Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ХАРБЫЗЫ ТЫХХÆЙ ТАУРÆГЪ



ХАРБЫЗЫ ТЫХХÆЙ ТАУРÆГЪ

Ныр дæр ма йæ фæдзурынц, зæгъгæ, паддзах Хунг Выонг Фарæстæмæн уыди хæсгæ фырт, астаздзыдæй кæй райста, ахæм. Ном дæр ыл йæхæдæг сæвæрдта — Май Иен. Лæппу бон уылынг рæзыди, æхсæв та уыдисн. Йæ афон куы æрцыд, уæд ракуырдта ус. Райгуырд ын чызг æмæ лæппу.

Паддзах тынг уарзта йæ фырты, зынаргъ лæвæрттæ йын кодта, пайдайы хъуыддæгтыл æй æфтыдта. Май Иен йæхæдæг дæр куыстуарзаг уыди æмæ, куы схъæздыг ис, уæд-иу арæх афтæ дзырдта:

— Мæ исбон мæхи тугвæллойæ самал кодтон.

Уыцы ныхæстæ паддзахы хъустыл æрцыдысты, æмæ мæстæй рафыхти:

— Хорздзинад ын бæсты нæ цæуы! Æдзæрæг сакъадахмæ йæ арвитдзынæн, стæй йæм уæд бæрæг уыдзæн!

Паддзахы фæсдзæуинтæ Май Иены æд бинонтæ лодкæйы бавæрдтой æмæ сæ денджызы астæу иу æдзæрæг сакъадахы раргъæвтой, цыппар боны фаг сын хæринаг ныууагътой, сæхæдæг фæстæмæ раздæхтысты.

Май Иены ус айдагъ дуртæ æмæ цыргъ къæдзæхтыл йæ цæст куы ахаста, уæд куыннæ ныккуыдтаид. Фæлæ йын лæг ныфсытæ авæрдта:

— Хуыцау радта мах æмæ нæ сæфын нæ бауадздзæн!

Иу бон куы уыди, уæд ныгуылæнырдыгæй æрбатахти иу æнахуыр маргъ. Бæласы цонгыл æрбадти æмæ къалиуæй къалиумæ гæппытæ систа, йæ бырынкъæй зæхмæ цавæрдæр æппытæ æппаргæйæ, стæй фæстæмæ атахти.

Иуцасдæр рæстæг куы рацыди, уæд, æппытæ кæдæм æрхаудысты, уым зайæгойтæ сæвзæрди, — ахæм зайæгойтæ нæдæр Май Иен никуы федта, нæдæр йæ ус. Уалынмæ сыл разади егъау тымбыл халсартæ. Куы сцæттæ сты, уæд дзы Май Иен иу æртыдта æмæ йæ адих кодта. Уый разынди тынг адджын æмæ донджын. Май Иен ныццин кодта.

— Хуыцау нын баххуыс кодта, ныр нын сыдæй амæлынæй тас нал у!

Май Иен халсартæн се ’ппытæ æрæмбырд кодта æмæ сæ ныссагъта. Бирæ рæстæг нæ рацыди, афтæмæй сæ ног халсартæн ныккæнæн дæр нал уыди, фæлæ сæ цы хъуамæ фæкодтаиккой, сакъадахыл Май Иен, йæ ус æмæ сæ дыууæ сывæллонæй дарддæр цæрæг куы нæ уыди, уæд. Лæг бавдæлд æмæ æппæты стырдæр халсары цъарыл кардæй ныффыста, денджызы астæу æдзæрæг сакъадахыл сæвзæрди ахæм æмæ ахæм хæрзад зайæгойтæ, зæгъгæ. Йæхæдæг æй денджызы баппæрста æмæ æнхъæлмæ кæсыныл сси, дарддæр цы уыдзæни, уымæ.

Сакъадахы рæзты фæцæйцыд иу базаргæнæг нау. Матростæ денджызы уылæнты æхсæн цыдæр тымбыл куы ауыдтой, уæд æй систой æмæ Май Иены фыстытæ бакастысты. Капитан дзырд радта, ахæм диссаджы халсартæн ныккæнæн дæр кæм нæй, уыцы сакъадахы ’рдæм куыд баздæхой, афтæ.

Май Иен йæ халсартæ пырындзæй баивта, æмæ нау йæ фæндагыл араст ис. Уæдæй фæстæмæ сакъадахмæ ахæм наутæ иу æмæ дыууæ нæ бацыди. Халсартæ адæмы зæрдæмæ фæцыдысты æмæ сæ хæлæфæй æлхæдтой. Уыйадыл Май Иен хъæздыгæй-хъæздыгдæр кодта.

Иу хатт паддзахы зæрдыл æрлæууыди йæ хæсгæ фырт. Йæ фæсдзæуинтæн загъта, сакъадахмæ куыд ацæуой æмæ куыд базоной, йæ фырт ма æгас у æви цы фæци. Паддзахы фæсдзæуинтæ сакъадахæй фæстæмæ куы æрбаздæхтысты, уæд, хабæрттæ кæрæй-кæронмæ куыд уыдысты, афтæ ракодтой. Паддзах загъта:

— Раст-иу дзырдта Май Иен, фыдæбон кæнын æмæ уымæн схъæздыг дæн, зæгъгæ. — Æмæ дзырд радта, йæ фырты йын фæстæмæ паддзахы галуантæм куыд æрбахæццæ кæной, афтæ. Май Иен куы æрбаздæхтис, уæд та йæ паддзах куысты сæвæрдта. Лæппу йæ амæлæты бонмæ æнцад никуы æрбадти: куыста æмæ куыста.

Сакъадах уæдæй фæстæмæ хонын райдыдтой Ан Хием — афтæ хуынди Май Иены дыккаг ном. Æрцарди дзы æнæхъæн хъæу, Май-Тхон, зæгъгæ. Ныртæккæ уыцы хъæу хауы Нга-Шоны уезды провинци Тхань Хоамæ. Уый у донджын-мыдджын харбызты равзæрæн бæстæ. Уыцы харбызты ма ноджы хонынц «тей-куа», ома «ныгуылæйнаг халсар», йе ’ппытæ йын раздæр цы маргъ æрбахаста, уый ныгуылæнырдыгæй кæй æрбатахтис, уымæ гæсгæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.