Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фондзархайдон драмæ. ФЫЦЦАГ АРХАЙД



 

Журнал «Мах дуг», 1993, №4.

Ирон æвзагмæ Ходы Камалы тæлмац.

 

Итайлаг драматург Паоло Джакометти (1816–1882) фыста историон драмæтæ («Торквато Тассо», «Мария Антуанеттæ», «Христофор Колумб», «Микеланджело Буонаротти»), комедитæ. Уæлдай кад уыд йæ комеди «Поэт æмæ балеринæ»-йæн. «Лæгмары бинонтæ» йæ рæстæджы уырыссаг æвзагмæ раивта А. Н. Островский, æмæ йæ æвдыстой театрты.

Паоло Джакометти

ЛÆГМАРЫ БИНОНТÆ

Фондзархайдон драмæ

Архайд цæуы рæбинаг Калибрийы Бурбонты заманы.

Архайджытæ:

Коррадо.

Арриго Пальмиери, философийы доктор.

Джиоакино Руво, монсиньор (дины сæр).

Дон Фернандо.

Гаэтано.

Розалия.

Эммæ.

Агатæ.

ФЫЦЦАГ АРХАЙД

Докторы парахат хæдзары. Хъæздыг, фæлæ уæздан хæдзарыдзаума. Астæуæй — æддæмæ ахизæн дуар. Фæйнæфæрсты цы æртæ дуары ис, уыдон сты цæхæрадонмæ, чиныгдонмæ, мидæггаг уæттæм.

ФЫЦЦАГ ФÆЗЫНД

Дон Фернандо æмæ Агатæ.

Фернандо. Уæдæ мæ уайтæккæ дæр базыдтай зæгъыс?

Агатæ. Куыннæ дæ базыдтаин, дæ хъомылгæнæг æз уыдтæн, мæ хъæбысы ралæг дæ.

Фернандо. Æниу мæ куыннæ базыдтаис, мæ фыдыфсымæр мæ ардыгæй Катанимæ куы федде кодта ахуырмæ, уæд мыл æнæхъæн фынддæс азы куы цыди, стæй ноджы...

Агатæ. Æмæ уæдæй ардæм дæр чысыл азтæ нæ азгъордта. Æрбакæс-ма, дон Фернандо, æз куыд базæронд дæн, уымæ. Ды та уыцы æрыгонæй баззадтæ.

Фернандо. Уæдæ фырдисæй дæ дзых хæлиуæй дæр уымæн аззади, куыддæр мæ ауыдтай, афтæ!

Агатæ. Цытæ дзурыс! Æз дис бынтон æндæр цæуылдæр фæкодтон — дины ахуыр, зæгъын, куыннæ райста.

Фернандо. Гъер дæ бамбæрстон. Ды æнхъæлдтай, зæгъгæ, æз æрбаздæхдзынæн Хуыцауы минæварæй, зæгъæм, прелатæй. Афтæ нæу?

Агатæ. О, цас фæкуывтон уый охыл бæрзонд Дженнаромæ!

Фернандо. Бузныг дæ фыдæбонæй! Табу Бæрзондылбадæгæн, дæ куывдтытæ дын кæй ницæмæ ’рдардта, уый тыххæй.

Агатæ. О Хуыцау! Мæнæ йæ дзыхæй цытæ хауы!

Фернандо. Рæстуд лæджы ныхæстæ, мæ дзæбæх хъомылгæнæг. Цыфæнды куыстмæ дæр зæрдæ нæ райы, зæгъгæ, уæд дзы мур дæр ницы рауайдзæн. Ды рæстытæ дзурыс: мæ бæрзонд хæстæг монсиньор Джиоакино Руво мæнæй саразынвæнд кодта дины лæг. Катанийæ мæ Римы дæр уымæн балæууын кодта йæ кардинал-æфсымæры хæдзары. Фæлæ йæ фæсайдтой йæ фынтæ. Гæрзарм цæмæ уыдтæн, уый — æхца хардз кæнынмæ, ахуырмæ — къаддæр, мæхи ирхæфстон, фыдуаг митæм та уæлдай æмхиц уыдтæн. Гъемæ, католичы бæсты, мæ фыды ’фсымæрмæ ’рбамидæг дæн гæзæмæ-гæзæмæ чырыстон адæймагæй, тынг дис кæнын, уый дæр мæ къухы куыд бафтыди.

Агатæ. О ме Скæнæг, цытæ хъусын ай? Уыдæттыл дæ фæцахуыр кодтон ныр, цымæ! Мæ удæй арт куы фæцагътон, цæмæй мацы тæригъæды бацæуай æнæнхъæлæджы! Дæ риуыл дын дины чингуытæ æмæ дзуæртты хуызистытæ цас фæцауыгътон! Оу, мæнæ мæ Хуыцау куыд ралгъыста демæ! Ныр дын дæ ныхæстæм дæ фыдыфсымæр монсиньор Руво куы ’рбайхъусид, уæд мæстæй нæ атонид. Уый цур-иу уæддæр дæхи равдис цъус уæздандæрæй!

Фернандо. Дæлимонтæй дын ард хæрын, æз Римы хуыртæ не ’хсæстон, цæстмæмитæ æмæ мæ фæливынæй ничи амбулдзæн. Мæнæ ныртæккæ ам дæр æххæст кæнын монсиньор Рувойы ныстуан, зилын иу адæймаджы фæдыл: зæгъ-ма уæдæ уæд — цæмæй нæ дæн замманай католик?

Агатæ. Иу адæймаджы фæдыл зилыс?

Фернандо. О, агурын æй. Стæй стыр æхсызгонæй, уымæн æмæ ныхас цæуы сылгоймагыл.

Агатæ. Сылгоймагыл? А, чи зоны... о, æвæццæгæн... æниу, уыцы ныстуан дæу бар кæнын цæмæн хъуыд... æниу, Монсиньор Руво рæдигæ никуы фæкæны. Æз та, мæ мæгуыр зæрдæйæ, афтæ банхъæлдтон, зæгъын, доктор Пальмиери æмæ мæн абæрæг кæнынмæ фæзындтæ. Дæ сабибонтæ докторимæ арвыстай...

