Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЦЫППÆРÆМ АРХАЙД



ЦЫППÆРÆМ АРХАЙД

Фыццаг æмæ æртыккаг архайды декораци.

ФЫЦЦАГ ФÆЗЫНД

Коррадо æмæ Фернандо.

Коррадо (бады стъолы уæлхъус). Мæ хæлар, зæгъын ма дын ноджыдæр иу хатт: мæ мæгуырыл мæ ныууадз.

Фернандо. Æз дæр ма дын ноджыдæр иу хатт зæгъын: цæуыл ахицæн уæ фембæлд? Иуæй дыл мæхи зæрдæ дæр риссы, иннæмæй та мæн фæнды мæ фыдыфсымæры фæндон сæххæст кæнын: уый, æрхъæцмæ нæ хъæцгæйæ, æнхъæлмæ кæсы дæ дзуапмæ.

Коррадо. Æгæр йæхи тыхсын кæны монсиньор, нæ зонын — цæй охыл. Цы дзуапп хъуамæ раттон? Цы хъуамæ зæгъон, кæд æмæ æппындæр ницы зонын, уæд?

Фернандо. Розалияйы нæ федтай?

Коррадо. Федтон.

Фернандо. Гъемæ дын цы загъта?

Коррадо. Бирæ цыдæртæ, фæлæ дзы фидарæй бамбæрстон ну хъуыддаг.

Фернандо. Уæд цавæр хъуыддаг?

Коррадо (йæ зæрдæмæ амонгæйæ). Уыцы ныхас мæнæ ам и, мæ лымæн.

Фернандо. Æмæ нæ рацæудзæн уырдыгæй?

Коррадо. Æрмæстдæр, зæрдæ фæйнæрдæм куы атона, уæд.

Фернандо. Омæ дæ нал фæрсын, кæд афтæ у, уæд. Фæлæ чызг?

Коррадо. Кæй чызг?

Фернандо. Хъуыддаг дæр уый мидæг и... Дзæбæх æй федтай?

Коррадо. О.

Фернандо. Æмæ дæм куыд сдзырдта дæ зæрдæ?

Коррадо. Зæрдæйы ныхæстæн рафæзмæн и? Иуæй мæ фæндыди мæ хъæбысы йæ ныттухын, иннæмæй та йæ — амарын.

Фернандо. Уыцы иу рæстæг?

Коррадо. О.

Фернандо. Æмæ уæдæ зыбыты саудалынг?

Коррадо. Фыддæр зæгъæн нæй! Мæ зæрдæ дарын, кæд мын доктор исты бамбарын кæнид, фæлæ уый дæр ныффæстиат и кæмдæр. Кæсын æм æнхъæлмæ катайгæнгæ, мæ буары ихæнриз мæ бон бауромын нæу. Нæ ныхас ацы ран хъуамæ уа, гъе уымæ гæсгæ дæ курын, æмæ ацу, курын дæ æртыккаг хатт, цыппæрæм хатт мæ дæхимæ мауал сдзурын кæн!

Фернандо. Нал дæ сдзурын кæндзынæн. Фæлæ мæн фæнды æрмæстдæр иу хъуыддаг: æрсабыр у, лæмбынæг ахъуыды кæн дæ уавæрыл. Дæ уавæр та, æргом дзургæйæ, сæ хæрзтæй нæу. Ныридæгæн мæ цæст æрхæцыд цалдæр бæхджын жандармыл; æвæццæгæн, фæзындысты, цæмæй...

Коррадо. Цæмæй мæн æрцахсой? Уый та ноджы хуыздæр!.. Йæ бинонтæй чи бавдæлон, уый ма йæ цардæй дæр цы кæны! Мæ бинойнаг æмæ мæ чызгæн цардтæн æз æрмæстдæр, æндæра мæ сæр фæхостаин ахæстоны дурын къултыл æмæ афтæмæй уæддæр ссардтаин мæ адзал. Фæлæ йæ зон, адзалæн мæнмæ ныртæккæ ис æндæр мадзал дæр... æрмæст цалдæр минуты — æмæ мæ хъуыддæгтæ иууылдæр сæхи ’гъдауæй сæ гаччы абаддзысты, стæй уæд...

Фернандо. Дæ ныхæстæ иуæй цыдæр æбæрæг сты, иннæмæй та мæм тæссаг кæсынц. Фæлæ йæ зон: дæуæн нæй нæдæр искæй бафхæрыны, нæдæр дæ маст райсыны бар.

Коррадо. Æмæ дын чи кæны уыдæтты кой.

