|
|||
25 СÆР. ÆНХЪÆЛМÆ КÆСЫНÆЙ ХЪАЗТДжон Педелтон Харрингтонты хæ дзары уазæ гуаты куы уыд, уый фæ стæ, дыккаг бон, мисс Полли сфæ нд кодта Поллианнæ йы дохтыры ’рбацыдмæ бацæ ттæ кæ нын. — Поллианнæ, мæ зынаргъ, — хъавгæ райдыдта мадыхо, — мæ зæ рды ма ис ноджы иу дохтыры ’рбахонын, уадз æ мæ дæ фена. Чи зоны, æ мæ уыцы дохтыр исты ног уынаффæ рахæ сса... цæ мæ й тагъддæ р адзæ бæ х уай. Поллианнæ йы цæ сгом фырцинæ й ныррухс ис: — Дохтыр Чилтоны? Мæ мадыхо Полли, мæ н ахæ м тынг фæ нды, цæ мæ й нæ м дохтыр Чилтон æ рбацæ уа! Æ з æ дзухдæ р уымæ бæ ллыдтæ н, фæ лæ тарстæ н, куы не сразы уай — амæ й размæ дæ тыргъы кæ й федта, уый тыххæ й. Хъуыды йæ кæ ныс? Æ з уымæ н ницы дзырдтон. Фæ лæ мын ныр ахæ м æ хсызгон у, дæ у дæ р дохтыр Чилтонмæ фæ дзурын кæ й бафæ ндыд, уый! Мисс Поллийæ н йæ цæ сгомы хуыз фæ цыд, уый фæ стæ ныссырх æ мæ та ногæ й ныффæ лурс. Фæ лæ куы сдзырдта, уæ д бæ рæ г уыди, сабыр æ мæ æ нæ мæ тæ й дзурыныл кæ й архайы: — Нæ, мæ зынаргъ! Æ з дохтыр Чилтоны кой нæ кодтон. Уый ног дохтыр уыдзæ н — зындгонд дохтыр Нью-Йоркæ й, дæ хуызæ н... цæ фты тыххæ й бирæ чи зоны, ахæ м. Поллианнæ йы цæ сгомыл дызæ рдыгдзинад фæ зынд: — Мæ н нæ уырны, дохтыр Чилтонæ й фылдæ р кæ й зоны, уый. — Рæ дийыс, мæ зынаргъ. — Мæ мадыхо Полли, мистер Пенделтонæ н йæ саст къах дзæ бæ х кодта дохтыр Чилтон! Кæ д... кæ д ды уый ныхмæ ницы зæ гъыс, уæ д мæ фæ ндид, цæ мæ й нæ м дохтыр Чилтон æ рбацæ уа... æ цæ г... тынг мæ фæ ндид! Мисс Поллийæ н йæ цæ сгом сырх-сырхид афæ лдæ хт. Иу минуты бæ рц ницы сдзырдта, уый фæ стæ загъта рæ вдаугæ йæ, фæ лæ раздæ рау тызмæ ггомау æ мæ фæ ндфидарæ й: — Æ з разы нæ дæ н, Поллианнæ. Æ з цыфæ нды дæ р бакæ ндзынæ н... Мæ зынаргъ, æ з дæ у тыххæ й цыфæ нды дæ р бакæ ндзынæ н, фæ лæ дохтыр Чилтоны æ рбахонынмæ нæ хъавын. Æ мæ мыл баууæ нд, уымæ н йæ бон нæ у дæ... цæ фы тыххæ й, райсом Нью-Йоркæ й чи ’рбацæ удзæ н, уыцы зындгонд дохтыр цас æ мбары, уыйбæ рц зонын. Поллианнæ уæ ддæ р нæ састи. — Мæ мадыхо Полли, ды дохтыр Чилтоны куы уарзис... — Цы? — мадыхо Поллийæ н йæ хъæ лæ с фæ карз, фæ лæ та йæ рустæ ныссырх сты. — Ды дохтыр Чилтоны мæ н хуызæ н куы уарзис æ мæ уыцы иннæ дохтыры куы нæ уарзис, — ныуулæ фыд Поллианнæ, — уæ д, мæ нмæ гæ сгæ, дохтыр Чилтоны равзарис. Уыцы рæ стæ г уатмæ ’рбацыди рынчынгæ с. Мисс Полли рæ вдз йæ бынатæ й фестад. — Тынг хъыг мын у, Поллианнæ, — загъта мадыхо тызмæ гæ й, — фæ лæ ацы хатт бар мæ нæ н раттын бахъæ удзæ н, цæ мæ й уынаффæ æ з рахæ ссон, уый