Фернандо. Раст зæгъыс иуæрдыгæй, бæллыдтæн дæу фенынмæ дæр æмæ докторимæ дзæнгæда ацæгъдынмæ дæр. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг и, æмæ доктор Арриго Пальмиери, мæ сабибонты хæлар, Катанийæ сусæгæй цы сылгоймаджы раласта æмæ ам Калибрийы тарфы кæй бамбæхста, уый базонын мæм бирæ цымыдисагдæр кæсы. Чи у? Йæ ном цы хуыйны?

Агатæ. Чи у, уый ничи зоны. Йæ ном? Розалия.

Фернандо. Розалитæй фылдæр Сицилийы цы ис, æз дзы мæхæдæг кæй зыдтон, уыдонæн мæ сæ нымæц дæр ферох. Ды-ма мын зæгъ: уыцы Розалия чызг у?

Агатæ. Æмæ йын цы зонын.

Фернандо. Моймæдзыд у?

Агатæ. Æмæ йын цы зонын.

Фернандо. Йæ лæгæй рахицæн?

Агатæ. Æмæ йын цы зонын.

Фернандо. Уыдæттæн ницы зоныс. Омæ уæд та — рæсугъд у?

Агатæ (йе уæхсчытыл схæцгæйæ). Æмæ-гъа...

Фернандо. Æниу дæ уымæй дзæгъæлы фæрсын.

Агатæ. Уæд цæмæн?

Фернандо. Зыбыты иунæг зæронд ус дæр ацы фарстайæн дзуапп нæ ратдзæн, мæнæ дæуау йе уæхсчытыл хæрдмæ схæцдзæн. Цæй, йæ рæсугъддзинад ын мæхæдæг сбæрæг кæндзынæн. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ацы æбæрæг сылгоймаг, мæ фыдыфсымæр монсиньор Рувойы хъуыдымæ гæсгæ, йæхи фаг æгъдауджынæй не ’вдисы. Æмæ мæ фыдыфсымæр та, аргъуаны сæр уæвгæйæ, уыцы хъуыддагмæ хъуамæ йæ цæст тынг карзæй дара. Уæлдайдæр, амы адæм æнæуый дæр зындгонд сты сæ æнæхъуаджы фырнымд æмæ дамдумгæнагæй.

Агатæ. Дам-думтæй цы зæгъыс, уый зæгъ. Уæдæ æз цæмæн лæгъстæ кæнын Мадымайрæмæн æрвылбон. Тагъддæр ма куы аирвæзин ацы хæдзарæй, æнæ фæтæригъæдджын уæвгæйæ.

Фернандо. Æмæ цæуыннæ ацæуыс?

Агатæ. Нæй мын бар. Æз ацы хæдзары цæрын монсиньор Рувойы бардзырдмæ гæсгæ. Монсиньор та у мæ сыгъдæг фыд.

Фернандо. Цыдæр æлхынцъытæ хабар у. Мæ фыдыфсымæр æмæ доктор, ацы хæдзары хицау, истæуыл фæзулдзых сты?

Агатæ. Нæ зонын.

Фернандо. Æмæ сын, цымæ, цы уаринаг и?

Агатæ. Ехх, дон Фернандо! Бæлвырд хабæрттæй мæ ма бафæрс, уыдæтты кой уæздан адæймагыл нæ фидауы.

Фернандо. Гъемæ дæ уæд та афтæ фæрсын: цæй тыххæй дæ дары ацы «зындоны» тæккæ къæсæрыл дæ сыгъдæг фыд — монсиньор Руво? Ау, дуаргæс уай?

Агатæ. Нæ, дон Фернандо. Æз зылын дæн Хуыцауы раз, æмæ цæмæй мæ тæригъæдтæй фервæзон, уый тыххæй мын монсиньор равзæрста ацы фæлварæн.

Фернандо. Дзырдхæссæджы фæлварæн. (Иуварсмæ). Рагацау æй мæ хæлары, докторы, хъусты куы бацæгъдин.

Агатæ. Мæн куы ауадзис, хъуыддæгтæ мæ ис...

Фернандо. Фæлæуу, чысыл цæмæйдæрты ма дæ афæрсон... Æрмæст адæмымыггаг дзуаппытæ дæтт, дæ уæхсчытæ ма тил фæлæ. Дæ фысымæн бинойнаг уыди, докторæн?

Агатæ. Куыннæ йын уыд, фæлæ раджы амарди.

Фернандо. Кæм амарди?

Агатæ. Мæнæ ацы хæдзары. Доктор Пальмиери йæ чызгимæ Катанимæ цæрынмæ куы ацыди, уымæй дыууæ азы раздæр. Мæлгæ дæр уыцы чызджы аргæйæ акодта.

Фернандо. Катанимæ? Æз уырдыгæй куы рацыдтæн, уый фæстæ, æндæра куыннæ сæмбæлдыстæм. Æмæ уый фæстæ хъуыддаг нал бакодта мæ хæлар?

Агатæ. Æмæ-гъа!

Фернандо. Уæддæр та «æмæ-гъа»!

Агатæ. О ме Скæнæг! Омæ дын уæдæ цы зæгъон?

Фернандо. Нæ фæлæ æгæр дæр ма дзурыс, куыд дæм кæсын, афтæмæй. Уæдæ афтæ: уæвæн ис, æмæ дыккаг ус ракуырдта?

Агатæ. Гм...

Фернандо. Чи зоны, сусæгæй? Зæгъæм, Розалийы?

Агатæ. О, фæлæ...

Фернандо. «Гм...» «о, фæлæ!..» Барæй мын мæ сæр дзæгъæлтæ кæныс, æви?

Агатæ. Мæн ницы кæсы сæ хабæрттимæ. Фæнды дæ йæ фенын уыцы æбæрæг сылгоймагæн? Уæртæ и! (Амоны, галиуæрдыгæй цы дуар ис, уыцырдæм.)

