Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЧЫНДЗДЗОН ЧЫЗГ ТИН



ЧЫНДЗДЗОН ЧЫЗГ ТИН

Адæм ацы хабар æмбисондæн фæхæссынц. Раджы кæддæр царди лæг æмæ ус. Дыууæйæ дæр уыдысты зæронд, фæлæ хин æмæ мæнгард. Сæ хъæздыгдзинадæн ныккæнæн дæр нæ уыди — фосæй, алыхуызон дзаумайæ, уæлæдарæсæй, пырындзæй. Уæддæр сæм афтæ касти, цыма хъæздыгдæр хъуаг сты. Уымæ гæсгæ архайдтой сæ исбон фылдæр кæныныл. Зæнæгæй сын зыбыты иунæг чызг йеддæмæ ницы уыдис. Йæ ном хуынди Тин, ома «фараст». Лæг æмæ ус сæ чызджы афтæ уымæн схуыдтой, æмæ дзырд «фараст» амоны хъæздыгдзинад...

Суанг ма ахæм зарæг дæр ис:

 

Ме ’фсинимæ мулк ыскодтам

Фараст стыр чырыны дзаг.

Алы чырыны ныккодтам

Бирæ ’взист, пырындз, зæлдаг.

 

Тин куыд стырдæр кодта, афтæ йæм фыррæсугъдæй бакæсæнтæ нал уыди. Куы-иу фæхудт, уæд-иу йæ дæндæгтæ хæзна дуртау æрттывтытæ скалдтой. Йæ былтæ — сæууон розæ-дидинæгау, йæ хæмпус уадултæ куы фæдзыхъхъау сты, уæд-иу йæ цæсгом ноджы фæаивдæр.

Канд йе ’ддейы бакастæй нæ цыди Тин зæрдæмæ, фæлæ — йæ хæларзæрдæ æмæ йæ фæлмæндзырдæй. Йæ зындзæрæн мадæй йæм мурдæр ницы хæццæ кодта. Æгуыстæй бадгæ никуы федтаис чызджы: куы хæдзары архайдта, куы къамбецты хизынмæ скъæрдта, куы быдыры рывта.

Тины куыстуарзондзинад æмæ рæсугъды кой айхъуысти æгас зылды дæр. Хъæуы лæппутæй бирæтæ сæхи мидæг фæнд кодтой Тины ракурын. Иу цалдæр дзы, сæхи фæхъæбатыр кæнгæйæ, суанг йæ ныййарджытæм дæр баминæвар кодта. Æгъдаумæ гæсгæ-иу семæ ахастой сæн, хуыйы фыд, карк æмæ-иу Тины фыдмæ бацыдысты. Лæг-иу хуын райста, стæй-иу загъта:

— Мæ чызг нырма сывæллон у. Мæ цæсты кæронæй дæр уæ куыннæуал фенон, афтæ!

Иууылдæр зыдтой, лæг фылдæр хуынтæ райсыныл кæй архайы, æндæр Тинæн моймæ цæуын афон рагæй уыди.

Иу хатт иу усгур Тины фыдмæ минæвар барвыста иу усы. Уымæй афтæ сылгоймаг хуыздæр сарæхсдзæн чъынды лæгимæ баныхас кæнынмæ. Ус-минæвар цы æрбахаста, уыдон стъолыл æрæвæрдта æмæ аивæй дзурын райдыдта. Гъестæй цы хъуыддаджы фæдыл æрбацыд, уый куы ской кодта, уæд ын лæг йæ ныхас айста:

— Мæн бонджын сиахс ницæмæн хъæуы. Æз кæцыфæндыйæн дæр ратдзынæн мæ чызджы. Æцæг дзырдæй. Фыццаджыдæр, хъуамæ не сиахс бауæвын кæй фæнда, уый уал рагацау мæ хæдзары æрцæра æмæ æртæ азы дæргъы æнувыд куыст фæкæна. Дыккаджыдæр, уыцы æртæ азы дæргъы йæ былы бынæй мæ чызджы ном иунæг хатт дæр макуы схауа! Уыцы дыууæ хъуыддаджы сæххæст кæнын кæй бон бауа, уымæн ратдзынæн мæ чызджы, чындзæхсæвæн цыдæриддæр хъæуы, уый дæр мæхимæ исын, афтæмæй.

Афтæ загъта Тины бонджын фыд, хуын аууон ран æрæвæрдта, йæхæдæг минæвары дуары онг ахæццæ кодта.

