Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФЫЦЦАГ ХАЙ 26 страница



Къаддæр диссаг нæ уыд йæ хæдивæг Дзугаты Барис. Куырой дæр куырой æмæ уый дæр — куырой. Цасфæнды дзы кал æмæ йæ сдзæн æмæ сдзæн. Уæлдайдæр-иу редактор уым куы нæ уыд — ахæм рæстæджытæ та-иу арæх скодта: обкомы бюротæ æмæ алыхуызон æндæр æмбырдтæй йæ хъуырмæ уыд — уæд-иу йæ уæлхъус цалдæрæй дæр æрлæууыдысты, мæн æрмæг дæр акæс, мæн æрмæг дæр акæс, зæгъгæ. Æмæ сæ касти, йæ пъеройы фындзыл цæст нæ хæцыди, афтæмæй.

Бирæ йæ уарзтой иууылдæр. Кусынмæ дæсны кæй уыд, канд уый тыххæй нæ, стæй бирæ кæй зыдта, уый тыххæй дæр нæ: тынг цæстуарзон, æнæ уæлдай ми, хуымæтæг æмæ фæлмæнзæрдæ кæй уыди, уый тыххæй дæр. Кæимæфæнды дæр зыдта иумæйаг æвзаг ссарын, уымæн царди алкæимæ дæр хæларæй.

Информацийы хабæрттæ кæнын куы райдыдтон, уæд мæ фæндыди газеты фæрстæм исты ногдзинæдтæ бахæссын. Иуахæмы кæцыдæр газеты бакастæн, иу мидбылты бахудт, дам, адæймаджы цардыл фондз минуты бафтауы, зæгъгæ. Цæмæдæр гæсгæ мæ бафæндыд уый æндæр хуызы зæгъын æмæ йæ загътон: «Ахуд æмæ фылдæр фæцæрай...» Ныффыстон æй æмæ йæ бæрнон секретары хæдивæгмæ бахастон. Уый гæххæтт райста, бакаст æй, стæй ма йæм чъылдымæрдыгæй дæр æркаст — ахæм миниуæг æм уыд: æнæмæнг-иу хъуамæ, цы йæм бахастаис, уый иннæрдæм фæфæлдæхтаид — æмæ йæ цæсгом æнæрвæссонхуыз райста. Цыбыр дзырдæй, йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, æмæ æз дæр ныхкъуырдæй фæстæмæ раздæхтæн. Мæхи зæрдæмæ та цыди. Иуцасдæр мæ къух кусынмæ нал батасыд: афтæ цин цы хъуыддагыл бакодтон, уымæй фыдæнхъæл фæуын мæ нæ фæндыд æмæ хъуыдыты ацыдтæн. Æппынфæстаг Дзугаты Барис мæ зæрдыл æрлæууыд æмæ йæ уымæ бахастон. Цы дзы зæгъынмæ хъавыдтæн, уый уайтæккæ дæр бамбæрста æмæ æваст афтæ фæкодта: «Æмæ цы кæны, тынг хорз у!» Редакторы хæдивæджы ныхмæ ма секретариаты кусæг дæр цы загътаид! Æз æрмæг бацæттæ кодтон, Зыгъуытаты Руслан иумæйаг сæргонд аив ныффыста, æмæ цалдæр боны фæстæ фæзынд, газеты фæрстæй дæсгай азты дæргъы чи нæ цух кæны, уыцы рубрикæ «Ахуд æмæ фылдæр фæцæрай». Йæ фæстæ æрхъуыды кодтон æндæр сæргæндтæ дæр: «Алцы зонын дæр хорз у», «Адæймаг цы нæ фехъусдзæн!», «Лæджы кой дардмæ хъуысы», «Афтæ цæмæн дзурæм» æмæ афтæ дарддæр. Уыдон дæр зæронд кæнын нæ комынц æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ фæзынынц «Рæстдзинад»-ы.

