Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДИССАДЖЫ АЛТЪАМИЙЫ ÆППЫТÆ



ДИССАДЖЫ АЛТЪАМИЙЫ ÆППЫТÆ

Цардис æмæ уыдис æртæ æфсымæры. Сæ нæмттæ хуындысты афтæ: се ’ппæты хистæр Ка-Фыццаг, астæуккаг Хай-Дыккаг æмæ кæстæр Ба-Æртыккаг. Сæ ныййарджытæ куы амардысты, уæд æфсымæртæ бирæ уынаффæты фæстæ сфæнд кодтой балцы фæцæуын амондагур. Рацыдысты хъæугæронмæ æмæ, æртæ фæндаджы кæм баиу вæййынц, уым æрлæууыдысты. Хъуамæ алырдæмыты ацыдаиккой. Хистæр æфсымæр Ка ацыди рахизырдæм, дыккаг æфсымæр Хай — галиуырдæм, кæстæр æфсымæр ацыди æмраст астæуккаг фæндагыл. Сæ фæхицæны размæ æртæ æфсымæры баныхас кодтой, куыддæр æртæ азы аивгъуыйа, афтæ, цыдæриддæр бакусæм, уый рахæсдзыстæм æмæ не ’ппæт дæр нæ райгуырæн хъæумæ æрыздæхдзыстæм, зæгъгæ.

Ка, рахизырдæм чи ацыди, уый, цалдæр боны фæстæ бахæццæ ис иу стыр горæтмæ. Иучысыл æм æхца куы амбырд, уæд йæхицæн сæндон байгом кодта. Йæ сæн уыди хæрзад, уымæ гæсгæ йæм адæм цыди арæх. Уæдæ ныр мæ хъуыддаг цæуы, зæгъгæ, йæ сæн донимæ хæццæ кæнын байдыдта, фылдæр æхца бакусын мондагæй. Афтæмæй Кайы хъæздыгдзинад бонæй-бон фылдæр кодта.

Дыккаг æфсымæр Хай ацыд галиуырдæм. Цæуы, цæуы æмæ иу хъæуы иу дуканимæ бахæццæ. Бацыди дуканийы хицаумæ æмæ йын радзырдта, афтæ æмæ афтæ, куыст агурын, зæгъгæ. Дуканийы хицау æнæуи дæр кусæг агуырдта æмæ куыннæ сразы уыдаид Хайы йæхицæн æххуысгæнæгæй райсыныл.

Куыддæр Хай куыстыл фæцалх, афтæ æхцайæ зæгъай, дзаумайæ зæгъай, давын райдыдта йæ хицауæй. Иуæй æдзæсгом адæймаг уыди Хай, иннæмæй давыныл фæци. Нымады дæр æм ницы уыд, хъуыды кодта æрмæст ууыл, цæмæй тагъддæр æхца æрæмбырд кæна æмæ сæхимæ ацæуа.

Æртыккаг æфсымæр Ба комкоммæ ацыди астæуккаг фæндагыл. Уайтагъд бахæццæ ис хъæдмæ. Хъæд урс-урсид дидинджытæй æрттывтытæ калдта. Лæппу уыцы алы диссаг дидинджыты уындæй куы бафсæсти, уæд дарддæр йæ фæндагыл араст ис. Хъæдæй рахызти цъæхнæуу дæлвæзмæ, цæхгæрмæ йыл ацыди æмæ бахæццæ цæссыджы хуызæн стыр цæугæдонмæ. Былгæрон лæууы иу чысыл халагъуд, йæ рудзгуытæ цъæх уыгæрдæны ’рдæм арæзт, афтæмæй. Уыгæрдæны æгасед фыстæ æмæ сæгътæ. Сойджын кæрдæгыл æнæмæтæй хизынц. Ба халагъудмæ хæстæг-хæстæг бацыди, дуар бахоста, стæй бадзырдта:

— Йе хæдзар, уазæг нæ уадзут?

Рудзынгæй ракасти гæмæхсæр даргъбоцъо зæронд лæг. Йæ цæстытæ куы æрцъындгæнæгау кодта, уæд йæ цæсгом бынтондæр йæ хæларзæрдæ хуыз равдыста.

— Кæдæм цæуæг дæ, хорз лæппу? — бафарста зæронд лæг.

— Цæуын, зæххыл цы нæ ис, уый агурæг! — дзуапп радта Ба худгæйæ.

— Ома амонд æмæ æхца?

— Уæдæ æндæр цы! Фæлæ мæ дард цæуын нæ фæнды. Куы сразы уаис, уæд демæ цæрин бæргæ.

— Мидæмæ рахиз! — ныццин кодта зæронд лæг. — Æцæг мæм фыстæ æмæ сæгътæй дарддæр ницы ис. Кæд дæ фæнда, уæд сæ иумæ хиздзыстæм. Ды æрыгон дæ, хъару дæм ис, бафæраз зындзинæдтæн, чи зоны, амонд ссарай!

Ба йæ тымбылкъух систа æмæ загъта:

— Мæ цæнгты бирæ хъару ис, цыфæнды куыстмæ дæр сарæхсдзынæн. Стæй кусын уарзын.

Зæронд ын йæ сæрыхъуынтæ æрсæрфта æмæ йæ мидæмæ бахуыдта. Уыцы бонæй фæстæмæ иумæ цæрынтæ байдыдтой, фосмæ зылдысты, кæсаг ахстой, хъæдмæ сугмæ цыдысты. Сæ фос фылдæрæй-фылдæр кодта, бон-изæрмæ сæ адæймаг нымад нæ фæуыдаид — уыйбæрц систы.

