Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЧЫЗГ-ДИДИНÆГ



ЧЫЗГ-ДИДИНÆГ

Цардис-уыдис мæгуыр зæхкусæг бинонтæ — фыд æмæ йе ’ртæ фырты. Æфсымæрты хистæр Кха уадындзæй зарынмæ уыдис æмбисонды дæсны. Йæ уадындз йæ былтæм схæссæд, уый йеддæмæ-иу суанг мæргътæ дæр ма бæлæсты къалиутыл кафын æмæ зарын райдыдтой. Астæуккаг æфсымæр Дат тынг арæхсти шахмæттæй хъазынмæ. Се ’ппæты кæстæр Лан та — куыстуарзон, æдзухдæр æххуыс кодта йæ фыдæн быдыры куыстыты, ахуырмæ дæр зæрдæргъæвд рауади.

Иу хатт фыд йе ’ртæ фыртмæ фæдзырдта æмæ сын загъта:

— Æз ныззæронд дæн, сымах та сывæллæттæ нал стут, уе ’ппæтæн дæр бинонты хъуыддаг кæнын афон у. Алчидæр уæ йæхицæн аккаг цардæмбал бацагурæд, æмæ дзæбæх цæрат.

Æфсымæртæй дыууæ хистæры сæ мидбыл бахудтысты æмæ ахъуыды кодтой: «Нæ фыды фæнды, нæхицæн аккаг бинойнæгтæ цæмæй æрхæссæм, уый. Æнæ гæдыныхас, уыйас зын сæххæстгæнæн нæу нæ фыды бæллиц».

Кха йæ мид-зæрдæйы скарста, зæгъгæ, æнæхъæн зылды рæсугъддæр цы чызг уа, уый дæр мæ бауарздзæн мæ уадындзы цагъдмæ. Дат дызæрдыг нæ кодта, шахмæттæй хъазынмæ йыл уæлахиз кæй ничи кæны, уымæ гæсгæ æппæты хъæздыгдæр чызджы зæрдæйы дæр бынат кæй ссардзæн. Æрмæст æфсымæрты кæстæр Лан хъуыдыты аныгъуылд, фыды курдиат куы фехъуыста, уæд. Æвдæлон рæстæг-иу чиныджы цы дидинæджы къутæры бын касти, уырдæм сагъæстæгæнгæ бацыд æмæ загъта:

— О Орхидея[3], нæ фыды афтæ фæнды, цæмæй йæ фырттæ æрхæссой хорз устытæ. Æмæ кæм ссарон æз ахæм чызг?

Дидинæг лæппуйы рагæй дæр зыдта, алы бон йемæ чиныджы касти, æцæг æмбал кæй фæхонынц, афтæ йын уыди æмæ ныр уыцы ныхæстæм куы байхъуыста, уæд æрæнкъард ис.

— Мæ бон цæмæй у, уымæй дын æдзухдæр æххуыс кæнын, — загъта дидинæг, — мæ сыфтæртæ, мæ дидинсыфтæ рахæлиу кæнын, хуры тынтæ дæ чиныгмæ куыд кæсой, афтæ. Дæ алыварс дын уæлдæф дзæбæх тæфæй байдзаг кæнын. Фæлæ дын аккаг усаг кæм ссардæуа, уымæн ницы зонын.

Лæппу Орхидеяйы ныхæстæм тынг батыхст æмæ сындæг сдзырдта:

— Æз бæллын дæ хуызæн рæсугъд æмæ хæларзæрдæ усмæ, Орхидея...

Лан йæ ныхас кæронмæ нæма фæци, афтæ къалиуыл егъау дидинæг февзæрди, æмæ йæ къускæй хæрз æрыгон рæсугъд чызг рагæпп ласта. Лæппу фырдисæй сагъдауæй аззади. Чызг-Дидинæг æм хæстæг бацыди æмæ йын афтæ зæгъы:

— Æз дæн мæгуыр зæхкусæджы чызг. Цавæрдæр кæлæнгæнæг мын мæ рæсугъддзинадмæ бабæллыди æмæ йæ бафæндыди, йæ ус куы уаин, уый. Æз не сразы дæн, æмæ мæ уæд йæ кæлæнтæй Орхидеяйы къутæр фестын кодта.