Барисы тыххæй мæ ныхас фæуыны размæ ма мæ зæгъын фæнды, йемæ кусынæй кæй нæ бафсæстæн — уæвгæ кусынæй кæимæ нæ бафсæстæн, уыдоны нымæц дзæвгар фылдæр у — уый дæр. Къорд азты фæстæ Цæгат Ирыстоны телеуынынад æмæ радиохъусынады комитеты сæрдары хæдивæгæй кусын куы райдыдтон, уæдмæ Барис ацыдис пенсийы, фæлæ ма йæ хъарутæ йæхимæ уыдысты. Мæн фæндыди, мæ фарсмæ куы уыдаид, уый æмæ йын мæ хъуыды бамбарын кодтон. Æхсызгонæй сразы, уымæн æмæ йын уыцы куысты амонын ницы хъуыд: уый размæ дзы бæрнон бынаты куыста. Æмæ иуцасдæры фæстæ æххæст кæнын райдыдта сæйраг редакторы хæстæ. Дзæвгар мын фенцондæр. Барисы къух кæдæм хæццæ кодта, уырдæм мæ зæрдæ не ’хсайдта. Иумæ ма цы бонтæ акуыстам, уыдон æхсызгонæн мысын, фæлæ уыцы рæстæг бирæ нæ ахаста. 1985 азы мæн снысан кодтой журнал «Ногдзау»-ы редакторæй æмæ нæ фæхицæн кæнын бахъуыд. Хъыгагæн, Барис мæ фæстæ комитеты бирæ нал бафæстиат. Цæуылнæуал дзы акуыстай, зæгъгæ йæ куы бафарстон, уæд мын зæхмæ улæфæгау загъта: «Ды фæстæ чи схицау, уыимæ кусын мæ нæ бафæндыд...»

Информацийы хайады фæстæ иуцасдæр акуыстон сæрмагонд уацхæссæгæй, фæлæ фыццагау мæ хъуыдытæ баст уыдысты культурæйы хайадимæ. 1965 азы Уырымты Петяйы снысан кодтой газет «Молодой коммунист»-ы редакторæй, æмæ Хæблиаты Сафар Хъаныхъуаты Валодяйæн мæ фæндон бамбарын кодта, æмæ йæ зæрдæмæ фæцыди, æндæр мын мæ гæххæттытæ партийы обкомы бюромæ нæ бацæттæ кæнын кодтаид. Иу цыбыр ныхасæй, уыцы аз декабры мæй æз нысангонд æрцыдтæн хайады сæргълæууæгæй, æмæ сæххæст мæ рагон бæллиц. Райдыдтон, мæ зæрдæмæ хæстæг чи уыд, аивад æмæ литературæйы уыцы фарстатыл кусын. Куыстам Хъуылаты Черменимæ, курдиатджын журналист æмæ æвæджиауы хæларзæрдæ адæймагимæ. Йæхицæй æнæмастдæр лæг зын ссарæн уыд. Авд азы бæрц иу уаты фæбадтыстæм æмæ дзы тызмæг ныхас нæ, фæлæ йæ хъæрæй дзургæ дæр никуы фехъуыстон. Уый æмæ кусын куыд уарзта, уый та! Уыцы рæсугъд ставд дамгъæтæй фыст сыфтæ куыд дзаггæнгæ цыд æмæ сæ кæрæдзийы фæстæ иуварс куыд æвæрдта, уый ма абон дæр мæ цæстытыл уайы. Раст зæгъын хъæуы, ануазын уарзта, фæлæ йын бæрц зыдта. Йæ зæрдæ-иу куы ницæмæуал æхсайдта, уæд-иу сбадти æмæ ма фыссыс æмæ нал! Цыфæнды зын тæлмацгæнæн æрмæг дæр-иу афтæ «æртасын» кодта, æмæ уырыссагау фыст уыд, уый ничиуал раиртæстаид.

