Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;РТЫККАГ АРХАЙД



ÆРТЫККАГ АРХАЙД

Фыццаг архайды декораци.

ФЫЦЦАГ ФÆЗЫНД

Æрбацæуы Монсиньор, йæ фæстæ Агатæ.

Монсиньор. Абон уæддæр нæй йæ хæдзары доктор?

Агатæ. Куы загътон монсиньорæн, ацы тæккæ сахат зилы рынчынтыл. Тагъд не ’рбаздæхдзæн: иуæй сæ дзæбæх кæны, иннæмæй та сын сæ зонд галиуæрдæм аразы, Хуыцауы ныхмæ.

Монсиньор. Бирæ йын нал баззади, багъæц.

Агатæ. Хуыцауы дзыхæй куы рацæуид! Абон дæр æм банхъæлмæ кæсын ис уæ зæрды?

Монсиньор. Æгъгъæд фæуæд. Уыцы сылгоймагмæ мын фæдзур.

Агатæ. Ныртæккæ. Кæд æрцæудзæни кæрон ацы æнæхуыцау митæн?

Монсиньор. Рæхджы.

Агатæ. Ехх, бæргæ, бæргæ! (Ацæуы галиуæрдæм.)

Монсиньор. Æнæхуыцау митæ, чи зоны, фылдæр дæр фæуой. Уый аразгæ у, Розалия мын цы дзуапп ратдзæн, уымæй. Тохæн кæнæ йæ кæрон æрхæццæ, кæнæ та дзыхъхъынногæй райдыдта. Фендзыстæм.

Æрбацæуы Розалия.

ДЫККАГ ФÆЗЫНД

Монсиньор æмæ Розалия.

Розалия. Дзургæ мæнмæ бакодтай, фæлæ дæ ныхас кæд мемæ нæу, кæд докторимæ у дæ ныхас?

Монсиньор. Уыимæ фаг фæныхас кодтон знон.

Розалия. Æгæр дæр ма.

Монсиньор. Чи зоны. Фæлæ ’рсабыр уæд дæ зæрдæ, дæуæн уайдзæфтæ кæныны сæр мæн ницæмæнуал хъæуы: ацы хæдзары, Хуыцауы уынаффæйы фæрцы, дæу бирæ цæрын нал бахъæудзæн.

Розалия. О, зонын æй: монсиньор, йæ фыр зæрдæхæларæй, бардзырд радта мæ ирвæзынгæнæг Пальмиерийæн, цæмæй мæ æвæстиатæй йæ хæдзарæй атæра. Мæнæн мæ бон у дæуыл тæрхондонмæ бахъаст кæнын, иунæг дзырд, иунæг улæфтæй дæр мæнæн мæ бон бауаид дæ кæнгæ цæсгом, дæ тыхарæзт уæздандзинад равдисын. Æмæ уæд арвæй бæрæгдæр разыниккой дæ цæстмæмитæ, адæм фениккой, пехуымпар нæ, фæлæ дыдзæсгом кæй дæ, уый. Ды йæ зоныс, хорз æй зоныс, мæнмæ мисхалбæрц дæр кæй ницы азым ис, уый, ам, ныртæккæ, æнæ æвдисæнтæй уæддæр хъуамæ басæттис ууыл. Фæлæ мæм суанг комкоммæ ’рбакæсын дæр куы нæ уæндыс, æз дæм куыд кæсын комкоммæ, афтæ... Æмæ гъе уыцы уæлахиз мæнæн фаг у, монсиньор... Мæн нæ фæнды быцæу кæнын, нæ мæ фæнды, мæ удæн зынаргъ чи у, уыдоныл мæн тыххæй къæм абада, уый. Гъе уымæ гæсгæ æз æцæгæй дæр ацæудзынæн ацы хæдзарæй, ацы горæтæй.

Монсиньор. Цæугæ акæн, кæд дæ афтæ фæнды, уæд, фæлæ иунæгæй нæ.

Розалия. Хорз æй куы зоныс, ме ’намондæн кæддæр мæ лæг чи уыди, уый ныртæккæ цы худинаджы ран и, уый.