Фернандо. Дзæбæх æй нæ уынын. Цыдæр чызг йемæ. Чи у? Йæ чызг у? Æви докторы чызг у?

Агатæ. Ницы йын зонын.

Фернандо. Дæлимонтæй дын ард хæрын, ам цыдæр ис! Мæнæн та ахæм куырмæлхынцъ хабæрттæ йеддæмæ мацы авæр, гъемæ йæ куы райхалон...

Агатæ. Нæ йæ райхалдзынæ.

Фернандо. Цыфæнды уа, уæддæр... Сабыр, ацырдæм æрбацæуынц. Нæхи уал иуварс айсæм. (Сценæйы арфмæ ацæуынц).

ДЫККАГ ФÆЗЫНД

Розалия, Эммæ, Фернандо, Агатæ.

Розалия (Эммæйы къухыл хæцы). Уæд та цæхæрадоныл азиликкам, мæ дзæбæх Эммæ? Дидинджытæ ’ртонæм?..

Эммæ. Стыр æхсызгонæй. Иу дзæбæх чъина саразæм дидинджытæй, æмæ йæ æз папайæн балæвар кæндзынæн, йæ рынчынтæй йæ куы равдæла, уæд. Æз ын дидинджытæ, уый та мын — батæ, мæнæн бирæ пайдадæр у.

Розалия. О, ныййарджыты батæ Хуыцауы хорзæх сты. Ацы хъуыддаг уæлдай тынгдæр сæ зæрдæмæ хæссынц, ныййарджыты рæвдыдæй чи фæцух вæййы, уыцы сабитæ.

Эммæ (æнкъардæй). Æз дæр мæ фыды рæвдыд йеддæмæ ницы зонын.

Розалия (æваст). Цом, цом цæхæрадонмæ. (Дуары ’рдæм фæцæйцæуынц).

Фернандо (хæстæг сæм бацæуы). Ныххатыр кæнут, кæд уæ...

Эммæ (сусæгæй Розалияйæн). Цавæрдæр лæг. Чи у?

Розалия. Кæмдæр æй цыма федтон. Фæлæ...

Фернандо. Агуырдтон... уæздан нæ разындтæн... (Агатæйæн.) Цыма йæ зонын, афтæ мæм кæсы.

Агатæ. Æцæг?

Розалия. Ныххатыр кæн, хорз лæг, æнхъæлмæ мæм кæсынц.

Агатæ (йæхицæн). Чи уа, цымæ?

Фернандо. Ныххатыр кæнут, æрмæстдæр иунæг минут! Ныр уынын, мæ зæрдæ мæ кæй нæ фæсайдта, уый. Мах зонгæ уыдыстæм Катанийы.

Розалия. Нæ хъуыды кæнын, синьор.

Фернандо. Дон Фернандойы нал хъуыды кæныс, уæ фыдмæ-иу арæх куы бауадтæн, хæларæй куы цардыстæм дæ...

Розалия (æваст ын йæ ныхас фескъуыны). Уæвæн ис, кæй зæгъын æй хъæуы... о, афтæ мæм кæсы, цыма... фæлæ уал азы...

Фернандо. Цыппæрдæсмæ ’ввахс...

Розалия. О, цыппæрдæс.

Фернандо. Чи ’нхъæл уыди, ахæм амондджын æмбæлд фæкæндзыстæм... Ацы чысыл зæд та дæ чызг у?

Эммæ. Нæ, синьор, æз нæ зонын мæ мады, амарди, æз куыддæр дунемæ фæзындтæн, афтæ... Уый тыххæй мын мæ цард æппындæр ад нæ кæны! Æви хæрз æдылы дæн! Кæд мæн аххосæй бацыди мæрдтæм!

Фернандо. Мæгуыр йæ бон!..

Эммæ. Ехх, цæй тынг мæ фæнды, мæхи дзæбæх Розалия мæ мад куы уаид, уый!

Агатæ (йæхицæн). Æмæ дæ мад куы у.

Эммæ. Уæд ацы зæрдæрыст нæ бавзæрстаин. Иууылдæр мын афтæ дзурынц, лæмæгъ, дам, дæ, алцы дæр, дам, дæ зæрдæмæ хæссыс, кæугæ дæр арæх фæкæнын.... Уымæн æмæ нæу мæ бон ферох кæнын... Куыддæр мæ зæрдыл æрбалæууы, мæ мад мæн аргæйæ кæй амарди, йæ адзалы аххос æз кæй дæн, уæд мæхицæн адæргæй бынат нал фæарын æмæ мыл дуне баталынг вæййы. Æмæ ма мæ фыд куы нæ уаид... хæларзæрдæ, уæздан, уарзы мæ йæ удæй фылдæр, æдзух мæн рæвдауын йеддæмæ ницы кусы...

Фернандо. Уæдæ, ды доктор Пальмиерийы чызг дæ!

Эммæ. О, синьор.

Фернандо. Мæ сабибонты хæлары чызг?

Розалия (дисгæнгæ). Дæ хæлар у?

Эммæ. Ау, зоныс мын мæ фыды? Уарзыс æй? Мæнæ мын цы ’хсызгон у! Зæгъ-ма, æцæгæй дæр зæды хуызæн нæу мæ фыд?

Фернандо. О, стæм сты Пальмерийы хуызæн адæймæгтæ. Æмæ мæнæ уæ дыууæмæ кæсгæйæ æмæ хъусгæйæ, æз æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ: йæ уæздан æмæ парахат зæрдæйы тыххæй йын Хуыцау балæвар кодта аккаг хорзæхтæ. Æцæгæй дæр æй ныр æрхъуыды кодтон, чызг ын кæй уыди, уый.

Агатæ. Нæ дын дзырдтон, синьор, чызг ын уыдис, зæгъгæ... фæлæ йыл азтæ куыд цыдысты, афтæ йæ бакаст æндæрхуызон кодта. Уæлдайдæр та йæ цæстытæ, раздæр сау уыдысты, ныр та йын æрвхуызцъæх систы: йæ хъомылгæнæг загъта афтæ, хъомылгæнæг та, мæхицæй йæ зонын, рæдигæ никуы фæкæны.

Фернандо. Сыгъдæг Дженнаройæн зын ницы у.

Агатæ. Æвæццæгæн, афтæ дæр у.

Розалия. Уымæй цы зæгъынмæ хъавыс, дзæбæх Агатæ?

Агатæ. Æппындæр ницы. Æз зæгъын, адæмæй сæдæ хатты цы фехъуыстон, æрмæстдæр уый.

Розалия. Æгæр бирæ уарзыс радзур-бадзуртæ... фæлæ нæ ныр ссæрибар кæн дæ ныхæстæй æмæ дæхи хъуыддæгтæм бавнал, уымæн æмæ...

Агатæ. Ме хæс у дæ бардзырдмæ хъусын.

Розалия. Æз дæ кургæ кæнын...

Агатæ. Æмæ бардзырд цæй тыххæй ма хъуамæ раттай. Ацы хæдзарыл дæ бар, мыййаг, нæ цæуы?

Розалия. Ацы хæдзарыл цæуы æрмæстдæр иу адæймаджы бар.

Агатæ. Гъемæ иу дæр фæуæд.

Эммæ. Афтæ хорз нæу, Агатæ! Æдзух схуыст ныхас кæныс. Гъеныр цытæ ралæхурдтай — сау цæстытæ, цъæх цæстытæ! Цæстытæ мын радта Хуыцау æмæ сын сæ хуыз раивын дæр йæ бон у. Мæ зæрдæмæ нæ цæуы, æдзух Розалияйы кæй æфхæрыс, уый. Хæларзæрдæ куы у, æз мады ад уымæй базыдтон, стæй йæ уарзгæ дæр кæнын, раст цыма мæ ныййарæг мад у, уыйау.

Агатæ. Кæс-ма, дæ хорзæхæй!!

Эммæ. Ацу, нæ дæ уарзын.

Агатæ. Цæуын, цæуын! (Цæугæ-цæуын, йæхицæн.) Сдзырд сæм куыннæ и ацы дзæгъæлзадтæм! (Ацæуы).

Фернандо. Сæхицæй хæрзæгъдау куыд аразынц ацы усбирæгътæ.

Розалия. Фæразын хъæуы.

Фернандо. Радзур-ма мын уæдæ ныр, синьорæ Розалия, дæ бинонты хабæрттæ, стæй...

Розалия (амоны йын, мацы дзур, зæгъгæ). Эммæ, ныхас мæ ис дон Фернандоимæ, нæ дæ фæнды цæхæрадоны атезгъо кæнын?

Эммæ. Æвзæр нæ уаид: дидинджытæ дæр æртонон, цалынмæ мæ фыд нæма ’рбацыди, уæдмæ. Фенынмæ, Розалия!! Дзæбæхæй баззай, дон Фернандо!

Фернандо. Фæндараст, уæларвон зæд! (Эммæ ацæуы.) Тынг æфсæрмы кæнын, æгæр дæ кæй тыхсын кæнын, уымæй... Эммæйы дæр ам уагътаис... Æви дзы исты сусæггаг и нæ ныхасы?

Розалия. Чызг мæ ивгъуыд царды хабæрттæн ницы зоны. Уыцы хабæрттæ та ахæм æрхæндæг сты, æмæ, дæ фæрстытæн дзуапп дæтгæйæ, тæссаг у, йæ уæздан зæрдæ йын æгæр куы бафхæрон, уымæй. Мæгуырæг, ахæм уарзтæй мæ уарзы, æмæ... Дæхæдæг дæр уыдтæ æвдисæн.

Фернандо. О, фæлæ йæ æз уæддæр не ’мбарын: дæуæн лæг кæй уыди, уый куы базона, уæд уым рафауинагæй цы ис? Дæ лæг абон дæ цуры кæй нæй æмæ ацы хæдзары дæ уавæр сæ хæрзтæй кæй нæу, уыдæттæ хынцгæйæ, æз æнхъæлын, æмæ дæ лæг амард — кæд ма исты хъуыды кæнын, уæд.

Розалия. Æмæ кæд æгас у, уæд та?

Фернандо. Уæд та, æвæццæгæн, мæн мæ зæрдæ фæсайдта, æндæр кæимæдæр дæ фæивддзаг кодтон. Æмæ уæд уый æндæр хъуыддаг у... Кæм и, цы ’рцыди? Хицæн аистут?

Розалия. Мæ бон уын нæу дзуапп раттын.

Фернандо. О, фæлæ бæрæг у дæ цæстытæй... Ныууагъта уæ? Дæ сæр куы ’руагътай? Ныууагъта уæ? Афтæ дæр æй зыдтон. Бæрзонд æмæ абухгæ ’нкъарæнтæ чингуыты вæййынц хорз, æцæг царды нæ бæззынц æмæ фыдбылыз сайынц сæ фæстæ. Дзæбæх ма хъуыды кæнын уæ чындзæхсæв. Скъæфгæ дæ акодта уыцы æрра. Æрмæстдæр мах артуадзæг арвы бын, мах зынгæмхиц зæххыл райгуырынц ахæм адæймæгтæ, уыдонæн фаг нæу рæстæмбис цард, тырнынц алы хъуыддагæн дæр йæ рындз æмæ йæ тæккæ æрфытæм: кæд хорзы цæуынц, уæд стыр хорзы, кæд фыдракæнд, уæд та æвирхъауы!!

Розалия. О, æвирхъауы, æвирхъауы!..

Фернандо. Раст уыдысты дæ ныййарджытæ, куынæ дæ...

Розалия. Курын дæ, мацыуал зæгъ!

Фернандо. Кæмæн цы нывгонд и хъысмæтæй, уымæй йын аирвæзæн ничердæм и... уырны мæ фидарæй. Ды та, боны фæстагмæ, сæрибар уæддæр уыдаис. Æмæ уæдæ куыд у дæ цард докторы хæдзары? Тынг адджын рахонæн ын нæй, афтæ нæу? Æмбарын: сусæгæй, æнæ аргъуаны саргъаугæйæ...

