Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ АРХАЙД



ДЫККАГ АРХАЙД

Монсиньоры кабинет: стыр чиныгдон дзы, нывтæ рагзаманты цардæй, кусæн стъол, католикон налой (сæрмагонд бынат зонгуытыл лæугæйæ кувынæн). Изæр.

ФЫЦЦАГ ФÆЗЫНД

Монсиньор бады йæ кусæн стъолы уæлхъус, исдуг чиныджы кæсы, стæй йæ сæхгæны.

Монсиньор. Ахæстоны?.. Цавæр фыдракæнды тыххæй? Базондзынæн æй. Тынг ахсджиаг у йæ базонын, уый ноджы вазыгджындæр кæны Розалияйы уавæр. Цæмæй ардыгæй æрвыст æрцæуа, уымæн бирæ ’фсæнттæ ис. Æдылы ми бакодтон... Мæ фæндтæ æгæр рагацау раргом кодтон Розалияйæн... Мæхи лæмæгъæй равдыстон йæ цуры, æмæ йæ адæмæн куы фæдзура, уæд уый хорз нæ уыдзæни... Нæ аиппытæ нын чи зоны, нæ лæмæгъ, уыдон цас дарддæр уой, уыйас хуыздæр у. Розалия ардыгæй æрвыст куы ’рцæуа, уæд аххостæ иууылдæр æххуырст æрцæудзысты доктор Пальмиерийыл, — уый та ноджы хуыздæр, ауæрдын ыл нæ хъæуы, стæй иннæтæн дæр зонды хос уыдзæни. Фæлæуу!.. Дзыхъхъынног хъуыды! Ныр ацы... йæ лæг хъадамантимæ ахæсты куы нæ бадид... Уый исты хуызы куы фæзынид, мæрдтыбæстæй цыма тæссаг æндæрг фæзынди, уыйау... йæ усæн æвирхъау тæрхон хæссынмæ... кæйдæр лæджы хъæбысы йæ куыд баййафа... Уыцы тугмондаг сæркъуыр Розалияйæн бирæ тæссагдæр уаид инквизицийæ... Диссаджы хъуыды, стæй, гæнæн ис æмæ, йæ сæххæст кæнын дæр мæ къухы бафта!.. Неаполы мæ хæрзгæнджытæ ахæм бæрзонд бынæтты бадынц... къаролы усæн йæ сыгъдæг фыд... ахъуыды кæнын хъæудзæни ахсæв...

Æрбацæуы Гаэтано сойдзырæгътимæ.

ДЫККАГ ФÆЗЫНД

Монсиньор æмæ Гаэтано.

Гаэтано (цырæгътæ стъолыл æвæргæйæ). Хуыцау уæд дæ хъахъхъæнæг, монсиньор.

Монсиньор. Дæуæн дæр, Гаэтано.

Гаэтано. Бар ратт æмæ дын фехъусын кæнон: цавæрдæр æнæзонгæ адæймаг нæм æрбацыди.

Монсиньор. Ацафон? Бафарстай йæ, чи у?

Гаэтано. Уайтæккæ дæр æй бафарстон. Райдианты мæм, раст куы зæгъон, уæд, цыдæр гуырысхойаг фæкаст, уæлдайдæр æнафоны кæй æрбахоста, уый тыххæй, ноджы мæм талынджы йæ цæсгом дæр дзæбæх нæ зынди; цæджындзы дæлбазыр хуыссыди тымбылæй. Мæ къæхты уынæрмæ фестъæлфыд, фæгæпп ласта æмæ уыцы сырддзастæй аракæс-бакæс кодта, фæтарстис, æвæццæгæн. Зæгъын, ахæм тæссагæй йæм ницы ис, æмæ йæ уæд афæрстытæ кодтон. Цыдæртæ бахъуыр-хъуыр кодта ризгæ хъæлæсæй, куыд æй бамбæрстон, афтæмæй йыл кæмдæр банафон, хæхты йæ фæндагæй фæдзæгъæл æмæ йæ ныр фæнды монсиньоры фенын, кæд, дам, мæ мидæмæ бауадзид æхсæвиуат бакæнынмæ.

Монсиньор. Уазæг — Хуыцауы уазæг, фæлæ нæ хæхты бирæ хæты фыдгæнджытæ дæр.

Гаэтано. Хæцæнгарз æм нæй, æнхъæлдæн, кæд æй æмбæхсгæ бакодта.

Монсиньор. Дарæсæй та йыл цы ис?

Гаэтано. Нæ хæхбæсты цæрджытæй ницæмæй хицæн кæны. Уæрæх цырыхъытæ, даргъ уæлæфтау æмæ калибрийаг тегла худ, тынг дæрдджын се ’ппæт дæр. Йæхæдæг — бæрзонд, йæ саулагъз цæсгом, цыма фырнозтæй æфхæрд у, афтæ мæм фæкаст; сырддзаст, йæ хæмпæл боцъо — даргъ...

Монсиньор. Карæй та?

Гаэтано. Иу-дыууиссæдзмæ ’ввахс. Æниу, Хуыцау йæ зонæг, йæ цæсгоммæ гæсгæ тынг зын рахатæн у, цы мæрддаг у, уый. Чи зоны æмæ фыдгæнæг дæр у, фæлæ бæрæг у, рынчын кæй у, уый; йæ улæфт — уæззау, тыххæй ма лæууы йæ къæхтыл, фæндагыл тынг бафæлмæцыд, æвæццæгæн. Монсиньорæн кæд, мыййаг, йæхи фæнды йæ фенын...