Арæх-иу æм æрбауад Бигъуылаты Харитон. Куыд дзурынц, афтæмæй Плиты Иссæйы зарæгæн музыкæ дæр æмæ ныхæстæ дæр уый ныффыста. Разныхас ныффыста Чехойты Сæрæбийы чиныг «Æргом зæрдæ»-йæн дæр. Мыхуыры рацыд 1940 азы. Гъе æмæ уыцы Бигъуылаты Харитон Чермены хæлар уыд, æз дæр æй уый фæрцы базыдтон. Харитон базæронд, цæстæй хорз нал уыдта, фæлæ-иу уæддæр цыппæрæм уæладзыгмæ схызти (уæд «Рæстдзинад», Ленины цыртдзæвæны фарсмæ цы бæстыхай ис, уым уыдис) æмæ-иу йæ хæлары бабæрæг кодта. Кæд-иу æй уым баййæфта, уæд-иу йæ ныхас райдыдта афтæ:

 

Байдайынц дзурын цыдæртæ,

Мастæй фæцæйтоны риу:

Нал, дам, ис хорзæй хуыздæртæ,

Уодæ Хъуылайы-фырт циу?!

 

Фæлæ-иу Чермен федде ис, зæгъгæ, уæд-иу мæнмæ йæ цæст æрныкъулгæйæ загъта:

— Хæрзаг Чермены зæрдæ барухс.

— Æмæ куыннæ хъуамæ барухс уа? — бафарстон æй æз. — Ахæм æмдзæвгæ йыл ныффыстай.

— Йæ цуры барæй афтæ фæдзурын, æмдзæвгæ бынтон æндæрхуызон у, байхъус-ма:

 

Байдайынц дзурын цыдæртæ,

Мастæй фæцæйтоны риу,

Нал, дам, ис зæххыл æвзæртæ,

Уодæ Хъуылайы-фырт циу?

 

Уыдон нымæтын ехсæй цæфтæ уыдысты. Кæрæдзийы бирæ уарзтой. Иумæ-иу фæйнæ сыкъайы дæр банызтой. Харитон-иу фылдæр хатт цæугæ дæр уый тыххæй æрбакодта. Æхца-иу æм куы фæзынд, уæд-иу Чермены æнæрымысгæ нæ фæци. Уайтагъд-иу феддæдуар сты, æмæ та-иу Чермен куыстæввонгæй фæстæмæ фæзылд.

Чермен фыста æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, фылдæр фæсномыгæй. Йæ фæсномыг «Чебетти» цы амыдта, уымæй йæ никуы бафарстон, фæлæ-иу йæ чысыл радзырдты бын æдзухдæр ахæм ном бавæрдта. Уæлдай хуыздæр арæхст фельетонтæ фыссынмæ. Раст зæгъын хъæуы, иуæй-иутæм-иу дзы къухбакæнæнтæ дæр фæци. Кæм-иу мыггаджы рæдыд аирвæзт, кæм та-иу зылынджын бынтон азимаг нæ уыд. Æз ма йын иу хатт хъазгæйæ афтæ дæр загътон: «Чермен, нудæс фельетоны ныффыстай æмæ дын дзы ссæдз мæнг рауадысты».

