|
|||
УАСÆГ ÆМÆ КУЫДЗАргъау Раджыма-раджыма цардис æ мæ уыдис зæ ронд лæ г æ мæ ус. Уыдон цардысты тынг мæ гуыр. Фосы мыггагæ й сæ м уыдис æ рмæ стдæ р уасæ г æ мæ куыдз, уыдонмæ дæ р зылдысты тынг æ взæ р. Æ мæ иуахæ мы куыдз загъта уасæ гæ н: — Петкæ, — цæ й æ мæ хъæ дмæ нæ хи айсæ м; ам нæ цард ницæ йаг у. — Цом, — сразы ис уасæ г, — уым нын амæ й фыддæ р нæ уыдзæ н. Баныхас кодтой æ мæ араст сты, сæ къах сæ кæ дæ м хаста, уырдæ м. Фæ цыдысты бон-изæ рмæ, райдыдта талынг кæ нын. Афон уыди искуы æ хсæ виуат бакæ нынæ н. Уыдон фæ ндагæ й иуварс ахызтысты, хъæ дмæ бацыдысты æ мæ уым æ хсæ виуатæ н равзæ рстой иу дынджыр мæ ра бæ лас. Уасæ г стахти къалиумæ, куыдз бабырыд мæ райы — æ мæ бафынæ й сты. Райсомæ й бон куыддæ р æ рбацъæ х ис, афтæ уасæ г ныууасыди: — Хъихъ-хъыры-хъу-хъу-у! Уасæ джы уасын рувасы хъустыл сæ мбæ лд: æ рфæ ндыдис æ й уасæ джы фыдæ й йе стонг суадзын. Мæ нæ æ рбауадис бæ ласы размæ æ мæ райдыдта уасæ гæ й æ ппæ лын: — Гъе уый уасæ г у, гъе! Ахæ м маргъ æ з мæ цæ стæ й дæ р никуыма федтон: дæ систæ дæ р цы æ нахуыр рæ сугъд сты! Æ ниу дæ къоппа та, сырх-сырхид глазийау тæ мæ нтæ калы. Кæ ннод дæ зыланггæ наг хъæ лæ с та! Уæ рæ сугъд, æ ртæ х мæ м хæ стæ гдæ р! — Цæ мæ дæ м ныттæ хон? — фæ рсы йæ уасæ г. — Цом мæ нмæ уазæ гуаты: æ з абон мæ ног хæ дзарæ н куывд кæ нын, дæ уæ н дæ р дæ нартхоры нæ мгуыты хай æ вæ рдæ й лæ ууы. — Хорз, — дзуры йæ м уасæ г, — фæ лæ мын иунæ гæ й ацæ уынæ н амал нæ й: мемæ ма æ мбал ис. «Мæ нæ мæ м цы амонд æ рхауд æ васт! — йæ хинымæ р бацин кодта рувас. — Иу уасæ джы бæ сты мын уыдзæ н дыууæ! » — Æ мæ кæ м ис де ’мбал? — фæ рсы рувас. — Æ з уый дæ р ахондзынæ н нæ химæ. — Дæ лæ уым, мæ райы хуыссы, — дзуапп ын радта уасæ г. Рувас бæ гуылæ гау базгъордта мæ рамæ, — куыдз æ м, хæ пп, зæ гъгæ, фæ кодта, йæ хæ мхуттæ йын ацахста æ мæ йæ акъуыхтæ кодта.
|
|||
|