Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФÆНДЗÆМ АРХАЙД



ФÆНДЗÆМ АРХАЙД

ФЫЦЦАГ ФÆЗЫНД

Коррадо, фæстæдæр Розалия.

Коррадо. Кæм ныффæстиат Розалия! Мæ минуттæ нымад куы сты. А, уæртæ и!

Розалия. Коррадо, агуырдтай мæ ныхасæн? Мæ бон у коммæгæс уæвын, дзыхыл хæцын, быхсын?

Розалия. О, Коррадо.

Коррадо. Дæ уæздан узæлды фæстæ, ноджы ма мемæ ацæуыныл куы сразы дæ, уæд ме хæс уыди мæ дзырд сæххæст кæнын.

Розалия. Æмæ йæ æз дæр сæххæст кæндзынæн мæ дзырд.

Коррадо. О, фæлæ цы аргъæй! Зæгъ-ма мын æргом, мацы мæ басусæг кæн! Розалия, нæ атондзæни дæ зæрдæ, ацы бынæттæй, ацы хæдзарæй куы фæцæйцæуай, уæд?

Розалия. Ацы хæдзарæй? Фæрсгæ дæр ма мæ кæныс? Ацы хæдзары мах уадзæм, æмæ чи зоны мыггагмæ, нæ чызг Адæйы.

Коррадо. Уый æмбарын. Фæлæ æндæр никæуыл рисдзæн дæ зæрдæ, ацы хæдзары чи баззайдзæн, уыдонæй?

Розалия. Кæуыл уæд?

Коррадо. Зæгъ æргом: нæ чызджы кæимæ уадзæм, ууыл?

Розалия. Уæздантуг адæймаг...

Коррадо. Стæй дын бирæ хæрзты чи бацыд, мæ чызджы фыды бартæ кæй къухтæм раттай, уый. Исты ма мæ ферох?

Розалия. Бæлвырддæр дзур, Коррадо!

Коррадо. Ды дзур, ды, бæлвырддæр: куыд цардтæ йæ хæдзары утæппæт рæстæг, уарзтай йæ, кæнæ дæ уый уарзта?

Розалия. Ахæм фæрстытæ!..

Коррадо! Кæд мын уыдæттæ зонынæн бар нæй, уæддæр мын ис бар цæмæй мæ фæнда сæ базонын. Розалия, басæтт мын æргомæй, æз мæхæдæг дæр тæригъæдджын адæймаг дæн, стæй дын дæн æцæг хæлар, ныххатыр дын кæндзынæн æппæт дæр.

Розалия. Мæ хæлар мын тæрхонгæнæг фæуæд, мæ лæг та — азымхæссæг, кæд аххосджын разынон, уæд. Ды ныртæккæ базондзынæ, мæн йеддæмæ ацы дунейыл кæй ничи зоны, ахæм хабар. Зоныс Арригойы, зоныс ын йæ рæстдзинад дæр æмæ йæ хæлар зæрдæ дæр уæдæ мæнæн æмæ нæ чызгæн дæр цы хæрзты бацыд, уыдон дæр æнæзонгæ нæ дæ. Мæнæн ма мæ бон бафтауын у: аирвæзын мæ кодта æвирхъау сырды дзæмбытæй, уыцы сырдæн та йæ ном хуыйны мæгуырдзинад, уый тæры адæймаджы æгадмæ, уый азарæй сисы сылгоймаг — фылдæр хатт — йæ къух йе ’фсармыл. Уымæ гæсгæ, æз Арригойæ куыд бузныг дæн, уымæн нæй зæгъæн ныхæстæй. О, æцæгæй дæр, æрмæстдæр мын Хуыцау рарвыстаид мæ размæ ахæм зæды хуызæн адæймаджы! Æз йæ руаджы цæрын райдыдтон æнцад-æнцойæ, æдæрсгæйæ, адæмы ’хсæнмæ цыдтæн æдзæстхизæй. Фæлæ иуахæмы мæ удæнцой цардæй стъæлфын байдыдтон, Арригомæ цы бузныджы зæрдæ дардтон, уый æндæрхуызон æнкъарæнмæ хизын байдыдта, растдæр зæгъгæйæ та — рахызти. Æз мæхимæ мæ цæст дарын байдыдтон, стох кодтон мæ зæрдæимæ — æмæ фæуæлахиз дæн.

Коррадо. Уый та?