Редакцийы хорз æгъдæуттæй иу уыди, кæцы æрмæг цы хайадмæ хауы, уырдæм-иу æй æнæмæнг кæй бахастой, кæннод тæссаг уыди суйтæдзинад сæвзæрынæй, иу кæнæ иннæ цауæн алыхуызон аргъ скæнынæй. Æз аивад æмæ литературæйы фарстатæн дзуапп кæм лæвæрдтон, уым мæ иувæрсты фысджыты тыххæй — стæй канд фысджыты нæ — æрмæгæн ацæуæн нæ уыд. Уыцы аз И.С. Тургеневы райгуырдыл сæххæст 150 азы. «Ахуд æмæ фылдæр фæцæрай» кæй зæрдæмæ нæ фæцыд, бæрнон секретары уыцы хæдивæг (йæ мыггаг ын барæй нæ фыссын, хорз адæймаг уыд, мæрдты рухсаг уæд! Рухсаг уæнт, рухсаг зæгъын кæмæн æмбæлы, уыдон иууылдæр!) сфæнд кодта цытджын уырыссаг фыссæджы ном æрымысын æмæ ратæлмац кодта скъуынгæ къæлиндары сыфы чъылдыммæ фыст æрмæг æмæ йæ культурæйы хайадмæ ’рбахаста, фысджыты тыххæй æрмæг хъуамæ сымах бакæсат, зæгъгæ. Бакастæн æй, уæдæ цы уыдаид æмæ йын æй фæстæмæ дæттынмæ куыд хъавыдтæн, афтæ ма йын йæ сæргондмæ иу хатт фæкомкоммæ дæн: «Российы зарæггæнæг».

— Йæ сæргонд ын дзæбæх не ’мбарын, — мæ хъуыды аивæй бамбарын кодтон секретариаты кусæгæн.

Раст зæгъын хъæуы, æфсæрмы дæр дзы кодтон, уымæн æмæ кæддæр редакторы хæдивæгæй дæр куыста, стæй мæнæй дзæвгар хистæр уыд, фæлæ æрмæг афтæмæй дæр куыд ауагътаин!

— Куыннæ йæ ’мбарыс: «Российы зарæггæнæг».

Уæддæр та йæ нæ бамбæрстон æмæ йын йæ оригинал бацагуырдтон. Кæм æй агурын хъæуы, уый нæ зыдтон, æндæр æй æрбахастаин, фæлæ зæронд лæг йæхæдæг ацыд æмæ къæлиндары сыфимæ фæзынд. Æркастæн æм æмæ: «Певец России». Цы бамбарын ма мын хъуыд, тæлмацгæнæг кæм фæрæдыд, уый æмæ йын йе ’цæг тæлмац рафæзмыдтон: «Уæрæсейы зарæггæнæг». Лæджы цæсгом сырх-сырхид афæлдæхт, сæргонд цалдæр хатты ахæм хæххытæ акодта, æмæ дзы иу дамгъæ дæр ничиуал равзæрстаид...

Æргом нæ, фæлæ йыл мæхинымæр дæр нæ бахудтæн. Россия Уæрæсе кæй у, уый та куыннæ зыдта, фæлæ адæймаг хаттæй-хатт ахæм уавæры бахауы, æмæ уый фæстæ йæхиуыл дис фæкæны, афтæ куыд бакодтон, зæгъгæ.

Уæвгæ нæ тæлмацгæнджытæ ноджы диссагдæр «сгуыхтдзинæдтæ» дæр æвдыстой. Цавæрдæр ерысты тыххæй æрмæг цæттæ кæнгæйæ, «Эдуард Гущин из Подмосковья метнул ядро» раивтой «Эдуард Гущин къори Мæскуыйы бынæй фехста...» Ноджы цъардæр йæ хъуыддаг рауад Рудакийæн. Уый та кæд стæлмац кодтой Рудактæ.

Тæлмацгæнджытæй дзы дыууæйы баййæфтон: Гагкайты Дзибис æмæ Мыстулаты Дзантемыры. Дыууæйæ дæр нымад лæгтæ уыдысты, стæй тæлмац дæр хорз кодтой. Дзибис сæрибардæрæй, Дзантемыр та — официалондæр. Оригиналæй иу къæдзыг дæр æддæмæ нæ хызти. Уæлдæр цы «сгуыхтдзинæдты» кой скодтон, уыдонмæ Дзибис æмæ Дзантемыр ницы бар дардтой, уымæн æмæ бæрнон секретары хæдивæджы къухæй рацыдысты.

