Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





27 СÆР. УАЗÆГУАТЫ



Дохтыр Мид цы хатдзæ гмæ ’рцыди, уый Джон Пенделтонæ н зæ гъынмæ арвыстой Ненсийы. Мисс Поллийæ нæ ферох ис йæ зæ рдæ вæ рд, фæ лæ йæ химæ цæ уынæ н кæ нæ писмо фыссынæ н хъару нæ й, уый æ мбæ рста, æ мæ уый кой кæ нæ н дæ р нæ уыд. Æ мæ йæ м уæ д ахæ м хъуыды фæ зынди: Ненсийы арвитын.

Ахæ м заман уыдис, æ мæ Ненси диссаджы цин ныккодтаид, «сусæ г хæ дзар» æ мæ йæ хицауы фенынæ н ын фадат куы фæ уыдаид, уæ д. Фæ лæ ныр йæ зæ рдæ æ гæ р тынг рысти, стæ й ахæ м уавæ ры цин цæ уыл кодтаид. Йæ алыварс цы хæ дзары дзаума уыд, уыдоныл уæ лæ нгай йæ цæ ст ахаста, хæ дзары хицаумæ ’нхъæ лмæ кæ сгæ йæ.

— Æ з Ненси дæ н, сэр, — æ фсæ рмыгæ нгæ загъта чызг. Хæ дзары хицау уатмæ куы ’рбахызт, уæ д ын йæ дисхуыз æ мæ фæ рсгæ кастæ н дзуапп ратта. — Мисс Харрингтон мæ ’рбарвыста, цæ мæ й дын... Поллианнæ цы уавæ ры ис, уый фехъусын кæ нон.

— Æ мæ?

Кæ д фарст цыбыр уыди, уæ ддæ р Ненси хорз бамбæ рста, уыцы «æ мæ »-йы цас мæ т æ мбæ хст ис, уый.

— Æ взæ р, мистер Пенделтон.

— Афтæ зæ гъынмæ хъавыс... — фæ къуыхцы ис, æ мæ Ненси æ нкъардæ й йæ сæ р дæ лæ мæ ’руагъта.

— О, сэр. Дохтыр афтæ зæ гъы, йæ бон цæ уын кæ й нал суыдзæ н... никуы.

Минуты бæ рц уаты сыбыртт нæ райхъуысти. Уый фæ стæ нæ лгоймаг сдзырдта, фыртыхстæ й йæ хъæ лæ с зыр-зыр кодта:

— Мæ гуыр чызг! Мæ гуыр чызг!..

Ненси йæ м бакаст, фæ лæ уайтагъд йæ цæ стытæ азылдта. Мæ стыгæ р, тызмæ г æ мæ карз Джон Педелтонæ н ахæ м хуыз уа, уымæ н æ нхъæ л дæ р нæ уыд. Чысыл фæ стæ дæ р нæ лгоймаг ногæ й райдыдта дзурын, тынг сабырæ й, раздæ рау ризгæ хъæ лæ сæ й:

— Уый стыр бæ ллæ х у... хуры рухсмæ макуыуал акаф! Мæ мæ гуыр арвæ рдыны чызг!

Æ мæ та иуцасдæ р сыбыртт нал райхъуысти. Уый фæ стæ мистер Пенделтон бафарста:

— Йæ хæ дæ г, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, ницыма зоны?

— Охх, зоны, сэр, — ныккуыдта Ненси, — æ мæ уымæ й ноджы зындæ р у. Базыдта йæ! Дæ лдзæ х фæ уæ д уыцы гæ ды! Бахатыр кæ н, схауди мæ, — æ фсæ рмхуызæ й загъта чызг. — Гæ ды дуар батъæ пп ласта, æ мæ сын Поллианнæ сæ ныхæ стæ фехъуыста. Афтæ мæ й йæ базыдта...

— Мæ гуыр чызг! — ногæ й ныуулæ фыд нæ лгоймаг.

— О, сэр. Куы йæ фенис, уæ д æ ндæ р ницы зæ гъис, — дарддæ р дзырдта Ненси, кæ угæ йæ. — Куы йæ базыдта, уæ дæ й нырмæ йæ дыууæ хатты йеддæ мæ нæ ма федтон, фæ лæ мæ зæ рдæ фæ йнæ рдæ м рæ дывта, уымæ кæ сгæ йæ. Нырма ацы фыдбылызæ н нæ ма ныффæ рæ зта æ мæ æ дзух фæ хъуыды кæ ны, йæ бон бакæ нын цы нал суыдзæ н, ууыл... ныр! Стæ й маст кæ ны, йæ бон цин кæ нын кæ й нал суыдзæ н... Фæ лæ ды, æ вæ ццæ гæ н, хъазты тыххæ й ницы зоныс? — бафтыдта Ненси хатыркурæ г хъæ лæ сы уагæ й.