Монсиньор. Уыди зæгъыс? Ныртæккæ дæр дæ лæг у, мæ хъæбул. Йæ бон нæ баци æнæ дæу фæцæрын: Хуыцауы фæрцы йын бантыст йæ хъадамантæ ныффалгæрон кæнын... Фаг дын нæма у? Уæдæ ма дын уæд уый дæр зæгъдзынæн, æмæ дæ лæг ныр дыккаг бон ис мæнмæ, уазæгуаты.

Розалия (йæ хъустыл не ’ууæндгæйæ). Коррадо ам и?.. О, фæлæ цы хуызы? Цæмæн? Цы агуры ам?

Монсиньор. Йæ бинонты.

Розалия. Йæ бинонты?

Монсиньор. Æнæмæнг. Фæлæ мæм стыр диссаг кæсы, суанг мæсты дæр ма кæнын, ацы хабар дын канд æхсызгон нæ, фæлæ хъыг дæр ма кæй у, ууыл. Æз та, зæгъын, тагъддæр ын æй фехъусын кæнон ацы æхсызгон хабар. Æз дæр ма куы бацин кодтон. Æндæр сылгоймаг мæ афонмæ фырцинæй фæцæйхордтаид.

Розалия. Æндæр сылгоймаг, фæлæ æз нæ.

Монсиньор. Дзæбæх ахъуыды кæн, цытæ дзурыс, ууыл.

Розалия. Ды та, уайдзæфтæ кæныны размæ, хъуамæ зонай...

Монсиньор. Æз зонын, Коррадо дын де ’фсымæры кæй амардта, уый, фæлæ...

Розалия. Æмæ ма уæдæ цæй монцмæ зæгъыс, бинонтæ йын ис, зæгъгæ? Æз йæ бинойнаг дæн, зæгъгæ? Куыд мæ цæрын кæныс йемæ?

Монсиньор. Æз хъуыды кæнын афтæ, уымæн æмæ афтæ хъуыды кæнын мæнæй домы закъон. Дæ уавæр се ’нцонтæй нæу, уый æмбарын: цыппæрдæс азы æнæ лæгæй фæцардтæ, дæ сæрæн цы зыдтай, уый бакодтай, стæй æваст фæзынди дæ лæг... бынтон æхцон хъуыддаг нæу, фæлæ гæнæн нæй, фæразын хъæуы. Дæ лæгимæ æгъдауыл куы ацæуай, уæд хуыздæр уыдзæни, иунæгæй худинаджы цыд акæныны бæсты.

Розалия. Ныффæраздзынæн фæлтау уыцы худинагæн.

Монсиньор. Барæвзарæй дын нæу. Æви дæ ферох и, Коррадо мæстыйæ æррайæ уæлдай кæй нæу, уый? Æмæ ма ноджы дæумæ дæр йæ зæрдæ истæмæй куы фехсайа...

Розалия. Тыххæй мæ акæнынмæ хъавы йемæ...

Монсиньор. Йæ фæсонæрхæджы дæр нæй, æгæр дæ уарзы. Фæлæ æхсоны куы цæвай, уæд цæхæртæ калы... Ам æнхъæлмæ кæсыны бæсты йæм дæхæдæг куы фæзынис, уæд хуыздæр уаид... кæнæ та дæ мæхæдæг дæр фæхæццæ кæндзынæн йæ хъæбысмæ.

Розалия. Æз? Йæ хъæбысмæ?

Монсиньор. Байхъус-ма. Дæ лæгæн ныртæккæ тæссаг ницæмæйуал у, ам æй зонгæ дæр ничи кæны æмæ йæ аргæ дæр ничи скæндзæн. Стæй йын æнæуый дæр зæрдæ бавæрдтон, ахæстонæй йæ кæй рауадзын кæндзынæн, — æмæ мын уый æнтысгæ дæр бакæндзæн. Фæцæут æндæр арвы бынмæ, æмæ уыдзыстут амондджын. Уыныс дæхæдæг: æз фыдæхæн дзуапп дæттын хæрзиуæгæй. Байхъус мæнмæ, цом!

Розалия (асагъæс кæнгæйæ). Нæй гæнæн уымæн.

Монсиньор. Бар дæхи, йæхæдæг дæр дæ ссардзæн, хæстæг и ардæм.

Розалия. Хæстæг? Коррадо? Нæ, нæ!..

Монсиньор. Æмæ дæ дзуапп дæттын бахъæудзæн йæ фæрстытæн, йæ бирæ фæрстытæн... зæгъæм: кæй чызг дын у уый? Цы фæци йæ гыццыл Адæ?