Дзибис тæлмацгæнæджы размæ бирæ бæрнон бынæтты куыста. Уыдис республикæйы чингуыты рауагъдады директор дæр. Йæ худæджы хабæрттæ Ирыстоныл хъуыстгонд уыдысты. Йе ’мдугонтæй сæ чи нæ фехъуыста, ахæм бирæ нæ разындаид. Дыууæ-æртæ хабары дзы æз дæр æрымысдзынæн. Фыццаг баст у, чингуыты рауагъдады куы куыста, уыцы рæстæгимæ. Дзургæ та мын æй кодта, йæ фæстæ директорæй кæй сæвæрдтой, уый — Зæнджиаты Дæгка. Дæгка йæхæдæг дæр «Рæстдзинад»-ы къорд азы бакуыста, уыди республикæйы прокурор...

Цæвиттон, Дзибисы йæ куыстæй систой, æмæ ма фæстаг хатт йæ кусæн уатмæ ’рбацыди. Цæмæй йæ иннæтæй æнкъардæй мачи æрбаййафа, уый тыххæй æрбацыди раджы, суанг æфснайæгæй дæр раздæр. Йæ гæххæттытæй йæ чи нæ хъуыди, уыдон бырæттæм калдта, иннæтæ иуварс æвæрдта, мемæ сæ ахæсдзынæн, зæгъгæ. Уалынмæ фæзынди æфснайæг дæр. «Дæ райсом хорз» зæгъыны фæстæ йæм лыстæгдæр куы бакæстытæ кодта, уæд бафиппайдта, лæг йæ чемы кæй нæй, уый æмæ йæ бафарста:

— Цæуыл æнкъард дæ, Дзибис Адылджерийы фырт? — æфснайæг сылгоймаг уырыссаг уыд æмæ йæм йæ ном æмæ фыды номæй уымæн дзырдта.

— Куыннæ уон æнкъард: мæ куыстæй мæ систой...

— Уанцон нæу! — фенкъардхуыз сылгоймаг, стæй йæ иучысыл хъусæй алæууыны фæстæ бафарста: — Æмæ дæ бынаты та кæй сæвæрдтой?

— Иу сæрхъæны.

— Ногæй та сæрхъæны?..

Дыккаг хабарæн та мæхæдæг уыдтæн æвдисæн. Уæдæй нырмæ дыууиссæдз азæй фылдæр рацыд. 1963 азы писмоты хайады кусæг Цъæхилты Женяйыл сæххæст дæс æмæ дыууиссæдз азы æмæ нæ æнæхъæн редакцийæ Черменыхъæумæ ахуыдта. Уым ын йе ’фсымæр Бимболат нæртон куывд скодта, æмæ йæ фæдыл æмгуыппæй ацыдыстæм.

Фынгтæ бæркадæй дæлæмæ тасыдысты. Хистæрæн бадти Зæнджиаты Дæгка — уæд «Рæстдзинад»-ы нал куыста, фæлæ редакциимæ хæларæй цæргæйæ баззади. Æртыккаг хистæрæн чи бадти, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ дыккаг хистæр уыди Дзибис. Цал æмæ цал гаджидауы рауагътаид Дæгка, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ бадт кæронмæ фæцæйхæццæ кодта. Иу афон хистæр Дзибисмæ йæхи байвæзта æмæ йын йæ хъусы цыдæртæ адзырдта. Дзибис, цы йын дзырдта, уый куы бамбæрста, уæд йæ сæр бæрзонд систа æмæ йæ æппæт фынг дæр куыд хъуыстаид, афтæ дæлæмæ рахъæр кодта:

— Хватай, ребята, сейчас за барачет будем пить! — ома ныртæккæ бæркады сидт уыдзæн æмæ ма уæ кæмæн цæмæ йæ зæрдæ ’хсайы, ууыл ма бацауæрдæд...