Хабар уайтагъд æгас зылдыл айхъуысти. Усгуртæй бирæтæ фæхъæлдзæгдæр сты, чызджы фыды домæнтæ уыйас зын сæххæстгæнæн не сты, зæгъгæ. Уыцы бон изæрæй хъæздыг лæджы дуармæ усгур лæппуйæ къух бакæнæн нал уыд. Лæппутæ сæхи мидæг сбыцæу сты, йæ амонд фыццагдæр чи хъуамæ бавзара, ууыл. Уалынмæ сæ къæйныхдæртæй иу размæ рацыд æмæ кæртмæ бараст.

Хъæздыг лæг усгуры æрбадын кодта æмæ йæ фæрсынтæ райдыдта:

— Зæгъ-ма, мæ лымæн, пырындз сцæттæ?[6]

— О, сцæттæ, — æнæ æрхъуыдыйæ дзуапп радта лæппу.

Хъæздыг лæг йæ дзыхыдзаг ныххудти:

— Кæсыс, уайтагъд мын мæ домæнтæ фехæлдтай: ды загътай дзырд «тин». Уымæ гæсгæ мын сиахсагæн не сбæздзынæ.

Усгур, мæгуыр, уæнтæхъил-сæргуыбырæй рацыд чызджы хæдзарæй. Уый хæд фæстæ æрбалæууыд æндæр лæппу. Йæхи хъахъхъæнгæйæ фондз боны бафæрæзта хъæздыг лæджы хæдзары фæцæрын.

Æртыккаг фæцарди мæйы æрдæг, цыппæрæм æнæхъæн æртæ мæйы. Фæлæ-иу фæстагмæ се ’ппæтыл дæр зæронд хинæй рацыди, фæрæдийын сæ-иу кодта æмæ-иу, зæгъæн кæмæн нæ уыд, уыцы дзырд æнæ æрхъуыдыйæ срæдыдысты. Лæвар-иу фæкуыстой бонджынæн, стæй-иу сæ хæдзæрттæм æнæ истæмæй фæцыдысты. Уыйадыл Тины фыд бонæй-бон хъæздыгдæр кодта. Йæхицæй-иу ныббузныг, афтæмæй-иу æнхъæлмæ касти æндæртæм. Æмæ та-иу æндæртæ дæр фæзындысты. Алчидæр-иу афтæ æнхъæл уыди, æз ницæй тыххæй фæрæдидзынæн, хъæздыджы мæнгард фæрстытæн дзуапп раттыны агъоммæ авд хатты ахъуыды кæндзынæн, зæгъгæ.

Чызджы бонджын фыдмæ фæцæрын усгуртæн се ’ппæтæй фылдæр бафæрæзта иу мадзура æмæ сæрхызт лæппу. Æхсæз мæйы дæргъы фæкуыста уый хъæздыгæн, йæхиуыл йæ зæрдæ фæдардта. Уалынмæ дын æй иу бон хæдзары хицау фæрстытæ кæнын райдыдта:

— Хорз кусæг дæ, мæ зæрдæмæ цæуыс. Цал æфсымæры стут æдæппæт?

— Æдæппæт æртæ...

— Ды се ’ппæты хистæр дæ?

— О.

— Дæ дæлейы цы æфсымæр ис, ууыл цал азы цæуы?

— Фараст.

Куыддæр уыцы дзырд сирвæзт йæ дзыхæй, афтæ, мæгуыр, афæлурс. Фараст! Æнамонд нымæц. Чи йæ сдзурæг кодта цымæ? Æмæ та уымæн дæр йæ бæллицтæ фæдзæгъæл сты, бынтон дзæгъæлы фæкуыста æнæхъæн афæдзы æрдæг.

Хъæздыг дын мæтæй мард, куыннæ — йæ цинæн кæрон нæ уыди. Ныр кусджытæ нал æххуырста: лæвар кусæг тых æй цасдæриддæр хъуыди, уыйас æм уыд. Фæлæ йæ иунæг чызджы хъысмæтыл батыхсын йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди. «Ницы йын уыдзæни, иу-дыууæ азы ма куы абада, уæд, — хъуыды кодта уый, — мæнæн уымæй мæ исыл ноджыдæр æфтгæ кæны». Афтæ ныхæстæгæнгæ-иу рацыд йæ бæркадджын быдыртыл йæ цæст ахæссынмæ.