Розалия (тарстæй). Адæ?

Монсиньор. Ай-гъай... Уарзы йæ, фæнды йæ йæ фенын... Цыбыр дзырдæй, мæнæн ме хæс уыди адæттæ дæуæн рагацау фехъусын кæнын. Бирæ рæстæг дын нал баззад, æрсагъæс кæн де ’фсармимæ лæгæй-лæгмæ, æрцæттæ кæн дæхи ныхасмæ, æнцон ныхас нæ уыдзæни, кæй зæгъын æй хъæуы, дæуæн. Чи зоны, уыцы ныхасы ды разынай фыдгæнæджы бынаты, уый та — тæрхонгæнæджы. Хорзæй баззай, синьорæ!

Розалия. Æмæ йын уæдæ цы зæгъдзынæ?

Монсиньор. Йæ уындмæ дæ былыцъæрттæ кæй хæрыс...

Розалия. Нæ! Фæлтау ын зæгъ, æмæ ма ’рбацæуа, бамбарæд мын мæ уавæр, фæтæригъæд мын кæнæд.

Монсиньор. Уæууа, ахæм æдылы æнхъæл мын дæ? Цæф домбайы дзæмбытæм барвæндонæй мæхи куыд хъуамæ баппарон? Дзæбæх ахъуыды кæн, мæ къона, æмæ дæ хивæнды сæрты ахиз. (Ацæуы)

Розалия. Коррадо! Коррадойы фендзынæн! Кæд фын уынын, мыййаг? Уыцы æвирхъау æхсæвы фæстæ! Уал азы фæстæ йæ хъуамæ фенон, хъуамæ ныхас кæнон йемæ! Абон! Ам! Мæ бон не суыдзæн, нæ мæм разындзæн уыйбæрц хъарутæ, не ссардзынæн ныхæстæ, нæ йæм бауæнддзынæн кæсын дæр! Раст загъта монсиньор, бирæ цæмæйдæрты мæ фæрсдзæн: æмæ куыд, цы хуызы йын радзурон æцæгдзинад? Цы йын зæгъон йæ чызджы тыххæй? Ницы? Æви æппæт дæр? Ме ’намондæн, синьор Пальмиери дæр ам нæй, кæй бафæрсон зондæй? Лидзгæ акæнон æви бамбæхсон? Æмæ мын фыддæр куы рауайа? Æниу мын чи радта уыцы бар æмæ йыл мæхи атигъ кæнон, алидзон дзы, ма йæ барæвдауон? Йæхæдæг мыл æрхъæцмæ куы нæ хъæцы... Уарзгæ йæ куы кодтон, мæ ныййарджыты куы ныууагътон æмæ йæ фæдыл куы алыгъдтæн? Ехх, æвæдза, ацы æнахуыр, æвирхъау уавæры куы нæ бахаудаин, уæд æй бæргæ ныккæнин мæ хъæбысы. Фæлæ, о Хуыцау! Куы ’рбацæуа æмæ мын куы байса... куы фехала...

Æрбацæуы Эммæ.

ÆРТЫККАГ ФÆЗЫНД

Розалия, Эммæ.

Эммæ (хæстæг æм бацæуы). Цы кæныс, Розалия?

Розалия. Куы ницы, мæ дзæбæх Эммæ.

Эммæ. Ницы? Æцæг зæгъыс? Абон цыма иннæ бонтæй æнкъарддæр дæ, афтæ мæм кæсы, æмæ дæм мæ зæрдæ ’хсайы. Иу ба мын уæддæр акæ, нæ дæн уый аккаг? (Розалия йын ба кæны.). Цæссыгтæ? Цæуыл кæуыс? Цыдæр æнахуыр каст мæм кæныс? Мæ цæсгомы хуыз дæ зæрдæмæ нæ цæуы? Рынчын æнхъæл мын ма у?

Розалия. Куы нæ.

Эммæ. Цы кæныс уæдæ? Мæ фыд дæр цыдæр æрхæндæг у. Хæдзармæ нал тагъд кæны фыццагау; куы вæййы, уæддæр дзы ныхас нæ хауы, æнкъард... О Хуыцау! Цы йыл æрцыд? Истæуыл мæм смæсты? Йæ зæрдæ мыл фæхудти?