Монсиньор. Æнæмæнг. Уый æнæдиссаг нæу. Ракæн æй... фæлæ зæгъ мæ адæмæн, цæмæй сæ цæст дарой...

Гаэтано. Кæй зæгъын æй хъæуы, монсиньор. (Ацæуы.)

Монсиньор. Æмæ ныр кæд æцæгæй дæр исты фыдгæнæг у, уæд та? Чи йын цы зоны?! Æниу, цæмæй тæрсын. Фыдгæнджытæ, раст зæгъгæйæ, æвзæр адæймæгтæ не сты: сæ фылдæр Хуыцауыл æууæндынц, арæх ма суанг стыр хæрзты дæр бацæуынц аргъуанæн. Æнхъæлдæн, æрбацæуы. (Гаэтано æрбакæны Коррадойы).

ÆРТЫККАГ ФÆЗЫНД

Монсиньор, Гаэтано, Коррадо.

Гаэтано (Коррадомæ). Мæнæ дын уый та монсиньор!

Монсиньор. Æрбацу-ма хæстæгдæр, Хуыцауы уарзон лæг, тæрсгæ мацæмæй кæ. Бафæлмæцыдтæ? (Гаэтаномæ.) Бандон-ма йын æрæвæр! (Гаэтано йын бандон æрæвæры.)

Коррадо (бадгæйæ). Бузныг, монсиньор! (Гаэтаномæ.) Бузныг дæуæн дæр.

Монсиньор (Гаэтаномæ). Цæугæ! (Гаэтано ацæуы.) Æмæ дæ уæдæ цы хъæуы мæнæй, загътай? Дзур.

Коррадо. Æрмæстдæр иунæг хъуыддаг: бар мын ратт бахсæвиуат кæнынæн, ну чысыл уæддæр æрцæуа мæ фæллад. Æгас бон фæцыдтæн фистæгæй, æхсæв мæ ’рцахста дæ галуаны дуармæ. Сыгъдæг Мадымайрæмы сурæт куы федтон, уæд мæ сабибонтæ мæ зæрдæйы райгас сты, тынг мæ æрфæндыди йæ бæрзонд номæн ныттабутæ кæнын æмæ уæд галуаны къæсæрæй æрбахызтæн. Цал азы не скуывтон Хуыцаумæ... æмæ абон...

Монсиньор. Цал азы зæгъыс? Уый хорз нæу. Табу Хуыцауæн, æгайтма дæ дæ къæхтæ махмæ ’рбахастой: ныр дæ уд бакæн мах æвджид.

Коррадо. Нæ, мæ уд мæхи ’вджид куы уа, уæд хуыздæр уыдзæни.

Монсиньор. Кæд дæ уд рынчын у, уæд дын æй æз сдзæбæх кæндзынæн.

Коррадо. Сдзæбæх? Нæ мæ уырны: нæй уымæн гæнæн, монсиньор.

Монсиньор. Цæуыннæ уæд?.. Адæймаг йе ’фсармы зæрдæхудты куы бацæуа...

Коррадо. Йе ’фсармы зæрдæхудты?

Монсиньор. Цæмæн афтæ тынг ныррызти дæ буар? Ма тæрс, æрсабыр у, мæ хъæбул.

Коррадо. Æрсабыр уон! Ме ’фсармы зæрдæхудты!! Ды мæн нымайыс фыдгæнæгыл!

Монсиньор. Æппындæр нæ, фæлæ мæн фæнды, цæмæй мæныл баууæндай æххæстæй. Ам дæуæн æппындæр тæссаг ницæмæй у: нæ аргъуаны цы адæймаг уа, ууыл никæй бон цæуы.

Коррадо. Æз уый зыдтон.

Монсиньор. Цæугæ дæр уый тыххæй æрбакодтай?

Коррадо. Куы дын загътон, мæн хъæуы, кæм бахсæвиуат кæнон, ахæм бынат. Уадзыс мæ æви нæ? О æви нæ?

Монсиньор. О, мæ хъæбул, о. Куыд уынын, афтæмæй дæуæн дæ зæрдæ бахордта дæ фыдракæнд нæ, фæлæ уымæй ноджыдæр стырдæр бæллæх, æмæ дын тынг хорз æмбарын дæ уавæр. Дæ уæлæдарæсы æмсæр кæй нæ дæ, фæлæ бирæ уæздандæр адæймаг кæй дæ, ууыл хорз дзурæг у дæ цæстæнгас — кæд цыфæнды фæллад у, уæддæр.

Коррадо. О, æз нæ дæн хуымæтæджы хоохаг... ме ’намондæн... Кæд мæнæ-мæнæ цæрæг лæг нæ уыдтæн, уæддæр хæст уыдтæн уæздан аивадыл...

Монсиньор. Цавæрыл?

Коррадо. Нывгæнынадыл.

Монсиньор. Сицилийаг дæ?

Коррадо. Уыдтæн кæддæр.

Монсиньор. Бинонтæ дын ис?

Коррадо. Уыдис кæддæр.

Монсиньор. Ныр иунæг дæ.