Лан чызгмæ йæ мидбыл бахудти, йæ цонгыл ын уæздан хæст æркодта æмæ йæ сæхимæ ахуыдта.

Дыууæ хистæр æфсымæры дæр ссардтой сæхицæн бинойнæгтæ æмæ сæ уæдæ нæ фыд фена, зæгъгæ, сæ сæхимæ æрхуыдтой.

Кхайы усаг дзæбæх уыди, фæлæ æгæр хъал, æгæр сæрыстыр — йæ уынд, йæ кондæй, ноджы ма чиновничы чызг кæй уыдис, уымæй.

Даты усаг уыди хæрзхуызтæ æмæ къорийау тымбыл. Сызгъæрин цонгдарæнæй зæгъай, хъуссæгæй зæгъай — тæмæнтæ калдта. Алкæуыл дæр былысчъилтæ кодта, ома хъæздыг хæдзарæй рацæугæ дæн, зæгъгæ. Йæхицæй æнæбондæртæ йæ цæсты адæймагыл нымад нæ уыдысты.

Дыууæ чызджы дзæбæх дæр нæма базонгæ сты, афтæмæй кæрæдзийæн удхæссæг фестадысты, уайтагъд кæрæдзийы æлгъитын райдыдтой. Уыцы хуызæнæй иу бон аивгъуыдта. Лæппуты фыд сæм банхъæлмæ касти, стæй, куы бамбæрста, уымæй уæлдай нæ басабыр уыдзысты, уый, уæд рамæсты. Лæппутæм дæр хъуыддаг хорзау нæ фæкаст, уыдонæн дæр маст куыд нæ уыдаид, чызджытæ сæхи афтæ кæй дарынц, уый.

— Мах фæллойгæнæг адæм стæм, махмæ магусатæн бынат нæй, хъуамæ нæ хæдзарæй сылгоймаджы хъæр ма хъуыса. Уæхи ардыгæй айсут, — загътой дыууæ хистæр æфсымæры æмæ сæ устыты фæтардтой.

Уалынмæ æфсымæрты кæстæр æрбахуыдта йæ фыды хæдзармæ, усагæн кæй равзæрста, уыцы чызджы. Куыддæр Ланы фыд æмæ æфсымæрты ауыдта, афтæ сын йæ сæрæй ныллæг акуывта. Стæй хæдзарыл йæ цæст ахаста æмæ, къуымтæ æдзæллагæй куы федта, уæд йæ дыстæ бафæлдæхта æмæ æфснайынтæ систа. Дыккаг бон Лан йæхи арæвдз кодта æмæ быдырмæ фæраст. Чызг дæр къæпи радавта æмæ йæ мойы фæдыл азгъордта. Сæ хуыммæ куы æрхæццæ сты, уæд Чызг-Дидинæг зæхх хæмпус кæнынмæ февнæлдта. Кусгæ-кусын хъæрæй ныззарыди, йæ февнæлдыл цæст дæр нæ хæцыди.

Хур ныгуылæнырдæм фæкъул ис, афтæ фыд æмæ дыууæ хистæр æфсымæры дæр быдырмæ рацыдысты. Лан æмæ йæ ус хуымы æмбис рывд фесты, уый куы федтой, уæд сæ æппæлынæй нал æнцадысты. Уалынмæ уыцы цины сахат æнæнхъæлæджы тыхджын уад рацыд, рыг æмæ змис систа, бæстæ нытталынг, адæймаг адæймаджы нал уыдта. Зилгæдымгæ æхситгæнгæ ратахт æмæ Чызг-Дидинæджы аскъæфта. Лан æмбаргæ дæр нæ бакодта, йæ ус цы æрбаци, уый. Æрмæст ма йын йæ ныхæстæ айхъуыста:

— Фервæзын мæ кæн. Тугдзых æмæ хинæйдзаг тигры лæгæтмæ фæцу, æмæ мын уæд тас нал у.