Фернандо. Розалия дæр кæм фæазымджын: уый дæ, мыййаг, куы нæ ныууагъта. Иуæй дæ усыл нымад уыди, иннæмæй та идæдзæй царди. Нудæсаздзыдæй... Ды куыд бакодтаис уый бынаты?

Коррадо. Зæрдæрыст чи нæ зоны, уымæн дзурын дæр æнцон у. (Æваст æрбатыхсгæйæ.) Кæм и уæдæ? Кæм и уæдæ нырмæ?

Фернандо. Уый бæргæ ’рбацæудзæн. Фæлæ тæрсын, уæ ныхас хорзыл куы нæ ахицæн уа. Мыййаг, йæ фыр сыгъдæгзæрдæйæ, куы федылы уа, æмæ дын æппæт дæр æргом куы ра... О стыр Хуыцау! Цы бакæндзынæ уæд?

Коррадо. Цæмæй йæ зонын рагацау, цытæ дзурдзæн, уый? Цы бакæндзынæн зæгъыс? Нæмыг цæмæй фæзоны хæтæлæй атæхыны размæ, цавæр мысаныл сæмбæлдзæн, уый? Ацу уæдæ, мæн ахъуыды кæнын хъæуы, докторимæ фембæлыны размæ.

Фернандо. Уый дын мæ зæрдæмæ цæуы. Ахъуыды кæн, ауынаффæ кæн де ’фсармимæ. Фидар лæуу, мæ лымæн лæг. (Йæ къух ын нылхъивы æмæ ацæуы.)

Коррадо. «Мæнæн нæй нæдæр искæй бафхæрыны, нæдæр мæ маст райсыны бар»... Разы дæн... Розалия мæн аххосæй иунæгæй куы баззади сæрсæфæны былыл, лæмæгъæй, æвæгæсæгæй... уæд уæвæн уыди æмæ йæ къах фæбырыдаид, асхъиудтаид æнæбын сæрсæфæнмæ... ныхас дæр дзы нæй. Розалияйы фæндыди мæ адзал, æнхъæлмæ йæм касти бонæй-бонмæ, æхсызгон уацмæ куыд æнхъæлмæ кæсай, афтæ, цæмæй уыдаид сæрибар, амондджын, стæй... Фæлæ кæд фæзындзæни доктор? Цæуыл мæ хъизæмарæй мары? Æвæццæгæн, тæрхæттæ кæнынц, куыд хуыздæр æй афæливæм, зæгъгæ... Сар мын сæ сæр кæны, сар мын сæ сæр кæны, дзæбæхæй мын куы нæ басæттой, уæд! (Пальмиерийы ауынгæйæ.) Уæртæ кæдæй-уæдæй! Хуыцау, мах де уазæг!

ДЫККАГ ФÆЗЫНД

Коррадо æмæ Пальмиери.

Пальмиери. Хъусын дæм лæмбынæгæй. Ныххатыр кæн, æгæр дæ кæй ныффæстиат кодтон, уый тыххæй, æз хъуамæ мæхи бацæттæ кодтаин ахæм æнæнхъæлæджы фембæлдмæ, æнцад-æнцойæ ахъуыды кодтаин, цы дын хъуамæ зæгъон, уыдæттыл.

Коррадо. Æз дæр афтæ банхъæлдтон.

Пальмиери. Ацы хъуыддаг алыг кæнын мæнæн тынг æнцон нæу. Ам мæнæн канд мæхи зонд фаг нæ уыди, кæимæдæр ма мæ ауынаффæ кæнын хъуыди.

Коррадо. Розалияимæ?

Пальмиери. Æнæмæнг. Æмæ кæнгæ дæр афтæ бакодтон. Ныр дын зæгъын нæ иумæйаг фæндон: адæймаг куы фæазымджын уа, уæд хъуамæ йæ азымæн дзуапп ратта, уый тыххæй йæ йæ цард рауæлдай кæнын куы бахъæуа, уæддæр.

Коррадо. Уыцы ныхæстæ дæумæ хауынц?

Пальмиери. Нырма уал дæ кой кæнын.

Коррадо. Мæ кой? О, фæлæ уал ма мын æппæты разæй, уыцы зын бакæн дæхицæн, равдис дæ чызджы райгуырды æвдисæндар.

Пальмиери. Мæ бон цы нæу, уыдæттæ мæ домыс. Мæнæн цот нæй.

Коррадо. Цот нæй? Æмæ уæд уыцы чызг та?

Пальмиери. Уыцы зæды къалиу?.. Эммæ хоны йæхи, стæй йæ иннæтæ дæр афтæ хонынц... Уый Адæ у.

Коррадо. Адæ?