Розалия (йæ хъустыл не ’ууæндгæйæ). Дон Фернандо, цытæ дзурыс уый?!

Фернандо. Мæнæй ма ’фсæрмы кæн. Æз мæхæдæг ме сæфт уынын кæнгæ хæрзæгъдау митæй. Сылгоймаг æмæ нæлгоймаджы ахастытæм мæнæн ис мæхи сæрмагонд цæстæнгас. Фæлæ нæ уæздан кæнгæ æгъдæуттæ... римаг бæрзонд аргъуантæ... триентаг галуаны дунеон сыгъдæг уынаффæтæ...

Розалия. Æгъгъæд!! Ды дæр та... Ам дæр мыл фæхахуыртæ кодтой... алы ран дæр. Афтæмæй та мæхимæ ницы аипп зонын. Æвæгæсæгæй баззадтæн, нал хион, нал хæстæг — се ’ппæт дæр мыл æвдисæн бакодтой, æмæ уæд сывæллонмæ цæстдарæгæй бацыдтæн, мæ сæрæн куы ницыуал хос ардтон, уæд. Мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ доктор Арригойæ уæздандæр адæймагыл никуыма сæмбæлдтæн. Æмæ йæ мыггагмæ дæр нымайдзынæн мæ ирвæзынгæнæгыл. Нæ зæрдæ нæхимæ ницæмæй æхсайы, дон Фернандо, бауырнæд дæ, сыгъдæг сты нæ удтæ æмæ нæ цæсгæмттæ.

Фернандо. Æз дыл æууæндын, синьорæ Розалия, фæлæ дын аргъ кæнин, дæ ныхæстæ æцæг куы уаиккой, уæд дæр. Мæнæн царды зæххон æгъдæуттæ аргъуаны уагæвæрдтæй æввахсдæр сты. Фæлæ сразы у: мæ фыдыфсымæр, монсиньор Рувойæн, йæ бон нæу мæн хуызæн хъуыды кæнын.

Розалия (йæ хъустыл не ’ууæндгæйæ). Цы загътай? Монсиньор Руво дæ фыдыфсымæр у?

Фернандо. Дæ зæрдæмæ нæ цæуы ацы хъуыддаг?

Розалия. Æппындæр нæ. Мæ цард мын уый сæнад кодта.

Фернандо. О, йæ ныхæстæй бæрæг вæййы, уæ ахастытæн бынтон хæлар рахонæн нæй. Фæлæ дын, зæгъгæ, дæ цард сæнад кæна... Афтæ кæд цæмæй дины раз йæ цæсгом ссыгъдæг кæна, уый тыххæй.

Розалия. Сыгъдæгцæсгом лæг хахуыртæ нæ фæмысы.

Фернандо. Разы дæн демæ. Фæлæ уымæн дæр дин йæ уæлæ цы бæрнон пæлæз æрæфтыдта, уый намыс æй æндæр хуызы архайын нæ уадзы. Йæ хæс æххæст кæны. Кæд дæ фæнды, уæд мæ фыдыфсымæр архайы инквизиторау. Фæлæ уый у рæстзæрдæ инквизитор. Уый æппындæр гуырысхо нæ кæны, дæу æмæ Арригойы ’хсæн цы ахастытæ ис, уыдон кæй сты æнæхуыцау, аргъуаны фарн чъизигæнæг.

Розалия. О, фæлæ нæй ахæм ахастытæ не ’хсæн.

Фернандо. Æз дыл æууæндын. Фæлæ адæм, æхсæнад...

Розалия. Адæмы, æхсæнады хъуыдыйæн аздахæн ис кæцырдæмфæнды дæр.

Фернандо. Омæ уый кæй бахъуыди?

Розалия. Йæ чырыстон уарзт æмæ æгъдауæй йæ синысæртыл чи хæцы, уыдоны. Фыццаг дур мыл сæмбæлд дæ фыдыфсымæры къухæй.

Фернандо. Ау, уый уыдаид?

Розалия. Кæм райгуырдысты хахуыртæ? Кæцæй райдыдтой хилын хæдзари-хæдзар? Дæ фыдыфсымæр цы аргъуаны сæр у, уырдыгæй.

Фернандо. Зæгъ-ма мын, мæ фыдыфсымæр дæ æфхæрдта, æртхъирæнтæ дæм кодта?

Розалия. Нæ. О Хуыцау! Тох цæуы зыбыты саудалынджы, сусæгдзинады фæлмы. Амæттагыл иу цæф иннæйы фæдыл æмбæлы, фæлæ йæ цæвгæ цы къух кæны, уый нæ уыны. Æз мæ цард æрвитын тæрсгæ-ризгæйæ... абон куы нæ, уæддæр райсом... аргъуаны лæгтæн уыйбæрц æнæуынон дæн, æмæ фæтæригъæд кæнын сæ фæсонæрхæджы дæр нæй.

Фернандо. Æнæуынон? Разы дæн демæ, фæлæ мæ фыдыфсымæр... Уымæн дæр дæ æнæуынон?

Розалия. О, тынг.

Фернандо. Омæ, уымæн цыдæр сусæг æфсæнттæ ма хъуамæ уа?

Розалия. Ис ахæм æфсæнттæ.

Фернандо. Мæнæн сын нæй зонæн?

Розалия. Нæ, уыйбæрц къæйных нæ дæн.

Æрбацæуы Агатæ.

ÆРТЫККАГ ФÆЗЫНД

Розалия, Фернандо, Агатæ.

Розалия. Цы, дам, Агатæ?

Агатæ. Мæн æрбарвыстæуыд, цæмæй базонон, доктор ам ис æви нæй, уый. Монсиньор Руво йæм æнхъæлмæ кæсы уазæгуаты, тынг æй фæнды докторы фенын.

Розалия (фæтæрсгæйæ). Монсиньор Руво?

