Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ПАДДЗАХЫ ЧЫЗГ ТЬЕН ЗОНГ ÆМÆ МÆГУЫР ЛÆДЖЫ ФЫРТ СЫ ДОНГ ТЫЙЫ АРГЪАУ



ПАДДЗАХЫ ЧЫЗГ ТЬЕН ЗОНГ ÆМÆ МÆГУЫР ЛÆДЖЫ ФЫРТ СЫ ДОНГ ТЫЙЫ АРГЪАУ

Ацы хабар æрцыди паддзах Хунг Выонг Æртыккаджы заманы. Ныр дæр ма йæ фæдзурынц, зæгъгæ, паддзахæн уыди зыбыты иунæг чызг, æмæ йыл æрхъæцмæ дæр нæ хъæцыди. Чызг йæ дзыхæй исты зæгъæд, æндæр-иу æй фыд уайтагъд ссардта. Чызгæн йæ ном хуынди Тьен Зонг. Æстдæс азы йыл куы рацыди, уæд дзы фыррæсугъдæй хуртæ æмæ мæйтæ кастысты. Фæлæ уыди хивæнд, йæхи цы бафæндыдаид, æндæр æм нымады дæр ничи уыди. Тьен Зонгæн цæугæдоны тезгъо кæнынæй хуыздæр хорз мацы ракæн. Иугæр уалдзæг ралæууæд, уый йеддæмæ-иу бон-изæрмæ чызг хæдзармæ нал цыди доныбылтæй. Æппæтæй фылдæр уарзта Ти-Санмæ (ныр уыцы хъæу хауы Ван-Зиангы хюенмæ[4]) хæстæг былгæрæттæ.

Уыцы хъæуы цардис Сы Ку Ван, зæгъгæ, иу мæгуыр зæхкусæг йæ иунæг фырт Сы Донг Тыимæ. Фыд æмæ фырты адæм зыдтой сабыр æмæ куыстуарзонæй. Бон-изæрмæ архайдтой сæ армытъæпæны йас цæхæрадоны. Сæ пырындз-иу иннæ хорæрцыдмæ тыххæй æрæххæссыди, разы нæ уыдысты сæ цардæй, фæлæ цы сæ бон уыд, — амонд сæм хæстæг нæ цыди. Ноджы ма сын сæ уæлмæгуыры æдде иуахæмы арв сæ хæдзар æрцавта, сæ мæгуыр муртæ æд хæдзар сау сыгъд бакодтой. Фыццаг заманты мæгуыртæ хæлæфты бæсты кæй дардтой, æрмæстдæр ма иу ахæм зæнгæмбæрзæны æвджид баззадысты дыууæйæ. Радыгай йæ дардтой фыд æмæ фырт сæ зæнгæмбæрзæн.

Иу заманты фыд æррынчын ис. Фæсидти йæ фыртмæ æмæ йын афтæ зæгъы.

— Мæ хъæбул, курын дæ, æмæ куы амæлон, уæд мæ-иу мадард бæгънæгæй баныгæн, зæнгæмбæрзæн-иу дæхицæн уадз: мæн уæддæр ницæмæнуал хъæуы!

Ницы сдзырдта фырт, æнкъардæй йæ мæгуыр фыдмæ касти æдзынæг.

Сы Ку Ван амард.

Сы Донг Ты йæхи мардта йæ фæдыл. Уæдæ ма йын цы хорздзинад фæуон, зæгъгæ, йын йæ фæдзæхст дæр ницæмæуал æрдардта æмæ йæ æд зæнгæмбæрзæн баныгæдта.

Сы Донг Ты иунæгæй баззади. Йе йын быдырмæ ацæуæн нæ уыди, йе базармæ, — йæ уæлæ ма цы скодтаид хъуамæ, бæгънæгæй та адæмы æхсæнмæ йæхи куыд равдыстаид. Цæугæдоны былгæрон йæхицæн халагъуд сарæзта, кæсаг ахста, стæй-иу фæндаггæттæн æхцайыл лодкæ авæрдта, афтæмæй цæмæйдæрты ирвæзти.