Коррадо. Иунæг? Уæуу, додойаг мæ сæр куы фæуаид æмæ... Æгъгъæд, монсиньор, цæрын ма æрмæстдæр мæ ныфсы руаджы, æмæ мын уый уæддæр ныууадз. Ды мæ фæрсыс, раст цыма тæрхонгæнæг дæ, уыйау: тæрсгæ дæ кæнын, ныууадз мæ! Æз дæ ракуырдтон, цæмæй мын баулæфыны фадат раттай мæ буарæн, мæ удæн мын хъизæмæрттæ ’взарын кæнай, уыцы бар дын нæ раттон. Ныртæккæ мæ куыд зоныс, уымæй фылдæр мæ зонай, уый сæр дæу æппындæр ницæмæн хъæуы. Æз ам уыдзынæн æрмæстдæр бонмæ. Райсом куы райхъал уай, уæд мæ дæ цæсты кæронæй дæр нал фендзынæ. Цæй уæдæ, монсиньор: мæн хъæуы æрмæстдæр иу хъæмпы æргъом, кæрдзыны мур æмæ доны къус — мæ къабæзты цы арт абухы, уый ныххуыссын кæнынæн, æндæр мæн ницы хъæуы.

Монсиньор. Уый та куыд, уый та куыд! Мах дæ суазæг кæндзыстæм æгъдауыл. Фæлæ дын бæлвырд истæмæй баххуыс кæнын мæ зæрды куыд и, уымæ гæсгæ мæ фæнды базонын: ардыгæй кæдæм дарыс дæ фæндаг?

Коррадо. Суанг дæр Этнæмæ, Катанимæ.

Монсиньор. Чысыл дæ хуыздæр куы зонин, уæд дæ æз арвыстаин...

Коррадо. Бузныг де ’рхъуыдыйæ.

Монсиньор. Фыццаг хатт цæуыс уырдæм?

Коррадо. Уым райгуырдтæн.

Монсиньор. Уæдæ ма уæд иунæг æмæ фæстаг фарст: Катанийы ахæм æрыгон адæймаджы нæ зыдтай — Фернандо Мерано?

Коррадо. Хъуыды йæ кæнын, цыма... Фæлæ уыйбæрц рæстæг рацыди... закъонты фæдыл ахуырадыл нæ архайдта?

Монсиньор. Раст афтæ.

Коррадо. О, уыдыстæм зонгæ, суанг ма хæлæрттæ дæр уыдыстæм.

Монсиньор. Хæлæрттæ? Уæдæ дæ кæд æппындæр нæ фæнды, уæддæр дын нæ фембæлд фæпайда уыдзæн. Уыцы Фернандо у мæ хæрæфырт æмæ ныртæккæ дæр ис ам.

Коррадо (æхсызгон ын нæ уыди). Ам и?.. Æниу, æз та дзы цалæм дæн! Мæн фæнды æрмæстдæр баулæфын, æмæ дæ курæг дæн æртыккаг хатт: бакæнут мын уат уæд та куыдздоны!

Монсиньор. Чысыл багъæц. Æхсызгон уыдзæн мæ хæрæфыртæн дæ фенд, ныртæккæ йæм арвитдзынæн.

Коррадо. Мæн ничи хъæуы, ды мæ цы фæрафæрс-бафæрс кодтай, уый мын æгъгъæд фæуæд.

Монсиньор. Гæнæн нæй! Кæд дын цыфæнды хъыг уыдзæни, уæддæр мын уыцы бар ратт. (Тилы дзæнгæрæг. Æрбацæуы Гаэтано.) Зæгъ мæ хæрæфыртæн, тагъд-ма, зæгъ, ардæм рауай, æнхъæлмæ дæм, зæгъ, кæсы дæ хæлар Катанийæ. (Гаэтано ацæуы.)

Коррадо. Монсиньор, батæригъæд мын кæн иучысыл. Куы уыныс мæ уавæр: цæмæн ма мæ кæнут худинаджы рафæрс-бафæрс... Æгæр зынаргъ мын сыстади, дæ галуаны къæсæрыл мæ хизын кæй æрбауагътай, уый. Фæлæ цыфæнды æнæбон адæймаг дæр хъуамæ зона йæ сæр сæрмæ хæссын. О Хуыцау! Куыд кæсын, афтæмæй æз бахаудтон инквизицийы тæрхонгæнджыты къухтæм, цæуын æз. (Хъавы ацæуынмæ.)

Монсиньор. Æрлæуу, дæ хорзæхæй, курын дæ! Этнæйы хохрæбын райгуырдтæ, уый мын дæхæдæг куы нæ загътаис, уæддæр æй ныр базыдтаин... Хорз нæу, мæ хур, æрсабыр у, ахæм тæвд тугимæ фыдбылызæн дæр бирæ нæ хъæуы... фыдракæндæн дæр.

Коррадо. Фыдракæндæн дæр... (Æрсабыр вæййы æмæ бандоны къæлæтыл æрæнцой кæны.) Раст зæгъыс... раст...

Монсиньор. Уадзын уæ мæ хæрæфыртимæ. Æрбацæуы, æнхъæлдæн.

Коррадо. Бар дæхи.

Монсиньор. Дæ хæларимæ æргомдзырддæр уыдзынæ! (Цæугæ-цæуын.) Фæсайдзæни мæ мæ зæрдæ æви нæ? (Ацæуы рахизæрдæм.)