Бамбæрста лæппу, кæлæнгæнæг ын йæ усы кæй фæхæссы. Фырмæстæй йæ туг рафыхти. Йæ фыды ма афарста æмæ араст ис йæ усы агурæг. Æмбисфæндагмæ куы бахæццæ, уæд амбæлди буддистон моладзаныл. Лан Чызг-Дидинæджы куыд уарзы, фæлæ йыл цы æнамонддзинад сæмбæлдис, моладзан уыдæттæ куы базыдта, уæд радзырдта лæппуйæн, зæгъгæ, фыдæлтыккон кувæндоны æвæрд ис кард, æмæ цъаммар тигрæн йæ мæлæт у æрмæст дæр уыцы кардæй. Бацамыдта йын, кувæндонмæ чердæм ацæуын хъæуы, уый дæр.

Лан ацыд уыцы фæндагыл æмæ уайтагъд кувæндонмæ бахæццæ. Кард хъахъхъæдта дзуары лæг, Лан ын йæ хабæрттæ сæрæй-бынмæ радзырдта. Лæг йæхи мидæг ахъуыды кодта: уæдæ йын баххуыс æмбæлы, уымæн æмæ йын йæ сыгъдæг уарзондзинад бафхæрдтой. Цингæнгæ йын кард авæрдта дзуары лæг. Лæппу раарфæ кодта æмæ тигры лæгæтмæ фæраст ис.

Тагъд бахæццæ лæгæты дуармæ. Гъеныр мидæмæ бахизон, зæгъгæ, куыд загъта Лан, афтæ, лианæйы бæндæнты хуызæн йе ’ндæхтæ ставд æмæ фидар кæмæн сты, ахæм хæлуарæджы тыны куыд смидæг, уый йæхæдæг дæр нæ бамбæрста. Алырдыгæй йæ уыцы хъæддых тынтæ куы æрæлвæстой, уæд йæ бон сызмæлын дæр нал уыди. Уалынмæ дын уæлейы йæхи æруагъта лæгæт хъахъхъæнæг дынджыр хæлуарæг æмæ лæппумæ дзуры:

— Цæмæй лæгæтмæ бацæуай, уый дæ фæнды, уæд мын хъуамæ мæ фæрстытæн дзуапп раттай. Æцæг мын раст куы нæ зæгъай, уæд дæ мæ тыны мидæг ныххурх кæндзынæн.

Йæхицæн дзæбæхдæр æрбынат кодта хæлуарæг æмæ фæрсы лæппуйы:

— Зæгъ-ма мын, царды æппæтæй ахсджиагдæр æмæ зынаргъдæр цы у?

Ланы цæстытыл ауади, Чызг-Дидинæг куыд хæларзæрдæ æмæ куыстуарзон уыди, йæ зæрдыл æрлæууыд, йæ фыд Чызг-Дидинæгæй куыд æппæлыди, ноджы æрымысыд, сæ хъæуы зæхкусджытæ пырындзы хуымты куыд фæкусынц, уый, æмæ фидарæй загъта:

Фæллой у æппæты сæйрагдæр æмæ зынаргъдæр царды мидæг.

Хæлуарæг йæ дзыхыдзаг æхсызгон худт ныккодта æмæ лæппуйæ æппæлынтæ систа:

— Раст зæгъыс, фæллой у æппæты ахсджиагдæр. Раст æй базыдтай!

Уыйадыл хæлуарæг йæ тын систа æмæ лæппуйæн лæгæтмæ фæндаг радта, цæмæй йæ усы фервæзын кæна, уый тыххæй. Лан хинæйдзаг тигры амардта æмæ Чызг-Дидинæджы фервæзын кодта.

Дыууæ æрыгон адæймаджы сæ хæдзармæ æрыздæхтысты. Амондджынæй цæрынтæ байдыдтой. Фыд тынг бузныг уыди йæ фырт æмæ йæ чындзæй. Иу бон сæм фæсидти æмæ афтæ зæгъы:

— О, мæ фырт æцæгдæр æрхаста аккаг ус...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.