Иу хатт Ти-Сайы хъæугæронмæ замманай лодкæйы мидæг æрбацыди паддзахы чызг Тьен Зонг. Лодкæйæ тырысатæ пæр-пæр кодтой. Музыкæйы хъæр дардмæ хъуысти, барабанты цагъд бæстæ арыдта. Салдæттæ сæхиуыл нал ауæрстой — сæ фыййæгтыл цæст нæ хæцыди, доны пырхæнтæ фæйнæрдæм хаудтой. Сы Донг Ты паддзахы лодкæ куы ауыдта, уæд адæргæй хъамылы скуыси æмæ былгæрон тæвд змисы арф абырыд.

Тьен Зонг йæ фæсдзæуинтæн загъта, лодкæ былгæрон куыд æруромой, афтæ. Чызг змисмæ æрхызт æмæ ныллæг бæлæсты бын цатыр æрцаразын кодта. Йæхæдæг йæ алыварсмæ кæсынæй нал æфсæсти. Цатырмæ куы бахызт Тьен Зонг, уæд йæ уæлæдарæс раласта, мæхи доны анайон, зæгъгæ. Уалынмæ дон былгæрæттæм æрбанхъæвзта æмæ змис йемæ адавта. Чызг йæ къæхты бынмæ кæсы æмæ фыртарстæй йæ сæрæй йæ къæхтæм ныррызти: змисыл ауыдта бæгънæг лæппуйы. Йæхи куы æрæмбæрста Тьен Зонг, уæд фæрсы лæппуйы, чи дæ, цы дæ, змисы бæгънæгæй цæмæн хуыссыс, зæгъгæ. Сы Донг Ты йæ хабæрттæ кæрæй-кæронмæ чызгæн ракодта.

Мæгуыр лæппу йæ ныхас куы фæци, уæд Тьен Зонг афтæ зæгъы:

— Мæнæн мой кæнын мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди, уый иууылдæр зонынц. Фæлæ ныр кæсын, æмæ мæ хъысмæт афтæ нæ рауади. Мæнмæ гæсгæ нæ дыууæ дæр Нгует Дао[5] баиу кæнынмæ хъавы.

Уыйадыл чызг цатырæй разгъордта æмæ цæстыфæныкъуылдмæ фæстæмæ фездæхти. Йæ хæд фæстæ лæппуйæн дарæс æрбахастой, стæй йæ уæд хорз федтой, — ахæм хæринæгтæ Сы Донг Ты йæ фыны дæр никуы федта. Лæппу паддзахы чызгæн арфæ ракодта æмæ йын аивæй бамбарын кодта, ахæм зындгонд сылгоймагимæ мæ цард сбæттон, уый мын фæндон нæу, зæгъгæ. Фæлæ йын Тьен Зонг йæ ныхас æрдæгыл фæурæдта:

— Æдылы ныхæстæ ма кæн! Хуыцау нæ йæхæдæг иу кæны, æмæ хъысмæты ныхмæ дæ бон дзурын куыд у!

Сы Донг Ты ма йæ ныхмæ цыдæртæ зæгъынмæ бæргæ хъавыди, фæлæ йæм паддзахы чызг хъусгæ дæр нæ бакодта. Тьен Зонг зындзырд чызг уыди: йæхи цы бафæндыдаид, уымæй дарддæр ын бакæнæн ницы уыди. Уымæ гæсгæ лæппуйæн загъта, чындзæхсæвæн дарддæрмæ æргъæвæн кæй нал ис, йæхæдæг æй лодкæйы бамидæг кодта, — сæхи æрæмбæрзтой зæлдаг табкайы бын, хур дæр сæ куыд нæ сыгътаид æмæ сæ фæсдзæуинтæ дæр куыд нæ уыдтаиккой, афтæ.

Паддзахы хъусыл йæ чызджы хабар æрцыди, æмæ куыннæ рамæсты уыдаид.

— Мæ чызг Тьен Зонг йæхицæн æппындæр аргъ кæнын нæ зоны! Хæтаг сылгоймаджы митæ бакодта! — хъæр систа паддзах. — Цавæрдæр æнæхæдзармæ фæцу моймæ, уый æдылыдзинад у, рæузонддзинад! Мæ цæсты кæронæй дæр æй куыд нæуал фенон, афтæ! Нæ мæ фæнды йæ фенын!