Розалия. Дæуыл? Мæгуырæг, цæуыл дыл хъуамæ фæхуда йæ зæрдæ?

Эммæ. Кæд ныл иставæр бæллæх æрцæуинаг у? О Хуыцау! Дзур-ма, кæд исты зоныс, уæд! Дзур-ма!

Розалия. Бæллæх?.. Не ’нхъæл дæн... Мæгуырæг, Эммæ! Бирæ уарзыс дæ фыды?

Эммæ. Æз æй ахæм уарзтæй уарзын, æмæ йæ нæу мæ бон ныхæстæй зæгъын. Хъуыды ма йæ кæныс, институтмæ мæ куы арвыста, Неапольмæ, бирæ дзы бафæрæзтон? Уымæн æмæ æнæ уымæй мæ бон нæ уыди фæцæрын... Хъусыс, æз чындзы дæр нæ фæцæудзынæн; нæ йæ æмбарын, куыд хъуамæ ныууадза чызг йæ ныййарджыты æмæ куыд хъуамæ ацæуа, рæстмæ зонгæ дæр кæн нæ кæны, ахæм адæймаджы фæдыл! Уый æвзæр чызг у! Цы кодтай, Розалия? Де ’рфгуытæ цы нылхынцъ кодтай? Æдылы ныхæстæ кæнын?

Розалия. Цæмæн зæъыс! Æгæр рæстытæ дæр ма дзурыс, мæ чызг!

Эммæ. «Мæ чызг!» Куыд æхсызгон мын у, афтæ мæм кæй сдзырдтай. Цал æмæ цал хатты дын лæгъстæтæ кодтон, æдзухдæр мæм «мæ чызгæй» дзур, зæгъгæ, уæддæр та дæ ферох вæййы. Цæмæн уæд? Байхъус-ма, цы дын зæгъон, уымæ, æрмæст-иу мæм ма загъд кæ. Иу хатт, иу хатт нæ, фæлæ цалдæр хатты федтон фыны, цыма ды æмæ мæ фыд стут ус æмæ лæг, æз та, цыма бадын уæ дыууæйы астæу уыцы амондджынæй... Райсомæй-иу куыддæр фехъал дæн, афтæ-иу уыциу згъорд акодтон мæ фыдмæ, йæ кабинетмæ, æмæ-иу æй иунæгæй бадгæ куы баййæфтон, уæд-иу йæ риуыл хæкъуырццæй фæкуыдтон. (Розалия адæргæй цы акæна, уый нæ зоны, йæ бон иу ныхас скæнын дæр нал у, æваст Эммæйы йæ хъæбысы акæны æмæ йæ уатмæ уыциу згъорд акæны.) Ныууагъта мæ иунæгæй... фæлæ мын цыдæр æнахуыр хъæбыс акодта! Ехх, уæд та æцæг куы рауаид, æдзух цы фын фæуынын, уый! Æниу æй канд фыны фæуынын исты? Цал æмæ цал хатты хъуыды кодтон ууыл æнæуый дæр!.. Стæй цæуыннæ хъуамæ уаид афтæ? (Æрбады сагъæсгæнгæ, йæ цæстытæ йæ къухтæй сæхгæны.)

Æрбацæуы Коррадо.

ЦЫППÆРÆМ ФÆЗЫНД

Эммæ æмæ Коррадо.

Коррадо (дуарæй) Кæм и уæдæ?.. Нæ йæ фæнды мæ фенын? (Уатмæ бахизгæйæ бафиппайы Эммæйы.) Цавæрдæр чызг... Кæд, мыййаг, уый у? (Хъавгæ йæм бацæуы, цæмæй йæ дзæбæхдæр фена æмæ йæ цæстытæ равдиса, уый тыххæй йын сабыргай йæ къухмæ бавналы.)

Эммæ (бандонæй фесты æмæ тарстхуызæй иуварс ацæуы). Цыдæр æнахуыр лæг. Чи дæ? Кæй агурыс? Мæ фыд дæ хъæуы?

Коррадо (æваст). Æмæ чи у дæ фыд?

Эммæ. Тынг хорз адæймаг.

Коррадо. Омæ, чи у уæддæр?

