|
|||
ХЪЫРИХЪУПП ÆМÆ КÆСАГЛАСАргъау Фæ цæ йтахт уыг — хъоппæ гцæ ст. Тахти, тахти æ мæ иу ран æ рбадт, йæ къæ дзил ратил-батил акодта, йæ фæ йнæ фарсмæ аракæ с-бакæ с кодта æ мæ та ногæ й атахти. Тахти, тахти æ мæ иу ран æ рбадт, йæ къæ дзил ратил-батил акодта, йæ фæ йнæ фарсмæ аракæ с-бакæ с кодта... Уый аргъау нæ ма у, аргъау йæ хæ дæ г та нырма фæ стæ дæ р уыдзæ н. Раджыма-раджыма иу цъымарайы цардис æ мæ уыдис хъырихъупп æ мæ кæ саглас. Цъымарайы фæ йнæ кæ рон сæ хицæ н хæ дзæ рттæ сарæ зтой æ мæ дзы алчи йæ хицæ н царди. Хъырихъупп схъыг ис иунæ гæ й цæ рынæ й æ мæ сфæ нд кодта ус ракурын. «Цæ й æ мæ, — зæ гъы, — фæ цæ уон æ мæ баминæ вар кæ нон кæ сагласмæ! » Араст ис, йæ хъæ лзæ нгтæ й сардзинтæ нымайгæ. Авд версты бæ рц фæ цыд, цъымара змæ нтгæ. Стæ й бахæ ццæ ис æ мæ дзуры: — Кæ саглас! Баком мын: райдайæ м иумæ цæ рын. — Нæ -æ, хъырихъупп, æ з дæ умæ чындзы нæ ацæ удзынæ н: дæ уæ н дæ дарæ с æ гæ р цыбыр у, дæ къæ хтæ тынг даргъ сты, ноджы тæ хынмæ дæ р дæ сны нæ дæ, цæ мæ й мæ хæ сдзынæ?! Айс дæ хи ардыгæ й, дæ ргъындзæ г! Хъырихъупп ацыди сæ химæ сæ ргуыбыр æ мæ уæ нтæ хъилæ й. Фæ лæ хъырихъупп куы ацыд, уæ д кæ саглас æ рфæ смон кодта: «Иунæ гæ й цæ рыны бæ сты, хуыздæ р уыдзæ н хъырихъупмæ чындзы ацæ уын». Кæ саглас ацыди хъырихъупмæ æ мæ йын загъта: — Хъырихъупп, комын дын, ракур мæ! Фæ лæ хъырихъуппæ н йæ маст нæ ма ссыд: — Нæ, кæ саглас, æ з дæ у нæ ракурдзынæ н: кæ д разы уыдтæ, уæ д дæ м куы бацыдтæ н, уæ д ма мæ цæ мæ н рарвыстай? Ныр — адде у ардыгæ й. Æ гад æ ркастис йæ химæ кæ саглас, фырмæ стæ й скуыдта æ мæ сæ химæ ацыд. Хъырихъупмæ фæ смон æ рцыдис æ мæ загъта: «Дзæ гъæ лы ауагътон кæ сагласы: æ нкъард у иунæ гæ й цæ рын; цон æ мæ йæ æ рбакæ нон». Хъырихъупп бацыдис кæ сагласмæ. — Кæ саглас! — загъта йын хъырихъупп. — Æ з сфæ нд кодтон дæ у ракурын, баком мын. Фæ лæ кæ саглас мæ сты у хъырихъупмæ æ мæ йын загъта: — Дæ хи айс ардыгæ й, дæ ргъындзæ г! Æ з дæ умæ чындзы нæ ацæ удзынæ н. Хъырихъупп ацыди сæ химæ. Уæ д кæ сагласмæ фæ смон æ рцыдис: «Цæ уылнæ йын бакуымдтон? Цæ й æ мæ фæ лтау ацæ уон æ мæ йын бакомон! » Ацыд æ м, комын дын, зæ гъгæ, фæ лæ хъырихъупп нæ разы кæ ны. Гъе афтæ кæ рæ дзимæ рацу-бацу кæ нынц цъымарайы ныры онг дæ р: цæ уынц кæ рæ дзимæ курæ г, фæ лæ сын бафидауыны хъомыс нæ й.
|
|||
|