Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





31 СÆР. НОГ МАДЫФСЫМÆР



Дыккаг бон Поллианнæ, царыл цы алыхуызон тæ ппытæ кафыд, уыдонмæ кæ сгæ йæ, уаты хуыссыди. Дохтыр Уоррен уатмæ куы бацыд, уæ д йæ фæ дыл бæ рзонд, бæ зæ рхыг нæ лгоймаг æ рбахызти.

— Дохтыр Чилтон! О, дохтыр Чилтон, куыд æ хсызгон мын у дæ уынд! — ныхъхъæ р кодта Поллианнæ. Йæ хъæ лæ сы уыйбæ рц цин азæ лыд, æ мæ, уаты чи уыди, уыдонæ н сæ цæ стытæ судзгæ цæ ссыгæ й айдзаг сты. — Фæ лæ кæ д мæ мадыхо Поллийы нæ фæ нды...

— Хорз у алцыдæ р, мæ зынаргъ. Ма тыхс! — басабыр æ й кодта мисс Полли, æ мæ рæ вдз размæ ракъахдзæ ф кодта. — Æ з дохтыр Чилтонæ н загътон, дохтыр Уорренимæ дæ куы фениккой, уый мæ кæ й фæ нды.

— О, уæ дæ йæ ды ’рбахуыдтай, — загъта райгондæ й Поллианнæ.

— О, мæ зынаргъ, æ з æ й æ рбахуыдтон. Уый нысан кæ ны... — Фæ лæ байрæ джы ис. Дохтыр Чилтоны цæ стыты арфы цы уарзондзинад æ мæ амонд æ рттывтой, уыдонæ н фæ хæ ццæ кæ нæ н ницæ имæ уыди. Мисс Полли ныссырх ис, азылд æ мæ рæ вдз уатæ й рацыди.

Рынчынгæ с æ мæ дохтыр Уоррен рудзынджы раз лæ ууыдысты æ мæ ныхас кодтой. Дохтыр Чилтон йæ къухтæ Поллианнæ мæ байвæ зта.

— Мæ чызг, æ нхъæ лдæ н, абон дæ хорздзинæ дтæ н се ’ппæ ты ’хсызгондæ р сарæ зтай, — загъта лæ г, фыртыхстæ й йæ хъæ лæ с рызти, афтæ мæ й.

Изæ рдалынгты мисс Поллийæ н йæ зæ рдæ суынгæ г ис, бынтон фендæ рхуызон. Сабыргай бацыди Поллианнæ йы хуыссæ ны размæ. Рынчынгæ с æ хсæ вæ р кæ нынмæ ацыд, æ мæ уаты баззадысты хибарæ й.

— Поллианнæ, мæ зынаргъ, æ ппæ ты фыццаг мæ ацы хабар дæ уæ н фæ нды зæ гъын — тагъд дохтыр Чилтон суыдзæ нис дæ... мадыфсымæ р. Æ мæ уый де руаджы! О, Поллианнæ! Æ з ахæ м амондджын дæ н! Ахæ м цин кæ нын!

Поллианнæ фырцинæ й йæ къухтæ кæ рæ дзиуыл ныкъкъæ рц кæ нынмæ хъавыд, фæ лæ æ рлæ ууыд æ мæ сæ фæ стæ мæ ’руагъта.

— Мæ мадыхо Полли, мæ мадыхо Полли, уæ дæ уый дæ къух æ мæ дæ зæ рдæ мæ фенхъæ лмæ касти уыйбæ рц дохтыр Чилтон? О, зонын æ й, дæ у! Уæ дæ мын уымæ н загъта, абон мæ хорздзинæ дтæ н се ’ппæ ты ’хсызгондæ р сарæ зтон, зæ гъгæ. Æ з ахæ м цин кæ нын! О, мæ мадыхо Полли, æ з ахæ м цин кæ нын, æ мæ мын ныр уæ лдай нал сты... суанг мæ къæ хтæ дæ р!

Мисс Полли йæ кæ уын тыхæ й баурæ дта.

— Чи зоны, искуы, мæ зынаргъ... — Фæ лæ йæ ныхас кæ ронмæ нæ фæ ци. Дохтыр Чилтон ын йæ зæ рдæ мæ цы стыр ныфс бауагъта, уый кой скæ нын нæ ма бауæ ндыд. Фæ лæ загъта æ ндæ р цыдæ р, æ мæ уыцы ныхас, æ нæ мæ нг, диссаг фæ касти Поллианнæ мæ: — Мæ зынаргъ, иннæ къуыри дæ м æ нхъæ лмæ кæ сы балц. Чысыл, стæ й, æ нцон дын кæ м уыдзæ н, ахæ м хуыссæ ны, хæ дтулгæ йы, уый фæ стæ та поезды, дæ у аласдзыстæ м зындгонд дохтырмæ. Дæ хуызæ н рынчынты дзæ бæ х кæ ны йæ хи рынчындоны. Уый дохтыр Чилтоны ’мбал у, æ мæ дын йæ бон саразын цы у, уый фендзыстæ м!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.