Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





30 СÆР. ДЖИММИ ХЪУЫДДАГ ЙÆХИМÆ РАЙСТА



— Æ хсин, Джимми Бин æ рбацыдис. Æ нхъæ лмæ дæ м кæ сы, — фехъусын кодта Ненси, къæ сæ рыл лæ угæ йæ.

— Мæ нмæ? — дисхуызæ й бафарста мисс Полли. — Поллианнæ йæ нæ загъта, нæ рæ дийыс? Кæ д æ й фæ нды, уæ д æ м абон цалдæ р минутмæ йæ бон бауайын у.

— Æ хсин, загътон ын, фæ лæ дæ умæ ’рбацыд.

— Хорз, ныртæ ккæ фæ цæ уын, — æ мæ мисс Полли фæ лладæ й бандонæ й сыстади.

Лæ ппу йæ м æ нхъæ лмæ касти уазджыты уаты: йæ цæ сгом ныссырх ис, цæ стытæ ныдздзагъыр сты. Уайтагъд ракъæ р-къæ р кодта:

— Æ хсин, ныр цы кусын æ мæ цы дзурын, уый тынг æ взæ р у, зонын æ й, фæ лæ мæ бон æ ндæ рхуызон нæ у. Поллианнæ йыл мæ т кæ нын, уый тыххæ й та æ з артмæ дæ р, дæ умæ дæ р, стæ й кæ дæ мфæ нды æ мæ кæ дфæ нды дæ р цæ ттæ дæ н. Стæ й ды дæ р афтæ бакæ нис, ногæ й йæ бон цæ уын суыдзæ н, уый куы зонис, уæ д. Æ з дæ умæ уый зæ гъынмæ ’рбацыдтæ н: кæ д æ рмæ ст дæ сæ рыстырдзинад æ мæ э-... э-... э... æ мæ æ ндæ р цыдæ р Поллианнæ йы йæ къахыл слæ ууын хъыгдары, уæ д æ й зонын, ды дохтыр Чилтоны æ рбахондзынæ, куы йæ бамбарай...

— Цы-ы? — мисс Полли арвы цæ фау фæ цис æ мæ лæ ппуйы ныхас æ рдæ гыл аскъуыдта; йæ цæ сгомыл дисы æ нгас мастæ й раивта.

Джимми арф ныуулæ фыди:

— Гъеныр-гъа! Мæ н нæ фæ ндыд, цæ мæ й смæ сты уай, уый. Æ мæ, Поллианнæ йæ къахыл кæ й слæ удзæ н, уымæ й дæ р уый тыххæ й райдыдтон. Афтæ ’нхъæ лдтон, цыма мæ м уæ д байхъусдзынæ.

— Джимми, цæ й кой кæ ныс?

Джимми ногæ й ныуулæ фыди:

— Æ з дæ р уый зæ гъыныл архайын.

— Хорз, уæ дæ дзургæ кæ н. Фæ лæ ’ппæ ты райдианæ й райдай, куыд дæ бамбарон, афтæ, ма та сæ сæ мтъеры кæ н!

Джимми йæ былтæ астæ рдта.

— Райдайын хъæ уы уымæ й, æ мæ абон дохтыр Чилтон мистер Пенделтонмæ уазæ гуаты ’рбацыди. Чиныгдоны ныхас кодтой. Уый бамбæ рстай?

— О, Джимми, — лæ мæ гъ хъæ лæ сы уагæ й дзуапп радта мисс Полли.

— Уæ дæ афтæ, рудзынг уыди гом, æ з та рудзынджы бын дидинджытæ рывтон, æ мæ сын сæ ныхæ стæ фехъуыстон.

— О, Джимми! Сусæ гæ й сæ м хъуыстай?!

— Æ мæ мæ кой куы нæ кодтой, мыййаг! Стæ й барæ й дæ р нæ уыдтæ н! — смæ сты ис Джимми. — Кæ й сæ м байхъуыстон, ууыл цин кæ нын. Хабар дын кæ ронмæ куы радзурон, уæ д ды дæ р цин кæ ндзынæ. Гæ нæ н ис, Поллианнæ ногæ й йæ къахыл слæ ууа.

— Джимми, цы зæ гъынмæ хъавыс?