Эммæ. Уый адæмы ’хсæн нымад у хæрзгæнæгыл, доктор Арриго Пальмиери.

Коррадо. Пальмиери?

Эммæ. Зоныс æй?

Коррадо. Фæндид мæ йæ базонын.

Эммæ (дарддæр дзы йæхи аласы). Уæдæ уæд...

Коррадо (хæстæгдæр æм цæуы). Уæдæ уæд... цы?

Эммæ. Хæстæг мæм ма цу.

Коррадо. Цæуыннæ уæд? (Æдзынæг æм кæсы.)

Эммæ. Охх, дæ цæстытæ — зынджы къæрттытау... ма мæм кæс!

Коррадо. Нæй мын æнæкæсгæ дæумæ.

Эммæ. Æнæкæсгæ дын нæй? (Бамбæрзынмæ хъавы йæ цæстытæ.)

Коррадо. Бауадз-ма мæ æмæ дæ дзæбæх фенон. Кæддæра дæ цæсгомы конды мæ чызджы æнгæсæй ницы ис.

Эммæ. Чызг дын и дæуæн?.. Уæдæ дæ афтæ тынг нал тæрсын: фыд чи уа, уымæн æвзæр адæймаг уæвæн нæй.

Коррадо. Уый раст у! Æмæ ноджы зæрдæхæлардæр та уаин, мæ чызг абон мæ уæлхъус куы уаид, уæд.

Эммæ. Сæфгæ дын фæкодта?

Коррадо. О. Фæлæ йæ ссардзынæн, кæд ма удæгас у, уæд. Фæлæуу-ма, дзæбæх дæм бакæсон. (Кæсы йæм æдзынæг йæ цæстытæ дзы æппындæр нал иртасы.) Цæй æдылы дæн, æвæдза! Куыд æй хъуамæ базонон. Дæ ном-ма мын зæгъ.

Эммæ. Эммæ.

Коррадо. Эммæ?

Эммæ. Дæ зæрдæмæ нæ цæуы мæ ном?

Коррадо. Цæмæн зæгъыс. Фæлæ хуыздæр уыдаид, дæ ном Адæ куы хуындаид, уæд.

Эммæ. Цæмæн Адæ?

Коррадо. Мæ чызджы ном у уый. Ахæм номæй дæм никуы ничи сдзырдта?

Эммæ. Ничи.

Коррадо. Ау, дæ мад дæр...

Эммæ. Мæ мад мæрдты дзæнæты бадæд.

Коррадо. Мæрдты? Докторы бинойнаг уыди?

Эммæ. О, æмæ мæн аргæйæ амард.

Коррадо (йæхицæн). Гæды ныхас! О, æлгъыстаг гуырысхо! Адæ амарди, докторæн йе ’цæг чызг дæр амарди... Уæдæ уæд кæй чызг у ай та? Розалияйы? Аба йын кæнин, æви... (хæстæгдæр æм бацæуы.)

Эммæ (фæтæрсгæйæ). Тæрсгæ дæ кæнын.

Коррадо. Нæ, нæ, мæ къона, ма тæрс.

Эммæ. О, фæлæ дæ цæстытæ ахæм знæт сты...

Коррадо. Æдзух нæ вæййынц ахæм знæты: сæ мидæг вæййы уарзт дæр, цæссыгтæ дæр, — бирæ цæссыгтæ, судзæггаг цæссыгтæ! Æрбакæс-ма мæм.

Эммæ. Фæлмæн ныхас куы фæкæныс, уæд та дæ ноджы тынгдæр тæрсын.

Коррадо. Тæрсыс, ризыс иууыл! Дæхæдæг куы загътай, зæнæджы ад чи базоны, уымæн æвзæр уæвæн нæй, зæгъгæ... Цæй, бавдæлæм, æмæ дæ æз Адæ хондзынæн, ды та мæ дæ фыд хон. Дæ фыд уæвын мæ фæнды. (Фæцæй йæм цæуы.)

Эммæ (йæхи дзы иуварс ласгæйæ). Ды мæ фыд дæ?

Коррадо (уынгæг хъæлæсæй). О, фæлæ кæд æз нæ дæн, уæд сар дæ сæр кæны! Сар дæ сæр кæны!

Эммæ. О Хуыцау! Баххуыс кæнут!

Æрбацæуы Розалия.