Агатæ. Ахæм уазæг дæ зæрдæмæ нæ цæуы, синьорæ?

Розалия. Уый мæн уазæг нæу. Доктор нæма фæзынди, фæлæ йæ рæхджы ардæм хъæуы. Кæд æмæ монсиньоры фæнды банхъæлмæ кæсын, уæд уал æй ардæм рахон, йæ хæрæфырт дæр ам ис.

Агатæ (бахудæгау кæны). Дынджыр бузныг. (Ацæуы.)

Розалия. Æз цæхæрадонмæ акæсон, Эммæмæ.

Фернандо. Мæнмæ гæсгæ та хуыздæр уаид, ам куы баззаис, уæд, мæ фарс рахæцис.

Розалия. Æз ам баззайон? Уымæн уæвæн нæй. Дон Фернандо, ды мæн зоныс, чызг ма куы уыдтæн, уæдæй ардæм, дæу фидарæй уырны, æз мæ сæрæн кæй ницы зонын, уый, Æмæ уæдæ бацархай, цæмæй уый дæр бауырна, æз кæй ницы сарæзтон æвзæрæй, ахæмæй мæм кæй ницы ис, цæмæй мæ йæ маст иса, мæ фæдыл сусæгæй дзырдхæсджыты ардауа, æнæуый дæр чысыл хъизæмар нæ баййæфтон. Ныууадзæд мæ мæнæ ацы бонзонгæ адæмы хæдзары мæ мæгуырыл. Фæдзур ын уыдæттæ, дæ хорзæхæй, курын дæ Хуыцауæй курæгау. Кæд уый дæ бон нæу, уæд та мыл ног хахуыртæ мауал æрымыс дæхæдæг. (Эммæ цы дуарыл ахызти, уый дæр ууылты ацæуы.).

Фернандо. «Ис ахæм æфсæнттæ...» Кæд, мыййаг, мæ фыдыфсымæр, хæлд, æнæуаджы бæсты уæздан удимæ самадта тох?.. Хорз ма йæ хъуыды кæнын, мæ фыдыфсымæр кæддæриддæр уæлдай тынгдæр йе ’ргом здæхта æнæхин, фæлæ æнæфæхæцæг уæрыччытæм. Æмæ уæдæ, ныр дæр диссагæй цы ис ам? Кæд та ныр дæр, йæ дзугæй цы æнæфæхæцæг уæрыкк радзæгъæл, уый фæстæмæ фысдонмæ баздахынмæ хъавы... хорзы йын бацæуыны охыл...

Æрбацæуы монсиньор.

ЦЫППÆРÆМ ФÆЗЫНД

Монсиньор. Ам ма дæ? Цæй, куыд, исты фæдыл фæхæст дæ?

Фернандо. Æз архайдтон, инквизитор куыд фархайы, афтæ. Фæнды дæ бауырнæд, фæнды ма, фæлæ уый у иттæг вазыгджын куыст.

Монсиньор. Гъе, æмæ дæм куыд фæкасти, йæхицæн барæй сæрнизтæ чи агуры, уыцы æнæбон сылгоймаг? Ды Хуыцауæн фыдæбон кæныныл дæ къух систай æмæ дæ бафæндыди зæххон цардæй цæрын. Гъе уымæ гæсгæ дын дæ фæлтæрддзинад фадат дæтты, цæмæй сылгоймаджы рахатай йæ иунæг фæкаст, йæ иунæг фезмæлдæй: æрхæндæг уа, æфсæрмдзæстыг уа, йæ бакастæй нын нæ зæрдæ ’лхæна...

Фернандо. Кæй зæгъын æй хъæуы, цыдæртæ базыдтон æз дæр сылгоймæгты тыххæй, фæлæ сæ тæригъæдтæ сыгъдæг кæнынмæ кæмæ цæуынц, уыдон сæ хуыздæр зонынц.

Монсиньор. Ахæм сылгоймæгтæ сæ тæригъæдтæ сыгъдæг кæнынмæ нæ фæцæуынц.

Фернандо (иуварсмæ). Æмæ æдылытæ сты...

Монсиньор. Гъемæ уæддæр цы?

Фернандо. Æргом дын æй зæгъын, ацы Розалия, кæд цыфæнды æнкъард æмæ ’рхæндæг у, уæддæр дзы æз «нæгъ» нæ зæгъин, фæлæ ард бахордтон, бинонтæ не ’ркæндзынæн, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ, ды раст дæ.

Монсиньор. Цæмæй дæн раст?

Фернандо. Де сæфт дзы кæй уыныс, уымæй.

Монсиньор. Æз дзы уынын ме сæфт? Цытæ дзурыс! Тæригъæд ын кæнын æз, стæй ноджы тынг тæригъæд. Æз æй раздахынмæ хъавыдтæн раст фæндагмæ. Кæд дæ йæ зонын фæнды, уæд ын суанг бынат дæр æрцæттæ кодтон аргъуаны, мæхи дæлбазыр.

Фернандо. Æцæг зæгъыс? (Иуварсмæ.) Уæддæр æй фæстæмæ йæ дзугмæ баздахынмæ хъавыд! (Уымæн.) Æмæ не сразы?

Монсиньор. Разы цы хоныс!! Цæхгæрæй æмæ карзæй «нагъ» загъта. Уымæй дын исчердæм комы!

Фернандо. Кæмæй?

Монсиньор. Йæ хæзгулæй.

Фернандо. Арригойæ зæгъыс? Рæдийыс, нæу йæ хæзгул.

Монсиньор. Нæу йæ хæзгул? Ды хорз нæ зоныс Арриго Пальмиерийы, æз та йæ уынын йæ сæрæй йæ къæхты бынмæ. Хуыцауыл не ’ууæнды.

Фернандо. Хуыцауыл не ’ууæнды? Арриго?

Монсиньор. О. Цы чингуытæ кæсы, уый та? Æгас хæдзары ис æрмæстдæр иунæг дзуары фæлгонц, æмæ уый дæр уымæн, æмæ йæ хоны Бенвенуто Челлинийы уацмыс. Кæй хуызистытæ ис йæ чиныгдоны? Сарни, Арнальдо, Джордано Бруно, Кампанелла, Филянджери, Франческо Конфорти, Доменико Чирилло.