Розалия. Мæнмæ гæсгæ, уый дæр раст мæн хуызæн хъизæмар æмæ тох кодта йæхæдæг йæхиимæ. Афтæ уымæн хъуыды кæнын, æмæ-иу ныл кæд хатгай нæ цæстытæ комдзог рацыдысты, уæддæр-иу ныхæстæ нæ былалгъыл айсыстысты. Афтæ фæцардыстæм, нæ зæрдæтимæ тох кæнгæйæ. Ард дын хæрын, Коррадо! Мах нæ фæндыди, цæмæй ныл цы бирæ хахуыртæ фæкодтой, уыдонæн нæхæдæг бындур сæвæрæм, фæндыдис нæ, цæмæй нæ бон уа адæмы цæстытæм комкоммæ кæсын. Гъемæ куыд мад, куыд сидзæргæс, цы бирæ зæрдæрыст бавзæрстон, уыдонмæ ма ацы хъизæмар дæр куы бафтауай, уæд æй бамбардзынæ, цыппæрдæс азы дæргъы мæ цард цыхуызæн уыди, уый! Загътон дын гъеныр алцы дæр æмæ цæттæ дæн дæ тæрхонмæ.

Коррадо. Алцы нæма загътай.

Розалия. Алцы дæр, Коррадо.

Коррадо. Нæма. Иу хъуыддаг ма мын нæ загътай: дæхæдæг-иу дæхиимæ куы тох кодтай, дæ хъуырмæ-иу куы схæццæ дæ катай æмæ-иу дæ бон куы ницыуал уыди фыр адæргæй, уæд никуы ’рцыди дæ сæрмæ иу хуымæтæг æмæ æрдзон хъуыды — мæ адзалы тыххæй?

Розалия. Дæу адзалы тыххæй?

Коррадо. Нæ йыл хъуыды кодтай? Нæ йæ куырдтай Хуыцауæй хæрзиуæгæн дæ бирæ хъизæмæртты тыххæй?

Розалия. Хæрын дын ард! Уæд нал бауæндыдаин бакæсын дæр мæ чызджы цæстытæм.

Коррадо. Æмæ, уæддæр, зæгъæм, æрцыдис, не смой кодтаис Арригомæ?

Розалия. Коррадо, уый æнæуæздан фарст у! Цы дзуапп дын хъуамæ раттон?

Коррадо. Тынг хуымæтæг дзуапп. Уый куыд æргом уыд мемæ, ды дæр афтæ куы уаис, уæд! Уый загъта, Розалия, дам, сæрибар куы уыдаид, уæд, дам, æй ракуырдтаин, цæмæй йæ скæнон æнæкъæмдзæстыг адæмы ’хсæн.

Розалия. Уый загъта? Фыццаг хатт хъусын ахæм ныхас.

Коррадо. Уый та ноджы хуыздæр. Дæу фæрсын æз: сразы уыдаис уæд Арригомæ фæцæуыныл? Розалия, фæрсын дæ куыд хæлары, афтæ. Дæу фæрсын æз!

Розалия (йæ сæр æруадзгæйæ). О.

Коррадо. Æмæ афтæмæй сразы дæ ацы хæдзар ныууадзыныл æмæ мемæ ацæуыныл?

Розалия. Уымæн дын иу хатт дзуапп куы раттон, цом!

Коррадо. Æмæ нын кæд алидзæн нал и, уæд та? Зонынц, ам дæн уый, æмæ, чи зоны, ныртæккæ, мæнæ ацы цъусдуг фæзыной æмæ мæ акæной...

Розалия. Коррадо, уый æцæг у?

Коррадо. Зæгъæм, æцæг у... Уæд та цы дæ зæрды ис?

Розалия. Дæ ахæстоны фарсмæ ’рцæрдзынæн, кæнæ та моладзандонмæ фесафдзынæн мæ сæр, æгæр бирæ хахуыртæн бабыхстон ныронг дæр адæмæй... Фæлæ нæ! Аирвæздзыстæм, бантысдзæн нын алидзын... рæхджы ’рталынг уыдзæн, алидзæм, — райхъал ис мæ зæрдæ, фæнды мæ демæ цæрын. Уарзын дæ, Коррадо, раздæр дæ куыд уарзтон, афтæ, тынгдæр раздæрæй.

Коррадо. Уарзыс мæ? Мæн? Охх, Розалия, мæнæ цы хæзнайæ фæкодтон мæхи æнæхай!

Розалия. Ссардзыстæм æй фæстæмæ, ногæй та уыдзыстæм амондджын!