— Циндзинадæ й хъазыны тыххæ й? — бафарста нæ лгоймаг. О, дзырдта мын æ й.

— А-а, дзырдта! Алкæ мæ н дæ р æ й радзырдта, мæ нмæ гæ сгæ, стæ мтæ й фæ стæ мæ. Фæ лæ дзы ныр йæ хи бон хъазын нал у, æ мæ йæ уый мары. Афтæ зæ гъы, йæ бон цæ уын кæ й нал суыдзæ н, уым, цин кæ нæ н цæ уыл ис, ахæ мæ й æ ппындæ р ницы уыны, зæ гъгæ.

— Æ мæ цæ уыл цин кæ на?

Ненси бынтон ныкъкъæ мдзæ стыг.

— Мæ нмæ дæ р афтæ фæ каст. Фæ лæ æ мбарыс, уый фæ стæ ахъуыды кодтон: цин кæ нæ н цæ уыл ис, ахæ м исты куы ссарид, уæ д ын æ нцондæ р уаид. Æ мæ йын уæ д йæ зæ рдыл æ рлæ ууын кæ нын бафæ лвæ рдтон.

— Йæ зæ рдыл æ рлæ ууын кæ нын? Цы? — Джон Пенделтоны хъæ лæ сы раздæ рау зæ лыдысты хъыг æ мæ маст.

— Иннæ ты уыцы хъазтæ й куыд хъазын кодта, уый — миссис Сноуы æ мæ ’ндæ рты, — стæ й-иу сын цы дзырдта, уыдæ ттæ. Фæ лæ мæ гыццыл уæ рыкк æ рмæ стдæ р кæ уы æ мæ дзуры, зæ гъгæ, уыдæ ттæ иу кæ й не сты... Афтæ зæ гъы, ома, сдзæ бæ хгæ нæ н кæ мæ н нæ й, ахæ м цæ нкуылæ н, цин кæ нын куыд хъæ уы, уый дзурын æ нцон у; фæ лæ, ахæ м цæ нкуыл дæ хæ дæ г куы уай, уæ д искæ й уынаффæ тæ м хъусын та æ ндæ р хъуыддаг у. Иннæ тæ йæ уавæ ры кæ й не сты, ууыл куыд тынг цин кæ ны, уый æ дзух йæ хинымæ р дзуры, фæ лæ йæ цал хатты фæ зæ гъы, уал хатты æ рмæ ст, йæ къахыл кæ й нал слæ удзæ н, ууыл ахъуыды кæ ны.

Ненси ныхъхъус, фæ лæ Джон Пенделтон ницы сдзырдта. Сбадти æ мæ йæ цæ стытæ йæ къухæ й сæ хгæ дта.

— Уæ д та йын загътон, раздæ р æ дзух афтæ кæ й дзырдта, хъазын цас зындæ р у, уыйас цымыдисагдæ р, зæ гъгæ, — мынæ г хъæ лæ сæ й дзырдта дарддæ р Ненси. — Фæ лæ афтæ зæ гъы, æ цæ гдæ р зын куы уа, уæ д уый дæ р æ ндæ рхуызон кæ й разыны... Цæ й, мæ нæ н цæ уын афон у, сэр...

Дуары раз исдуг афæ стиат, стæ й разылдис æ мæ æ нæ уæ ндонæ й бафарста:

— Поллианнæ йæ н афтæ зæ гъæ н нæ й... Джимми Бины ногæ й кæ й федтай? Æ вæ ццæ гæ н, ис, сэр?

— Ау, куыд ис, куы нæ йæ федтон, уæ д? — дзуапп радта нæ лгоймаг мæ стыйæ. — Æ мæ цы хабар у?

— Ницы, сэр, æ рмæ ст... хъуыддаг уый мидæ г ис... дæ умæ ма йын æ й иу хатт æ рбакæ нын кæ й нæ бантысти, ууыл дæ р тынг хъынцъым кæ ны. Афтæ зæ гъы, иу хатт дæ м уыдысты, зæ гъгæ. Фæ лæ йæ м афтæ кæ сы, цыма уыцы бон Джимми йæ хи дзæ бæ х нæ равдыста æ мæ тæ рсы, ды афтæ куы ахъуыды кæ най, цыма дзы хорз «сывæ ллон» нæ рауайдзæ н. Ды йæ зоныс, цы зæ гъынмæ хъавыдис, уый, фæ лæ йæ æ з нæ зонын, сэр.