— Æ з дæ р дын уый дзурын фæ лварын, — Джимми йæ сæ р разыйы тылд бакодта. — Дохтыр Чилтон кæ мдæ р иу дохтыры зоны, æ мæ, гæ нæ н ис, йæ бон у Поллианнæ йы сдзæ бæ х кæ нын... цæ мæ й ногæ й йæ къахыл слæ ууа, æ мбарыс? Фæ лæ дохтыр Чилтонæ н, цалынмæ Поллианнæ йы фена, уæ дмæ бæ лвырд йæ бон ницы у зæ гъын. Тынг æ й фæ нды Поллианнæ йы фенын, раст æ м йæ быцъынæ г тоны. Фæ лæ мистер Пенделтонæ н загъта, ды ууыл кæ й никуы сразы уыдзынæ.

Мисс Поллийæ н йæ цæ сгом сырх-сырхид афæ лдæ хт.

— Джимми, æ з... мæ бон нæ у... нæ уыди! Ома æ з уый куы нæ зыдтон! — мисс Полли æ нæ бонæ й йæ къухтæ ныттылдта.

— Æ з дæ р дæ м уымæ н æ рбацыдтæ н, цæ мæ й йæ зонай, — тæ вдæ й сразы ис Джимми. — Афтæ дзырдтой, цыма цæ мæ ндæ р — дзæ бæ х æ й нæ бамбæ рстон, цæ мæ н — ды, дохтыр Чилтон æ рбацæ уа, ууыл нæ разы кæ ныс, æ мæ дохтыр Уорренæ н афтæ загътай. Дохтыр Чилтонæ н та йæ бон æ рбацæ уын нæ у, куы нæ йæ ’рбахонай, уæ д, сæ рыстырдзинад æ мæ профессионалон э... э... уым цыдæ р ахæ мы тыххæ й. Æ мæ сæ фæ нды, цæ мæ й дæ исчи сразы кæ на, фæ лæ, уыцы хъуыддаг саразын йæ бон кæ мæ н у, уый нæ зонынц. Æ з та уыдтæ н рудзынджы бын, æ мæ мæ хинымæ р загътон: «Уæ дæ æ з уый сараздзынæ н! » Разгъордтон æ мæ дæ, мæ нмæ гæ сгæ, сразы кодтон, нæ?

— Джимми, æ мæ уыцы дохтыры... Чи у? Цы кусæ г у? Поллианнæ йы сдзæ бæ х кæ нын йæ бон у, ууыл фидарæ й æ ууæ ндынц?

— Æ з, чи у, уый нæ зонын, нæ йæ загътой. Дохтыр Чилтон æ й зоны, æ мæ æ рæ джы, Поллианнæ йы хуызæ н рынчыны кæ й сдзæ бæ х кодта, уый фехъуыста. Фæ лæ сæ тыхст ууыл нæ уыд. Уыдон мæ т дæ у тыххæ й кодтой, уымæ н æ мæ, гæ нæ н ис, дохтыр Чилтоны ма бауадзай Поллианнæ мæ. Зæ гъ-ма, æ рбацæ уыны бар ын ратдзынæ, ныр æ й куы базыдтай, уæ д?

Мисс Полли йæ сæ р батылдта. Тыхулæ фт кæ нын райдыдта. Джимми йæ м тыхстхуызæ й касти, кæ уынæ ввонг кæ й сси, уый уыдта. Фæ лæ мисс Полли не скуыдта. Минуты фæ стæ схæ ц-æ рхæ ц кæ нгæ загъта:

— О... æ з ратдзынæ н... дохтыр Чилтонæ н... йæ феныны бар. Ныр хæ дзармæ згъоргæ кæ н, Джимми! Æ з хъуамæ дохтыр Уорренимæ аныхас кæ нон. Уый ныртæ ккæ уæ ле ис. Чысыл раздæ р æ рбацыди.

Фæ стæ дæ р мисс Полли сырх-сырхид рустимæ тыргъы дохтыр Уорреныл амбæ лди. Дохтыр æ й афтæ мæ й куы федта, уæ д тынг бадис кодта. Æ мæ ноджы тынгдæ р дисы бафтыд, фыртыхстæ й тыхулæ фтгæ нгæ мисс Полли афтæ куы загъта, уæ д:

— Дохтыр Уоррен, иу хатт мын ды дзырдтай, дохтыр Чилтоны æ рбахонын хъæ уы, зæ гъгæ... æ мæ æ з не сразы дæ н. Ныр мæ хъуыды аивтон. Мæ н тынг фæ нды, цæ мæ й нæ м дохтыр Чилтон æ рбацæ уа. Æ вæ ццæ гæ н, фæ стиат кæ нын нæ хъæ уы, фæ лæ уайсахат! Хорз? Бузныг!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.