Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ХАЛОН ÆМÆ МÆЛХЪ



ХАЛОН ÆМÆ МÆЛХЪ

Халон æмæ Мæлхъæн раджы заманы сæ бумбули уыдис урс-урсид. Иу хатт уыдон сæмбæлдысты иу бæрзонд бæласы цъуппыл æмæ кæрæдзийæн сæ зæрдиаг ныхæстæ фæкодтой, уый фæстæ фæзарыдысты, фæкафыдысты. Куы бафæлладысты, уæд Халон афтæ зæгъы:

— О цытджын Мæлхъ! Кæсын, æмæ нæ бумбулиджын мæргътæй бирæтыл ис рæсугъд, æрттиваг дарæс.

Зæронд Бурцъиуыл — сыгъдæг сызгъæрин куырæт, дзæгъæлдзых Тутийыл — кæрдæгхуыз пæлæз, нæ цытджын Кæсагдзауыл — æрвхуыз къаба. Сæ дарæс рæсугъд у, æмæ сæм цæст кæсынæй уымæн нæ фефсæды. Мах та урс дарæсы мидæг вæййæм, æмæ нæ хъуыды дæр ничи фæкæны. Мæнмæ гæсгæ нæ исты бауынаффæ хъæуы нæ уæлæдарæс фæаивдæр кæнынæн. Ахорæнтæ ссарæм, мæргъты æхсæн нæхицæй рæсугъддæр куыднæуал уа, нæ систæ афтæ сахорæм.

Мæлхъ Халоны ныхæстæм фæхъуыста, стæй йæхи мидæг ахъуыды кодта æмæ сразы ис. Уалынмæ ахорæнтæ агурæг сæхи фæйнæрдæм айстой. Ссардтой ахорæнтæ, æмæ иу цалдæр боны фæстæ сæ дыууæ дæр фæстæмæ уыцы бæрзонд бæласы цъупмæ æртахтысты. Æмæ цы хуызы ахорæн не ’рхастой: сæнт сырх уа, сау уа, æрвхуыз уа, суанг сызгъæринхуыз дæр бафтыди сæ къухы. Сæ ахорæнтæ æрцæттæ кодтой Мæлхъ æмæ Халон, ныр уæдæ райдайæм нæ дарæс ахорын, зæгъгæ. Халон ахъуыды кодта æмæ Мæлхъæн афтæ зæгъы:

— Фыццаг уал æз дæу сахордзынæн, стæй та ды мæн. Ды дæхи дарæсмæ куы æркæсай, уæд зондзынæ, куыд ахорын хъæуы, уый. Бацархайдзынæ, мæ дарæс ноджы рæсугъддæр цæмæй рауайа, ууыл. Æнæуи дæр афтæ æмбæлы.

Мæлхъ сразы, йæ базыртæ фæйнæрдæм айтыгъта. Халон ын йæ алы сисыл дæр скодта сæнт сырх хуры ныв, йæ сызгъæрин тынтæ фæйнæрдæм фæцыдысты, афтæмæй. Фыррæсугъдæй йæм цæстытæ нæ лæууыдысты. Йæ гуыбын æмæ йын йæ къубал та рарттив-барттивгæнаг кæрдæгхуыз æмæ копрадзхуыз сахуырста. Сихорафонмæ Мæлхъ ахуырст фæци, æмæ йæ ног дарæсы мидæг йæхимæ кæсынæй нал æфсæсти. Фырцинæй кафынтæ байдыдта, йæ тых, йæ бонæй-иу ныззарыди. Уымæ кæсгæйæ Халоны цинæн дæр кæрон нал уыди. Йæхи дарæс рагацау йæ цæстытыл уади: Мæлхъы дарæсæй хъуамæ бирæ æрттивагдæр æмæ рæсугъддæр уыдаид.

Сæ ныхас куыд уыди, уымæ гæсгæ изæры та хъуамæ Мæлхъ райдыдтаид Халоны ахорын. Мæлхъ йæ удæй бацыди, Халоны дарæсæн æмбал куыннæ уа, афтæ рæсугъд æй сахорыныл, æмæ Халонæн афтæ зæгъы:

— Дæ къубал дын сатæг сау сахордзынæн рæсугъд урс тæлмытимæ, дæ базыртæ дын сызгъæринхуыз скæндзынæн, дæ гуыбын æмæ дæ фæсонтæ та уыдзысты сæнт сырх æмæ цъæхбын æрттывдгæнаг сау.

Халон ахъуыды кодта æмæ сразы ис. Мæлхъ ын йæ хъуырыл урс тæлмытæ кæнынмæ бавнæлдта. Уалынмæ дын сыхаг хъæуæй æвиппайды хуыйы хъыллист æмæ барабаны цагъд райхъуысти. Халон йæ мидбынаты фестъæлфыди. Гуыбындзæл кæм нæу, æмæ бамбæрста, цыдæр холы йæм æнхъæлмæ кæй кæсы, уый. Уайтагъддæр йæхи мидæг ахъуыды кодта: «Уым æнæмæнг куывд кæнынц, хæрд, нозт дзы куыннæ уыдзæн — хуыйы хуылфыдзаумæттæй мæхи хорз фендзынæн. Ахæм минасыл æнцон сæмбæлæн нæу». Æмæ дын Мæлхъы баййардта:

— Дæ хорзæхæй, фæтагъддæр кæн, нæ мæ æвдæлы, æгæр биноныг митæ ныууадз.

Фæлæ Мæлхъ уыцы зæрдиагæй кодта дарддæр йæ куыст. Уалынмæ та хуыйы хъыллист ноджы тынгдæр фæцыд. Халон уый куы айхъуыста, уæд, йæ дзых цы карста, уымæй ныхъхъæр кодта:

— Æгъгъæд у, цытджын Мæлхъ! Рæсугъд дарæсæй æфсæст нæ уыдзынæ. Исты æрттиваг ахорæнтæй мæ куыдфæнды ахуырстытæ акæн, æндæр мæ ницы хъæуы!

— Иучысыл-ма бафæраз, бирæ дæ нал хъæуы, — дзуры йæм Мæлхъ. — Дæ дарæс дын мæ зæрдæйы фæндиаг рæсугъд скæнон, гъестæй дæ хъару æмæ дæхæдæг — хæр, цас дæ фæнды, уыйас.

Фæлæ йæм Халон кæм хъуыста, йæ комдæттæ уадысты.

— Мæ дарæсыл мæ бон цæуы æмæ хъуамæ, мæхи куыд фæнды, афтæ уа! — хъæр кодта фырмæстæй.

Йæхæдæг йæ тæккæ цур, сау ахорæн цы мигæнæны уыд, уырдæм уыциу гæпп нылласта, йæхи дзы сæвдылдта æмæ, хуыйы хъыллист цы хъæуæй цыди, йæ гуыры конд уыцырдæм сарæзта. Дæ фыдгул афтæ, йæ буарыл иунæг ирд тæпп дæр нал аззади: сатæг сауæй агæпп ласта.

Уыцы бонæй фæстæмæ дыууæ маргъæн сæ лымæндзинад фехæлд, Халоныл йæ гуыбындзæлы тыххæй Мæлхъы зæрдæ фæхудти æмæ йыл-иу амбæлгæйæ æдзухдæр йæ фæстæ хъæр кодта:

— Худинаг! Худинаг!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.