Коррадо. Амондджын? О!.. Ацу, дæхи барæвдз кæн, ахсæв хъуамæ алидзæм. Ныр та уал мæ ныууадз иунæгæй! Ахæм уавæры дæн ныртæккæ, æмæ ма иу минут дæр ам куы баззайай, уæд мæ уд сисдзынæн.

Розалия. Омæ хорз уæдæ, æмбисæхсæв фембæлдзыстæм, мæ мæгуыр Коррадо. (Йæ къух ын райсы æмæ ацæуы.)

Коррадо. О, фæлæ уæддæр æз хъуамæ амæлон, æрмæст хъуамæ раздæр мæхи æнæтæригъæдджын скæнон. Цæй диссаджы хъæздыг зæрдæ ис ацы æнамонд сылгоймагæн! Цас мæстытæ йын бавзарын кодтон! Бауарзта, йæхицæй уæздандæр нæй, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм адæймаджы, уый йæ сласта, æз æй цы цъымарамæ нывзылдтон, уырдыгæй... Æз та дæн удæгас мард, æмæ сæ æз хъыгдардтон, лæууыдтæн се ’хсæн... Фæлæ уыцы удæгас мард йæхæдæг йæхи ’гъдауæй нæ фæцыдæр уыдзæн, æз æй баныгæндзынæн. (Медальон сласы.) Æрмæстдæр цалдæр æртахы ацы медальонæй, æмæ ахицæн. Æлгъаг лæгмартæ! Сымах фæнды, цæмæй та æз райдайон æфтъæрын ахæстоны мæстæлгъæд комдзæгтæ, ацы дыууæ æназым уды та хъизæмæрттæ кæной дарддæр дæр?.. Нæ, æз бануаздзынæн... æмæ бафынæй уыдзынæн. (Æрлæууы.) О, фæлæ мæ чызг та? Ницы кæны! Æлгъ мыл кæны уæддæр... Стæй уый хуыздæр у: нæ мын кæудзæн мæ мардыл. (Æрбацæуы Эммæ.) Фæзынди мæнæ! Хуыцау мæм æй йæхæдæг равдыста.

ДЫККАГ ФÆЗЫНД

Коррадо æмæ Эммæ.

Эммæ. Ам та и! (Хъавы ацæуынмæ.)

Коррадо. Нæ, нæ, лидзгæ ма акæ, мæн тынг æхсызгонæй хъæуы демæ аныхас кæнын.

Эммæ. Мемæ? Æдзух та дæ мемæ ныхас кæнын фæнды!

Коррадо. Фæстаг хатт.

Эммæ. Цæугæ кæныс?

Коррадо. О, райсом мæ нал фендзынæ, æхсызгон дын уыдзæн?

Эммæ. Иучысыл, уымæн æмæ...

Коррадо. Уымæн æмæ дæ тæрсын кæнын мæ уындæй... Зонын æй... Ау, æмæ æппындæр нæ фендæрхуызон дæн? Сабырдæр нæ фæци мæ бакаст? Демæ мæ ныхас фæлмæндæр нæ фæци? Кæд ма мæ ныр дæр тæрсгæ кæныс, уæд дæ цуры мæ уæрджытыл дæр æрлæудзынæн. (Йæ уæрджытыл æрлæууы.)

Эммæ. Уанцон нæу, нæ хъæуы!

Коррадо. Фæнды дæ, цæмæй слæууон? Лæмæгъ дæн, нæу мæ бон, æри-ма мæм дæ къух...

Эммæ (йæ къух æм дæтгæйæ). Мæгуырæг... (йæ къухтыл ын хъадаманты фæдтæ бафиппайы.) Адон та цы сты? Цæвгæ сæ ныккодтай? Кæд, мыййаг... О Хуыцау... Хъадамантæ уыди дæ къухтыл? (Коррадо бандоныл сбады.) Ахст уыдтæ? Цæй тыххæй? Нæ, нæ, ма мын æй зæгъ! Ныр дæ, цымæ, фæрсгæ та цæмæн кæнын? Ма мæм смæсты у!.. Кæугæ кæныс... Охх, тæрсгæ дæ нал кæнын, тæригъæд дын кæнын ныр та... Æнамонд адæймаг!.. Кæд æмæ ныр дæ чызджы ссарай, Адæйы...

Коррадо. Нал æй ссардзынæн ныр. Амарди.

Эммæ. Исты дæ риссы? О Хуыцау! Куыд афæлурс дæ! Мæнмæ истæуыл фæхъыг дæ? Нæ мæ фæндыди дæу бафхæрын... барæй дын нæ уыдтæн... Цæуылдæр тынг тыхсыс, искæмæ бадзурон?

