Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЙÆ МАСТ ДЗЫ РАЙСТА



ЙÆ МАСТ ДЗЫ РАЙСТА

Раджыма-раджыма царди иу хуыйæг. Хъæздыг хæдзæрттæм-иу куы цыди хуыйынмæ, уæд æдзухдæр йемæ æххуысгæнæг кодта иу гыццыл лæппуйы. Лæппу йын хаста йæ судзинтæ, йе ’ндæхтæ æмæ йæ хæсгард. Хуыйæг-иу кæмæн куыста, уыдон-иу æй æдзухдæр хорз федтой: пырындз зæгъай, сæн зæгъай, адджинаг зæгъай — алы диссагæй йын-иу йæ раз айдзаг кодтой. Хуыйæг-иу йæхæдæг бабадт æмæ-иу йæхи хорз федта, лæппуйæ та-иу «хæрдджын у» загъта. Лæппу æдзухдæр уыди æххормаг æмæ йæ хицаумæ хæлæгæй марди.

Иу хатт иу хъæздыг лæгæн хъуамæ уыдаид чындзæхсæв, æмæ сæ дарæстæ хуыйын куыннæ хъуыди. Æрбарвыстой хуыйæгмæ, уæдæ цы. Лæппу сфæнд кодта, ацы хатт мын дзы мæ маст æнæ райсгæ нæй, зæгъгæ. Хуыйæг иу заман йæхи хъуыдыйы æддæмæ куы рауади, уæд лæппу хæдзары хицауæн сусæгæй афтæ зæгъы:

— Дæ бæрзонддзинад зоны, мæ хицау æвзæр рынчын у, уый? Хатгай фæсонт, фæсур вæййы æмæ уæд, йæ алыварс цы уа, уый дæрæн кæнын райдайы.

— Æмæ куыд базонæн ис, йæ фæсур афон кæд у, уый? — бафарста хъæздыг лæг.

— Уый æнцон у. Куы ныджджих уа æмæ ердженыл йæ къухтæ рахаф-бахаф куы райдайа, гъе уæд йæ афон æрхæццæ, гъе.

— Æмæ уæд мæнæн цы гæнгæ у?

— Куыд цы гæнгæ у? Дæ тых, дæ бонæй йын йæ ныхæн иу ратт, æндæр ын ницы хъæуы. Уæд йæ низæй фервæздзæн.

Афтæ загъта лæппу, йæхæдæг хуыйæджы судзинтæн сæ тæккæ хуыздæры амбæхста.

Уалынмæ хуыйæг æрбаздæхти. Судзин йæ бынаты куынæ ссардта, уæд пъолмæ йæ цæстытæ ныццавта æмæ ердженыл йæ къухтæй агурын байдыдта.

Хицау йæ лæггадгæнæгæн амбарын кодта. Уый йæ хъæз лæдзæг дард фæхаста æмæ дзы хуыйæгыл ралæууыд.

Ахæм æмбисонд сæмбæлд хуыйæгыл йæ гуыбыны фыдæй.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.