ФÆНДЗÆМ ФÆЗЫНД

Розалия, Эммæ, Коррадо.

Розалия (Коррадойы нæ уынгæйæ). Цы кодтай, Эммæ? (Коррадойы ауынгæйæ, тарст хъæр фæкæны, стæй Эммæйы йæхимæ нылхъивы, акæны йæ, цы дуарыл æрбахызти, ууылты, æрбаздæхы фæстæмæ, къæсæргæрон сæргуыбырæй æрлæууы.)

Коррадо. Розалия! (Розалия йæ къухтæй йæ цæсгом бамбæрзы.) Мæрдтæйдзæуæг куы нæ дæн, цæмæй мæ тæрсыс? Дæхæдæг мæм не ’рбацыдтæ, фæлæ дæм æз кæй фæзындзынæн, уымæ уæддæр не ’нхъæлмæ кастæ? Нæ дæ ’мбарын æппындæр. Нæ зонын, цæмæй фæтарстæ: мæнæй, æви мæ уыцы чызгимæ кæй æрбаййæфтай, уымæй, мæ чызгимæ.

Розалия. Адæ йæ фæхуыдтай? Сæнттæ цæгъдыс, æвæццæгæн. Нæ дын загъта, йæ ном Эммæ кæй хуыйны, уый?

Коррадо. Загъта.

Розалия. Доктор Пальмиерийы чызг кæй у...

Коррадо. Загъта уый дæр, — фæлæ ды та цы зæгъыс?

Розалия. Æз дæр уымæй уæлдай ницы.

Коррадо. Дæ къух мæм авæр уæдæ. Доктор Пальмиерийы чызг у, зæгъыс? О, фæлæ доктор Пальмиерийæн уыдис зыбыты иунæг чызг æмæ йын раджы амарди. Гъеныр дæ æз бафæрсдзынæн æмæ мын ды та дзуапп ратдзынæ: чи у йæ мад, мæнæ ныртæккæ мæ цурæй кæй федде кодтай, уыцы чызгæн?

Розалия. Чи у йæ мад? Нæ зонын. Мæн уыцы чызгæн хъомылгæнæгæй куы баххуырстой, уæд ахæм мæгуыр уавæры уыдтæн, æмæ ма рафæрс-бафæрсыл дæр схæцыдаин, йæ метрикæ йын æрдомдтаин, уый мæ бон нæ уыди. Йæ фыды йын бафæрс.

Коррадо. Бафæрсдзынæн. Ныр иннæ фарста: кæм и Адæ? Цы йын бакуыстай?

Розалия. Æнахуыр фарст! Цы йын бакуыстон? Амарди.

Коррадо. Адæ амарди?

Розалия. О, амарди. Дæ фыдракæнды фæстæ ныл адæм хъоды куы бакодтой, уæд цæмæй хъуамæ фæдардтаин мæхи дæр æмæ мæ чызджы дæр. Амарди уазал æмæ стонгæй.

Коррадо. Мæхи гыццыл Адæ?.. Æмæ мын æй дзурыс, дæ цæст дæр нæ фæныкъулгæйæ? Нæ мæ уырны. Равдис-ма мæм æвдисæндар йæ амарды тыххæй.

Розалия. Цæугæ Катанимæ æмæ йæ уым сбæрæг кæн. Нæй дын уыцы бар æмæ мæн бакъуымы кæнай, уадзгæ нæ куы ныккодтай.