Коррадо. Нæ хъæуы... Кæсыс! (Æвдисы йæм медальон.) Ацы медальоны ис, чи мæ адзæбæх кæндзæн, ахæм хос.

Эммæ. Мæ бон дын ницæмæй у баххуыс кæнын?

Коррадо. Ды?.. Нæ, нæ... Кæд ахæм дзæбæх чызг дæ, уæд фалæрдæм азил æмæ бакув мæн тыххæй Хуыцаумæ.

Эммæ. О, бакувдзынæн дæу тыххæй. (Йæ къухтæ йæ риуыл сæвæры. Уыцы рæстæг Коррадо медальон йæ былтыл авæры, стæй йæ стъолыл æрæвæры æмæ бацæуы Эммæмæ.)

Коррадо. Бузныг, ныр мын фенцондæр и...

Эммæ. Тынг æхсызгон мын у... Кæд æцæг афтæ у, уæд: ахæм зæрдиагæй куывтон дæу тыххæй... Кæсыс, куыд кæуын... Ардæм цыма цæугæ дæр уый тыххæй æрбакодтай, цæмæй не ’ппæты дæр фæкæуын кæнай...

Коррадо. Æз?

Эммæ. О, мæ фыд дæр æмæ Розалия дæр ахæм æнкъард сты, ды куы ’рбацыдтæ, уæдæй фæстæмæ.

Коррадо. Афтæмæй та æз æрбацыдтæн, цæмæй уе ’ппæты дæр амондджын скæнон... цæмæй мæ хорзæй мысат.

Эммæ. Искæдæм цæуыс? Диссаг... Афтæ мæм кæсы, цыма Розалия дæр кæдæмдæр цæуинаг у, ныууадзынмæ мæ хъавы.

Коррадо. Йæхæдæг дын загъта?

Эммæ. Зæгъгæ нæ кодта, фæлæ мын ныртæккæ уыцы кæугæйæ ахæм хъæбыстæ æмæ батæ кодта, цыма мæ бирæ рæстæг нал фендзæн.

Коррадо. Фæрæдыдтæ. Нал фендзæн? Цæуыннæ? Æмæ тынг æнкъард кæнис уæд?

Эммæ. Тынг.

Коррадо. Уæдæ йæ бирæ уарзыс мæгуыр Розалияйы?

Эммæ. Ныййарæг мадау.

Коррадо. Æмæ æцæгæй дæр дæ мад куы разынид, уæд дын æхсызгон уаид?

Эммæ. Тынг æхсызгон. Стæй мæм хатгай мæ зæрдæ афтæ дæр сдзуры, цыма æцæгæй дæр ис уæвæн ахæм амондæн. Цал хатты уыдтæн ахæм амондджын мæ фынты... Цы-иу федтон, уый зоныс: цыма мæ фыд æмæ Розалия сусæгæй скодтой чындзæхсæв... О, о!

Коррадо (ахъуыды кæнгæйæ). Æмæ кæд дæ фыны цы федтай, уый æцæг у, уæд та?

Эммæ (дисгæнгæ). Цытæ дзурыс, Коррадо?

Коррадо. Зæгъон дын уæдæ, ардæм мæ цыды сæр цæй мидæг уыди, уый, мæ хъæбул. Æз æрбацыдтæн афтæ зæгъынмæ: хорз нæу, утæппæт рæстæг дæуæй æцæгдзинад кæй æмбæхсынц, уый: дзæгъæлы агурыс дæ мады уæлæрвтыл, уымæн æмæ рагæй цæры демæ мæнæ ацы хæдзары...

Эммæ. Розалия?

Коррадо. О. Гъе, ацы хабар дын уадзын уæлæуыл, цæмæй мын мæ ном хорзæй мысай, уый тыххæй.

Эммæ. Розалия мæ мад у? Æви та фынтæ уынын ногæй? Охх, кæд уый æцæг афтæ у, уæд — бузныг, бузныг, хорз лæг! Фæлæ кæм и Розалия та? Ма ацæуæд, мыййаг? Ма ацæуæд, мыййаг? Ма мæ ныууадз? Кæм и мæ фыд? (Дуары ’рдæм азгъоры.) Рацæут-ма, рацæут-ма!

Æрбацæуынц Пальмиери æмæ Розалия.

ÆРТЫККАГ ФÆЗЫНД

Коррадо, Розалия, Эммæ, Пальмиери.

