Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





32 СÆР. ПОЛЛИАННÆЙЫ ФЫСТÆГ



Мæ зынаргъ мадыхо Полли, мæ мадыфсымæ р Том!

Мæ бон у, мæ бон у къахæ й цæ уын! Абон мæ хуыссæ нæ й рудзынджы онг ацыдтæ н! Æ хсæ з къахдзæ фы! Ехх, куыд хорз у ногæ й къахæ й цæ уын!

Дохтыртæ иууылдæ р мæ алыварс лæ ууыдысты æ мæ сæ мидбылты худтысты, сæ разы та лæ ууыдысты рынчынгæ стæ æ мæ куыдтой. Мæ фарсмæ цы палатæ ис, уырдыгæ й иу сылгоймаг, къуырийы размæ йæ къахыл чи слæ ууыдис, ахæ м, йæ мидбылты худгæ дуарæ й æ рбакасти. Стæ й ма ноджыдæ р иуы æ рбахуыдтой; йæ зæ рдæ дары, иннæ мæ й йæ бон къахæ й цæ уын кæ й суыдзæ н, ууыл. Уыцы сылгоймаг хуыссыди мæ рынчынгæ сы хуыссæ ны, æ мæ мæ м куы касти, уæ д-иу йæ армытъæ пæ нтæ кæ рæ дзиуыл æ рцавта... Суанг пъолтæ чи фехсы, уыцы сау Тилли дæ р тыргъы рудзынгæ й æ рбакаст æ мæ -иу мæ м уырдыгæ й ныхъхъæ р кодта: «Мæ зæ рваттыкк, мæ чызг! » Йæ кæ уын-иу фæ урæ дта.

Нæ йæ ’мбарын, цæ уыл куыдтой, уый. Мæ н фырцинæ й фæ ндыди зарын æ мæ хъæ р кæ нын! Ехх! Ехх! Ехх! Æ рмæ стдæ р ма ахъуыды кæ нут, мæ бон у цæ уын, цæ уын, ц æ у ы н! Ныр æ ппындæ р æ нкъард нал кæ нын, ацы ран, хæ дзарæ й дард, дæ с мæ ймæ ’ввахс кæ й арвыстон, ууыл. Стæ й уын уæ ддæ р уæ дзуарæ фтауыны бон нæ ауагътаин. Ехх, мæ мадыхо Полли, цы диссаджы хорз у, ардæ м кæ й æ рцыдыстут æ мæ мæ хуыссæ ны раз уæ цард кæ й баиу кодтат, уый! Ды алкæ ддæ р цин кæ нынæ н исты ’фсон ссардзынæ!

Афтæ зæ гъынц, тагъд нæ химæ ацæ удзынæ н, зæ гъгæ. Мæ н фæ нды æ нæ хъæ н фæ ндаг фистæ гæ й цæ уын. Æ мæ ацæ уин. Мæ нмæ гæ сгæ, мæ н истæ уыл балцы цæ уын никуыуал бафæ нддзæ н. Уый ахæ м æ хсызгон уыдзæ н — æ нæ уи цæ уын. Æ з ахæ м цин кæ нын! Æ з цин кæ нын алцæ уыл дæ р. Æ з ныр, иуцасдæ р мæ бон цæ уын кæ й нæ уыдис, суанг ууыл дæ р цин кæ нын. Æ нæ уымæ й никуы ис базонæ н, къæ хтæ куыд диссаджы хорз сты, уый, цæ угæ чи кæ ны, ахæ мтæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы. Райсом мæ зæ рды ис аст къахдзæ фы скæ нын.

Уе ’ппæ ты дæ р уарзгæ йæ,

Поллианнæ


[1] Кæ с: Пехуымпар Йеремийы чиныг, 11: 6.

[2] Сциллæ æ мæ Харибдæ — рагон грекъаг мифмæ гæ сгæ дыууæ æ вирхъау цæ рæ гойы. Уыдон цардысты Мессины донкъубалы раз æ мæ наудзæ уджыты ныхъуырдтой (уавæ р Сциллæ æ мæ Харибдæ йы æ хсæ н — дыууæ рдыгæ й фыдбылыз куы фенхъæ лмæ кæ сы, уæ д).

[3] Матфейы Евангелийæ (23: 14, 23: 23).

[4] Псалом 31: 11. 2012-æ м азы Мæ скуыйы Библи тæ лмацгæ нæ г институт кæ й рауагъта, уыцы чиныг «Псаломтæ »-йы та ацы бынат тæ лмацгонд у афтæ: «Райут ӕ мӕ цин кӕ нут Хуыцауыл, рӕ стгӕ нджытӕ; зарут фырцинӕ й уе ’ппӕ т дӕ р, рӕ стзӕ рдӕ тӕ ». (Скангæ нæ джы фиппаинаг)



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.