тыххæ й. Уымæ й уæ лдай, ныридæ гæ н алцыдæ р лыггонд у: дохтыр райсом Нью-Йоркæ й æ рцæ удзæ н. Фæ лæ дыккаг бон ньюйоркаг дохтыр не ’рцыдис. Кæ ддæ р-кæ ддæ р æ рбацыд телеграммæ. Уым хъусын кодтой, специалист æ нæ нхъæ лæ джы кæ й фæ рынчын æ мæ йын йе ’рцыды æ мгъуыд аргъæ вын кæ й хъæ уы. Уымæ гæ сгæ, Поллианнæ йæ н йæ бон уыди лæ гъстæ кæ нын дарддæ р, цæ мæ й йæ дохтыр Чилтонæ й баивой. Фæ лæ мисс Полли раздæ рау йæ сæ р банкъуыста æ мæ загъта: «Нæ, мæ зынаргъ», — æ мæ тынг фæ ндфидарæ й, фæ лæ узæ лгæ йæ бафтыдта, цыфæ нды дæ р кæ й бакæ ндзæ н, уымæ й фæ стæ мæ, цæ мæ й йæ зынаргъ Поллианнæ цин кæ на. Æ нхъæ лмæ гæ сæ н бонтæ кæ рæ дзи ивтой, æ мæ мисс Полли æ цæ гдæ р алцыдæ р кодта, цæ мæ й йæ хæ рæ фырт хъæ лдзæ г уа, уый тыххæ й. — Мæ н уырнгæ дæ р нæ бакодтаид! Ничи мæ баууæ ндын кодтаид ууыл! — дзырдта иу сæ умæ райсом Ненси Зæ ронд Томæ н. — Æ вæ ццæ гæ н, æ нæ хъæ н бон иу минут дæ р ахæ м нæ вæ ййы, æ мæ мисс Полли нæ мæ гуыр уæ рыччы алыварс ма зилдух кæ на, цы йын акæ на, уымæ ’нхъæ лмæ кæ сгæ йæ, гæ дыйы йæ м уæ ддæ р бауадза... Афтæ мæ й къуыри размæ нæ дæ р Флаффийы, нæ дæ р Баффийы уатмæ бацæ уын ницы хуызы бауагътаид! Ныр та сæ хуыссæ ныл сæ рбихъуырæ йттæ кæ нын дæ р уадзы, æ рмæ стдæ р уый Поллианнæ йы зæ рдæ мæ кæ й цæ уы, уый тыххæ й! Æ мæ йын йæ бон æ ндæ р саразын куы ницыуал вæ ййы, уæ д, рудзынгыл цы дзæ нхъа дуртæ ауыгъд ис, уыдон дыууæ рдæ м кæ нын райдайы, цæ мæ й, нæ чызг куыд фæ зæ гъы, афтæ «арвæ рдынтæ кафой». Æ ртæ хатты Тимотийы Коббы хъæ рмуæ ттæ м дидинджытæ м арвыста, æ мæ уый, адæ м кæ й хæ ссынц, уыдонæ й уæ лдай. Иу бон та бацыдтæ н æ мæ уынын: хуыссæ ны раз бады, рынчынгæ с ын йæ дзыккутæ фасы, Поллианнæ та йæ м кæ сы æ мæ хуыссæ нæ й уынаффæ кæ ны, йæ цæ стытæ фырцинæ й ныррухс сты, афтæ мæ й. Ацы ран дæ лдзæ х ныххауон, кæ д мисс Полли æ рвылбон ахæ м сæ рыфастимæ нæ цæ уы, æ рмæ стдæ р цæ мæ й нæ дзæ бæ х чызджы зæ рдæ балхæ на! Зæ ронд Том ныххудти. — Мæ нмæ дæ р диссаг фæ каст, мисс Поллийæ н йæ бакаст, йæ ныхыл цы къæ бæ лдзгуытæ ис, уыдонимæ ’взæ рдæ р кæ й нæ у, — бафиппайдта лæ г. — Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, нæ у, — дзуапп радта Ненси. Кæ дæ й-уæ дæ й адæ ймаджы хуызæ н сси... Зæ гъæ н ис, æ цæ гæ йдæ р у рæ с... — Дæ хи хъахъхъæ н, Ненси, — йæ ныхас ын аскъуыдта зæ ронд лæ г хинæ йдзаг мидбылхудтимæ. — Æ рхъуыды-ма кæ н, кæ ддæ р рæ сугъд кæ й уыди, уый дын куы дзырдтон, уæ д мын цы загътай! Ненси йе уæ нгтыл уæ лæ мæ схæ цыд. — Тынг рæ сугъд æ й не схондзынæ, æ вæ ццæ гæ н, фæ лæ сæ ттын, Поллианнæ йын цы лентытæ æ мæ ’фцæ гготт дарын кæ ны, уыдонимæ йæ хуыз æ цæ гæ йдæ р æ ндæ р у. — Æ з дын дзырдтон, — сразы ис Том, — зæ ронд кæ й нæ у, уый дын дзырдтон. Ненси ныххудти. — Разы дæ н, йæ хи йын зæ рондæ й æ вдисын, раздæ ры хуызæ н, нал æ нтысы, Поллианнæ куы нæ ма ’рбацыд, уæ д куыд уыдис, афтæ. Байхъус-ма, мистер Том, йæ уарзон та чи уыди? Нæ ма йæ базыдтон, нæ ма! — Нæ базыдтай? — бафарста зæ ронд лæ г, æ мæ йæ цæ сгом цыдæ р æ нахуыр сси. — Уæ дæ йæ нæ базондзынæ... мæ нæ й. — О, мистер Том! Зæ гъ-ма мын æ й, — зæ рдæ лхæ нæ н хъæ лæ сы уагæ й лæ гъстæ кодта чызг. — Мæ бон бафæ рсын кæ й у, ахæ мтæ ам бирæ ис, уый куы зоныс. — Чи зоны, фæ лæ уæ ддæ р ис иу, дзуапп дын чи нæ ратдзæ нис, ахæ м, — бахудти Зæ ронд Том. Фæ лæ æ васт йæ цæ стыты хинæ йдзаг æ рттывд æ рмынæ г ис. — Æ мæ куыд у абон та нæ чызг? Ненси йæ сæ р батылдта. Уымæ н дæ р йæ цæ сгом ныттар. — Куыд уыдис, афтæ, мистер Том. Хорзæ й дзы нырма ницы зыны, цы уынæ м, уымæ гæ сгæ. Хуыссæ ны хуыссы, фынæ й кæ ны, дзуры, архайы худын æ мæ цин кæ нын: хур кæ й аныгуылы, мæ й кæ й скæ сы, уыдæ ттыл, стæ й æ ндæ р ахæ мтыл. Зæ рдæ фæ йнæ рдæ м тоны, уымæ кæ сгæ йæ! — Æ з æ й зонын, уый хъазт у... Хуыцау ын арфæ ракæ нæ д! — йæ сæ р разыйы тылд бакодта Зæ ронд Том, йæ цæ стытæ æ рцъынд кæ нгæ йæ. — Уæ дæ дæ уæ н дæ р уыцы хъазты кой кодта? — О, уый мын æ й раджы радзырдта, — зæ ронд лæ г хъусæ й фæ лæ ууыд, уый фæ стæ дарддæ р кодта йæ ныхас. Йæ былтыл мидбылхудт ахъазыд. — Иу хатт æ з, ахæ м зылын æ мæ гуыбыр кæ й сдæ н, уый фæ дыл хъуыр-хъуыр кодтон, æ мæ куыд æ нхъæ л дæ, уыцы чызг мын цы загъта? — Цæ мæ й йæ зонын? Мæ нмæ гæ сгæ, уым, цин цæ уыл кæ най, ахæ м исты зын ссарæ н у! — Уæ дæ йæ бон сси! Загъта мын, зæ гъгæ, мæ бон цин кæ нын у, хуымтæ куы фæ рувын, уæ д мæ тынг гуыбыр кæ нын кæ й нæ хъæ уы, ууыл, уымæ н æ мæ æ нæ уи дæ р æ мбисмæ гуыбыр дæ н. Ненси æ нкъардæ й бахудти. — Уый мæ нмæ диссаг нæ кæ сы. Поллианнæ кæ ддæ риддæ р исты ссардзæ нис. Мах йемæ уыцы хъазтæ й хъазыдыстæ м райдианæ й, уымæ н æ мæ йын, кæ имæ хъаза, уый нæ уыди... Фыццаг хъавыди йæ мадыхоимæ хъазын. — Мисс Поллиимæ?! Ненси ныххудти. — Куыд кæ сын, афтæ мæ й ды не ’хсинæ й цы хъуыды кæ ныс, уый мæ хъуыдыйæ тынг нæ хицæ н кæ ны, — фæ рæ хуыста зæ ронды. Зæ ронд Том æ м тæ ргайхуызæ й бакаст: — Æ з æ рмæ ст ахъуыды кодтон, уый уымæ... æ гæ р диссаг фæ кастаид, — сæ рыстырхуызæ й загъта зæ ронд лæ г. — Разы дæ н, уыцы заман афтæ уыдаид, — бафиппайдта Ненси. — Фæ лæ, мæ нмæ гæ сгæ, ныр афтæ нæ уаид. Ныр мæ не ’хсинæ й цыфæ нды дæ р бауырндзæ н... суанг, йæ хæ дæ г уыцы хъазтæ й хъазын кæ й райдайдзæ н, уый дæ р! — Æ мæ йын, ау, чызг ницы загъта? Иу хатт дæ р нæ? — бадис кодта Том. — Нæ горæ ты йæ, æ вæ ццæ гæ н, алкæ мæ н дæ р радзырдта. Алырдыгæ й хъусын йæ кой, уæ лдайдæ р та ныр, фыдбылызы куы бахаудис, уæ д. — Алкæ мæ н дæ р, мисс Поллийæ фæ стæ мæ. Поллианнæ мын раджы загъта, йæ бон ын хъазты тыххæ й радзурын нæ у, зæ гъгæ, уымæ н æ мæ мадыхойы йæ фыды коймæ хъусын нæ фæ нды. Æ мæ уый та йæ фыды хъазт уыди, æ мæ йæ дзурын куы райдыдтаид, уæ д æ й йæ кой скæ нын бахъуыдаид. Уымæ н ын æ й никуы загъта, — бамбарын кодта Ненси. — О, æ мбарын æ й, æ мбарын, — зæ ронд лæ г йæ сæ р разыйы тылд бакодта. — Уый уыцы пастормæ ахæ м мæ сты кодта... Иууылдæ р æ м мæ сты уыдысты, уымæ н æ мæ мисс Дженнийы йæ фæ дыл аласта. Æ мæ кæ д мисс Полли сæ кæ стæ р у, уæ ддæ р ын йæ бон уый ныббарын никуы сси. Уый мисс Дженнийы ахæ м бирæ уарзта... уыцы заман. О, æ мбарын æ й, æ мбарын. Æ гæ р стыр маст уыди, — сулæ фыд лæ г æ мæ азылдис. — О, вæ ййы афтæ... — ныуулæ фыд Ненси дæ р, æ мæ фæ стæ мæ хæ рæ ндонмæ араст. Уыцы æ нхъæ лмæ гæ сæ н бонтæ æ нцон никæ мæ н уыдысты. Рынчынгæ с йæ хи хъæ лдзæ г дарын архайдта, фæ лæ йæ цæ стæ нгасы зынди катай. Джон Уоррен тыхсти. Мисс Полли бирæ нæ дзырдта, фæ лæ, суанг йе ’нгас ын фæ лмæ ндæ р цы дзыккутæ кодтой æ мæ йæ хъуырыл цы æ фцæ ггот уыдис, уыдонæ н дæ р сæ бон бамбæ хсын нæ уыд, бонæ й-бонмæ кæ й тайы æ мæ фæ лурсæ й-фæ лурсдæ р кæ й кæ ны, уый. Поллианнæ та къæ былаимæ хъазыд, гæ дыйы зæ лдаг хъуын даудта, дидинджытыл цин кодта, кæ й йын æ рвыстой, уыцы фæ ткъуытæ æ мæ вареннæ тæ хордта, йе ’нæ низдзинады фæ дыл йе ’мбæ лтты æ нæ нымæ ц фæ рстытæ н, сæ арфæ тæ н æ мæ салæ мттæ н дзуапп лæ вæ рдта. Фæ лæ бонæ й-бонмæ тадис æ мæ фæ лурсæ й-фæ лурсдæ р кодта. Йæ гыццыл æ мæ мæ ллæ г къухты тыхст змæ лдæ й уæ лдай тынгдæ р фæ бæ рæ г, раздæ ры цырд къæ хтæ æ ппындæ р кæ й нал змæ лынц, уый. Хъазты кой куы кæ нæ м, уæ д Поллианнæ уыцы бонты Ненсийæ н дзырдта, ногæ й скъоламæ куы ацæ уа, миссис Сноуы куы бабæ рæ г кæ на, мистер Пенделтонмæ куы базгъора æ мæ дохтыр Чилтонимæ тезгъо кæ нынмæ куы ацæ уа, уæ д куыд цин кæ ндзæ н... Афтæ зынди, цыма уыцы циндзинæ дтæ ныр нæ, фæ лæ фидæ ны кæ й уыдзысты, уый не ’мбары. Фæ лæ Ненси уый æ мбæ рста, æ мæ -иу арæ х иунæ гæ й куыдта.
|
|||
|