Коррадо. Иуæй-иу ныхæстæй туг сæлгæ кæны дадзинты. Цы йын зæгъдзынæн? Цы мын зæгъдзæни? Ехх, бæргæ исты бæрæг мын куы зæгъид... Æрмæстдæр удæгас уæнт сæ дыууæ дæр, æндæра æз æнцой не ссардзынæн, цалынмæ сæ ссарон, уæдмæ... Кæд æмæ сау ингæны хай фесты, уæд та мæнæн дæр мæ фæндаг уырдæм у... Цæмæй сæм æвæстиатæй фæхæццæ уон мæрдтыбæстæм, уый тыххæй мæнмæ ис иу дзаума, æмæ уыцы дзаума иудадзыг дæр мемæ вæййы.

Æрбацæуынц Фернандо æмæ Гаэтано.

ЦЫППÆРÆМ ФÆЗЫНД

Коррадо, Фернандо, Гаэтано.

Фернандо (æрбацæугæйæ, Гаэтаномæ). Кæм ис уæдæ, монсиньор?

Гаэтано. Ахызти, цæмæй дæ хæларимæ хибарæй аныхæстæ кæнай, уый тыххæй. Мæнæ уазæг дæр.

Фернандо (цымыдисæй ракæс-бакæс кæны Коррадойы уæлæдарæсмæ). Амæй загътай?

Гаэтано. О, æз уæ уадзын. Куы бахъæуон, уæд-иу мæм фæдзур. (Ацæуы).

Фернандо. Цыдæр хохаг... Нæ йæ хъуыды кæнын... (Хæстæгдæр æм бацæуы.) Уæдæ, зæгъыс, кæм базонгæ стæм, загътай, мæ хæлар?

Коррадо. Катанийы.

Фернандо. Раджы?

Коррадо. Раджы.

Фернандо (æдзынæг æм кæсы). Цыма дæ хъуыды кæнын... æнхъæлдæн...

Коррадо. Куыннæ ма! Æз дæн Коррадо.

Фернандо. Коррадо? О, о... Дæ хъæбысы-ма мæ акæ... Кæд фын уынын, мыййаг? Дæхи хуызæнæй дæм куы ницыуал ис!

Коррадо. Ды та æппындæр нæ аивтай: диссаг нæу — цард дæ нæ фæриссын кодта.

Фернандо. Чи зоны. Ноджы ацы æнахуыр уæлæдарæс... Кæцæй фæдæ, цы хуызы...

Коррадо. Хъысмæты æгъатыр гæрæхтæ...

Фернандо. Æмбарын дæ... зонын...

Коррадо (æваст). Цы зоныс?

Фернандо(йæхиуыл фæхæцыди). Зæгъæн ис æмæ ницы... Зонын, бирæ фыдæбæттæ кæй бавзæрстай... бæрæг у æрмæст дæ бакастæй дæр... (Йæхицæн.) Нæ зонын, цæмæй райдыдæуа йемæ...

Коррадо. Цæй кой кæныс?

Фернандо. Мæнæ ацы æнахуыр цауы тыххæй... Мæ фæсонæрхæджы дæр никуы ’рцыдаид, искуы дæ мæнæ ам, Аппенины хæхты дæлфад мæ фыдыфсымæры аргъуаны фендзынæн... Радзур-ма мын дæ хабæрттæй истытæ. Кæцæй дарыс дæ фæндаг? Стæй — кæдæм?

Коррадо. Нæ зонын.

Фернандо. Гъæ-гъа уæдæ, уый та ноджы хуыздæр. О, фæлæ... Ныххатыр-ма кæ, хъуыды ма йæ кæнын, æз Катанийæ Риммæ куы цыдтæн, уæд дæуæн уыдис бинойнаг.

Коррадо. О, уыди.

Фернандо. Стæй дæ бинойнаг уыди, кæд ма исты зонын, уæд тынг зæрдæмæдзæугæ æмæ тынг диссаджы рæсугъд сылгоймаг...

Коррадо. Диссаджы рæсугъд.

Фернандо. Æмæ ныр цы фæци? Амарди?

Коррадо. Цыма нæ.

Фернандо. Цыма зæгъыс?.. О, фæлæ... Хыл фестут? Ахицæн стут?

Коррадо. Ахицæн стæм.

Фернандо. О, фæлæ йын цы ’фсон уыд?

Коррадо. Æбуалгъ æфсон.

Фернандо. Æбуалгъ? Мæнæн æй нæ зæгъыс?

Коррадо. Нагъ.

Фернандо. Ныр Катанимæ дарыс дæ фæндаг?

Коррадо. О.

Фернандо. Æвæццæгæн, дæ бинойнаджы уым ссарыныл дарыс дæ зæрдæ.

Коррадо. Стæй мæ чызджы.

Фернандо (дисгæнгæ). Стæй дæ чызджы?

Коррадо. О, мæхи чысыл Адæйы, цыппæрдæс азы кæй нæ федтон, уый. Бæргæ исты бæрæг куы базонин сæ хъысмæты тыххæй, фæлæ, ме ’намондæн, ды дæр ницы зоныс...

Фернандо. Чысыл цыдæртæ зонын.

Коррадо. Цытæ дзурыс? Æгас сты? Дзур тагъддæр! Кæм сты? Катанийы?

Фернандо. Ома, зæгъын... Цы, уый зоныс, мæ хæлар: дæ бинойнаджы тыххæй дын зонын цыдæртæ, фæлæ дæ чызджы тыххæй...

Коррадо. Йæ мадимæ и чызг?

Фернандо. Кæцæй.

Коррадо. Федтай Розалияйы æви нæ?