Тьен Зонг тард æрцыди йæ фыды галуантæй. Йæ сывæллонæй фæстæмæ цы буц царды сахуыр, уымæй æнæ хай фæци. Йæ уарзон моимæ ацыди сæйраг горæтæй æмæ дард кæмдæр иу чысыл хъæуы æрцарди. Райдианы цæмæй цардаиккой, уый сæм нæ уыди, æмæ сæ хуыцау базар кæныныл бафтыдта.

Тьен Зонг æвæджиауы сæрæн разынди базары хъуыддагмæ, æмæ уайтагъддæр сæхиуыл фæхæцыдысты. Хъæу стырæй-стырдæр кодта æмæ фæстагмæ армукъаты бынат сси. Суанг сæм фæсарæнтæй цыдысты сæудæджертæ, æмæ-иу цы бадзырдтæ сарæзтой, уымæй дæр чысыл æфтиаг нæ цыди Тьен Зонг æмæ йæ моймæ. Æппæт зылды дæр йæ кой айхъуыст сылгоймагæн, иууылдæр ын кодтой стыр аргъ.

Иу хатт иу къупецаг Тьен Зонгæн афтæ зæгъы:

— Нæ зынаргъ æхсин, фондзыссæдз килæйы дæм сызгъæрин нæ разындзæн? Æз иу мадзал зонын, æмæ сын уый руаджы дæс хатты фæфылдæргæнæн уаид. Уый тыххæй дæхæдæг кæнæ дæ мой ацæуæд фæсденджызмæ æмæ зынаргъ товартæ балхæнæд. Ард дын хæрын, фæсмон нæ фæкæндзыстут!

Тьен Зонг сæудæджермæ фæхъуыста, стæй йæ лæгмæ ацыд уынаффæ кæнынмæ. Сы Донг Ты йæ усы фæндоныл сразы ис. Уæд Тьен Зонг загъта:

— Мæ зынаргъ Донг Ты, мах хуыцау йæхæдæг баиу кодта. Уый нын радта хæринаг, дарæс, фæлæ нæ ныр рæстæгмæ фæхицæн хъæуы кæрæдзийæ. Ды райс сызгъæринтæ, фæсденджызмæ ацу æмæ сæ алыхуызон хорз товартыл баив.

Сы Донг Ты йæ усæн хæрзбон загъта æмæ сæудæджеримæ æд сызгъæрин фæсденджызмæ афæндараст, Куинь Лангы хæхты ’рдæм. Денджызы фаллаг фарс куы рахызтысты, уæд Сы Донг иунæгæй араст йæ фæндагыл. Цæуы, цæуы æмæ къæдзæхы хæд рæбын иу аргъуанмæ бахæццæ ис. Аргъуаны, мидæгæй, лæууыд иу æрыгон дзуары лæг, раст цыма Сы Донг Тымæ æнхъæлмæ касти, уыйау. Дзуары лæг ын зæрдæ бавæрдта, мæ сусæгдзинæдтæ дын бацамондзынæн, зæгъгæ. Сразы ис Сы Донг Ты.

Афæдзы дæргъы фæцахуыр кодта Сы Донг Ты, æмæ йын дзуары лæг цыдæриддæр амыдта, уыдон хорз бамбæрста. Йæ цæуын афон куы æрхæццæ, уæд ын дзуары лæг радта лæдзæг æмæ худ, стæй йын загъта:

— Дæ тых ацы дзаумæтты мидæг ис, уый дæ рох ма уæд.

Сы Донг Ты йын арфæ ракодта æмæ араст йæ хæдзармæ, уæдæ цы базыдтон, уый мæ усæн дæр бацамондзынæн, зæгъгæ. Сæ хæдзармæ куы æрбахæццæ, уæд йæ усæн раздæр хъуыддæгтæ радзырдта, стæй йын диссаджы лæдзæг æмæ худы тых равдисон, зæгъгæ, райдыдта сомытæ æмæ кæлæнтæ кæнын, æмæ уадидæгæн цавæрдæр уасæг хъæрæй ныууасыд. Уыйадыл æрцыди стыр диссæгтæ: лæг æмæ ус фестадысты сызгъæрин галуаны, — дунейы фæсдзæуинтæ, салдæттæ æмæ сæм инæлæрттæ. Лæггад кæныныл разы кæй сты, уый бæрæг уыд: лæг æмæ усæн сæ сæртæй ныллæг кувгæйæ сæ разы лæууыдысты.

Хабæрттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, паддзах Хуанг Выонг Æртыккæгæмыл сæмбæлдысты, æмæ мæстæй æррайау сси. Сфæнд кодта йæ нæсæттон чызгæн æд лæг исты фыдбылыз саразын, уымæн æмæ тарсти, йæхицæн ма хъæздыгдæр æмæ дзырддзæугæдæр адæмтæ куы разына, уæд йæ кад дæр фæцуддзæни, йæ тых дæр. Йе ’фсæдты хистæртæн бахæс кодта, йæ налат чызджы галуан пырхгонд куыд æрцæуа, æмæ уыйадыл æнæхъæн æфсад тыхгæнæг арвыста.

Фидармæ куы бахæстæг ис æфсад, уæд хистæр инæлар паддзахы чызджы йæхимæ рацæуын кодта æмæ йын загъта:

— Паддзахы фæндонмæ гæсгæ галуан хъуамæ пырхгонд æрцæуа. Куыд амал ис, афтæ уæхи рæвдздæр исчердæм айсут.

Тьен Зонг бахудти æмæ афтæ зæгъы:

— Галуан мах нæу, мах æй нæ сарæзтам. Махæн хуыцауы лæвар у. Нæ нæ фæнды нæ фыды зæрдæхудты бацæуын, йемæ дæр не стох кæндзыстæм, йæ ныхмæ дæр нæ ныллæудзыстæм.

Инæлары зæрдæмæ ахæм дзуапп нæ фæцыди æмæ æфсæдтæн дзырд радта, галуаны алфамбылай куыд æртыхсой, афтæ.

Æхсæвы паддзахы æфсад йæ фæллад суадзынмæ куыд æрбынат кодта, афтæ уаддымгæ сыстади. Змисы бырдæн бæстæ батар кодта. Дымгæ галуаны хæрдмæ систа æмæ сæ лæгæй, усæй уæларвмæ фæхаста, — йæ бынат хъæууатæй аззад, паддзахы æфсæдтæ кæм лæууыдысты, уым та фестади цъымара, æмæ салдæттæ иугай-дыгай уым аныгъуылдысты. Уæдæй фæстæмæ уыцы бынат схуыдтой «Иунæг æхсæвы цъымара», уымæн æмæ утæппæт цаутæ æрцыдысты иунæг æхсæвы дæргъы.

Ууыл паддзахы чызг æмæ мæгуыр лæппуйы таурæгъ фæци. Фæлæ зæронд адæм куыд дзурынц, афтæмæй ма Сы Донг Ты уый фæстæ дæр уыди ацы рæтты. Йæ сæр кæфхъуындары сæр, ахæм цæргæсыл-иу æртахт æмæ та-иу фæстæмæ аздæхт. Сы Донг Ты æфсæдты разамонджытæй иу æрыгон лæппуйæн балæвар кодта кæфхъуындар-цæргæсы дзæмбы æмæ йын загъта:

— Мæнмæ гæсгæ, ды фыдгæнджытæй нæ дæ, ды тох кæныс æрмæст рæстдзинады сæрыл. Айс ацы дзæмбы æмæ йæ де ’фсæддон худы мидæг дар, — уый руаджы де знæгтæ пырхгонд æрцæудзысты.

Уыцы ныхæсты фæстæ Сы Донг Ты атахти, æмæ йæ уыйадыл иу фенæг нал фæци. Уыцы æрыгон инæлар та æцæгæйдæр фæуæлахиз знæгтæн се ’ппæтыл дæр. Æмæ рæсугъд Тьен Зонг æмæ хæларзæрдæ Сы Донг Ты кæм цардысты, уыцы бынат уæгъдгонд æрцыди.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.