Фернандо. Стыр лæгтæ се ’ппæт дæр.

Монсиньор. Фæлæ се ’ппæт дæр сæ цардæй бавдæлон сты сæркъуырæн къодахыл.

Фернандо. Идейæйы сæраппонд.

Монсиньор. Цытæ дзурыс, дæ зонд фæцыд?

Фернандо. Диссаг мæм кæсы, монсиньор: цæй хорз зоныс, ам цытæ цæуы, цы дзурынц, цæуыл хъуыды кæнынц, цы хæрынц, — тынг стæм хатт куы ’рбафтыс ардæм.

Монсиньор. Мæ цæстæнгас къулы иннæрдæм хизы.

Фернандо. О, фæлæ цæй охыл æрцыдтæ ахæм хъуыдымæ, зæгъгæ, Розалия у хæлд сылгоймаг, стæй ноджы хæзгултæ сты Арригоимæ?

Монсиньор. Дæхæдæг æй не ’мбарыс: дин кæм нæй, уым æгъдауæн дæр уæвæн нæй?

Фернандо. Не ’мбарын. Æз зонын æрмæстдæр уый, æмæ докторæй тынгдæр æппæлынц мæгуыртæ, хонынц æй хæларзæрдæ, уæздан, цæстуарзон...

Монсиньор. Гъе, гъе уыддæтты тыххæй у тæссаг Арриго.

Фернандо. Сымах, мæнмæ гæсгæ, быцæу кæнут цавæрдæр принципты охыл, æмæ уыцы быцæуы судзгæ та бакæндзæн мæгуыр Розалия.

Монсиньор. Мæгуыр Розалия хъуамæ йæхи æрцæттæ кæна ардыгæй тынг дард ранмæ абалц кæнынмæ.

Фернандо. Ардыгæй йæ фæсурынмæ хъавыс? Æрмæстдæр гуырысхойы бындурыл сылгоймаджы сыгъдæг ном цæсты бафтау, уый...

Монсиньор. Гуырысхойы бындурыл? Зон уæдæ, мæнæн мæ къухты ис, бынтон æнæгуырысхойæ æмæ карзæй цæмæй архайон, ахæм æвдисæндартæ.

Фернандо. Дзæбæх ахъуыды кæн, монсиньор! Розалия ахæм æнæрхъуыды бафхæрды аккаг нæу, æз æй рагæй зонын, æмæ йæ зонын раст æмæ æнæхæлд адæймагæй... Гъе, æрмæст дзы лæгæй амонд нæ фæци æмæ...

Монсиньор (дисгæнгæйæ.) Моймæдзыд у? Уый та ноджы фыддæр... кæнæ та, ноджы хуыздæр!! Кæм и йæ лæг?

Фернандо. Нæ зонын.

Монсиньор. Хицæн аисты?

Фернандо. Розалияйы аххос нæу.

Монсиньор. Ус вæййы æдзухдæр аххосджын.

Фернандо. Ма батагъд кæн, ахъуыды кæн бæстондæр.

Монсиньор. Ахæм заман мах рахъуыды-бахъуыды нал фæкæнæм.

Фернандо. Æмæ уæ тæрхон раст нæ вæййы.

Монсиньор (карзæй). Цы дам?

Фернандо. Ома, зæгъын...

Монсиньор. Фæлæ дæ уæддæр бузныг дæн ацы хабары тыххæй.

Фернандо (иуварсмæ). Хуыздæры ’фсон ын фыддæр ракодтон.

Æрбацæуы Агатæ.

ФÆНДЗÆМ ФÆЗЫНД

Монсиньор, Фернандо, Агатæ.

Монсиньор. Нæма ’рбацыди уæ синьор?

Агатæ. Бæргæ йын рагæй афон у, фæлæ ныффæстиат цæхæрадоны уыцы дидинджытимæ. Æмæ уæдæ куыд, лæвар йæ... йæ чызджы лæвар, Стæй уæд рæвдауæн ныхæстæ, лæгъзытæ, мидбылхудтытæ синьорæимæ... Чызджы хъомылгæнæгимæ.

Фернандо (йæхицæн). Гъер ай хæйрæджджын нæу!..

Монсиньор. Мæнмæ ракæсын йæ сæрмæ ’рхæсдзæн?

Агатæ. Чиныгдонмæ фæцæуы, загъта, монсиньор, дам, мæм иу минут банхъæлмæ кæсæд.

Фернандо. Тынг хорз. Кæдæй-уæдæй ма йæ фендзынæн!

Монсиньор. Æрмæст ныртæккæ нæ. Мæн йемæ адзурын фæнды лæгæй-лæгмæ.

Фернандо. Омæ, æз...

Монсиньор. Тыхæй дæ хъуамæ арвитон?

Фернандо. Мæхæдæг ацæудзынæн. (Ацæуы).

Монсиньор (хъуыддагхуызæй). Ногæй исты базыдтай?

Агатæ. Ницы. Фæлæ чызджы тыххæй зонын бæлвырдæй...

Монсиньор. Чызджы тыххæй цы зонын хъæуы, уыдон æз иууылдæр мæхæдæг зонын, цæугæ! (Агатæ йын йæ къухæн ба кæны). Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн райсом.

Агатæ. Æнæмæнг, монсиньор. (Ацæуы).

Монсиньор. Гъеныр æй кæд фæнды йæ бæрзонддзинад философы мемæ дзырдæппарæнтæй ахъазын, уæд æз цæттæ дæн.

Æрбацæуы Пальмиери.

ÆXСÆЗÆМ ФÆЗЫНД

Пальмиери æмæ монсиньор.

Пальмиери. Ныххатыр кæн, монсиньор, æгæр бирæ мæм кæй фенхъæлмæ кастæ, уый тыххæй, фæлæ...