Пальмиери. Дæ чызг.

Коррадо. Адæ удæгас у? Ам и? Федтон æй? (Йæ къæхтыл ма тыххæй лæууы.)

Пальмиери. Фæхæц дæхиуыл. Ризын куы райдыдтай?

Коррадо. Хатгай фырцинæй адæймаг йæ уд дæр сисы... фæлæ æз цæрдзынæн... Нырма ныр райдыдтон цæрын... Цæй дзæбæх у мæхи Адæ! Фæлæ дæу йæ фыд цæмæн хоны? Цæмæн дæ уарзы? Нæ мын æй зæгъыс, æмæ мæ йæ зонын дæр нæ фæнды. Раттай мын æй фæстæмæ æмæ уый фаг у. Иннæ хабæрттæ дын хатыр кæнын, хатыр кæнын алкæмæн дæр алцы дæр... Фезгъорын æм!

Пальмиери. Багъæц.

Коррадо. Иу хатт ма дын зæгъын, мæн ницыуал хъæуы æппындæр.

Пальмиери. О, фæлæ уый хыгъд мæн фæнды зонын: ды дæ Адæйы аккаг?

Коррадо. Кæд нæ уыдтæн, уæддæр уыдзынæн.

Пальмиери. Хорз уаид, фæлæ фенд зоны. Ныр та æрсабыр у æмæ лæмбынæг байхъус, цы дын зæгъдзынæн, уымæ. Мæ зæгъинæгтæн дын се ’мбис дæр нæма загътон нырма. Куы ’рбадæм, уæд хуыздæр уыдзæн.

Коррадо. Æз дæм хъусын.

Пальмиери. Розалияимæ цы хуызы базонгæ стæм, уый тыххæй дæргъвæтин ныхас нæ кæндзынæн; уый уыдис, дæу куы ’рцахстой, уымæй цалдæр мæйы фæстæдæр. Æз æй базыдтон, йæ тæккæ тыхст æмæ уырыдæй куы уыди, йæ хæстæджытæ йыл иууылдæр сæхи куы атигъ кодтой, раст уыцы бонты. Мæ зæрдæ ныккæрзыдта йæ тæригъæдæй. Æмæ скарстон мæхинымæры, баххуыс ын кæнон, зæгъгæ. Мæхæдæг дæр цъус æнамонд нæ уыдтæн, уый хæд размæ мæ бинойнаг æмæ мæ чызгæй бавдæлон дæн. Уарзондзинады зарджытыл нæ уыдтæн, фæлæ зæгъын дын æй æргомæй, мæнæ, зæгъгæ, сæрибар уыди Розалия, уæд æй ракуырдтаин, цæмæй йын адæмы цæсты йæ уæздан ном фæстæмæ раздæхтаин, уый тыххæй. Ме ’намондæн, Розалияйы хъысмæт рæхысбаст уыди демæ... Арæх-иу, Адæйы фенгæйæ, аджих дæн, — цæмæйдæр уыди мæ чызг Эммæйы ’нгæс, æмæ дзы, æвæццæгæн, мæ чызджы мондæгтæ кæй истон, уый тыххæй мыл йæхæдæг дæр бонæй-бонмæ æнувыддæр кодта. Бамбæрстон уайтагъд, Адæ кæй у низæфхæрд сывæллон, йæ зæрдæ тæссонд æмæ æнцон ракъахæн кæй у, хъахъхъæнинаг кæй у цавæрфæнды тыхджын æнкъарæнтæй дæр — цинæй дæр, мастæй дæр. Хъуыды-иу кодтон: «Мæгуыр дæ бон, куы рахъомыл уай, уæд иуахæмы æрцагурдзынæ дæ фыды, æмæ дын, цымæ, цы дзуапп ратдзæни дæ мад? Цы дын зæгъдзысты æцæгæлон адæм? Хорзæй ницы! Æмæ уыцы катай иудадзыг зилдух кæндзæн дæ зæрдæйы, дæ цин дæ фарсыл нæ хæцдзæни, Дæ мастыл та дын маст æфтаудзæн, æрвитдзынæ æгъуыссæг æхсæвтæ. Искæд бон дæ зæрдæ куы ’рцагура фыды рæвдыд, уæд æй кæмæй бавзардзынæ? Чи зæгъдзæн йæхицæн чызг лæгмары хъæбулæй? Æмæ сагъæс кæнын байдыдтон, цы хуызы баххуыс кæнон мæгуыр чызгæн, ууыл. Иуахæмы загътон Розалияйæн: «Ницы дын ис дæ иунæг чызгæй зынаргъдæр. Æмæ дæ кæд фæнды, уæд æй æз сæвæрдзынæн царды фæндагыл, нымад адæймаг куыд уа адæмы ’хсæн. Дæуæн кæд уый саразын мæ бон нæу, уæд та мын бар ратт, æмæ йæ саразон дæ чызгæн: æз ын ратдзынæн мæхи ном, адæмы ’хсæн нымад æмæ сыгъдæг ном, зæгъдзынæн дзы чызг мæхицæн. Æз мæхи баууæндын кæндзынæн, мæ чызг кæй нæ амарди, ууыл æмæ-иу Адæйы мæ хъæбысы куы акæнон, уæд мын кæндзæни мæ чызг Эммæйы ад». Æмæ уæд кæнгæ дæр афтæ бакодтам. Гъе ныр нын дæхæдæг тæрхонгæнæг фæу.