Коррадо. Æз уæ ныууагътон?.. Æз?.. Æмæ уæд цыппæрдæс азы дæргъы та мæ уд мæ армы цæй охыл фæхастон, цæмæн мыл фæкуыстой цыппæрдæс азы, давæггаг бæхыл куыд фæкусай, афтæ, æмæ куыннæ ныммардтæн фыргуыстæй уыцы хъизæмайраг уавæрты — рæхыстæ æмæ хъадаманты уæзæй? Цæй охыл-иу ныффæрæзтон æгады æфхæрд æмæ фыднадæн? Уал азы дæргъы иунæг æрдуйыл куы хæцыди мæ уд, æмæ уыцы æрду мæ бинойнаг æмæ мæ чызджы уæд та ма иу хатт феныны ныфс куы уыди! Саудалынг æхсæвты цæй тыххæй фæхырхтон æмæ фæсастон ахæстоны æфсæн рудзгуытæ? Адзал æрдумæ нæ даргæйæ, æхсæв-бон нæ хынцгæйæ, мæ рæхыстæ æмæ хъадамантæй æфхæлд къæхтæн сæ туг кæлгæ, кæдæм цыдтæн æдзæрæг хæхты æмæ хъæдты? Кæдæм тыдтон мæ уды быцъынæг? Мæ усы цы хæдзары ныууагътон, уырдæм. Кæй агурæг фæкодтон цæрддзу? Розалияйы, мæ фыццаг уарзт, ацы мæнг дунейыл мæ удæй фылдæр кæй уарзтон, уыцы сылгоймаджы агурæг. Æрмæст, цæй тынг цыбыр уыди уыцы амонд! О Хуыцау! О, о, мæхи Розалияйы агуырдтон, цæмæй йын зæгъон: «Æрбакæс, цас фыдæбон бавзæрстон, уымæ, æмæ мын ныббар!» Цæмæнты ныффæрæзтон, цæмæй æрхауон дæ къæхты бынмæ (йæ уæрджытыл æрхауы), разынæд дын уыйбæрц парахат зæрдæ, сис мæ æмæ рацу мæ фæстæ.

Розалия. Демæ? Нæ, нæ! Æз дын тынг тæригъæд кæнын, фæлæ дæхæдæг та, ды нын кодтай тæригъæд? Зыдтай йæ, чызг дын кæй ис, рынчын, лæмæгъ; бинойнаг дын кæй ис, дæу тыххæй йæ ныййарджытыл йæ къух чи систа, æмæ уыйадыл адæм иууылдæр æвдисæн кæуыл бакодтой... Фæлæ махæн фæтæригъæд кæнын дæуæн дæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыди, ды ацыдтæ дæ масты фæдыл! Хорз æй зыдтай, не скаст, нæ удлæууæн æрмæстдæр ды кæй дæ, æнæ дæу кæй фесæфдзыстæм æвæгæсæгæй, æххормагæй, нæ цард кæй уыдзæни куыдзæмгад! Фæлæ нæ ды ферох кодтай, дæу фæндыди æрмæстдæр дæ маст райсын. Ды мын амардтай ме ’фсымæры...

Коррадо (сабыргай стгæйæ). Уыцы адæймаджы кой мæ цуры ма кæн!.. Æнæуый дæр уал азы дæргъы зæлланг кодта мæ зæрдæйы карз уайдзæфау. Алонзо мæнæй байсынмæ хъавыди, мæ рæбыны æппæтæй зынаргъдæр цы уыди, уый... æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта... О, уый уыди стыр фыдракæнд, фæлæ йæ æз бафыстон мæ бирæ хъизæмæрттæй.

Розалия. Афтæ дæм кæсы? Гъемæ фæуæд афтæ дæр. Фæлæ фыдракæндæн йæ худинаг æнусон у, адæм æй нæ рох кæнынц, йæ тæригъæды азар ма суанг кæстæр фæлтæрты дæр басудзы. Ахæстоны дыл рæхыстæ чи бафтыдта, уыдон уыцы иу рæстæг атыдтой, æз æмæ дæу цы рæхыстæ бастой кæрæдзиуыл, уыдон...

Коррадо. Нæ, Розалия, закъон афтæ нæ амоны.

Розалия. Закъон? Ау, æмæ рæстæг къаддæр закъон у? Зæрдæ къаддæр закъон у?

Коррадо. Гъемæ бафæрс дæ зæрдæйы. Кæд æмæ дам-думтæй тæрсыс, æфсæрмы кæныс адæмæй, уæд асайдзыстæм се ’ппæты дæр. Кæд æмæ мæ номыл худинаджы гакк сбадти, уæд æй раивдзынæн... Ацæудзыстæм, дард æбæрæг бæстæтæм нæ сæр фесафдзыстæм, ды кæдæмдæриддæр зæгъай, уырдæм...

