Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ТАУРÆГЪТÆ. ПЫРЫНДЗ ÆМÆ БÆМБÆГ



ТАУРÆГЪТÆ

ПЫРЫНДЗ ÆМÆ БÆМБÆГ

Зæхх æмæ адæмы куы сфæлдыста æрвон хуыцау, уæд сын уый фæстæ бауынаффæ кодта пырындз æмæ бæмбæг раттын, цæмæй зæххыл хæринаг фаг уа, стæй адæм дзаумайæ æфсæст уой. Фæсидтис æппæт цæрæгойтæм æмæ сын уыцы хъуыддаджы фæдыл сæ фæндон зæгъынæн бар радта. Сырдтæ бæстæ хъæр æмæ ахст скодтой: хъаугъа кæнын райдыдтой, кæрæдзийæн дзырды бар нал лæвæрдтой. Фæстагмæ дыууæ дихы фесты — сæ иутæ Пылы фарс уыдысты, се ’ннæтæ Гæккуырийы.

Пыл йæ фæндон загъта — ома, зæгъы, ахæм пырындз раттын хъæуы, æмæ йе ’фсиртæ пылæн йæхи къæдзилы хуызæн егъау æмæ ставд куыд уой. Гæккуыри та ууыл ныллæууыди, пырындзы æфсиртæ уый къæдзилы хуызæн цæмæй уой.

Пыл тынг хъæбæрæй домдта, бæмбæг йæ асмæ гæсгæ дæр æмæ йæ формæмæ гæсгæ дæр мæ сæры æнгæс хъуамæ уа, зæгъгæ. Гæккуыри та домдта, хуызæй дæр æмæ асæй дæр уый сæры хуызæн куыд уа бæмбæг, афтæ.

Пылы фарс уыдысты Тигр, Арс, Леопард æмæ æндæр ставд сырдтæ. Гæккуырийы фарс та хæцыдысты лыстæг сырдтæ: Тæрхъустæ, Мæлдзыджытæ, Мыстытæ, Гæдытæ. Пыл-иу ныхъхъæр кодта:

— Цæмæй хæринаг æмæ дарæс фаг уа, уый тыххæй пырындз дæр æмæ бæмбæг дæр хъуамæ уой стыртæ. Хъуамæ се ставд бæрзонд зæнгтыл зайа пырындзы егъау гагатæ æмæ бæмбæджы стыр къоппытæ.

— Гъемæ ма ахъуыды кæнут, афтæмæй куыд зын уыдзæни, ууыл! — цъыс-цъыс кодта Гæккуыри. — Зæххыл лыстæг цæрæгойтæ бирæ фылдæр сты, æмæ Пылы фæнд куы ацæуа, уæд уыдонæй чи сæххæсдзæни пырындзы егъау æфсиртæм кæнæ бæмбæджы бæрзонд зæнгмæ. Мах фæндыл сразы ут. Пылы хæринаг кæнæ дзаума куы хъæуа, уæд-иу уыйбæрц фылдæр æртонæд пырындз дæр æмæ бæмбæг дæр.

Бирæ фæхъаугъа кодтой сырдтæ, гъе стæй, куы фæсабыр сты, уæд хуыцау бамбарын кодта, Гæккуырийы фæндоныл разы кæй у, æмæ пырындз дæр, стæй бæмбæг дæр Гæккуырийы фæндонмæ гæсгæ кæй скæндзæн.

Хуыцау Гæккуырийы фæндыл сразы, Пыл уый куы бамбæрста, уæд нымайын æмæ аргъ кæнын райдыдта Гæккуырийæн йæхицæн дæр, ноджы, уый фарс чи уыди, уыдонæн се ’ппæтæн дæр. Уыцы бонæй фæстæмæ Пыл никуы бахъыгдары нæдæр мæлдзыджыты, нæдæр гæккуыриты, нæдæр иннæ лыстæг сырдты æмæ цæрæгойты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.