Розалия. Исты дæ хъæуы, Эммæ?

Пальмиери. Коррадо?

Эммæ (Пальмиерийæн). Зæгъ-ма мын, æцæг у, Коррадо кæй зæгъы, уый? Мæ мад нæ амарди? (Розалияйæн.) Дæу дæр фæрсын, фервæзын мæ кæнут мæ зæрдæнизæй. Сымах стут... ды дæ мæ мад?

Розалия (адæргæй цы акæна, уый нæ зоны). Охх!

Пальмиери. Ау! Загътай йын æй?

Коррадо. Ма тыхсут! Æз ын загътон, ды æмæ Розалия закъонмæ гæсгæ кæй стут æмкъæйттæ.

Пальмиери. Цы хуызы?

Коррадо. Ныххатыр кæн, уæ сусæгдзинад уын кæй раргом кодтон, уый тыххæй. Фæлæ мæ бон æндæр хуызы бакæнын нæ уыди ацы кадджын цъусдуг, уымæн æмæ цæмæй сымах баиу уат, уымæн абонæй фæстæмæ цæлхдур нал уыдзæн.

Розалия (тарстæй). Нал уыдзæн?

Пальмиери. Коррадо, цы бакодтай?

Коррадо. Цы федтон æмæ цы фехъуыстон, уыдæттыл лæмбынæг ахъуыды кодтон.

Пальмиери. Кæд дæ дзæбæх æмбарын, уæд тæссаг у...

Коррадо. Хорз чызг, гъеныр дæр ма тæрсыс, куы дæ асайой, уымæй? (Йæ къух ын райсы.) Цом-ма, æз уæ баиу кæнон дæ мадимæ æмæ уæм кæсынæй мæ мондæгтæ суадзон.

Эммæ. Мæ фынтæ æцæгæй æрцыдысты.

Розалия (йæ уд йе ’муд нæма ’рцыди). Мæ чызг! (Коррадо ма тыххæй лæууы йæ къæхтыл, цудтытæгæнгæ бацæуы бандонмæ æмæ ’рбады.) Коррадо!

Эммæ. Цыдæр кæны...

Пальмиери (Коррадомæ бацæугæйæ). Йæ уд исы.

Розалия. Йæ уд исы?

Эммæ. Мæнæ ацы медальоны хос и, банызта дзы, ноджыдæр ын дзы раттын хъæуы!

Пальмиери (медальон райсгæйæ). Марг банызта.

Розалия. О Хуыцау!

Эммæ. Марг банызта?

Розалия. Тагъддæр! Исты хос...

Пальмиери. Нал ын и хос. Байрæджы.

Коррадо. (Æнæрхъуыдыйæ фæлхаты). Нал ын и хос. (Сæнттæ цыма цæгъды, уыйау.) Мæгуыр сылгоймаг! Сыгъдæг адæймаг! Уыдон сты амонды аккаг, хæрзиуæджы... æмæ сын æй æз дæттын.

Розалия. Æз дæн аххосджын. Æргом ын фæдзырдтон хабæрттæ, æндæра нæ амардтаид йæхи...

Пальмиери. Мах тыххæй йæ цард нывондæн æрхаста.

Коррадо (сæнттæ цæгъды). Цы загътай? Мæн ахсынмæ æрбацыдтæ? И? Дзырдхæссæг... Æлгъаг! Æнæсæртæ! Удæгас мард змæлгæ нал фæкæны... амардтон æй... ныр нал райгас уыдзæн... Ехх, Адæ! Адæ!

Розалия (йæхицæн). Йæ чызгмæ дзуры... (Эммæйæн.) Афтæ йæм кæсы, цыма ды йæ чызг дæ... Бацу йæм... сдзур æм фыды номæй... æмæ æрæнцайа...

Эммæ. О, о. (Коррадомæ бацæуы æмæ йын йе уæхскыл йæ къух æрæвæры.) Баба, мæ фыд! Ракæс-ма мæнæ дæхи Адæмæ!

Коррадо (хъал цыма раци). Адæ? (Рабады, йæ хъæбысы йæ ныккæны, Пальмиери æмæ Розалиямæ ацамоны, хæстæгдæр рацæут, зæгъгæ, ратты сæм Эммæйы, бандоныл æрхаугæйæ.) Нæ, ды Эммæ дæ! (Йæ уд сисы.)

Розалия æмæ йæм Эммæ æрдиаггæнгæ базгъорынц.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.