— О, зонын æ й.

— Уæ дæ хорз, сэр. Уый фæ ндыд, ногæ й дæ м æ й куы ’рбакæ нид, цæ мæ й дæ баууæ ндын кæ на, цы диссаджы «саби» дзы рауайдзæ н... Фæ лæ ныр йæ бон нæ у! Дæ лдзæ х ныххауæ д уыцы хæ дтулгæ! Бахатыр кæ н, сэр. Хæ рзбон! — Æ мæ Ненси рæ вдз рацыди.

Бирæ рæ стæ г нæ бахъуыд, цæ мæ й Белдингсвиллы иууылдæ р, ньюйоркаг специалист цавæ р хатдзæ гмæ ’рцыди, уый базоной. Дохтыры хъуыдымæ гæ сгæ, Поллианнæ Уиттиерæ н йæ къахыл слæ ууæ н нал уыд. Æ мæ горæ т ахæ м тыхст никуы уыдис. Алчидæ р зыдта, алкæ мæ н-иу мидбылхудгæ салам чи лæ вæ рдта, уыцы хъæ лдзæ г чызджы цæ сгом. Алчидæ р ын фехъуыста йæ хъазты кой. Æ мæ ныр уыцы худгæ цæ сгом горæ ты уынгты никуыуал фендзысты, уыцы хъæ лдзæ г хъæ лæ с æ рвылбоны царды цин никуыуал расиддзæ н! Уый стыр диссаг уыдаид, уæ вæ н кæ мæ н нæ й, ахæ м хъуыддаг, æ вирхъау хабар.

Хæ рæ ндæ тты, фысымуæ тты — алы ран дæ р сылгоймæ гтæ Поллианнæ йы кой кодтой æ мæ ’ргомæ й куыдтой. Уынгты тигътыл æ мæ чысыл дуканиты йæ кой кодтой нæ лгоймæ гтæ дæ р. Æ мæ уыдон дæ р куыдтой, кæ д афтæ ’ргомæ й нæ, уæ ддæ р. Уалынмæ Ненси горæ ты ног æ нкъард хабар айхъуысын кодта: фыдбылызы фæ стæ Поллианнæ æ ппæ ты фылдæ р маст кæ ны, йæ бон хъазын кæ й нал суыдзæ н, ууыл, уымæ н æ мæ ныр йæ бон цин кæ нын нал у.

Æ вæ ццæ гæ н, раст уыцы рæ стæ г Поллианнæ йы ’рдхæ рдтæ иууылдæ р иу хъуыдымæ ’рцыдысты æ мæ, зæ гъæ н ис, уый хæ д фæ стæ мисс Поллийы хæ дзармæ, йе стыр дисæ н, кæ рæ дзи фæ дыл уазджытæ цæ уын райдыдтой: зонгæ тæ æ мæ æ нæ зонгæ тæ, нæ лгоймæ гтæ, сылгоймæ гтæ æ мæ сывæ ллæ ттæ. Уыцы адæ м ын иууылдæ р йæ хæ рæ фырты кæ й зонынц, мисс Полли уый æ нхъæ л нæ уыди.

Иутæ -иу æ рбацыдысты æ мæ -иу фырнымд хуызæ й фондз кæ нæ дæ с минуты бæ рц уазджыты уаты абадтысты. Иннæ тæ -иу æ фсæ рмхуызæ й æ мæ æ нæ уæ ндонæ й тыргъы ’рлæ ууыдысты, сæ худтæ кæ нæ сæ хызынтæ сæ къухты ’ууæ рдгæ йæ — нæ лгоймæ гтæ æ ви сылгоймæ гтæ уыдысты, уымæ гæ сгæ. Чидæ ртæ -иу чингуытæ, дидинджытæ кæ нæ адджинæ гтæ ’рбахастой. Иутæ -иу æ ргомæ й куыдтой, иннæ тæ -иу азылдысты æ мæ -иу сæ цæ стытæ асæ рфтой. Фæ лæ иууылдæ р тыхстхуызæ й, чызг йæ хи куыд æ нкъары, уымæ й фарстой, æ мæ йын алкæ й дæ р фæ ндыди исты ныфс раттын.

Æ ппæ ты фыццаг æ рбацыди мистер Пенделтон. Ацы хатт уыдис æ нæ æ нцойгæ нæ н лæ дзджытæ й.

