Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ТИГР ГÆРÆМ ЦÆМÆН У



ТИГР ГÆРÆМ ЦÆМÆН У

Сырдтæ æмæ мæргътæ фыццаг ныры хуызæн нæ уыдысты. Раджы заман халон уыди, хурбон арвы хъæбысы цы æврæгътæ фæленк кæны, уыдонау урс-урсид, тигры цармыл та иу сау уырынг дæр ничи федтаид. Тигр тынг хъал уыди йæ сызгъæринхуыз цармæй, ома паддзæхты уæздан мыггагæй кæй равзæрди, йæ сызгъæринхуыз буар уый æвдыста.

Æрмæстдæр иу хъуыддагыл мæстæй сыгъди — йæ хъустыл æрцыди, зæххыл адæймагæй зондджындæр ничи у, зæгъгæ. Тигр хъаруйæ æппæт сырдтыл дæр уæлахиз кодта æмæ уымæй сæрыстыр куыннæ уыдаид, фæлæ ма бæллыди ноджыдæр уымæ, цæмæй йæ иууылдæр зондджын схуыдтаиккой. Фæлæ кодтой æрмæст адæймаджы зонды кой дзæгъæлдзых тутитæ дæр — фыццагдæр-иу хабæрттæ чи базыдта, уыдон, уайаг антилопæтæ дæр, сæ аууонæй дæр тæрсгæ чи кодта, суанг йæ хъузгæй æддæмæ ракæсын чи нæ уæнды, уыцы сæтæлæг дæр ма дзырдта адæймаджы зонды тыххæй. Тигры бафæндыди йæхи цæстæй фенын, адæймаг уагæры цавæр зондджын у, уый.

Иу хатт тар хъæдæй рацыди, кæсы, æмæ иу къамбец хуымы йæ фæстæ гутон ласы, иу чысыл лæппу цæуы гутоны фæстæ æмæ, хъæргæнгæ, даргъ уисæй къамбецы размæ тæры. Къамбец ауæдзмæ куы бахæццæ, æмæ лæппу дон нуазынмæ куы азгъордта, уæд тигр къамбецы фæрсы:

— Дæ хорзæхæй, ахæм хъаруйы хицау æмæ асæй афтæ стыртæ уæвгæйæ уылынджы йас адæймаджы коммæ куыд кæсыс? Куыд ын барыс, йæ уисæй дыл куы æрцæуы, уæд?

— Раст зæгъыс, адæймаг нæдæр асæй стыр у, нæдæр хъаруйæ тыхджын, — дзуапп радта къамбец, — фæлæ у зонды хицау, уымæ гæсгæ йæм цæрæгойтæ иууылдæр хъусынц.

Кæй зæгъын æй хъæуы, къамбецы дзуапп тигры зæрдæмæ нæ фæцыди. Лæппу фæстæмæ куы æрбаздæхт, уæд æм тигр зынæрвæссон каст бакодта æмæ йын афтæ зæгъы:

— Байхъус-ма мæм, чысыл лæг, æз бирæ хæттыты фехъуыстон дæ зонды тыххæй æмæ мæ бафæндыди фенын, зонд цы у, уый. Нæ мын æй фенын кæнис?

— Æцæгдæр мæм ис зонд, — загъта лæппу, — фæлæ абон тагъд-тагъд кодтон, æмæ мын нæхимæ айрох ис.

— Азгъор æмæ йæ æрбадав.

Лæппу джихауæй алæууыд, стæй афтæ зæгъы:

— Бæргæ йæ æрбадавин, фæлæ мæ къамбецы куыд ныууадзон, куы йæ бахæрай, уæд та? Æри, сбæттон дæ, æмæ уæд æнæ зæрдæхсайгæйæ ауайдзынæн. Кæд мæ фæндыл разы дæ, уæд дын æрбадавдзынæн хъæуæй мæ зонд.

Тигр сразы ис, æмæ йæ лæппу лианæтæй бæндибæстытæ скодта. Фæстаг æлхынцъ куы срæвдз, уæд зæххæй дынджыр бамбук лæдзæг фелвæста æмæ йæ тых, йæ бонæй тигрыл хæфт-хæфтæй ралæууыди.

— Исты ма дæ фæнды! Уый дын мæ зонд! — дзырдта лæппу нæмгæ-нæмын.

Тигр фырдисæй ницыуал æмбæрста, æмæ йæ цæстытæ дзагъырæй баззадысты, стæй уæд богъбогъгæнгæ йæ бæттæнтæ атоныныл ацархайдта. Лæппу йæ афтæ тынг фæнадта, æмæ йæ къухтæ дондæппæлттæ аисты. Нæмынæй куы бафæллад, уæд æй хуымы кæрон артмæ баласта уыцы бæстытæй æмæ йæ артдзæсты баппæрста. Бæттæнтæ ныггуыпп ластой æмæ асыгъдысты. Тигр фыртарстæй арты дзыхæй ниугæ рагæпп ласта æмæ лидзæг фæци.

Бæттæнтæ куыд басыгъдысты, афтæ тигрæн йæ царм дæр схæцыди æмæ сатæг сау тæлмытæ афæлдæхти. Уыйадыл тигр абон дæр уырынгтæй баззади.

Лæппу тигрыл хинæй куыд рацыди, къамбец уый куы федта, уæд фырхудæгæй йæ къæхтыл лæууынæн нал уыди, зæххыл размæ йæ хæмхуттæ бахаста, æмæ йæ уæллаг дæндæгтæ базгъæлæнтæ сты. Уымæ гæсгæ абоны бон Вьетнамы иу къамбецæн дæр йæ уæллаг комарынджы дæндæгтæ нæй.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.