Фернандо. Федтон æй, æмæ дæ кæд фæнды ногæй йемæ бацæрын...

Коррадо. Омæ уæдæ æндæр цæй охыл хæтын дунейыл!

Фернандо. Ам баззай уæдæ!

Коррадо. Ам баззайон?

Фернандо. Ам цæры Розалия.

Коррадо (йæ хъустыл не ’ууæнды). Розалия ам и! Сайгæ мæ нæ кæныс? Ау, афтæ тагъд æй ссардтон?

Фернандо. О Хуыцау! Цыдæр кодта! Нæма йын æй хъуыди зæгъын.

Коррадо. Нæ, нæ, ницы кæны... Слæмæгъ и мæ зæрдæ... Розалия! О, фæлæ Адæ та?

Фернандо. Куы дын зæгъын, дæ чызг йемæ нæй.

Коррадо. Фидарæй йæ зоныс?

Фернандо. Æнæгуырысхойæ.

Коррадо. О Хуыцау! О Хуыцау! Амарди: ахæм тæссонды мыггаг уыди... Хъуæгтæ, æххормаг, бирæ хъæуы ахæм лæмæгъ сывæллонæн... Дзæгъæл фыдæбон... Нал æй фендзынæн, никуал.

Фернандо. Чи йын цы зоны. Кæд, мыййаг, ахуыр кæны ам искуы. Фæхæц дæхиуыл, Розалия дын радзурдзæн хабæрттæ иууылдæр.

Коррадо. Ды раст зæгъыс: раздæр уал базонын хъæуы хабæрттæ... бирæ цыдæртæ базонын хъæуы мæн, Фернандо: Розалияйы ма мæн фенын фæнды æви нæ? Йæ зæрдыл ма мæ дары? Нæ, уымæн уæвæн нæй! Ахæм хуызæнæй мæ куы фена, уæд мæ фæтæрсдзæн.

Фернандо. Фæтæрсдзæн зæгъыс?.. Сымах кæрæдзийы цы уарзтæй уарзтат... æцæг уарзондзинад та алцы дæр ныббары.

Коррадо. Алцы дæр?

Фернандо. Алцы дæр, кæй зæгъын æй хъæуы... Стæй Розалия ахæм хæларзæрдæ уыди...

Коррадо. Цымæ ма ныр дæр ахæм хæларзæрдæ у? Æрымысы мæ искуы? Дзур-ма! Нæ зоныс? Иунæг фарст ма: мæгуыр цард кæны Розалия, афтæ нæу? Цæмæй цæры? Куыд цæры?

Фернандо. Сывæллонмæ цæстдарæгæй кусы, гувернанткæйæ.

Коррадо. Гувернанткæйæ? Мæ бинойнаг? Кæмæ?

Фернандо. Иу уæздантуг адæймагмæ.

Коррадо. Сылгоймаджы хæдзары?

Фернандо. Нæлгоймаджы. Доктор Арриго Пальмиерийы хæдзары. Чызг ын ис... тынг дзæбæх чызг ын ис... Тынг дзæбæх чызг.

Коррадо. Йæхицæн ис бинойнаг?

Фернандо. Идæдз у.

Коррадо. Идæдз? Цал азы йыл цæуы?

Фернандо. Иу-æхсæрдæс æмæ ссæдз.

Коррадо. Æрыгон у нырма!.. Æмæ Розалия йæ чызгæн гувернанткæ у, гувернанткæ æрмæстдæр?

Фернандо. О, кæй зæгъын æй хъæуы, мæнмæ гуырысхойаг нæ кæсы.

Коррадо (йæ къух нылхъивы). Бузныг, дон Фернандо! Фæлæ уыйбæрц рæстæг... Цæугæ та йыл нудæс азы йеддæмæ нæма кодта, куы йæ ныууагътон, уæд!

Фернандо. Уыдæттæй цы зæгъынмæ хъавыс?

Коррадо. Фæрсыс ма мæ? Табу Хуыцауæн, мæрдтæн сæ фынæй дæр мæрдон фынæй вæййы... Бæллæх уаид, райхъал уæвын сæ бон куы уаид, уæд.

Фернандо. Цыдæр æнахуыр ныхæстæ кæныс?

Коррадо. Ницы сæм и ахæм æнахуырæй, мæ хæлар: мæн фæнды мæрдон фынæй бауын, æнусмæ.

Фернандо. Хуыцауæй дын ард хæрын, ницы дын æмбарын... Фæлæ дын мæ бон у дæ зæрдæ балхæнын: Розалия абоны онг дæр у дæ бинойнаг, æмæ цæттæ у, ды йын кæдæмдæриддæр зæгъай, уырдæм дæ фæдыл ацæуынмæ.

Коррадо. Мæ фæдыл ацæуынмæ?

Фернандо. Бауырнæд дæ. Мæнмæ гæсгæ, æвзæр нæ уаид, Катанимæ куы бафардæг уаиккат, уæд, уæхиуæттæм...

Коррадо. Цавæр хиуæттæм?

Фернандо. Розалияйы ныййарджытæ нал сты? Йе ’фсымæр ма æгас уыдзæн, Алонзо.

Коррадо. Алонзо! Мæнæ мын цы ном загъта... Алонзо! (Бандоныл æрхауы æмæ йæ цæсгом йæ къухтæй амбæрзы).