Коррадо. Уый, æнæмæнг, уæздан ми уыди де ’рдыгæй... ноджы ма, кæд уыдæттæ æрмæст уæздандзинады охыл кодтай... ницы хорзæхмæ æнхъæлмæ кастæ...

Пальмиери. Æнхъæлмæ кастæн дæуæй.

Коррадо. Мæнæй? О, фæлæ цыфæнды уæздан мийæн дæр нæй мисхалбæрц аргъ, искæй бартæн тыхми куы бакæнай, уæд. Синьор, уыцы чызгæн уыдис фыд!

Пальмиери. Ныххатыр кæн, фæлæ мæ цы хуызы бауырна дæ ныхас: цы хъауджыдæр ис цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадынæй ингæнæй? Фæлæ дæуæрдыгонау куы уа, уæддæр æз мæхимæ ницы азым арын: кæд æмæ искæй бартæн тыхми бакодтон, уæддæр — æрмæстдæр мæ зæрды хорз хъуыддаг саразын кæй уыди, уыйадыл.

Коррадо. О, æмæ хъуамæ дзуапп радтай дæ уыцы æнæраст митæн, дæхæдæг куыд загътай, афтæ.

Пальмиери. Ныхас дæуыл цыдис. Ды цы митæ бакодтай, уыдон ахсджиагдæр сты, æмæ сын хъуамæ дзуапп дæр ды раттай — уый де хæс у. Розалия, дæу азарæй чи фенамонд, уыцы Розалия дын ацы хъуыддаджы бафæзминаг у. Уый йæхи равдыста фидар зæрдæйы хицауæй. Цæмæй мачи мацæуыл фæгуырысхо уыдаид, мæ чызг Эммæ æгас кæй у, уый цæмæй алкæй дæр бауырныдтаид, уый тыххæй Розалия барвæндонæй сразы ныййарæг мады цинтæ æмæ мондæгтæ æнусмæ æмбæхстæй дарыныл — йæ чызджы амонды сæрвæлтау.

Коррадо. Розалия сразы? О, фæлæ йæ ды не ’мбарыс: æз нæ дæн разы — нæдæр мæ бон у, нæдæр мæ фæндгæ кæны мæ чызгыл мæ къух сисын.

Пальмиери. Сразы уыдзынæ. Æндæр гæнæн нæй.

Коррадо. Нæй æндæр гæнæн?

Пальмиери. Æмæ дæ уæдæ куыд фæнды? Æз дæ не ’мбарын: цы ’взагæй бадзурдзынæ уыцы æнахъом æмæ сыгъдæгуд сабимæ? Куыд ын зæгъдзынæ? «Ды дæ фыд кæй хоныс, уыцы раст æмæ адæмы ’хсæн нымад лæг нæу дæ фыд, дæ фыд мæнæ æз дæн, æз дын амардтон дæ мадыфсымæры, рацу мæнмæ, дарын дæм мæ къухтæ, бирæ азты дæргъы хъадамантæй чи схæлмаг, уыцы къухтæ, — уадзгæ мæ нæ ракодтой, лидзгæ ракодтон, кæцы цъусдуг мæ рацахсдзысты æмæ мæ фæстæмæ ахæстоны кæд бамидæг кæндзысты, уый мæхæдæг дæр нæ зонын, æз дæ фыд дæн... Фæлтау, мæнæн тæригъæд кæнгæйæ, дæ ног уæззау хъысмæты азарæй мæлгæ дæр акæн, уый мæн ничердыгæй æндавы, æрмæст дæ мæ хъæбысы ныттухон...»

Коррадо. Ныхъхъус у, дæ Хуыцауы хатырæй!

Пальмиери. Æз ныхъхъус уыдзынæн, дæуæн дæ зæрдæ куы сдзура, уæд.