Зæхкусджытæ йæм йæ хин миты тыххæй мæстæй мардысты. Усгур лæппутæн дзырдтой: «Хуыцауы дзæгъæлы мауал кусут, ма йæм цæут». Стæй йæм чи фæци, уыцы лæппутæ дæр се ’мбæлтты ардыдтой, дзæгъæлы фыдæбон кæнут, зæгъгæ.

— Дыууæ азы фæцардтæн уыцы фыдгæнæгмæ, — дзырдта усгуртæй иу. — Хуры скастæй хуры аныгуылдмæ-иу мæ сæр не схъил кодтон, афтæмæй йын фæкуыстон. Хурæй-къæвдайæ мæ быдырмæ тардта. Афтæ-иу бафæлладтæн, æмæ-иу мæ къæхтыл слæууын мæ бон на уыди.

Иннæ йын-иу йæ ныхасмæ афтыдта:

— Куыстæй мæхиуыл никуы бацауæрстон, хæргæ та мамæлайы комдзæгтæ кодтон.

Куыдфæстæмæ къаддæрæй-къаддæр цæуын райдыдтой усгуртæ Тины фыдмæ, фæстæмæ сæм æппындæр ничиуал цыди. Иу хатт куы уыди, уæд иу куыстуарзон лæппу йæхи нал баурæдта æмæ загъта:

— Æз Тины æгæр тынг уарзын, хъуамæ мын мæ уарзондзинад феххуыс уа æппæт зындзинæдтæн бафæразынæн!

Уыцы ныхæсты фæстæ хъæздыджы хæдзармæ араст ис. Лæг иннæ усгуртæн куыд кодта, афтæ ауыл дæр афæлвæрдта, уæдæ фæрæдийа, зæгъгæ. Гъестæй йæ уайтагъд уæззау куысты баппæрста. Фæлæ бафæрæзта лæппу. Зæронд чъынды цынæ кодта, лæппу къæппæджы цæмæй бахауа, уымæн, — уæддæр ын дзы ницы уади. Лæппу тынг уарзта йæ мæгуыр Тины, æмæ уый сæраппонд йæхи хъахъхъæдта.

Афтæмæй æртæ азы аивгъуыдтой. Хъæздыгæн йæ исбоныл, цы уыди, уымæй æртæ ахæмы бафтыди. Тин лæппуйыл уыйбæрц сахуыр ис, уыйбæрц æй уарзта, æмæ йæ йæхинымæр йæ мой хуыдта.

Фæлæ фыд æппындæр ууыл нæ хъуыды кодта, уый йæхи мæт уыди. Лæппуйæн йе ’мгъуыды фæстаг æхсæв лæгæн йæ хуыссæджы хай фæлыгъди. Куы-иу бахуыссыди, куы та-иу фестади, йæхи мидæг хъуыр-хъуыр кодта:

— Мæ рихи мын адаста уыцы хæйрæджы æлгъыст. Æртæ азы куыд ауадысты, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтон. Ныр куыд хъуамæ раттон мæ чызджы ахæм мæгуыр лæппуйæн! Сау куыстмæ йæ разæй никæй ауадздзæн, уый раст у, стæй хæларзæрдæ адæймаг у, фæлæ уæддæр мæ чызджы аккаг нæу. Тин хъуамæ чындзы фæцæуа хъæздыг лæгмæ, йæ хордæттæ пырындзæй седзаг кæмæн уой, æхцайы голджытæ кæмæ уа. Фæлæ дзырд радтон, уый æгас зылды дæр зонынц. Мæ ныхас куы асайон, уæд, дæ фыдгул афтæ, фыдбылызы бахаудзынæн...

Ахæм хъуыдыты бафтыд, йæ фырмæрддзæстæй чи ныххус, уыцы зæронд, æмæ тæрсгæ-ризгæйæ æнхъæлмæ касти боны æрбацъæхмæ. Фæлæ æхсæв-бонмæ дзæгъæлы нæ фæрафт-бафт кодта йæ хуыссæны мидæг, йæ сæры магъз дзæгъæлы нæ сæнкъуысыди, цы хиндзинад æрхъуыды кæнон, зæгъгæ.

Сылгоймæгтæ горæты базармæ куы ацыдысты æмæ хур йæ был куы сдардта, уæд хъæздыг йæ сиахсагмæ фæдзырдта, фараст æхцайы йæм радта æмæ йын афтæ зæгъы:

— Тагъд базармæ тæхгæ æмæ Тинæн зæгъ, ацы фараст æхцайæ фараст ладаны къæцæлы балхæнæд. Абон Фараст Будды бæрæгбон у. Згъоргæ кæ æмæ-иу фæстæмæ тагъд фездæх!