Фернандо. Коррадо, нæ дын æмбарын дæ катайы ’фсон. Ницы дын æмбарын... цы загъдæуа...

Æрбацæуы монсиньор.

ФÆНДЗÆМ ФÆЗЫНД

Дон Фернандо, Коррадо æмæ монсиньор.

Фернандо. Æрбацæуы монсиньор йæхæдæг.

Монсиньор. Цæй, чи разынди ацы дæ хæлар?

Фернандо. Чи... Базонгæ ут: Розалияйы лæг.

Монсиньор (фестъæлфыди). Цы, дам? Бæргæ æцæгтæ куы дзурис! Розалияйы лæг Неаполы ахæстæтты бады, ис ын мыггагмæйы тæрхон.

Коррадо (æваст фесты). Чи дын æй загъта, монсиньор?

Монсиньор. Æмæ уæдæ уый ды дæ? О, фæлæ цы ’гъдауæй? Суæгъд дæ кодтой? Зæгъ æцæгдзинад, ам мацæмæй тæрс.

Фернандо. Цыфæнды куы уа, уæддæр дæ мах аирвæзын кæндзыстæм. Лидзгæ ракодтай?

Монсиньор. Дзургæ кæн, хуыздæр уыдзæн дæхицæн дæр.

Коррадо. О, йæ уæлдай ныхас ницы у. Ралыгъдтæн.

Монсиньор. Ды сарæзтай, мæн цы фæндыди, уый. Уымæн æмæ зон, мæ лымæн: Розалияйы тæригъæддаг уавæр мæ зæрдæмæ афтæ тынг бахастон æмæ сфæнд кодтон мæ бирæ дзырддзæугæ зонгæты руаджы дæу ахæстонæй рауадзын. Æмæ мын æнтысгæ дæр бакодтаид. Ныр дæхæдæг кæй ралыгъдтæ, уый дæр мын мæ фæндтæ нæ фæсыкк кæндзæн, ахъаз дæр ма фæуыдзæн. Ныр та бавдæл, æмæ мын бæлвырдæй рахабар кæн де ’намонд хъысмæты цаутæ, уæд мын æнцондæр уыдзæн дæ сæрыл дзурын — цæмæй дæ ссæрибар кæной закъонмæ гæсгæ. Хъусын дæм уæдæ! Мацы ныууадз фæсвæд дæ хабæрттæй. Стæй дын уæд бауат кæндзысты, æмæ райсом дæ усы зæрдæ æваст балхæндзынæ — цæмæй хæйрæг у, ды ам кæй дæ, уымæн. Æз дæр ма цин кæнын суанг, ахæм æхсызгон ын уыдзæн дæ фенд.

Коррадо. Уæу, мæ мастыл мын цæхх мауал кæнут! Дон Фернандо дын куы радзырдта мæ ускуырды хабæрттæ...

Монсиньор. Чысыл цыдæртæ.

Фернандо. Æмæ зонгæ дæр чысыл йеддæмæ нæ кодтон. Æрмæстæдæр хъуыды кæнын, Розалияйыл фыруарзтæй æрратæ кодтай, йæхæдæг дæр дæ уарзта, кæд йæ ныййарджыты нæ фæндыди, уæддæр; уыдоны зæрдæмæ ды нæ цыдтæ, дзырдтой, æгæр тæвдтуг æмæ, дам, схъиуд у, æгæр цæхгæр æмæ æнæхсæст. Ноджы тынгдæр та сæ маст бацыди, ды, æнæ уæлдай ракæ-бакæйæ, иу диссаджы рæсугъд æхсæв Розалияйы куы аскъæфтай æмæ чындзæхсæв куы скодтай, уæд. Цы зонын, уый. Стæй уæд Катанийæ афтыдтæн, æмæ дарддæр цы уыди, уыдонæн ницыуал зонын.

Коррадо. Дарддæр та ноджы хуыздæр уыди. Уæхæдæг аргъ скæнут, йæ ныййарджытæм сæ маст дæр æмæ сæ зæрдæйы рыст дæр кæуылты уыдаиккой, уый. Мæ бинойнагæн уыд æфсымæр, Алонзо. Уый баныхас кодта йæ фыдимæ, фæлæ сæ ныхас мæ пайдайæн нæ уыди: мæгуыр зæронд лæг сразы ис, мæ чызг, дам, кæд Коррадойы ныууадза, уæд ын фæстæмæ йæ фыды хæдзармæ — фæндаг. Ныр уæдмæ Розалияйæн райгуырди хуры тыны хуызæн чызг. Цы нæ йын фæкодтой, цæмæй мæ ныууадза — зæндтæ йын амыдтой, лæгъстæ йын кодтой, æртхъирæнтæ — не сразы! Æмæ уæд ныффæнд кодтой Розалияйы мæнæй лæгдыхæй байсын, æмæ Алонзо уыцы хæс йæхимæ райста. Ноджы ма мыл хахуыртæ кодтой, алы тугтæ мыл мысыдысты, мæ ном мын цъыфимæ змæстой, хуыдтой мæ, æфсарм æмæ фарн кæмæ нæй, ахæм адæймаг — мæ фæсаууонмæ. Уыцы чъизи митæ мæнæн мæ хъустыл æрцыдысты, æмæ йæ зыдтон, æнæ исты фыдбылыз мæ кæй нæ ныууадздзысты, уый. Иу æхсæв дын кæсын æмæ чидæр мæ хæдзармæ æрбахъуызы. Æз тигъы аууон æрæмбæхстæн æмæ æваст йæ уæлхъус алæууыдтæн. Уый уыдис Алонзо, Розалияйы ’фсымæр. Бæргæ чысыл зондджындæр куы разындаид æмæ куы алыгъдаид, уый та ма мæм æртхъирæнтæ кæныныл дæр схæцыд. Мæнмæ! Æртхъирæнтæ! Мæгуырæг! Мæ туг мæ сæрмæ ныццавта, мæ къабæзтæ адымстысты! Дзыхъмард æй фæкодтон йæ мидбынаты!