Лæппуйыл æртæ азы куыд аивгъуыдта, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта. Йæ зæрдыл æрлæууыди, сæхимæ йын цæуынафон кæй у, уый. Радзырдта зæрондæн, ме ’фсымæртæм цæуын мæ фæнды, зæгъгæ. Æнкъард улæфт ныккодта зæронд, фæлæ йын уæддæр разыйы ныхас загъта. Ба цæуыныл куы сси, уæд зæронд лæг æрбахаста дыууæ дзæкъулы æмæ йын афтæ зæгъы:

— Цæй, мæ хур, хи хъæбулау дæ бауарзтон. Сæрæн гуырд дæ. Хорз мын феххуыс кодтай, æмæ дын исты куы балæвар кæнин, уый мæ фæнды. Фæлæ дæ зæрдæмæ цы тынгдæр фæцæудзæн, уый нæ зонын, уымæ гæсгæ дæхæдæг равзар: мæнæ ацы дзæкъулы ис сызгъæрин, иннæйы та алтъамийы æртæ аппы!

Ба рахъуыды-бахъуыды фæкодта, стæй алтъамийы æппытæ равзæрста. Зæрондæн раарфæ кодта æмæ рараст ис сæхимæ.

Цалдæр боны фæстæ æрбахæццæ йæ райгуырæн хъæумæ. Хистæр æфсымæртæ йе ’рбацыдмæ уыдысты сæ хæдзары. Æнхъæлмæ кастысты сæ кæстæр æфсымæрмæ. Куыддæр Ба дуары къæсæрæй бахызти, афтæ, цы дзаумæттæ æмæ сызгъæринтæ æрхастой, уыдон скалдтой æмæ сæ хабæрттæ кæнынмæ фесты. Дзырдтой радыгай: раздæр Ка, уый фæстæ Хай. Байы рад куы æрхæццæ, уæд æнæдзургæйæ дзæкъулæй алтъамийы æртæ аппы систа æмæ сæ йе ’фсымæртæм бадардта.

Ка æмæ Хай фырдисæй цавддуртау фесты. Гъестæй йын уæд алывыд ныккалдтой, и:

— Лæвархор! Æдылы! Махыл дæ зæрдæ дардтай, нæ? Ахæм магусайæн кæрдзыны къæбæр раттын хуыцауæй тæригъæд дæр у, тæригъæд! Тагъд дæхи ардыгæй айс, мах дæу тыххæй нæ фæфыдæбон кодтам!..

Дыууæ æфсымæры сæ кæстæрыл хорз æрцыдысты, афтæмæй йæ феддæдуар кодтой. Байæн ма, мæгуыр, йæ алтъамийы æппытæ куыддæр æгъдауæй йæ дзыппы амбæхсын йæ къухы бафтыди.

Æртæ æфсымæры кæстæр араст ис фæндагыл. Йæхи мидæг загъта, мæ къæхтæ мæ кæдæм хæссой, уырдæм цæудзынæн, зæгъгæ. Хур дзæвгар суади, афтæ Ба фырфæллад æмæ фырæххормагæй цæуын нал фæрæзта æмæ иу пальмæйы бын аууоны æрбадти.

Хæринаг æм нæ уыди, фæлæ алтъамийы æппытæй иу систа æмæ йæ йæ дзыхмæ куыддæр схаста, уæдæ йæ æрсæттон, зæгъгæ, афтæ йæ размæ фестади фынг, алы хæрд, алы нозтæй æртасыди, афтæмæй. Ба фырдисæй алтъамийы апп фæстæмæ рату кодта æмæ хæрын райдыдта. Хорз куы фæминас кодта, уæд дарддæр йæ фæндагыл араст ис.

Гауызы хуызæн фæндагыл хъæлдзæгæй цыди лæппу. Иу рæстæджы æнæ æрхъуыдыйæ дыккаг апп йæ дзыппæй фелвæста æмæ йæ куыд æрсаста, афтæ йæ цуры фестади рæсугъд файтон дыууæ хорз бæхы ифтыгъдæй. Ба файтонмæ уыциу гæпп скодта, æмæ æртыккаг апп йæ зæрдыл æрбалæууыди. Ныр бамбæрста, уыцы æппытæ хуымæтæг кæй не сты — цавæрдæр тых сæм кæй ис. Систа æртыккаг апп йæ дзыппæй æмæ йæ йæ дæндæгты æхсæн æрсаста. Цæстыфæныкъуылдмæ йæ цуры фестади, фыррæсугъдæй дзы мæйтæ æмæ хуртæ кастысты, ахæм чызг. Лæппумæ хæстæг бацыд æмæ йын мидбыл худгæ афтæ зæгъы:

— Мæ зынаргъ Ба! Æз разы дæн дæ ус уæвыныл. Цалынмæ цæрæм, уæдмæ дыл галиуæй никуы рацæудзынæн.

Куыннæ ныццин кодтаид Ба. Чызджы йæ фарсмæ файтоны æрбадын кодта æмæ йæ райгуырæн хъæумæ фатау атахти. Дыккаг бон чындзæхсæв сарæзтой. Хъæубæстæ иууылдæр æрæмбырд сты æмæ кæстæр æфсымæр Байæн арфæтæ кодтой.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.