Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СТУДЕНТ ÆМÆ УÆРТДЖЫН ХÆФС



СТУДЕНТ ÆМÆ УÆРТДЖЫН ХÆФС

Цардис-уыдис иу студент. Иу хатт фæсахуыр цæугæдоны фæрсты сцæйцыди. Кæсы æмæ дын кæсагахсджытæ иу дынджыр уæртджын хæфсыл цæлхæмбырд æристы æмæ хъæлæба кæнынц, йæ фыд ын йæ цармæй куыд асыгъдæг кæной, ууыл.

Студент сæм хæстæг бацыди æмæ сын афтæ зæгъы:

— Куыд уæм кæсын, афтæмæй сæрсæргæнаг сæн бануазынæй «нæ» нæ зæгъиккат. Иучысыл мæм æхца ис, æмæ уын сæ дæттын, æцæг ацы уæртджын хæфсы ма бахъыгдарут..

Куыннæ сразы уыдаиккой кæсагахсджытæ. Уæртджын хæфсы лæппумæ авæрдтой æмæ сæндонмæ уайынмæ фесты. Лæппу уæртджын хæфсы йæ хæдзармæ ахаста, æмæ иумæ цæрынтæ байдыдтой. Тынг сахуыр студент уæртджын хæфсыл, дзæбæх æм зылди, лæгъз дзыхæй йæм дзырдта.

Цас рæстæг ацардысты, чи зоны, афтæ æрцыди диссæгтæ. Лæппу-иу изæрæй фæсахуыр сæхимæ куы сыздæхти, уæд-иу фынг алы хæрзад хæринагæй йе дзагæй сæййæфта. Бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ сфæнд кодта, цы хабар у, уый сбæрæг кæнын. Иу бон куы уыди, уæд та йæхи сцæттæ кодта, йæ чингуытæ райста, уæртджын хæфсы рагъ æрсæрфта æмæ йын мидбыл худгæ загъта:

— Æз цæуын. Абон тынг æнæвдæлон дæн, æрæгмæ ссæудзынæн. Мацы фыдуаг ми-иу ракæн.

Рацыди лæппу сæ хæдзарæй æмæ донбылты-донбылты араст ис къахвæндагыл. Цас ауадаид, чи зоны, афтæ цæхгæр сæхирдæм фæзылди æмæ сæ фæскъул æрæмбæхсти. Иу рæстæджы бахъуызыд æмæ дуары зыхъхъырæй мидæмæ бакасти. Бакасти æмæ ауыдта рæсугъд дарæсы мидæг рæсугъд чызджы: афтæ рæсугъд уыди, æмæ дзы мæйтæ æмæ хуртæ кастысты. Чызг бадти къонайыл æмæ фыхта пырындз. Лæппу йæм уыциу тахт бакодта æмæ йæ йæ хъæбысы ныккодта.

— Цы зæд, цы дуаг дæ, рæсугъд чызг? Кæцæй фæзындтæ? — ризгæ хъæлæсæй бафарста лæппу.

— Цы гæнæн ма мын ис, схъæр кæнон мæхи æндæр, — дзуапп радта чызг, йе ’рттиваг цæстытæй йæм скасти, афтæмæй. — Æз уæртджын хæфс дæн, æвирхъау кæсагахсджыты къухæй кæй фервæзын кодтай, уый. Дæ дзæбæхдзинад бафидыны тыххæй сфæнд кодтон дæ хæдзары цæргæйæ баззайын, цæмæй дын хæринаг кæнон, исты æххуыс дын уон, æмæ дæ ахуыр рæвдз цæуа. Ахуыр куы фæуай æмæ хицау куы суай, уæд æз фæцæудзынæн нæхимæ — дæлдон бæстæм. Афтæ у мæ фæндон, мæ уынаффæ...

— О мæ удыгага! — сдзырдта лæппу. — Цы дзурыс, уыдон кæд æцæг сты, уæд мæ уарзондзинадæн аргъ скæндзынæ — мæ ус суæвыныл сразы уыдзынæ.

Чызг йæ сæр банкъуыста æмæ афтæ зæгъы:

— Нæ, уымæн уæвæн нæй. Ды сур зæххыл цæрыс, æз та доны бын. Махæн баиу уæвæн ницы хуызы ис. Иугæр мæ сусæгдзинад кæм раргом, уым мын ныр мæхи бæстæм æнæ здæхгæ нæй. Иунæг бон дæр мын фæстиатгæнгæ нал у.

Чызг уыцы ныхæстæ куы загъта, уæд лæппу уынгæг хъæлæсæй ныккуыдта, уымæн æмæ тынг бауарзта чызджы.

— Куыддæр мæ ныууадзай, — загъта лæппу адæргæй, — афтæ мæ уд демæ ацæудзæн, мæ къодах ма баззайдзæн æрмæст. Æниу ма мæ цæмæн хъæуы мæ цард, дæ рæсугъд цæстытæ куы нæуал уынон, дæ дзыхыдзырд куы нæуал хъусон, уæд...

Чызг æй æрсабыртæ кодта, йæ цæссыгтæ йын йæ батæй асур кодта æмæ йын зæрдæ бавæрдта йемæ дæлдон бæстæм ахонынæй, суанг экзаменты онг уым иумæ куыд фæцæрой, афтæ.

Уыцы ныхæстæ загъта чызг, йæхæдæг фæстæмæ уæртджын хæфс фестади, æмæ дыууæйæ дæр доны бынмæ араст сты.

Бонтæ цыдысты, паддзахадон экзаменты рæстæг æрхæццæ, уæдæ цы уыдаид. Доны бынæй сур зæхмæ ссыди саджы фисынтыл арæзты хуызæн хæрзконд лæппу хорз дарæсы мидæг æмæ сæйраг горæтмæ араст ис. Бирæ лæппутæ æрæмбырд ис паддзахадон экзаментæм, фæлæ, дæлдон бæстæй чи ссыди, уыцы студентæй рæвдздæр æмæ дæсныдæр дзуаппытæ ничи лæвæрдта. Лæвæрд ын æрцыди æппæты уæлдæр ахуырадон къæпхæн — чанг-нгуен, æмæ йæ сæвæрдтой иу хъæздыг провинцийы хицауæй. Бирæ азтæ рацыди, фæлæ дæлдон бæстаг чызг йæ зæрдæйæ иу бон дæр цух нæ кодта, тынг æй мысыди. Арæх цыди йæ чысыл зæронд хæдзармæ æмæ-иу, цæугæдонмæ кæсгæйæ, æнкъардæй зарын райдыдта:

 

Куы фенын, куыд цæуы

Фæйлаугæ уылæн, —

Мæ зæрдыл æрлæууы

Уæд уалдзæг мæнæн.

Мæ сусæг хъуыдытæй

Нæй ирвæзт-фæрæз.

Адзалы дзæмбытæй

Уæд байстон уый æз.

О, рæстæг куы здæхид

Фæстæмæ, бæгуы!

Фæстæмæ куы ’ртæхид

Мæ уарзты дуг, куы!

Мæ амонд мæ цурæй

Нæ алидзид дард, —

Мæ уарзон — мæ хурыл

Уæд раттин мæ цард!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.