Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆРАЗ БАНХЪÆЛМÆ КÆСЫН



Цардис æ мæ уыдис хо æ мæ æ фсымæ р: карк æ мæ уасæ г. Иухатт дын уасæ г азгъордта цæ хæ радонмæ æ мæ бынтон цъæ х хъæ лæ рдзытæ хæ рыныл схæ цыд. Карк æ м бадзырдта:

— Ма хæ р, Петкæ! Багъæ ц уал хъæ лæ рдзыйы сцæ ттæ мæ.

Уасæ г æ м нæ байхъуыста; хордта æ мæ хордта, гъемæ йæ хицæ н цы хъуыд, уый бакодта: тыххæ йты ма æ рбахæ ццæ йæ хæ дзармæ.

— Ох! — хъæ рзы уасæ г. — Мæ лын, мæ хо! Мæ буар иууылдæ р риссы.

Карк уасæ гæ н бадардта битъынайы дон, гарчичниктæ йыл сæ вæ рдта, æ мæ уасæ г фæ дзæ бæ х.

Уасæ г куы сдзæ бæ х ис, уæ д та быдырмæ ацыд; уым бирæ фæ разгъор-базгъор кодта, стæ вд и, рахид кодта æ мæ суадонмæ азгъордта уазал дон нуазынмæ. Карк хъæ р кæ ны йæ фæ дыл:

— Ма кæ, ма бануаз, Петкæ, фæ лæ уу уал, цалынмæ æ руазал уай, уæ дмæ!

Фæ лæ нæ бакаст уасæ г йæ хойы коммæ, — банызта уазал дон æ мæ уайтагъд тæ фсæ гæ й æ рбарынчын; карк ма йæ тыхамæ лттæ й æ рбакодта сæ хæ дзармæ.

Карк азгъордта дохтырмæ, дохтыр уасæ гæ н рафыста маст хостæ. Бирæ фæ садис Петкæ.

Уасæ г сдзæ бæ х ис зымæ гмæ. Кæ сы, æ мæ дон сæ вæ рдта тæ нæ г ихцъар. Уасæ джы бафæ ндыд уыцы ихыл къахдзоныгътæ й абырын. Уæ д æ м карк дзуры:

— Ох, фæ лæ уу уал, багъæ ц, Петкæ! Бауадз уал цæ угæ доны бынтон ныссæ лын; нырма йæ их хæ рз тæ нæ г у, дæ быны ныттондзæ н æ мæ фæ дæ лдон уыдзынæ.

Фæ лæ та ницæ мæ æ рдардта уасæ г йæ хойы ныхæ стæ, абырыд тæ нæ г ихыл; их ныссаст, æ мæ уасæ г — цæ лхъ, зæ гъгæ, доны смидæ г ис! Æ мæ дæ фыдгул уыйау: байсæ фти.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.