Коррадо. Куы йæ ныкъкъуыхтæ кодтай, уæд ма куыд хъуамæ сдзура?!

Пальмиери. Уæдæ уæд ууыл нæ ныхас фæуæм. (Дуары цурмæ бацæуы æмæ кæмæндæр ацамоны, рацу, зæгъгæ.)

Коррадо. Цы дæ зæрды ис?

Пальмиери. Ныртæккæ йæ базондзынæ. Æз мæ хæс баххæст кодтон. Ныр та дæ рад у. Тæрхон, хатыр, маргæ — бар дæ ис алцæмæй дæр. Утæппæт фыдæбон цæуыл фæкодтон, уый æваст æрбайхалынмæ хъавыс? Ис дын уыцы бар, æз дын ницы зæгъын. Кæд дæ фæнды дæ чызджы зонгæ-зоныны мæрдтæм барвитын, уæд дын уыцы бар дæр дæттын. Кæс-ма, æрбацæуы, йæ мæгуыр, йæ уарзæгой мад æй æрбакæны дæ тæрхонмæ.

Коррадо. Оххай-гъе! (Йæ цæсгом йæ къухтæй ахгæны.)

Пальмиери. Дæхи ныффидар кæн! Дæ иунæг дзырдæй дæ бон у дыууæ бæрзонд уды мæрдтæм барвитын!

Коррадо. О, сау хъизæмар!

Æрбацæуынц Розалия æмæ Эммæ.

ÆРТЫККАГ ФÆЗЫНД

Пальмиери, Коррадо, Розалия, Эммæ.

Эммæ (Коррадойы нæ фены, комкоммæ базгъордта Пальмиеримæ). Æвзæр папа, мæ цæстытæ дæм куы ныуурс сты. Æнæ дæу иунæг минут дæр мæ бон нæу, уый хорз куы зоныс. Ахæм æхсызгон мын уыдис, Розалия мын куы загъта, дæ фыд дæм дзуры, зæгъгæ... Рагæй мæ нал барæвдыдтай...

Пальмиери. Ныхасаг мæ ис демæ... фæлæ ныффæстиат дæн мæнæ ацы адæймагимæ...

Эммæ (Коррадойы фенгæйæ, тарстæй). Ам та и?

Пальмиери. Тæрсгæ дзы кæныс?

Эммæ. Тынг дзы тæрсын. Иу хатт ма йæ федтон, тыххæй ма дзы аирвæзтæн, Розалияйы руаджы.

Коррадо. О, фæлæ уæд æз... (Розалия йæ цæстытæ Коррадойæ нæ исы.)

Эммæ. Цæуыл мæм смæсты дæ уæд? Куыд мын загъта, уый куы зонис, папа: хъуамæ, дам, дæ ном уа Адæ, Эммæ нæ фаэлæ...

Коррадо. Уымæн æмæ... (Розалиямæ куы фæкомкоммæ вæййы, уæд йæ хъæлæс фæсыкк вæййы.)

Эммæ. Уымæн æмæ афтæ хуыйны дæ чызг. Æмæ ныр уæд хъуамæ алы чызг дæр Адæ хуыйна? Хъавыд мæ йæ хъæбысы акæнынмæ, стæй дам, мæм мæ фыдæй дзур...

Пальмиери. Æмæ дæ нæ фæнды, дæ фыд цæмæй уа, уый?

Эммæ. Гъертæккæ мæ уд фелвасин. Стæй мæ фыд ды куы дæ. (Ризы фыртæссæй, ныхъхъæр кæны.) Ды дæ, афтæ нæу? Макæмæн мæ ратт! Æз демæ уыдзынæн æдзухдæр... Демæ, демæ! (Йе ’фцæджы ныттыхсы.)

Пальмиери (йæ сæрыл ын йæ арм æрæвæры). Мемæ, æдзухдæр.

Эммæ. Æдзухдæр! Ехх, цы ма уа уымæй хуыздæр. Ныр та цом ардыгæй, рисгæ кæны мæ зæрдæ ацы адæймаджы уындæй... Цом, цыдæр зæгъинаг мын куы уыдтæ.

Пальмиери. Цæугæ уал мæ кабинетмæ, фæцæуын ныртæккæ.

Эммæ. Æрмæст тагъддæр. (Ацæуы.)

Пальмиери (Коррадойæн.) Цы федтай æмæ цы фехъуыстай, уыдæттыл ахъуыды кæн лæмбынæг. (Ацæуы. Исдуг ничи ницы дзуры.)

Розалия. Коррадо, мæнæн дæ ницы зæгъын фæнды?