— Æ вæ ццæ гæ н, куыд тынг фæ тарстæ н, уый дæ уæ н æ нæ мæ нг зæ гъинаг нæ у, — райдыдта нæ лгоймаг карзæ й. — Фæ лæ, ау, ницы ис саразæ н?

Мисс Поллийæ н йæ къухы змæ лдæ й бæ рæ г уыд, йæ ныфс бынтон кæ й асасти, уый.

— Мах æ дзухдæ р исты аразæ м. Дохтыр Мид хостæ рафыста, стæ й, пайда цы мадзæ лттæ ’рхæ сдзысты, уыдон... Æ мæ йын дохтыр Уоррен йæ амындтытæ иууылдæ р æ ххæ ст кæ ны. Фæ лæ... дохтыр Мид ницы ныфс æ вæ ры.

Джон Пенделтон дуары ’рдæ м цæ хгæ р фæ зылд, кæ д нырма чысыл раздæ р æ рбацыдис, уæ ддæ р. Йæ цæ сгом ныффæ лурс, йæ былты кæ рæ тты тызмæ г æ нцъылдтæ фæ зынд. Мисс Полли йæ м куы бакасти, уæ д бамбæ рста, йæ бон йæ разы лæ ууын цæ уылнæ уыдис, уый. Къæ сæ ры раз цæ хгæ р фæ лæ ууыд æ мæ разылди.

— Курын дæ, æ мæ Поллианнæ йæ н иу ныхас зæ гъ. Дæ хорзæ хæ й, зæ гъ ын-иу, Джимми Бины кæ й федтон... æ мæ йæ ныр мæ химæ кæ й райсдзынæ н. Зæ гъ ын-иу æ нæ мæ нг. Мæ нмæ гæ сгæ, мæ химæ йæ хъомыл кæ нынмæ райстон, уый куы базона, уæ д тынг бацин кæ ндзæ н.

Мисс Поллийæ н фырдисæ й йæ дзыхы ныхас дæ р нал бадти.

— Ды... хъомыл кæ нынмæ райстай... Джимми Бины?!

Мистер Пенделтон йæ роцъойыл хæ рдмæ схæ цыди.

— О. Мæ нмæ гæ сгæ, Поллианнæ алцыдæ р бамбардзæ н. Зæ гъдзынæ йын? Мæ нмæ гæ сгæ, цин кæ ндзæ ни.

— Æ нæ мæ нг, — загъта мисс Полли мынæ г хъæ лæ сæ й.

— Бузныг. — Лæ г йæ сæ рæ й акуывта æ мæ ацыд.

Мисс Полли æ нæ змæ лгæ лæ ууыди уаты астæ у. Кæ сгæ йæ баззади нæ лгоймаджы фæ дыл. Суанг ныр дæ р нæ ма баууæ ндыд, цы фехъуыста, ууыл. Джон Пенделтон хъомыл кæ нынмæ исы Джимми Бины! Хъæ здыг, сæ рибар æ мæ æ хгæ д-зæ рдæ Джон Пенделтон! Алцы æ мæ алкæ й дæ лдзиныг чи кодта, уый хъомыл кæ нынмæ исы лæ ппуйы, æ мæ уымæ й дæ р ахæ м лæ ппуйы!

Мисс Полли рохстæ й асинтыл Поллианнæ йы уатмæ ссыди.

— Поллианнæ, мистер Пенделтон мын лæ гъстæ кодта, цæ мæ й дын иу цыдæ р фехъусын кæ нон. Æ рдæ бон ам уыдис æ мæ загъта, Джимми Бины хъомыл кæ нынмæ кæ й исы. Йæ зæ рдæ дары, куы йæ базонай, уæ д кæ й бацин кæ ндзынæ.

Поллианнæ йы æ нкъард цæ сгом уайтагъд фырцинæ й ныррухс ис:

— Цин? Æ з, æ нæ мæ нг, тынг цин кæ нын! О, мæ мадыхо Полли, мæ н Джиммийæ н хæ дзар ссарын афтæ тынг фæ ндыдис! Æ мæ уый та диссаджы хæ дзар у! Стæ й мистер Пенделтоныл дæ р тынг цин кæ нын. Æ мбарыс, ныр «сабийы ад» базондзæ н!

— Цы?

Поллианнæ йы уадултæ сырх адардтой. Ферох æ й, мистер Пенделтон дзы йæ хицæ н чызг зæ гъынмæ кæ й хъавыд, уый йæ мадыхойæ н кæ й никуы загъта. Æ мæ йæ ныр, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, басæ ттын нæ фæ ндыд, искуы йæ зынаргъ мадыхо Поллийы ныууадзыныл иу минут дæ р кæ й ахъуыды кодта!

