Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЙÆ МÆЛÆТЫ ФÆСТÆ ДÆР МА ЗЫД ÆМÆ КÆРÆФ



ЙÆ МÆЛÆТЫ ФÆСТÆ ДÆР МА ЗЫД ÆМÆ КÆРÆФ

Кæддæр, дам, раджы цардис иу лæг. Уый хъуыстгонд уыд йæ хъæздыгдзинадæй, фæлæ ноджы тынгдæр та хъуыстгонд уыди йæ чъындыдзинадæй. Йе йе рагъыл ницы кодта, йе йæ гуыбынмæ ницы уагъта. Æрмæст, йæ исбоныл цæмæй исты æфта, ууыл архайдта. Иуахæмы æнæнхъæлæджы æрбарынчын æмæ адзалы къахыл ныллæууыди. Йæ хъуыддаг хорз нал у, уый куы бамбæрста, уæд йе ’ртæ фыртмæ фæдзурын кодта, цæмæй сын йæ бынтæ байуара, уый тыххæй æмæ сын афтæ зæгъы: «Мæ исбоны фылдæр ратдзынæн уымæн, йæ бахъахъхъæнын уæ кæй бон бауа, стæй ма йыл ноджы æфтаугæ дæр чи бакæна».

Уый фæстæ хистæр фырты бафарста:

— Куы амæлон, уæд мæ дæ зæрды куыд баныгæнын ис, уæлдай хæрдзтæ ма скæн, афтæмæй?

— Мæ зæрды афтæ ис, — дзуапп радта хистæр фырт, — балхæндзынæн сау хъæдæй конд сынт, стæй дæ цæм батухæм, ахæм æмбæрзæн...

— Гъæйда-гъа! — йæ ныхас ын æрдæгыл фæурæдта фыд. — Афтæмæй мæгуырмæ куы æрцæудзынæ! Цæмæн хъæуынц сынтытæ æмæ æмбæрзæнтæ! Уый дын хæрдзтæ, гъе!

Уалынмæ астæуккаг фыртмæ фæдзырдта:

— Ды та мæ куыд баныгæнынмæ хъавыс æнæ стыр хæрдзтæ скæнгæйæ?

— Дæ мард дын голладжы сæвæрдзынæн, — загъта астæуккаг фырт, лодкæ ракурдзынæн, цæугæдоны тæккæ астæумæ бацæудзынæн æмæ дæ уыцы хуызæнæй доны нысхойдзынæн. Гъемæ уæд нæдæр ингæнкъахджытæн бахъæудзæн фидын, нæдæр дыл чи саргъауа, уыдонæн.

— Гъери-гъа, цæмæн хъæуы уыйбæрц хæрдзтæ æмæ хъуыддæгтæ, — йæ дзыхы дзырд ма тыххæй хъуыст, афтæмæй загъта зæронд, йæхæдæг бакасти кæстæр фыртмæ.

— Æз ууыл раджы ахъуыды кодтон, — дзуапп радта кæстæр фырт. Куыддæр амæлай, афтæ дæ басудздзынæн æмæ дын де ’ртхутæг нæ цæхæрадоны бапырх кæндзынæн, фидæнмæ нæ дыргътæ хуыздæр æрзайдзысты æмæ сæ фылдæр æхца райсдзыстæм.

Кæстæр фырты ныхæстыл куыннæ ныццин кодтаид ахæм зыд æмæ кæрæф, æхсызгон улæфт ныккодта æмæ афтæ зæгъы:

— Уый æрхъуыды у, гъе! Гъеныр мæрдтæм æнæ мæтæй ацæудзынæн. Мæ ис, мæ бон мæхи хуызæн адæймагмæ баззайдзысты...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.