Коррадо. Бирæ цыдæртæ. Фæлæ мæнæй домынц, цæмæй лæмбынæг ахъуыды кæнон, ам цытæ фехъуыстон æмæ цытæ федтон, уыдæттыл. Йе уæнгты мæнау туг кæмæн знлдух кæны, мæн хуызæн йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ æмæ мондæгтæ кæмæн и, уый мæ домы, цæмæй ахъуыды кæнон. Уый домы мæ зæрдæйæ, цæмæй лæууа хъусæй, афтæмæй та уыцы зæрдæйы хъæрзын фæнды; домы дзы, цæмæй дзура, уый та раджы амарди. О, æз федтон æмæ фехъуыстон. Федтон мæ чызджы, тæрсгæ мæ чи кæны, йе сæфт мæ чи уыны, мæ уыцы чызджы. Æмæ нæй йæ фæсонæрхæджы дæр, мæ цард ма цы æрдуйыл дзедзыкка кæны, уыцы æрду мæ чызг кæй у. Ныр та... Уарзы кæйдæр фыды, батæ йын кæны йæхи фыды ’фсон, хъæбыстæ... æмæ ды дæхи ницыуынæг скодтай. Хъуамæ йæ ды фæцалх кодтаис йæ фыды æнамонд хъысмæтыл сагъæс кæныныл, хъуамæ куывтаид, ахæстоны йæ боны хъиутæ чи хæры, йæ уыцы мæгуыр фыды ссæрибарыл, ды та йын йæ зæрдæйы ныттагътай, адæймаджы æрдзæн дæр æмæ закъонæн дæр æцæгæлон чи у, ахæм гæды монцтæ.

Розалия. Коррадо, æз хъавыдтæн уыцы æнамондæн, ды йæ æнæхай цæмæй фæкодтай, уыдон фæстæмæ раттын — хæларзæрдæ фыд æмæ сыгъдæг адæймаджы ном.

Коррадо. Хæларзæрдæ фыд? О, æз хъуамæ дис кæнин, дæумæ дæр æмæ Арригомæ дæр цы уды хъару разынд, ууыл. Æмæ йæ мæ зонд бæргæ хаты, фæлæ мæм мæ зæрдæ та бынтон æндæр хуызы дзуры. Нæй зæххыл ахæм фыдракæнд, сымах мæнæн цы тæрхон рахастат, уый аккаг чи уа. Ау, уал азы дæргъы йæ иунæг сабийы фендмæ чи фæбæллыди, æмæ йæ ныр æппынфæстаг чи ссардта, уый куыд хъуамæ равдиса йæхи уазалзæрдæйæ, къуыттыйæ æмæ гобийæ? Æз дур нæ дæн. Лæууыдтæн хъусæй, мæхи ныддур кодтон... фæлæ та мæ туг фыцын райдыдта мæ тугдадзинты... маст æмæ хæлæг раив-баив кæнынц мæ зæрдæйы, судзгæ маст æмæ хæлæг. Æри мын мæ чыджы!

Розалия. Нæ йын фехъуыстай йæхи ныхас? Фæлтау амæлдзæн.

Коррадо. Нæ амæлдзæн. Радзурдзынæн ын мæ тухитæ, мæ хъизæмæрттæ, цас фæсмон фæкодтон уал азы дæргъы. Кæд хæлар зæрдæйы хицау у æцæгæй дæр, уæд сразы уыдзæн мæн фæстæмæ ацы цардмæ раздахыныл, уадз æмæ уа мæ ирвæзынгæнæг зæд. О! Мæн тынг хъæуы, цæмæй искæй урс фæлмæн къух рæвдаугæ æрсæрфа мæ фæллад ныхы æнцъылдтæ, фæстæмæ мын раног кæна мæ туг, æнцой мын басгуыха мæ цардвæндагыл. Уадз уæд æрмæстдæр иунæг хатт, фæлæ мын бар раттут æмæ йæ нылхъивон мæ риумæ мæхи... нæхи Адæйы, стæй уæд фæлидздзынæн, дарддæр цы ран у, уыцы ранмæ.