Хетæгкаты Дауыт, зындгонд кадæг «Гоцъи» æмæ къорд æндæр зæрдæмæдзæугæ уацмысы автор кæдыккон уыди, фæлæ ма йæ æз æрæййæфтон. Инженеры дæсныйадыл сахуыр кодта æмæ бирæ рæстæг Ирыстонæй иппæрд уыди. Мæнмæ гæсгæ, йæ райгуырæн бæстæ бацагуырдта, бынтон куы ’рзæронд, уæд. Цæргæ та чысыл нæ фæкодта. Цыппарыссæдз азæй йыл фылдæр цыд, афтæ йæ къорд хатты фендтытæ кодтон. Къæсхуырæй хъуаг нæ уыд, фæлæ — тынг бæрзонд. Гъе æмæ йын йæ уыцы миниуæг Дзибис æнæбафиппайгæ куыд хъуамæ фæуыдаид, фæлæ Дауыт даргъ уыди зæгъыны диссагæй ницы уыдта. Афтæ куы загътаид, уæд диссаг кæй никæмæ фæкастаид, уый тыххæй æмæ та ацы ран дæр спайда кодта йæ цыргъзонд æмæ къæрцхъусдзинадæй. Цалдæрæй иумæ йæ кусæнуаты бадтыстæм (уæд Гагкайы-фырт бадти Сабырдзинады проспекты, 25 хæдзары, Афицерты хæдзары уæллаг фарс цы стыр бæстыхай ис, уым, цыппæрæм уæладзыджы) æмæ ныхас ныхасы къахгæ Хетæгкаты Дауытмæ бахæццæ стæм. Дзибис уый айхъуыста, цы, æваст йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой, йе ’фсæйнаг дæндæгтæ ферттывтой — уыдон та-иу разындысты, йæ мидбылты-иу куы бахудт æмæ исты худæджы хабар радзурынвæнд куы кодта, уæд — æмæ дзурын райдыдта:

— Айфыццаг дæр мæнæ ам, рудзынджы цур бадтæн æмæ, телетайпæй æрмæг кæд æрбадæтдзысты, уымæ æнхъæлмæ кастæн. Уалынмæ дын Хетæгкаты Дауыт рудзынгæй йæ сæр куы ’рбадарид æмæ дын мæм, дæ бон хорз, зæгъгæ, куы ’рбадзурид...

Уынгты ’рцæйцæугæйæ йæ сæр цыппæрæм уæладзыджы рудзынгæй чи ’рбадардта, уыцы лæг цæй дæргъæн уыдаид, уый цæстытыл ауайын кæнынæн хуыздæр абарæн исчи ссардтаид, уый мæ нæ уырны.

Дзибисы хабæрттæ дардыл дзуринаг сты. Сæ иу хай сын йæ хуыздæр хæлæрттæй иу — Дзугаты Барис æрæмбырд кодта æмæ йæ мыхуыр кæнынмæ ратта, фæлæ рауагъдады дзæвгар рæстæг æнæзмæлгæйæ фæлæууыд. Сæйраг редакторæй дзы Мамсыраты Мурат кусын куы райдыдта, уæд сæ мыхуырмæ бацæттæ кодта, æмæ 1992 азы чысыл чиныгæй рацыдысты, «Дзибисы загъдау», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ.

Хъуыды ма йæ кæнын, кæддæр нæхи телеуынынадæи Дзибисы тыххæй уыдис сæрмагонд бакаст. Йæ мысинæгтæ радзурынмæ фæдзырдтой Дзугаты Барисмæ дæр. Мингай телевизормæкæсджытæ æвдисæн уыдысты, цыппар æнæкæрон даргъ азы дæргъы хæсты фæздæгæмбæрзт фæндæгтыл чи фæцыд, йæ хæстон хæрзиуджытæ йæ риуыл кæмæн нæ цыдысты, уыцы тохвæлтæрд лæг йæ иузæрдион æмбалы тыххæй дзургæйæ, ставд цæссыг куыд калдта, уымæн.