Монсиньор. Дзур дарддæр, Хуыцауæй æфхæрд лæг!

Коррадо. Фæстæмæ фæкæсын дæр мын нал бантыст: æвиппайды мæ рацъипп ластой пъæлицæ уыцы тæккæ ран. Фездыхсæн мын ничердæмуал уыди. Ноджы ма уымæйразмæ дæр цалдæр хатты бахаудтæн сæ дзæмбытæм, — уыдæттæ дæр мын æрымысыдысты. Сæ тæрхон уыди хæрз цыбыр: йæ адзалы бонмæ ахæстоны фæбадæд.

Монсиньор. Тæрхонгæнджытæ дын хъуамæ чысыл фæрогдæр кодтаиккой дæ уавæр, мæстыгæр кæй рахастай æрдзæй, уый хынцгæйæ.

Коррадо. Чи зоны. Æз, æцæгæй дæр, мæхиуыл зынтæй хæцыдтæн кæддæриддæр, мæ мады гуыбынæй рахастон уыцы сахъат. Цыппæрдæс азы фæбадтæн, фæлæ мæ масты дзæкъул кодта дæнгæлæй-дæнгæлдæр. Мæ уавæры ма сæвæрут уæхи. Цыди мыл аст æмæ ссæдз азы, уыдтæн артист, уыдис мын ус, сывæллон, æмæ мæ афтæмæй, сырдау, баппæрстой гуыдырæхгæд æфсæн къалатийы. Ноджы мæ цæстытыл уадысты алы æвирхъау нывтæ æмæ мын мæ хъизæмар дывæр кодтой. Мæ цæстытыл уади Розалия, хъæды халонау иунæгæй, хъодыгондæй, мæгуырæй... фæлæ æвзонг æмæ тынг рæсугъдæй. Цæмæй хъуамæ фæдардтаид йæхи? Кæнæ мæгуыры хызын, кæнæ та йæ намысыл йæ къух систаид. Æмæ-иу уæд камерæйы къултыл мæ сæр хойын байдыдтон фыр адæргæй, мæ богъ-богъмæ-иу ахæстоны кусджытæ фæфæдис сты, ноджы-иу мæ карздæр бафхæрдтой... Ноджы мæ чызг, Адæ, — дыууæ азы дæр ыл нæма цыди, рынчын, фæлурс, раст мæнæ мыдадзын зæдау. Хатгай-иу мæ цæстытыл уади, цыма хуыссы чырыны, йæ уæлæ бирæ дидинджытæ, хатгай та-иу мæ цæстыты раз слæууыди мæгуыргуры бызгъуырты; цыма бады йæ мады хъæбысы æмæ йæ чысыл къухтæ ивазы адæммæ, куры мамæлайы къæбæр; арæхдæр та йæ мæ фынты уыдтон хъæздыг дарæсты, хъазгæ, хæппытæгæнгæ цавæрдæр бонджын хæдзары, цыма хъæбыстæ æмæ батæ кæны цавæрдæр хъæздыг лæгæн, йæ мады хæзгулæн. Ацы хъизæмайраг фын мæ æппындæр цух нæ уагъта æмæ-иу уæд фырадæргæй мæхи нал æмбæрстон, сæнттæ цæгъдын-иу байдыдтон...

Монсиньор. Уырнынц мæ дæ ныхæстæ. Æмæ, цымæ, ныр кæд æцæгтæ уыдтай дæ фынты, уæд та... Мæгуырæг! Гъы, æмæ дарддæр та цы уыди уæд?

Коррадо. Дарддæр та ныффæнд кодтон алидзын. Мæ судзæггаг сагъæстæ мæ сæрымагъзы афтæ арф ныххызтысты, æмæ сусæг тæфсæгæй сæйын байдыдтон, рызтæн мæ сæрæй мæ къæхты бынмæ. Æмæ мæ уæд цæстдарджытæ чысыл дзæбæхдæр ранмæ аивтой. Иуахæмы фæфидардæр дæн, фæлæ барæй мæхи срынчын кодтон, алидзын цыма мæ фæсонæрхæджы дæр нæй, уыйау. Гъемæ, куыд хъуыды кодтон, афтæ рауад. Сæрибарыл хъуыды ахæстоны адæймагæн йæ хъару дывæр кæны! Стыр фыдæбæтты фæстæ мын бантысти рудзынджы æфсæйнаг хызбыд сызмæлын кæнын; стæй йæ уæд рафтыдтон. Æрбырыдтæн ахæстоны кæртмæ, уырдыгæй та — быдырмæ...

Фернандо. Иттæг хорз!

Монсиньор. Æмбарын æй, сæрибары уæлдæфæй куыд æхсызгонæн сулæфыдтæ...