Монсиньор. Хатыр дæ мæхæдæг хъуамæ ракурон, ме ’рбацыдæй дæ фæцух кодтон дæ бинонтыл баузæлыны цинæй, дæ философон сагъæстæй... Бауырнæд дæ, ме ’рбацыды сæр...

Пальмиери. Де ’рбацыды сæр цыфæнды куы уа, уæддæр дæ курын, монсиньор, æмæ бадгæ скæн.

Монсиньор. Бузныг. (Сбады.) Ничи нæ хъусы?

Пальмиери. Ничи.

Монсиньор. Мæ ныхас демæ цы хъуыддаджы фæдыл уыдзæни, уый у иттæг ахсджиаг.

Пальмиери. Æз дæм, алкæдау, ныр дæр байхъусдзынæн иттæг лæмбынæгæй.

Монсиньор. Цæмæй дæ æгæр ма бафæлмæцын кæнон, уый тыххæй æз, æнæ уæлдай ракæ-бакæйæ, бавналдзынæн хъуыддагæн йæхимæ.

Пальмиери. Тынг бузныг дæ фæуаин.

Монсиньор. Æз дæм æрбацыдтæн, цæмæй демæ аныхас кæнон уыцы зындгонд сылгоймаджы тыххæй.

Пальмиери. Чи уа уыцы зындгонд сылгоймаг?

Монсиньор. Гм... Розалия.

Пальмиери. Кæд ног ныхас нæу, уæддæр æдзухдæр вæййы æхсызгон ныхас.

Монсиньор. Ацы хатт æхсызгон нæ уыдзæн. Уый хъуамæ æрвыст æрцæуа канд ацы хæдзарæй нæ, фæлæ ацы зылдæй дæр.

Пальмиери. Уæд цæй тыххæй, монсиньор?

Монсиньор. Уыдæттыл дзурын æз нымайын уæлдай хъуыддагыл.

Пальмиери. Уæдæ уæд нæ ныхас уыдзæн хæрз цыбыр. Ды мæн нымайыс философыл, философæн та йæ фыццагдæр хæс у фæзындтытæн æмæ предметтæн се ’фсæнттæ агурын. Æмæ ды цы домыс, уымæн иунæг рæстмæ æфсон дæр нæй. Розалия у сыгъдæгцæсгом сылгоймаг, цæры сыгъдæгцæсгом лæджы хæдзары, у мæ чызджы хъомылгæнæг æмæ ууыл нæ ныхас ахицæн.

Монсиньор. Дæ чызджы...

Пальмиери. Гуырысхойаг дæм кæсы, монсиньор?

Монсиньор. Нагъ. Фæлæ тæрсын, кæд, зæгъын, ацы чызг нæу, æз дæуæн цы чызгыл саргъуыдтон, уый.

Пальмиери. Уый та куыд ома?

Монсиньор. Мæнмæ гæсгæ, де ’цæг чызг, Эммæ, амарди Катанийы, уыцы горæты куы ’рцардтæ, уымæй цалдæр мæйы фæстæдæр.

Пальмиери. Рæстытæ дын нæ радзырдæуыди.

Монсиньор. Нæй уæвæн уымæй растдæр ныхасæн. Абон райсомæй æз æвдисæндар райстон Катанийы Бенедиктинты аргъуаны сæрæй — æвдисæндар, дæ чызг кæй амарди, уый тыххæй. Мæнæ и, табуафси. (Дæтты йæм гæххæтты сыф.) Райс æй, райс, ницы кæны, æркæсдзынæ йæм, рæстæг дын куы фæуа, уæд. Мæнмæ ма дзы иу ис. Куыд уыныс, афтæмæй, кæд философ нæ дæн, уæддæр æз дæр ме хæсыл нымайын фæзындтытæ æмæ предметтæн се ’фсæнттæ агурын.

Пальмиери. О, уæлдайдæр та уыцы хъуыддаг искæмæн фыдбылызы хос куы вæййы, уæд. Стæй ма уынын ноджыдæр, мæ хæдзары хабæрттæ мæхицæй хуыздæр кæй зоныс, уый дæр.

Монсиньор. Мæ аргъуаны намысыл къæм цы бадын кæна, уый искæй хæдзары хъуыддаг нæу, фæлæ мæ хъуыддаг.

Пальмиери. Мæлæты æнæвнæлд намыс!

Монсиньор. Афтæ уæдæ. Дæ бинойнаг амарди, дыккаг ус нал æркодтай, уымæ гæсгæ дæ дыккаг чызг Эммæ райгуырди æнæзакъонæй.

Пальмиери. Раст кæй нæ зæгъыс, уый дын хæрз æнцонæй бавдисин. Фæлæ мæ хъуыддæгты фæдыл æз дзуапп дæттын æрмæстдæр ме ’фсармы раз. Эммæ æнæзакъон чызг у, закъонæй чызг у, уый æппындæр нæу дзурæг ууыл, æмæ йæ мад æнæмæнг у Розалия.

Монсиньор. Кæд комкоммæ ууыл дзурæг нæу, уæддæр фæгуырысхойæн фаг у.

Пальмиери. Ахæм гуырысхотæ фæкæнынц, йæхæдæг сыгъдæгцæсгом чи нæ вæййы, уыдон.

Монсиньор. О, фæлæ уæддæр иу хъуыддаг у бынтон бæлвырд: Розалия у моймæдзыд, цæры йæ лæгæй хицæнæй, уæдæ уæд... Куыд уыныс, афтæмæн мын уый дæр зындгонд у.

Пальмиери. Уынын, уынын.

Монсиньор. Ацы сылгоймаг йæ лæгæй рахицæн æмæ цæры дæ хæдзары.

Пальмиери. О, йæ лæгæй рахицæн. Фæлæ цæй тыххæй, уый зоныс, монсиньор?

Монсиньор. Нæ зонын.

Пальмиери. Афтæмæй та йыл алыхуызон даутæ мысыс.

Монсиньор. Ацæуæд фæстæмæ!

Пальмиери. Кæдæм?

Монсиньор. Й&ae



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.