæ й чи кæ ны, уый базонынмæ.

Винетæ йы цæ рджытæ иууылдæ р зыдтой Уадсуры, зыдтой, уыцы бæ х йæ хицауы мæ лæ тæ й кæ й фервæ зын кодта, уый дæ р, стæ й Уседом йæ фервæ зынгæ нæ джы тыххæ й цы дзырд радта, уый дæ р. Æ мæ ныр адæ м дис кодтой, мæ гуыр æ ххормаг куырм бæ хы фæ зы астæ у уазалæ й зырзыргæ нгæ, йе рагъыл та мит, афтæ мæ й куы федтой, уæ д.

Уайтагъд сбæ лвырд и, хъуыддаг цæ й мидæ г ис, уый. Æ мæ адæ м куы базыдтой, хъæ здыг Уседом йæ фервæ зынгæ нæ г мæ гуыр куырм бæ хы йæ хæ дзарæ й ратардта, уый, уæ д æ мхъæ лæ сæ й загътой, Уадсурæ н бæ гуыдæ р йæ бон уыди вечейы дзæ нгæ рæ г ныццæ гъдын, зæ гъгæ.

Адæ м бадомдтой æ нæ уæ здан, æ бузн къупецагмæ фæ змæ фæ сидын. Уый кæ д йæ хи рæ стытæ кодта, уæ ддæ р ын æ мбырд бахæ с кодта бæ хмæ раздæ рау хорз куыд зила æ мæ йæ куыд хæ сса, цалынмæ цæ ра, уæ дмæ, афтæ. Сæ рмагонд адæ ймагæ н фæ дзæ хст æ рцыд, тæ рхон куыд æ ххæ стгонд цæ уы, уымæ кæ сын, тæ рхоны уынаффæ тæ та дурыл ныффыстой. Дур та, уыцы æ мбисонды цау зæ рдыл дарыны сæ раппонд, æ вæ рд æ рцыд вечейы фæ зы...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.