|
|||
БАТРАДЗ ÆМÆ ÆЛДАРБАТРАДЗ ÆМÆ ÆЛДАР Нартыл та фыд аз скодта, æмæ бирæ хъуæгтæ æййæфтой. Уæд иуахæмы Батрадз дзуры йæ хистæртæм: — Искуыдæм фæцæуæм, æмæ мæ ауæй кæнут — кæд уын уæ цардæн искæцырдыгæй феххуыс уаин. Рацыдысты Нарт иу дард бæстæм æмæ уым Батрадзы иу æлдарæн ауæй кодтой. Йæхи хуымæтæг лæджы уаджы ’вдыста Батрадз æмæ афтæмæй куыста æлдарæн, уæдæ цы уыдаид! Кусгæ та афтæ кодта: сæдæ цæдыл-иу хъæдмæ ацыд, бæлæсгæ-иу æд уидæгтæ сыскъуыдта, сæ хихтæ-иу сын ахсæста, сæдæ галхатты-иу аввонг кодта суг æмæ-иу иннæ хъæддзаутæ хъæдмæ нæма бахæццæ сты, афтæ иу, уый фæстæмæ хъæумæ æрхæццæ ис. Æлдар цинæй цæуылнæ мардаид, хорз æлхæдыл фæхæст дæн, зæгъгæ. Афтæмæй куыста Батрадз. Уæд иубон куы уыди, уæд хуыцау æлдары хъæумæ иу уæйыджы æрбауагъта. Уынджы фæцæуы уæйыг, æмæ дзы адæм фæйнæрдæм лидзынц. Батрадз фæрсы æлдары, уый цавæр у, зæгъгæ. Æлдар зæгъы: — Уый у уæйыг, тыхгæнæг, æмæ йын цалынмæ исты бафидæм, уæдмæ нын тыхтæ кæндзæн. Батрадз, дын, уынгмæ расæррæтт ласы æмæ суры уæйыджы. Æлдар æм хъæр кæны, ма ацу, зæгъгæ, фæлæ йæм Батрадз кæм хъусы. «Мардзæн æй уæйыг, æмæ ма мын ахæм тыхджын æмæ æнæзæрдæхудт кусæг кæм уыдзæн», — хъуыдытæ кæны æлдар. Батрадз баййæфта уæйыджы, йæ цонгыл ын фæхæцыд æмæ йæ зæххыл ныццавта. Уæйыг хъыпп дæр нал сфæрæзта. Адæм цинæй амардысты. Æлдар дæр разгъордта йæ хæдзарæй — цæмæй ма тарст! — бауади Батрадзмæ, йæ уæхск ын æрхоста æмæ йæм дзуры: — Мæ хур акæн, ме ’лхæд, мæ хур! — Ме ’лхæд, зæгъгæ, куы нæ загътаис, уæд дæ бинонтæй иу æрбамардаид? — зæгъгæ, йæм фæкодта Батрадз æмæ ацыд йæ бынатмæ. Райсомæй та сæдæ цæды сифтыгъта æмæ дзуры æлдармæ: — Де ’лхæд йæ хæдзармæ цæуынвæнд скодта; «ме ’лхæд», зæгъгæ, мын куы нæ загътаис, уæд нæ ацыдаин, фæлæ мын ныр æдзæугæ нал ис. Бацамадта сæдæ цæдыл, æлдары фæллойæ йæ зæрдæ цы загъта, уый Хæмыцы болат фырт æмæ рараст ис Нартмæ. Æлдар йæ фæстæ джихæй баззад.
|
|||
|