Райста лæппу æхцатæ, азгъордта, фæлæ фæндагыл хъуыдыты аныгъуылд: уыцы æлгъыстаг дзырдтæ цæмæй ма фæрæдийа, ома «тин» — «фараст», уымæн цы бачындæуа, кæннод йе ’мгъуыды фæстаг бон фыдæнхъæл кæны. «Ничи йæм кæсы! — мæстыйæ дзырдта лæппу. — Цытæ æрхъуыды кодта уыцы зæронд къодах: «Фараст æхцайы», «фараст къæцæлы», «Фараст Будды». Куыд фервæзтæуа уыцы дзырдтæй?» Горæтмæ куы бахæццæ, уæд иу ран æрлæууыд æмæ фæйнæрдæм æнкъардæй акасти. Уалынмæ дын тигъæй цалдæр студенты æрбазынд. Лæппуйы æнкъард æмæ тыхстхуызæй куы ауыдтой, уæд æм бауадысты æмæ йæ фæрсынц:

— Цы кæныс, не ’фсымæры хай?

Лæппу цыбырæй радзырдта йæ хабæрттæ. Йæ зындзинад студенттæн маст куыннæ уыдаид, æмæ сæ бафæндыд мæгуыр усгурæн феххуыс кæнын. Ахъуыды кодтой æмхуызонæй, æмæ сæ иу афтæ зæгъы:

— Цы, уый зоныс, ме ’фсымæры хай? Маст ма кæн. Цæугæ базармæ, Тины ссар æмæ йын зæгъ: «Мæ зынаргъ! Дæ фыд мæм радта авд æхцайы æмæ дыууæ æхцайы, уыдонæй ды хъуамæ балхæнай ладаны къæцæлтæ фондз æмæ цыппар. Æхсæз æмæ Æртæ Будды бæрæгбон кæй у абон, мæнмæ гæсгæ уый зоныс!»

Студенттæ сæ дзыхыдзаг ныххудтысты, се ’мбалы сæ уæлныхты фелвæстой æмæ хъæр систой:

— Уый лæппу у, гъе! Зæрондæн бæрæгбонмæ дзæбæх лæвар æрхъуыды кодта!

Усгур бахъæлдзæг, уыдон æй размæ фесхуыстой, сæхæдæг хъазгæ-худгæйæ дарддæр араст сты.

Лæппу базармæ куы бахæццæ, уæд Тины рацагуырдта æмæ йын æнæ сулæфгæйæ ралæхурдта:

— Мæ зынаргъ! Дæ фыд мæм радта авд æхцайы æмæ дыууæ æхцайы, уыдонæй дæу балхæнын хъæуы ладаны къæцæлтæ фондз æмæ цыппар, Æхсæз æмæ Æртæ Будды бæрæгбон у абон!

Тин хъуыддаг бамбæрста, йæ мидбыл бахудти, лæппуйы йæ хъæбысы ныккодта æмæ йын ныбба кодта.

Гъе афтæ æрцахуыртæ кодтой зæронд мæрддзæст æмæ сайæгойы æппынфæстаг. Уыцы бон изæрæй уыди Тин æмæ, уыйбæрц зынтæн чи ныффæрæзта, уыцы усгуры хъæлдзæг чындзæхсæв. Чындзæхсæвмæ æрæмбырд сты æгас хъæу, æрцыдысты æндæр хъæутæй дæр, се ’ппæт дæр зарыдысты, худтысты, кафыдысты. Иу лæппу йæ къухтæм фæндыр æрбайста æмæ ныззарыд:

 

Гæдыйæн, дам, цыбыр — йæ къах,

Æлгъыстаг сайæгæн — йæ цард.

Фæмысæм Буддæйы дзырд мах:

«Фыдгæндæн нæу йæ кæрон дард».

 

Зарæджы фæстаг дзырдтæ адæмы худт æмæ хъæлæбайæ дзæбæх нал райхъуыстысты. Иууылдæр се ’ргом аздæхтой хъæздыг лæг æмæ йæ зындзæрæн усы ’рдæм. Уыдон сæ бадæнтæй фестадысты æмæ фæдуарæдде сты. Уыцы хабары фæстæ бирæ нал ацардысты, фырмæстæй амардысты. Сæ ис, сæ бон Тин æмæ йе ’рыгон лæгæн баззадысты. Уыдон хъæлдзæгæй, амондджынæй цæрынтæ байдыдтой.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.