Розалия. Коррадо, дзæбæх ахъуыды кæн: дæуæй мæн æхсæн лæууы дыууæ æндæрджы: ме ’фсымæры æндæрг æмæ мæ мады æндæрг. Мæ мад дæр йæ фырты фæстæ йæ цард йæхицæн адджын нал скодта, æмæ йæ уд систа мæн æлгъитгæ... Фæлæ уыдæттæм дæр нæ фæкастаин, куы мæм æрбацыдаис, уæд. Ацыдаин дæ фæдыл... Фæлæ цыппæрдæс азы!.. Рæстæг домы йæхиуæттæ... Скæс дæ Хуыцаумæ!.. Иу хатт мæ фæкодтай хæдзархæлд æмæ æгъгъæд фæуæд. Ныр ма мын баззади ацы сæрфæцæвæн æмæ мæ уымæй дæр хауæггаг ма фæкæн. Ацу, дæ Хуыцауы хатырæй!

Коррадо. Цæугæ!? Дæу та ацы хæдзары ныууадзон? Никæд! Кæд мæ номы худинагæй афтæ тынг стъæлфыс, уæд хъуамæ рох ма кæнай, дæхи номмæ цы худинаг æнхъæлмæ кæсы, уый дæр.

Розалия. Цæй кой кæныс?

Коррадо. Ныронг хъыпп-сыпп дæр цæй тыххæй не скодтон, уый кой, — æгæр бирæ цæмæдæрты æнхъæлмæ кастæн æз дæумæ. Ныр дын басгæрстон дæ зæрдæ æмæ йæм мæ фæндаг разынди гуыдырæхгæд. Æмæ дын зæгъын: дæхи фæнд куы тæрай нырæй фæстæмæ дæр, мемæ рацæуыныл куы не сразы уай, уæд æз æцæгæйдæр ахъуыды кæндзынæн, мæрдтæйдзæуæг кæй дæн æмæ æндæргау кæй фæзындтæн, дæ сусæгдзинæдтæ раргом кæнынмæ, дæуæн дæ цин, дæ амонд фехалынмæ.

Розалия. Мæ цин, мæ амонд фехалынмæ?

Коррадо. Æз ахъуыды кæндзынæн, ацы ног хæдзар дын кæй у адджындæр дæхи кæддæры хæдзарæй æмæ дзы кæй æмбæхсыс дæ ног уарзондзинад, дæ ног чызджы.

Розалия. Тынг хорз! Хъуыды кæн афтæ! Хъуыды кæн, куыддæриддæр дæ фæнды, афтæ! Æнæуый дæр, дæу аххосæй, мин хатты бавзæрстон алымыггаг хахуыртæ. Никуы никæй бауырныдта, моймæдзыд уæвгæйæ, æнæ лæгæй чи цæры, уыцы мæгуыр иунæг сылгоймаджы уды сыгъдæгдзинад æмæ æназымдзинад... Баиу у ды дæр хахуыргæнджытимæ, цæв мын ды дæр мæ цæсгомыл ну цъыфы къуыбар, бафæзм иннæты ды дæр!

Коррадо. Мæн фæнды дæу уыцы хахуыртæй фервæзын кæнын. Курын дæ Хуыцауæй курæгау, цом мемæ, цалынмæ уыцы адæймагыл нæма амбæлдтæн, уæдмæ. Фервæзын мæ кæн! Фервæзын кæн уый дæр!

Розалия. Ног фыдракæнд ныффæнд кодтай?

Коррадо. О Хуыцау! Цæмæн ма хъæуы цырен артыл фæтæген калын? Цæмæн ма хъæуы агъуыд сырды мæстæй марын? Мæн нæ фæнды фыдракæнд, мæн фæнды мæхиуыл ныххæцын, фæлæ мæм мæ туг нæ хъусы. (Йæ сæрæн ницыуал зонгæйæ.) Розалия, цом!

Розалия (тарстæй). Фæтæригъæд мын кæн! (Дуарæй æрбазыны Пальмиери). Охх, йæхæдæг!

ÆХСÆЗÆМ ФÆЗЫНД

Розалия, Коррадо, Пальмиери.

Коррадо. Йæхæдæг! Уый у? Пальмиери?

Пальмиери. Æз, фæлæ ды та чи дæ?

Коррадо. Йæ усы фæстæмæ чи агуры, уый.

Пальмиери (йæ цæстытыл не ’ууæнды). Коррадо?

Коррадо. Коррадо. Уæ дыууæйæн дæр тæрхон рахæссынмæ чи фæзынди, уый.

Пальмиери (уазал хъæлæсæй). Хæсс дæ тæрхон!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.