Æмгаруарзон уыд Дзибис. Йæ дзыппы сом куы зыдтаид, уæд дæр æй хъыгдаргæ кодта. Искæимæ къæбæр бахæрынæй хуыздæр æм ницы каст. Кæрдзындæттондæр йæхицæй зын ссарæн уыд. Хъыгагæн, йæ цард зæрдæзæгъгæ хорз нæ рауад. Иуæй, бинонты хъуыддаг нæ бакодта, иннæмæй, йæ мад Залиханы иунæгæй ныууагъта, фæлæ та, «Рæстдзинад» цы у, уый ам дæр равдыста. Æнæхъæн коллективæй æрæмбырд стæм æмæ бауынаффæ кодтам Залиханæн нæ иумæйаг æхцатæй пенси фидын. Цалынмæ зæронд ус æгас уыд, уæдмæ йын уыцы пенси алы мæй дæр фæхастам.

Дзибисимæ иу къуындæг уаты бадтис Мыстулаты Дзантемыр. «Рæстдзинад»-мæ кусынмæ æрбацыд хæстæй бирæ раздæр хæрзæрыгон лæппуйæ æмæ дзы фæкуыста йæ амæлæты бонмæ. Йæ «Фæллойадон чиныджы» уыдис æрмæстдæр иунæг фыст. Диссаджы ахуыргонд уыдис Дзантемыр. Дæс къласы фæци æви нæ, уый нæ зонын, фæлæ, институты кæй нæ ахуыр кодта, уый бæлвырд у. Цыбыр дзырдæй, иу диплом дæр æм нæ уыди, фæлæ цалдæрдипломджынæй иуæй дæр дæлдæр не ’рлæууыдаид. Цавæрфæнды фарстайы тыххæй йæм куы бацыдаис, уæддæр нæ фæфæсмон кодтаис, уымæн æмæ бирæ зыдта. Бирæ бакаст, бирæ федта. Уыимæ уыдис тынг хæдæфсарм. Дзæвгар рæстæг афтæ ’нхъæлдтон, цыма тæлмац кæныны номыл йеддæмæ йæ къухмæ фыссæнгарз никуы райста, фæлæ фæрæдыдтæн. Иу хатт рæуджыты низтæ дзæбæхгæнæг диспансеры сæйраг дохтыры галиу миты тыххæй ахæм фельетон ныффыста, æмæ йæ цыргъ æвзаг æмæ аивадон мадзæлттæй дисы бафтыдта, бирæ фельетонтæ чи ныффыста æмæ журналистикæйы уыцы жанры тыхджындæрыл нымад чи уыд, суанг уыдоны дæр. Драмон уацмыстæ кæй фыста, уый та йæ мæлæтмæ æввахс базыдтон.

Уыцы рæстæг æз куыстон республикæйы телеуынынад æмæ радиохъусынады комитеты сæрдары хæдивæгæй. Æнæнхъæлæджы Дзантемырыл амбæлдтæн æмæ нæм цæмæдæр гæсгæ театры кой рауади. Кæддæр сын пьесæ кæй ныффыста æмæ йын æй кæй нæ сæвæрдтой, уый дæр мын уæд радзырдта. Мæхинымæр дисы бацыдтæн, кæд æцæгæйдæр йæ пьесæ театры уыдис, уæд ацал-ауал азы йæ кой куыннæ райхъуысти, зæгъгæ.

— Фенын-ма мын æй кæн, — æрхатыдтон Дзантемырмæ.

— Цы ма йæ уыныс? — йæ къух мыл ауыгъта. — Уыдон раджыйы хабæрттæ сты...