Розалия. Иунæг хатт! Стæй уый фæстæ та куыд кæндзæн, — Адæйæ зæгъын? Охх, Коррадо, нæй гæнæн уымæн! Ды мын кæныс дæ бирæ хъизæмæртты кой, æз сæ уынын, æмбарын сæ, фæлæ ды нæ уыныс æмæ не ’мбарыс мæ зæрдæйы катай. Дæу фæнды, цæмæй Адæйæн зæгъай, йæ фыд кæй дæ? О, фæлæ йын æй æз загътон, йæ мад кæй дæн, уый? Æз æххуырсты дæр уый тыххæй куы бацыдтæн кæйдæр хæдзармæ, хъæбулы цинтæн дæр æнæхай мæхи уый тыххæй куы фæкодтон, цæмæй мæ иуахæмы дзуапп дæттын ма бахъæуа мæ чызджы фæрстытæн: Чи дæн? Цы гæнæг дæн? Кæм и мæ фыд? Æмбисæхсæв-иу хæдзары иу сыбыртт дæр куы нал хъуысти, уæд-иу йæ сынтæджы цурмæ мæ къахыфындзтыл бахъуызыдтæн, цæмæй йæм мæ зæрдæйы фæндиаг фæкæсон, стæй-иу ын тæрсгæ-ризгæйæ тагъд-тагъд абатæ кодтон æмæ-иу алыгъдтæн... мæ хъусты иудадзыг зыланг кодтой адæмы уайдзæфтæ æмæ фидистæ, уымæн æмæ уыдоны цæсты æз нымад уыдтæн хæлд сылгоймагыл.

Коррадо. Ды?.. Мæн аххостæ сты иууылдæр!

Розалия. Хорз æмæ йæ дæхæдæг æмбарыс. Уæдæ уыдæттæ мæ сæрмæ кæй сæрвæлтау æрхастон, уый мын куыд байсынмæ хъавыс? Дæ чызг абон цы уавæрты хъомыл кæны, уыдонæй йын æнæхай куыд хъуамæ фæкæнай йæ рæзгæ, йæ мæллæг буар? Куыд æй хъуамæ акæнай демæ худинаг æмæ æнæсæрфат фæндагыл, мамæлайы комдзæгтæй дарынмæ? Куыд æй хъуамæ акæнай демæ хæхтæм, иудадзыг æмризæджы куы риздзæни уæдæ мын мæ фыды ныр рацахсдзысты, уæд рацахсдзысты, зæгъгæ... Уæд та дæ амардтой йæ цæстыты раз?.. Нæ, нæ, Коррадо, кæд дæм нæ хъарынц мады лæгъстæтæ, дæ зæрдæ дын нæ агайынц дæ бинойнаджы цæссыгтæ, уæд та фæтæригъæд кæ, дæ чызджы дын абоны онгты чи бахъахъхъæдта, уыцы сывæллонгæсæн! (Йæ зонгуытыл æрхауы.)

Коррадо. Ды... дæ уæрджытыл? Мæ разы? Слæуу, Розалия, слæуу!

Розалия (сыстгæйæ). Хъус уæдæ, Коррадо, зæгъын дын мæ фæндон: нæ чызг Адæ нырæй фæстæмæ дæр баззайæд Эммæйæ æмæ цæрæд уæздан æмæ нымад бинонты ’хсæн, йæхицæн дзы чызг чи загъта, уыцы сыгъдæгзæрдæ адæймагимæ. Кæд æмæ ныхас мæныл цæуы, уæд сылгоймаг цагъар у йæ лæгæн æмæ æз нæ хъаст кæнын мæ хъысмæтæй — цæуын дæ фæдыл хæхтæм, ахæстонмæ, ауындзæнмæ, кæд бахъæуа, уæд.

Коррадо. Цæуыс мемæ?.. Мемæ?..

Розалия. Ау, нæ дæ хъæуы ахæм адæймаг, йæ урс фæлмæн къухæй дын рæвдаугæ дæ фæллад ныхы ’нцъылдтæ чи ’рсæрфа, фæстæмæ дын дæ туг чи раног кæна, æнцой дын чи басгуыха дæ цардвæндагыл? Мæнæ ис, ды цы къух агурыс, уый, мæнæ ис: райс æй, дæу у!

Коррадо. Æз нæ дæн ууыл андзæвыны аккаг!

Розалия. Мæгуыр Коррадо! Иунæг цъусдуг уæддæр ферох кæн дæ ивгъуыд цард... æруазал кæн дæ тæвд ных мæ риуыл. Рацу-ма мæм, æнамонд Коррадо.

Коррадо (Розалияйы йæ хъæбысы акæнгæйæ), Розалия! Мæнæ аргъæутты бæстæ!

Розалия. Æз дын ныххатыр кодтон, алцы дæр дын ныббарстон! Сразы дæ мæ фæндыл, афтæ нæу?

Коррадо. Сразы дæн, о. Нал суыдзæн мæ бон дæ ныхасыл дыууæ зæгъын. Ме ’ндон зæрдæ æртади дæ судзаг цæссыгтæй дæ риуыл.

Æрбацæуы Монсиньор.