— Сабийы ад, — тагъдгомау загъта чызг. — Мистер Пенделтон мын иу хатт афтæ загъта, æ цæ г хæ дзар æ рмæ ст сылгоймаджы къух æ мæ зæ рдæ йы кæ нæ сабийы фæ рцы сырæ зы, зæ гъгæ. Ныр та йын ис... сывæ ллон.

— О, æ мбарын æ й, — дзуапп радта мисс Полли тынг фæ лмæ нæ й. Æ мæ æ цæ гдæ р, Поллианнæ куыд æ нхъæ л уыд, уымæ й алцыдæ р бирæ хуыздæ р æ мбæ рста. Джон Пенделтон уазал æ мæ егъау фæ ныкхуыз дурты кæ рийæ æ цæ г хæ дзар саразыны тыххæ й Поллианнæ йæ «сабийы ад» куы ’рцагуырдта, уæ д чызгæ н уынаффæ рахæ ссын цас зын уыди, уый хорз æ мбæ рста. — Æ з æ й æ мбарын, ногæ й та загъта сылгоймаг, йæ цæ стытæ йын цæ ссыгтæ судзын кæ й райдыдтой, уый бамбаргæ йæ.

Мадыхо ма æ ндæ р исты фæ рстытæ кæ й ратдзæ н, уымæ й тæ рсгæ йæ, Поллианнæ ныхас мистер Пенделтонæ й æ ндæ рæ рдæ м аздæ хта.

— Дохтыр Чилтон дæ р афтæ зæ гъы — цæ мæ й хæ дзар уа, уый тыххæ й хъæ уынц сылгоймаджы къух æ мæ зæ рдæ кæ нæ сабийы ад.

Мисс Полли фестъæ лфыд æ мæ азылдис.

— Дохтыр Чилтон? Цæ мæ й йæ зоныс?

— Йæ хæ дæ г мын загъта. Уый уыдис, афтид уæ тты цæ мæ н цæ ры, уый мын куы дзырдта, уæ д... ома хæ дзары нæ, уымæ н æ мæ уый хæ дзар нæ у.

Мисс Полли дзуапп нæ радта. Йæ цæ стæ нгас рудзынджы æ дде адзæ гъæ л ис.

— Æ мæ йæ æ з бафарстон, цæ уылнæ сæ ссардта... ома сылгоймаджы къух æ мæ зæ рдæ, цæ мæ й йын хæ дзар уа, уый тыххæ й.

— Поллианнæ! — Мисс Полли цæ хгæ р фæ зылдис. Йæ рустæ æ васт ныссырх сты.

— О, бафарстон æ й. Тынг... тынг æ нкъард хуыз ын уыди.

— Æ мæ... цы загъта? — бафарста мисс Полли, цыма йæ уыцы фарст раттын йæ зæ рдæ йы мидæ г цы тых нæ уагъта, уыимæ хæ цыд, уыйау.

— Ныхъхъус ис, фæ лæ уый фæ стæ загъта тынг сабырæ й, иуæ й-иу хатт, куы сæ ракурай, уæ ддæ р сæ ссарæ н нæ вæ ййы, зæ гъгæ.

Иуцасдæ р ницы дзырдтой. Мисс Поллийы рудзынджы ’рдæ м касти. Йæ рустæ нырма дæ р уыдысты æ нахуыр сырх.

Поллианнæ ныуулæ фыди:

— Кæ ддæ р æ й сылгоймаджы къух æ мæ зæ рдæ ссарын фæ ндыд, æ з æ й зонын. Æ мæ сæ куы ссарид, уæ д æ з тынг цин кæ нин.

— Поллианнæ, цæ мæ й йæ зоныс?

— Зонын æ й, уымæ н æ мæ ма уый фæ стæ, иннæ хатт, ноджы иу цыдæ р загъта. Тынг сабырæ й йæ загъта, фæ лæ йæ æ з фехъуыстон. Уый загъта, зæ гъгæ, æ гас дуне дæ р раттид, цæ мæ й иу сылгоймаджы къух æ мæ зæ рдæ ссара... Мæ мадыхо Полли, цы ’рцыд? — Мисс Полли æ васт фестадис æ мæ рудзынджы размæ бацыд.

— Ницы, мæ зынаргъ. Мæ нæ мæ ацы дур иуæ рдæ м акæ нын фæ нды, — загъта уый. Ныр йæ цæ сгом иууылдæ р сырх-сырхид афæ лдæ хт.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.