Нæ йæ фæндыд кæддæры зæрдæриссæн цаутæ мысын, фæлæ йæм æз дæр хъæддых фæлæууыдтæн, æмæ æппынфæстаг сразы пьесæ æрбахæссыныл. Куыддæр мæм æй ратта, афтæ йæ кæсыныл æрбадтæн. Раст зæгъын хъæуы, кæмдæр ме уæнджы мигъ бадти, тарстæн, театры йын цы аргъ скодтой, уый раст куы рауайа æмæ йын мæ бон баххуыс кæнын куы нæ бауа, уымæй. Цыбыр дзырдæй, кæд æй кæсын райдыдтон, уæддæр тынг дызæрдыггæнгæйæ. Мæ амондæн, пьесæйы архайды цас арфдæр ныгъуылдтæн, уыйбæрц къаддæр кодта мæ тас æмæ дзы кæронмæ фæд дæр нал аззад. Сценæйы куыд сфидыдтаид, уымæн мæхи уыйас дæсны нæ хуыдтон, фæлæ, куыд литературон уацмыс, афтæ мæ зæрдæмæ фæцыди. Уыдис дзы драмон бындур, бæлвырд сурæттæ, царды æцæгдзинад. Бакæсын æй кодтон нæ кусджытæй цалдæрæн, равдыстон æй, театр æмæ драматурги мæнæй хуыздæр чи зыдта, ахæм адæммæ дæр, æмæ иууылдæр мæ хъуыдыимæ сразы сты. Театр æй цæуылнæ сæвæрдта, уый нæ зонын, фæлæ йæ кæй нæ сæвæрдта, ууыл абон дæр дис кæнын, уымæн æмæ йæм уазал цæстæй ракæсынæн ницы æфсон уыд. Мах дзы радиоспектакль сарæзтам. Сæйраг рольтæ ахъазын бахæс кодтам Саламты Къола, Сланты Къоста, Икъаты Мæирбег, Цырыхаты Розæ, Дзуццаты Райæ æмæ театры иннæ зындгонд артисттæн. Абон дæр ма Мыстулаты Дзантемыры пьесæмæ гæсгæ арæзт спектакль «Сибойы рæдыд» рæстæгæй-рæстæгмæ райхъуысы Цæгат Ирыстоны радиойæ.

Чысыл уæлдæр Цъæхилты Женяйы кой ракодтон. Уый дæр Дзантемыры хуызæн йæ царды бонтæ «Рæстдзинад»-æн снывонд кодта. Писмоты хайады хуымæтæджы кусæг уыдис, фæлæ мæ бирæ цæуылдæрты сахуыр кодта. Алкæмæй дæр домдта æгъдау æмæ фæтк. Дæ зонгæ уа, де ’нæзонгæ уа — йæ уацхъуыд дæм æрбахаста, уæд æй хъуамæ æппæты фыццаг регистраци скодтаис. Стæй дзы хъуамæ æнæмæнг бынæй дæ къух бафыстаис, дæ бæлвырд адрис æмæ дзы дæхи тыххæй хъуамæ хъæугæ бæрæггæнæнтæ уыдаид, кæннод дын æй Женя регистраци не скодтаид. Цыфæнды чысыл уацхъуыд куы фæзындаид мыхуыры, уæддæр хъуамæ архивы йæ фæд баззадаид. Информаци суанг телефонæй куы райстаис, уæд дæр. Ахæм фæткыл хæст уыд Женя æмæ йе ’ххæст кæнын домдта канд хуымæтæг кусджытæй нæ, фæлæ суанг редакторæй дæр. Куысты цæйбæрц карз уыд, уыйбæрц фæлмæнзæрдæ уыд царды. Горæты кæрон ын цæхæрадон уыд, æмæ йæ уæгъд рæстæг фылдæр уым æрвыста. Фæлладуадзæн боны фæстæ-иу йæ цæхæрадоны хуынтæ уаргæ кабинеттыл рацыд. Кæмæн-иу кæрдо йе стъолыл авæрдта, кæмæн — фæткъуы. Махæн нæ кусæн уæттæ фæрсæй-фæрстæм уыдысты æмæ æппæты хуыздæр хæйттæ мæнмæ хаудысты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.