ЦЫППÆРÆМ ФÆЗЫНД

Коррадо, Розалия, Монсиньор.

Монсиньор. Ныббарут мын, мæнмæ не ’нхъæлмæ кастыстут, æвæццæгæн. Фæлæ, æнхъæлдæн, æвзæр рæстæгыл нæ фæзындтæн. Уæ уынаффæйы ныхасы уын æз дæр кæд истæмæй фæахъаз уаин.

Розалия. Ды ’рбацыдтæ уыцы ныхас бакъуылымпы кæнынмæ... фæлæ чысыл ферæджы кодтай: мæ амондæн, не ’ппæт ныхæстæ дæр конд фесты, æмæ æрцыдыстæм иу зондмæ. Афтæ нæу, Коррадо?

Коррадо. О.

Розалия. Мæ хæрзæггурæггаг — дæумæ, монсиньор. Ныр та мын бар ратт æмæ æз ацæуон. (Ацæуы.)

Монсиньор. Ныххатыр ын кодтай?

Коррадо. Рæдийыс, монсиньор: уый мын ныххатыр кодта.

Монсиньор. Тынг хорз, кæрæдзийы тæригъæдтæ ныббарын — уый чырыстон динмæ гæсгæ у. Фæлæ мæм дуары æддемæ афтæ фехъуыст, — раджы цыд фæдæн æмæ мæ нæ фæндыди уæ зæрдæбын ныхас бахъыгдарын, — цыма дæ чызг Адæ ам цæры, йæ ном Эммæ, афтæмæй.

Коррадо. Цæры, фæлæ мæнæн нæ.

Монсиньор. Дæуæн нæ?

Коррадо. Хъуамæ йæ мæ чызг мауал хонон.

Монсиньор. Хъуамæ?.. Афтæ нæ вæййы. Сылгоймаджы сæрыхицауæн дæр æмæ сабиты фыдæн дæр сæ бартæ æдзухдæр сæхи вæййынц.

Коррадо. Сæхи кæд нал вæййынц, ахæм цъусдуг дæр ныккæны.

Монсиньор. Разы нæ дæн демæ.

Коррадо. Мæнмæ æрыздæхти æууæнк. (Ныхъхъуыды кæны.) Ам, нымадæй цалдæр сахаты дæргъы, мæ уд бирæ, сыгъдæгдæр фæци, ахæстоны цы цыппæрдæс азы арвыстон, уыдонимæ абаргæйæ. Ахæстоны-иу уынæргъыдта сырд, ам та куыдта адæймаг.

Монсиньор. Никæмæн лæвæрд ис ахæм бар, цæмæй дæу фæкæуын кæной, дæ бинонтæ сты дæу! Мæгуырæг, куыннæ йæ ’мбарыс, сæ фæндагæй дæ аиуварс кæнынмæ кæй хъавынц, уый! Доктор дын байста ныййарæг фыды бартæ, ныр та дын байсынмæ хъавы дæ бартæ, куыд лæг, афтæ.

Коррадо. Мæнг ныхас кæныс, аив нæу дæ уавæры.

Монсиньор. Æз кæнын мæнг ныхас?

Коррадо. О, ды кæныс мæнг ныхас. Ау, дуары фæстæйæ нæм сусæгæй куы хъуыстай, уæд æй куыннæ рахатыдтай, Розалия мемæ рацæуыныл разы кæй у, уый?

Монсиньор. Фæливгæ дæ кæны, зоны йæ, пъæлицæ дын дæ фæдыл кæй фæхæст сты, уый, æмæ...

Коррадо. Ныхъхъус у, куыд уæндыс рæстуд сылгоймаджы фыдгой.

Монсиньор. Рæстуд?

Коррадо. О, стæй канд рæстуд нæ, фæлæ зæды хуызæн сылгоймаг.

Монсиньор. А-а-а! Уæдæ уæд дæ тæригъæд — дæхи: пъæлицæ зонынц, кæм дæ, уый, фæлæ дын зæгъын рагацау: мæ хæдзары дуæрттæ дæуæн сты æхгæд. Дæ амонд æмæ дæхæдæг.

Коррадо. Афтæ дæр ма мæм кæсы, цыма мæ дæхæдæг банымыгътай.

Монсиньор. Куыд уæндыс мæнæй ахæмтæ дзурын?

Коррадо. Æмæ ды куыд уæндыс мæныл дуæрттæ æхгæнын? Цæугæ, монсиньор, æмæ зæгъ, мæн чи агуры, уыдонæн, ам кæй дæн æмæ сæм кæй кæсын æнхъæлмæ. (Монсиньор ацæуы.)



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.