Коррадо. Нæу æй дæ бон бамбарын. Уый тыххæй хъуамæ ныгæдæй фæцæрай æнæхъæн цыппæрдæс азы: хъуамæ бонгай, сахатгай æхсæвæй-бонæй нымайай уыцы дæргъвæтин азтæ, хъуамæ иудадзыг уал азы дæргъы дæ былыцъæрттæ хæрай сæрибармæ, дæ бинонтæм, уæлдæфмæ, хурмæ! Афтæ мæм фæкасти, цыма дзыхъхъынногæй райгуырдтæн. Фæцыдтæн æхсæв-бонмæ, стæй мæ уæд арф ком йæ хъæбысы бааууон кодта. Иу Хуыцауы уарзон лæг мын мæнæ ацы уæлæдарæс радта, иннæ та мæм иучысыл æхцайæ фæкасти, æмæ афтæмæй Аппенины хохæфцæгыл ардæм æрбафтыдтæн.

Монсиньор. Дæ зæрдæйы цæстытæ дæ комкоммæ дæ усмæ æрбакодтой.

Фернандо. Ныфсхастдæр у, мæ лымæн!

Коррадо. О, ныфс мæм æгæр дæр ма уыди, ис ма мæм ныр дæр. Фæлæ куы базыдтон, мæхи гыццыл Адæ ам нæй, йæ мадимæ, Пальмиерийы хæдзары...

Монсиньор. Мæхи Адæ загътай? Фæлæуу-ма... Дæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ дæ чызгыл хъуамæ цæуа æхсæрдæсæм аз...

Коррадо. О.

Монсиньор. Уыдон сты, Розалия хъомылгæнæг цы чызгæн у, уый азтæ. Фæлæ дæхæдæг ахъуыды кæн: Пальмиерийæн йæхи чызг раджы амарди.

Фернандо. Æцæг?

Монсиньор (стъолмæ бацæугæйæ). Мæнæ йæ адзалы тыххæй æвдисæндар, доктормæ дæр æй равдыстон æмæ...

Коррадо (фестъæлфы). Æмæ уæдæ йæ мад чи у уыцы чызгæн?

Монсиньор. Уый тыххæй æз...

Коррадо. Дæ Хуыцауы хатыр бакæн, зæгъ æй æргомæй!

Монсиньор. О Хуыцау, мæнæ æрхъæцмæ куыннæ хъæцы! Æз ахæмтæ дзураг нæ дæн, фæлæ... æрмæст уый зæгъинаг дæн: докторы чызг кæй хонæм, уый кæд, мыййаг, дæ чызг Адæ у...

Коррадо. Адæ?

Фернандо. Дæлимонтæй ард хæрын!.. Нæй уæвæн уымæн!

Монсиньор. Æркæсын хъæуы! Цæмæй ацы куырмæлхынцъ райхалæм, уый тыххæй зæгъын хъæуы...

Коррадо. Ау, уый та куыд... Адæ, мæ гыццыл чызг, кæйдæр лæджы йæ фыд рахона? Йæхи фыды бæсты æндæр кæйдæр уарза? Æмæ уæдæ, мæ цæстытыл цы нывтæ уади, уыдон бынтон æнæсæрфат нæ уыдысты?

Фернандо. Рæдигæ кæныс, бауырнæд дæ.

Монсиньор. Дæ чызгыл ницы сæрмагонд бæрæг нысан и, цæмæй йæ базонай, ахæмæй?

Коррадо. Омæ йыл цæй бæрæг нысан хъуамæ зонон, куы загътон, дыууæ азы дæр ыл нæма цыди, куы йæ ныууагътон, уæд.

Монсиньор. О, уый афтæ у... Æниу, ныййарæг фыды уыдæтты сæр хъæугæ дæр ницæмæн кæны, зæрдæ йæ йæхæдæг...

Коррадо. Мæ зæрдæ йæ базондзæн... Фæлæ æнæхъæн цыппæрдæс азы...

Монсиньор. Розалияйы дзæбæх бафæрс: куыд мад, афтæ дын дзуапп раттæд йæ чызджы тыххæй, куыд ус, афтæ та — йæхи тыххæй.

Коррадо. Йæхи тыххæй?

Монсиньор. Йе хæс у уый дæ разы.

Коррадо. Йе хæс? Нæ зонын, монсиньор. Æрмæстдæр иу зæгъын у мæ бон: кæд мæ уды быцъынæг тыдтон Розалияйы уындмæ, кæд æм стыр цæлхдурты сæрты фæцыдтæн, уæддæр ныр, куы йæм æрбаввахс дæн, уæд цæттæ дæн фæстæмæ ахæстонмæ мæ сæр фесафынмæ.

Монсиньор. Цæмæн?

Коррадо. Нæ зонын.

Фернандо. Ныфсхастдæр у, Коррадо! Ды ныртæккæ тыхст æмæ уырыд дæ, ныффæлладтæ. Ныртæккæ дæу хъæуы дзæбæх бахсæвæр кæнын æмæ дæ фæллад суадзын.

Монсиньор. Гъе, гъе уыцы дыууæ хъуыддагыл та ды бацархай. Стæй уæд райсом... Ма тыхс, Стыр Хуыцауæн зын ницы у.

Коррадо. Æмæ уæд йæ раст тæрхонæй та кæдæм аирвæздзынæн? Хуыцауæн мæ йæ хорзæх æрбакодта ардæм, æви йæ раст тæрхон?.. Райсом æй базондзыстут! (Дон Фернандо ацæуы.)



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.